Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хъизӕмӕрттӕ дыргъдоны
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 117 сӕр

      Хъизӕмӕрттӕ дыргъдоны

      ЙЕСО куывд куы фӕци, уӕд йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ Иегъовӕйӕн кады зарджытӕ зарын райдыдта. Уый фӕстӕ уӕллаг уатӕй рахызтысты ӕмӕ, мӕйдар ӕхсӕвы сатӕг уӕлдӕфӕй улӕфгӕйӕ, Кедроны дӕлвӕзты араст сты Вифанийы ’рдӕм. Фӕлӕ сӕ уарзон бынатмӕ, Гефсиманы дыргъдонмӕ, куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрлӕууыдысты. Уый ис кӕнӕ Елеоны хохыл кӕнӕ та уырдӕм хӕстӕг. Ам-иу маслинӕбӕлӕсты ’хсӕн Йесо арӕх ӕмбӕлд йӕ апостолтимӕ.

      Йӕ апостолтӕй асты, ӕвӕццӕгӕн, дыргъдоны бахизӕны ныууагъта ӕмӕ сын дзуры: «Абадут ам, цалынмӕ Ӕз ацӕуон, бакувон уым». Йӕхӕдӕг та иннӕ апостолты, Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны йемӕ акодта ӕмӕ дыргъдонмӕ бацыд. Йесо у тынг ӕнкъард ӕмӕ тыхст. «Мӕ уд мӕлӕтон хъыг кӕны,— дзуры йӕ апостолтӕн,— фӕут ам ӕмӕ хъӕлдзӕг ут Мемӕ [«ма бафынӕй ут», МСЕ]».

      Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыд, зӕххыл ӕрхауд ӕмӕ сӕркъулӕй зӕрдиагӕй кувы: «Мӕ Фыд! кӕд гӕнӕн ис, аивгъуыйӕд Мӕнӕй ацы къус; уӕвгӕ Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды». Цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ? Цӕмӕн кӕны «мӕлӕтон хъыг»? Кӕд ӕй мыййаг нал фӕнды амӕлын ӕмӕ ахӕстаргъ бафидын?

      Нӕ! Йесо нӕ куры, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕза. Иухатт ын Петр куы загъта, адӕмы сӕрвӕлтау мӕлӕтӕй дӕхи бахиз, зӕгъгӕ, ӕрмӕст уый дӕр ын ӕнӕуынон уыд. Уый хъизӕмар кӕны, уымӕн ӕмӕ тӕрсы, тагъд ӕнаккаг фыдгӕнӕгау кӕй амӕлдзӕн, уымӕй йӕ Фыды ном куы фегад кӕна. Уый ӕмбары, зӕххыл иуыл ӕнаккагдӕр, Хуыцауы чи фауы, ахӕм адӕймагау ӕй цалдӕр сахаты фӕстӕ цӕджындзыл кӕй байтындздзысты. Гъе уый у йе стыр маст ӕмӕ удхары аххосаг.

      Иу цасдӕры фӕстӕ Йесо ӕрбацыд йе ’ртӕ апостолы цурмӕ ӕмӕ сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Уый Петрмӕ баздӕхт ӕмӕ йын дзуры: «Хуыссӕджы ныхмӕ иу сахат фӕлӕууын дӕ бон нӕ баци? Цӕттӕ дарут уӕхи ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны» (МСЕ). Фӕлӕ ӕнафон кӕй у ӕмӕ тынг тыхст кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ сын дзуры: «Уд цӕрдӕг у, буар та ӕнӕхъару».

      Йесо та дыккаг хатт ацыд ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕна «ацы къусӕй», ома йын цы хай снысан кодта, кӕнӕ йын йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уымӕй. Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд та ӕртӕ апостолы фӕлварӕнтӕй фервӕзыны тыххӕй кувгӕйӕ нӕ, фӕлӕ фынӕйгӕнгӕйӕ ӕрбаййӕфта. Ӕмӕ Йесо семӕ куы ныхас кӕны, уӕд цы зӕгъой, уый нӕ зонынц.

      Ӕппынфӕстаг, ӕртыккаг хатт Йесо дурӕхсты дӕрддзӕг фалдӕр ацыд, йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ цӕссыгкалгӕ хъӕрӕй кувы: «Мӕ Фыд! о, куы уаид Дӕ хорз фӕндон ацы нуазӕн Мӕ рӕзты ахӕссын!» Йесойы зӕрдӕ риссы, фыдгӕнӕгау кӕй амӕлдзӕн, уый йӕ Фыды номӕн цы худинаг ӕрхӕсдзӕн, ууыл. О, Хуыцауы фауӕгыл ӕй кӕй нымайынц, уый тынг зын сфӕразӕн у!

      Фӕлӕ уӕддӕр Йесо дарддӕр кувы: «Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд» (МСЕ). Йесо йӕхи сӕрныллӕгӕй Хуыцауы бар бакодта. Уый фӕстӕ уӕларвӕй зӕд фӕзынд ӕмӕ йӕ ныфсдӕттӕг ныхӕстӕй бафидар кодта. Ӕвӕццӕгӕн, зӕд загъта, йӕ Фыд дзы алцӕмӕйдӕр райгонд кӕй у.

      Цӕй стыр уаргъ ис Йесойыл! Йӕхи цард дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕймагады цард дӕр ӕвӕрд сты тӕрӕзтыл. Йӕ зӕрдӕ дудгӕ мастӕй кӕй судзы, уымӕ гӕсгӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувы ӕмӕ йӕ хид тугхӕццӕ ӕртӕхтӕй кӕлы зӕхмӕ. «Тынг стӕм хатт вӕййы ахӕм хъуыддаг, фӕлӕ уӕддӕр тугхӕццӕ хид... фӕзыны стыр мидхъуырдухӕны рӕстӕджы»,— дзырдӕуы иу журналы («The Journal of the American Medical Association»).

      Уый фӕстӕ Йесо ӕртыккаг хатт ӕрбацыд йӕ апостолтӕм ӕмӕ та сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Фыдсагъӕс сӕ бадомдта. «Сымах нырма хуыссут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? — хъӕрӕй сӕм дзуры Йесо. — Фӕцис, ӕрцыд сахат; мӕнӕ лӕвӕрд цӕуы Адӕймаджы Фырт тӕригъӕдджынты къухтӕм; сыстут, цомут: мӕнӕ ӕрбахӕстӕг Мӕн дӕттӕг [«Мӕ уӕйгӕнӕг», МСЕ]».

      Йесо йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд Иудӕ Искариотаг ӕмӕ йемӕ бирӕ адӕм цырӕгътӕ, рухсгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ. Матфейы 26:30, 36—47; 16:21—23; Маркы 14:26, 32—43; Лукайы 22:39—47; Иоанны 18:1—3; Дзуттытӕм 5:7.

      ▪ Йесо йӕ апостолтимӕ уӕллаг уатӕй куы ӕрхызт, уӕд сӕ кӕдӕм акодта ӕмӕ цӕмӕн?

      ▪ Йесо кувгӕ куы кодта, уӕд апостолтӕ та цы ми кодтой?

      ▪ Цы у Йесойы хъизӕмары аххосаг ӕмӕ цы куры йӕ Фыдӕй?

      ▪ Йесойы хид туджы ӕртӕхтӕй кӕй калд, уый цӕуыл дзурӕг у?

  • Гадзрахатдзинад ӕмӕ ӕрцахст
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 118 сӕр

      Гадзрахатдзинад ӕмӕ ӕрцахст

      БОН нӕма ӕрбацъӕх, афтӕ Иудӕ Гефсиманы дыргъдонмӕ ӕрбакодта бирӕ адӕмы, уым уыдысты ӕфсӕддонтӕ, хистӕр сауджынтӕ, фарисейтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Сауджынтӕ баныхас кодтой, Йесойы ауӕй кӕныны тыххӕй Иудӕйӕн 30 ӕвзист ӕхцайы бафидыныл.

      Уый размӕ, Иудӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕрӕй куы ацыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, комкоммӕ хистӕр сауджынтӕм бацыд. Уыдон уайтагъд ӕрӕмбырд кодтой сӕ кусджыты ӕмӕ ӕфсӕддонты къорд. Гӕнӕн ис, Иудӕ сӕ фыццаг бакодта, Йесо йӕ апостолтимӕ Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодта, уырдӕм. Уым кӕй нал сты, адӕм уый куы федтой, уӕд хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ Иудӕйы фӕдыл Иерусалимӕй рацыдысты ӕмӕ Кедроны дӕлвӕзыл ахызтысты.

      Адӕмы Елеоны хохмӕ кӕнгӕйӕ, Иудӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, Йесо кӕм ис, уый кӕй зоны. Ивгъуыд къуырийы дӕргъы, Иерусалимӕй Вифанимӕ цӕугӕйӕ-иу Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ сӕ фӕллад уадзынмӕ кӕнӕ аныхас кӕнынмӕ арӕх ӕрлӕууыдысты Гефсиманы дыргъдоны. Фӕлӕ ныр, Йесо талынджы маслинӕйы бӕлӕсты бынӕй куы нӕ зыны, уӕд ӕй ӕфсӕддонтӕ куыд базондзысты? Чи зоны йӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Уымӕ гӕсгӕ сын Иудӕ дӕтты нысан: «Ӕз Кӕмӕн апъа кӕнон, Уый у; ӕрцахсут ӕмӕ Йӕ кӕнут хъавгӕ».

      Иудӕ адӕмы дыргъдонмӕ куы бакодта, уӕд суыдта Йесойы йӕ апостолтимӕ ӕмӕ йӕм комкоммӕ бацыд. «Цин кӕн, Ахуыргӕнӕг!» — загъта уый ӕмӕ йын фӕлмӕн апъа кодта.

      «Хӕлар, цӕй тыххӕй ӕрбацыдтӕ ды?» — цӕхгӕр ӕй афарста Йесо. Ӕмӕ йӕ фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, йӕхӕдӕг дзуры: «Иудӕ! пъа кӕнынӕй уӕй кӕныс Адӕймаджы Фырты?» Ацы ныхӕстӕ дӕр фаг сты йӕ уӕйгӕнӕгӕн! Ныр Йесо судзгӕ цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнты рухсмӕ размӕ рахызт ӕмӕ фӕрсы: «Кӕй агурут?»

      «Йесо Назорейы»,— райхъуыст дзуапп.

      «Уый Ӕз Дӕн»,— загъта Йесо ӕмӕ хъӕбатырӕй ӕрлӕууыд сӕ разы. Нӕлгоймӕгтӕ йӕ хъӕбатырдзинадӕй дисы бафтыдысты ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ, фӕстӕмӕ алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ӕрхаудысты.

      «Ӕз загътон сымахӕн, уый Ӕз кӕй Дӕн,— сабырӕй та сын дзуры Йесо. — Уӕдӕ кӕд Мӕн агурут, ныууадзут уыдоны, уадз цӕуӕнт». Гыццыл раздӕр уӕллаг уаты, йӕ уӕларвон Фыдмӕ кувгӕйӕ, Йесо загъта, йӕ иузӕрдион апостолты кӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ дзы «сӕфты фырты йеддӕмӕ» кӕй ничи фесӕфт. Уӕдӕ Йесо куры, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты ауадзой ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст уа.

      Ӕфсӕддонтӕ сӕхи куы ӕрӕмбӕрстой, куы сыстадысты ӕмӕ Йесойы бӕттын куы райдыдтой, уӕд апостолтӕ бамбӕрстой, хъуыддаг цӕй мидӕг ис. «Хицау! кардӕй ныццӕвӕм мах?» — афарстой йӕ уыдон. Йесо дзуапп нӕма ратта, афтӕ Петр, апостолтӕ семӕ цы дыууӕ карды ӕрбахастой, уыдонӕй иу йӕ къухы, афтӕмӕй йӕхи ныццавта хистӕр сауджыны цагъар Малхыл. Петры цӕф цагъарӕн йӕ сӕрыл нӕ сӕмбӕлд, фӕлӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта.

      «Ныууадзут, ӕгъгъӕд у»,— се ’хсӕн бацӕугӕйӕ, дзуры Йесо. Уый фӕстӕ Малхы хъусыл йӕ къух авӕрдта ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. Ныр та Петрмӕ амонгӕйӕ, дӕтты ахсджиаг амынд: «Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты, уымӕн ӕмӕ кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты; ӕви ӕнхъӕл дӕ, Мӕ бон нӕу Мӕ Фыдӕй ныр ракурын, ӕмӕ Уый рарвитид Мӕнӕн дыууадӕс лӕгионӕй фылдӕр Зӕдтӕ?»

      Йесо цӕттӕ у, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой, ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Куыд сӕххӕст уыдзысты Фыстытӕ, афтӕ уӕвын кӕй ӕмбӕлы?» Ӕмӕ бафтыдта: «Ӕз хъуамӕ ма баназон, Фыд Мӕнӕн цы нуазӕн ратта, уый?» Йесо ӕххӕстӕй разы у Хуыцауы фӕндоныл!

      Уый фӕстӕ Йесо дзуры адӕммӕ: «Цыма абырӕгмӕ рацыдыстут сымах кӕрдтӕ ӕмӕ михтимӕ Мӕн акӕнынмӕ; алыбон сымахимӕ бадтӕн Ӕз, ахуыр кодтон кувӕндоны, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ акодтат сымах. Адон та ӕппӕт уыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уой пехуымпарты фыстытӕ».

      Уӕд ӕфсӕддонтӕ, ӕфсӕдты хицау ӕмӕ иудейты кусджытӕ ныххӕцыдысты Йесойыл ӕмӕ йӕ сбастой. Апостолтӕ уый куы федтой, уӕд ӕй иунӕгӕй фӕуагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты. Фӕлӕ иу ӕвзонг лӕппу — ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕнинаг Марк — адӕмы ’хсӕн баззад. Гӕнӕн ис, уый уыд, Йесо Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодта, уыцы хӕдзары ӕмӕ уырдыгӕй адӕмы фӕдыл рацыд. Ӕрмӕст ӕй ныр базыдтой ӕмӕ йӕ ахсынмӕ хъавынц. Фӕлӕ уый йӕ ӕмбӕрзӕн фӕуагъта ӕмӕ алыгъд. Матфейы 26:47—56; Маркы 14:43—52; Лукайы 22:47—53; Иоанны 17:12; 18:3—12.

      ▪ Иудӕ Йесойы Гефсиманы дыргъдоны кӕй ссардзӕн, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта?

      ▪ Йесо йӕ апостолтыл куыд батыхст?

      ▪ Цы сарӕзта Петр Йесойы бахъахъхъӕныны тыххӕй, фӕлӕ йын Йесо цы загъта?

      ▪ Йесо йӕхи тыххӕй Хуыцауы фӕндоныл ӕххӕстӕй разы кӕй у, уый куыд равдыста?

      ▪ Апостолтӕ Йесойы куы ныууагътой, уӕд ма уым чи баззад ӕмӕ йыл цы ’рцыд?

  • Фыццаг ӕй кӕнынц Аннӕмӕ, уый фӕстӕ та — Кайафӕмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 119 сӕр

      Фыццаг ӕй кӕнынц Аннӕмӕ, уый фӕстӕ та — Кайафӕмӕ

      ЙЕСОЙЫ фыдгӕнӕгау сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй акодтой Аннӕмӕ, раздӕры дзырддзӕугӕ хистӕр сауджынмӕ. Йесо 12-аздзыдӕй кувӕндоны ахуыргӕнджыты йӕ ныхасӕй дисы куы бафтыдта, уӕд Аннӕ уыд хистӕр сауджын. Уый фӕстӕ хистӕр сауджынтӕй лӕггад кодтой Аннӕйы фырттӕй цалдӕр, ныр та уыцы бынат ахсы йӕ сиахс Кайафӕ.

      Йесойы фыццаг акодтой Аннӕйы хӕдзармӕ, ӕвӕццӕгӕн ын бирӕ рӕстӕджы дӕргъы иудейты динон царды стыр ахадындзинад кӕй уыд, уый тыххӕй. Аннӕмӕ уал ӕй кӕй бакодтой, уый фӕрцы хистӕр сауджын Кайафӕйӕн рӕстӕг ис синедрионы, иудейаг сӕйраг тӕрхондоны, 71 уӕнджы ӕрӕмбырд кӕнынӕн ӕмӕ ма мӕнгӕвдисӕнтӕ ссарынӕн дӕр.

      Раздӕры хистӕр сауджын Аннӕ Йесойы фӕрсы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй. Фӕлӕ йын Йесо дзуапп дӕтты: «Ӕз дзырдтон ӕргом дунейӕн; Ӕз ӕдзухдӕр ахуыр кодтон ӕмбырдгӕнӕны ӕмӕ кувӕндоны, Иудейтӕ ӕдзухдӕр кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, ӕмӕ сусӕгӕй ницы дзырдтон; цӕмӕн фӕрсыс Мӕн? бафӕрс, фехъусджыты, Ӕз цы дзырдтон, уыдонӕн; мӕнӕ уыдон зонынц, Ӕз цы дзырдтон, уый».

      Уый фехъусгӕйӕ йын, йӕ цуры чи лӕууыд, уыцы кусджытӕй сӕ иу йӕ уадул ныццавта ӕмӕ йын дзуры: «Афтӕ дзуапп дӕттыс Ды хистӕр сауджынӕн?»

      «Кӕд Ӕз ӕвзӕр загътон,— дзуры йын Йесо,— уӕд равдис ӕвзӕр кӕй у, фӕлӕ кӕд хорз, уӕд цы нӕмыс ды Мӕн?» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Аннӕ Йесойы бастӕй арвыста Кайафӕмӕ.

      Уӕдмӕ хистӕр сауджынтӕ, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ, иудзырдӕй, синедрионы уӕнгтӕ иуылдӕр ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Куыд зыны, афтӕмӕй ӕрӕмбырд сты Кайафӕйы хӕдзары. Иудейты закъонмӕ гӕсгӕ Куадзӕны ӕхсӕв ахӕм тӕрхоны рабадт саразыны бар нӕй. Фӕлӕ дины разамонджыты уый дӕр нӕ уромы сӕ фыдвӕндӕй.

      Цалдӕр къуырийы размӕ, Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уӕд синедрион аскъуыддзаг кодта, Йесойӕн ӕнӕамаргӕ кӕй нӕй. Дыууӕ боны размӕ ӕртыццӕджы та дины разамонджытӕ уынаффӕ рахастой, цӕмӕй Йесойыл хинӕй рацӕуой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕрцахсой ӕмӕ йӕ амарой. Ахъуыды ма кӕн, Йесойӕн йӕ хъуыддаг нӕма равзӕрстой, афтӕмӕй йын тӕрхон рахастой!

      Ныр та агурынц мӕнг ӕвдисӕнты, цӕмӕй Йесойы ныхмӕ тӕрхоны хъуыддаг скӕной. Фӕлӕ сӕ бон нӕу, иу ныхас чи кӕны, ахӕм ӕвдисӕнты ссарын. Ӕппынфӕстаг дыууӕйӕ сразы сты ӕмӕ дзурынц: «Мах фехъуыстам, Уый куыд дзырдта: „Ӕз фехалдзынӕн ацы къухӕй конд кувӕндон ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ ӕндӕр ӕнӕкъухӕй конд сараздзынӕн“».

      «Цӕуылнӕ исты дзуапп дӕттыс? — фӕрсы йӕ Кайафӕ. — Уыдон Дӕу ныхмӕ цы ӕвдисӕнад кӕнынц?» Фӕлӕ Йесо ницы дзуры. Синедрионы худинагӕн, уыцы хъуыддаджы дӕр ӕвдисӕнтӕн сӕ бон нӕу ӕмхуызон ӕвдисӕнад раттын. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр сауджын хъуыддаг ӕндӕрырдӕм фӕзылдта.

      Кайафӕ зоны, исчи йӕхи Хуыцауы Фырт куы схона, уӕд иудейтӕ куыд ӕнӕрцӕф уыдзысты. Амӕй размӕ Йесойы раст кӕй нӕ бамбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ йӕ дыууӕ хатты схуыдтой Хуыцауы фауӕг ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой, мӕлӕты аккаг кӕй у; фыццаг хатт — афтӕ кӕй хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, йӕхи Хуыцауы ӕмсӕр кӕны, уый тыххӕй. Уӕдӕ ныр Кайафӕ мӕнгардӕй домы: «Ӕгас Хуыцауы номӕй Дӕ курын, зӕгъ махӕн, Ды Дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»

      Иудейтӕ куыдфӕнды ма хъуыды кӕной, уӕддӕр Йесо ӕцӕгдӕр у Хуыцауы Фырт. Куы ницы зӕгъа, уӕд ӕй афтӕ бамбардзысты, ӕмӕ Чырысти кӕй у, ууыл разы нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Йесо уӕндонӕй дзуапп дӕтты: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах фендзыстут Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс барджынӕй бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ» (МСЕ).

      Уыцы ныхӕстӕм Кайафӕ, цыма театры ис, афтӕ йӕ дарӕстӕ аскъуыдта ӕмӕ дзуры: «Уый фауы Хуыцауы! цӕмӕн ма хъӕуы мах ӕвдисӕнтӕ? Мӕнӕ, ныр сымах фехъуыстат куыд фауы Уый Хуыцауы! куыд уӕм кӕсы?»

      «Мӕлӕты аккаг у»,— ӕмхъӕлӕсӕй загътой синедрионы уӕнгтӕ. Ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой, ӕлгъитынц ӕй. Иутӕ йын цӕвынц йӕ цӕсгом ӕмӕ йыл тутӕ кӕнынц. Иннӕтӕ та йын йӕ цӕсгом бамбӕрзтой, тымбыл къухӕй йӕ нӕмын райдыдтой ӕмӕ йӕ хынджылӕджы хуызы фӕрсынц: «Зӕгъ ма махӕн, Чырысти, чи ныццавта Дӕу?» Уыцы ӕвирхъау, ӕнӕзакъонон хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц ӕхсӕвыгон тӕрхоны рӕстӕджы. Матфейы 26:57—68; 26:3, 4; Маркы 14:53—65; Лукайы 22:54, 63—65; Иоанны 18:13—24; 11:45—53; 10:31—39; 5:16—18.

      ▪ Йесойы фыццаг кӕдӕм акодтой ӕмӕ йыл уым цы ’рцыд?

      ▪ Уый фӕстӕ кӕдӕм акодтой Йесойы ӕмӕ цӕмӕн?

      ▪ Кайафӕйӕн куыд бантыст синедрион Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссыныл сразы кӕнын?

      ▪ Тӕрхоны рӕстӕджы цавӕр ӕвирхъау, ӕнӕзакъонон хъуыддӕгтӕ ӕрцыд арӕзт?

  • Петр бавдисӕн кодта Йесойыл
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 120 сӕр

      Петр бавдисӕн кодта Йесойыл

      ПЕТР ӕмӕ Иоанн дӕр иннӕ апостолтимӕ иумӕ фыртӕсӕй Йесойы Гефсиманы дыргъдоны ныууагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты, фӕлӕ иудзӕвгар куы алыгъдысты, уӕд ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йесойы Аннӕйы хӕдзармӕ куы бакодтой, уӕд ӕй баййӕфтой. Аннӕ йӕ хистӕр сауджын Кайафӕмӕ куы арвыста, уӕд Петр ӕмӕ Иоанн дӕр иннӕтӕй дӕрддзӕф цӕуынц Йесойы фӕдыл. Дыууӕ арты ’хсӕн бахаудысты: иуырдыгӕй тӕрсынц, куы сӕ базоной, уымӕй, иннӕрдыгӕй та сын, сӕ Хицауыл цы ’рцӕудзӕн, уый ӕнцой нӕ дӕтты.

      Кайафӕйы райдзаст галуанмӕ куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд Иоанн хистӕр сауджынимӕ зонгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы кӕртмӕ баирвӕзт. Петр та ӕддейӕ баззад. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр Иоанн фӕстӕмӕ раздӕхт, дуаргӕс сылгоймагимӕ аныхас кодта, ӕмӕ Петры дӕр мидӕмӕ бауагътой.

      Ӕрбауазал кодта, ӕмӕ хистӕр сауджыны цагъартӕ ӕмӕ кусджытӕ арт скодтой. Йесойӕн цы тӕрхон рахӕсдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ Петр дӕр, артмӕ йӕхи чи тавта, уыдоны цур ӕрлӕууыд. Арты рухсмӕ дуаргӕс сылгоймаг лӕмбынӕгдӕр кӕсы Петрмӕ. «Ды дӕр уыдтӕ Галилейаг Йесоимӕ»,— хъӕрӕй дзуры уый.

      Кӕй йӕ базыдтой, уый куы бамбӕрста, уӕд Петр стыхст ӕмӕ сӕ разы Йесойыл бавдисӕн кодта: «Нӕ зонын ӕмӕ не ’мбарын, цы дзурыс ды».

      Уый фӕстӕ Петр ацыд кулдуары цурмӕ. Уым ӕй ӕндӕр ӕххуырст сылгоймаг дӕр базыдта ӕмӕ йӕ алыварс чи лӕууыд, уыдонӕн дзуры: «Ай дӕр уыд Назорейаг Йесоимӕ». Петр ногӕй бавдисӕн кодта, сомы ракӕнгӕйӕ: „Нӕ зонын Ацы Адӕймаджы“.

      Петр кӕрты баззад, фӕлӕ архайы, цӕмӕй йӕ мачи фена. Ӕмӕ бон нӕма ӕрбацъӕх, афтӕ уасӕджы уасын йӕ хъустыл куы ауад, уӕд куыннӕ фӕтарст. Йесойы та дарддӕр фӕрсынц. Ӕвӕццӕгӕн ӕй, кӕрты сӕрмӕ цы бӕстыхай ис, уырдӕм бакодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Петр дӕр ӕмӕ, бынӕй кӕрты цы адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уыдон дӕр уынынц, ӕвдисӕнтӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ ратынмӕ куыд бацӕуынц ӕмӕ куыд рацӕуынц.

      Петр Йесоимӕ кӕй уыд, уый фӕстаг хатт куы базыдтой, уымӕй рацыдаид сахаты бӕрц. Ныр та йӕм, уым цы адӕм лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын дзурынц: «Ӕцӕг ды дӕр уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ ныхасӕй бӕрӕг дӕ». Уыдонӕй сӕ иу у, Петр йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодта, уыцы ӕххуырст Малхы хӕстӕг, ӕмӕ йын дзуры: «Ӕз дӕ нӕ федтон ӕви Йемӕ уым дыргъдоны?»

      «Нӕ зонын... Уыцы Адӕймаджы»,— фидарӕй дзуры Петр. О, Петр сомы кӕны ӕмӕ ард хӕры, цӕмӕй сӕ баууӕндын кӕна, раст кӕй не сты, ууыл ӕмӕ афтӕмӕй, кӕд раст нӕ дзуры, уӕд йӕхи ӕлгъиты.

      Куыддӕр Петр Йесойыл ӕртыккаг хатт бавдисӕн кодта, афтӕ та уасӕг ныууасыд. Уыцы тӕккӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, кӕрты сӕрмӕ тыргъмӕ рахызт, кӕртырдӕм йе ’ргом раздӕхта ӕмӕ кӕсы Петрмӕ. Ӕмӕ уыцы тӕккӕ Петр ӕрхъуыды кодта, цалдӕр сахаты размӕ йын уӕллаг уаты Йесо кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Цалынмӕ уасӕг дыууӕ хатты ныууаса, уӕдмӕ Мӕныл ӕртӕ хатты ӕвдисӕн бакӕндзынӕ». Цы стыр тӕригъӕд ракодта, уый ӕмбаргӕйӕ, Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕуын райдыдта.

      Куыд ыл ӕрцыд ахӕм хабар? Йӕхицӕй афтӕ ныфсджын чи уыд, уыцы Петр йӕ Хицауыл ӕртӕ хатты куыд бавдисӕн кодта? Уавӕртӕ афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивтой, ӕмӕ Петр цы сарӕзтаид, уый нал зыдта. Рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ Йесойӕ цъаммар фыдгӕнӕг сарӕзтой. Хорз ӕвзӕрыл нымад ӕрцыд, раст та — зылынджыныл, ӕмӕ Петр нӕ бафӕрӕзта ахӕм уавӕрты. Ӕвиппайды ӕрбайсӕфт йӕ иузӕрдиондзинад; хъыгагӕн ыл тас фӕуӕлахиз. Макуы ӕрцӕуӕд афтӕ махыл! Матфейы 26:57, 58, 69—75; Маркы 14:30, 53, 54, 66—72; Лукайы 22:54—62; Иоанны 18:15—18, 25—27.

      ▪ Петр ӕмӕ Иоанн хистӕр сауджыны кӕртмӕ цы хуызы баирвӕзтысты?

      ▪ Петр ӕмӕ Иоанн кӕрты куы уыдысты, уӕд хӕдзары та цы цыд?

      ▪ Цал хатты ныууасыд уасӕг ӕмӕ Петр Чырыстийы кӕй зоны, ууыл цал хатты бавдисӕн кодта?

      ▪ Петр кӕй расомы кодта ӕмӕ ард кӕй бахордта, уый цы нысан кодта?

      ▪ Петр Йесойыл цӕмӕн бавдисӕн кодта?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын