Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Майрӕмбоны йӕ баныгӕдтой — хуыцаубоны зӕппадз у афтид
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • Хуыцаубоны райсомӕй раджы Мариа Магдалинаг, Иаковы мад Мариа, Саломиа, Иоаннӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ зӕппадзмӕ ӕрбахастой хорз тӕфгӕнаг буаргъӕдтӕ, цӕмӕй сӕ Йесойы буармӕ базилой. Фӕндагыл кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Чи нын афӕлдахдзӕн дур зӕппадзы дуарӕй?» Фӕлӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уынынц, зӕххӕнкъуыст кӕй уыд ӕмӕ Иегъовӕйы зӕд дур кӕй афӕлдӕхта. Хъахъхъӕнджытӕ уым нал сты, зӕппадз та у афтид! Матфейы 27:57—28:2; Маркы 15:42—16:4; Лукайы 23:50—24:3, 10; Иоанны 19:14, Ин 19:31—20:1; Ин 12:42; Левит 23:5—7; Дыккаг закъон 21:22, 23; Псалом 33:21; Захари 12:10.

  • Йесо ӕгас у!
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • 128 сӕр

      Йесо ӕгас у!

      СЫЛГОЙМӔГТӔ Йесойы зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд Мариа Магдалинаг алыгъд хабар Петр ӕмӕ Иоаннӕн фехъусын кӕнынмӕ. Иннӕ сылгоймӕгтӕ та, ӕвӕццӕгӕн, баззадысты зӕппадзы цур. Гыццыл фӕстӕдӕр сӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ сӕ хоны мидӕмӕ.

      Уым ма сылгоймӕгтӕ уынынц ӕндӕр зӕды дӕр, ӕмӕ сын зӕдтӕй сӕ иу дзуры: «Ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ зонын, сымах кӕй агурут тыгъд Йесойы; Уый ам нӕй: Уый райгас, куыд загъта афтӕ; бацӕут, фенут бынат, кӕм хуыссыд Хицау, ӕмӕ ацӕут тагъд, зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, Уый мӕрдтӕй кӕй райгас». Ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр тасимӕ ӕмӕ стыр циндзинадимӕ алыгъдысты.

      Уӕдмӕ Мариа ссардта Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын хъусын кӕны: «Ахастой Хицауы зӕппадзӕй, ӕмӕ нӕ зонӕм, кӕм Ӕй цӕвӕрдтой». Дыууӕ апостолы дӕр ӕвиппайды азгъордтой. Иоанн згъоры тагъддӕр — ӕвӕццӕгӕн, уый ӕрыгондӕр у — ӕмӕ фыццаг уый бахӕццӕ зӕппадзмӕ. Уӕдмӕ сылгоймӕгтӕ ацыдысты, ӕмӕ уым хӕстӕг ничиуал ис. Иоанн ӕргуыбыр кодта, зӕппадзмӕ бакаст ӕмӕ дзы федта ӕрмӕстдӕр ӕмбӕрзӕн, фӕлӕ мидӕмӕ нӕ бацыд.

      Петр куыддӕр ӕрбахӕццӕ, афтӕ зӕппадзмӕ бахызт. Уый уыны ӕрмӕстдӕр ӕмбӕрзӕн, Йесойы сӕр цы кӕлмӕрзӕнӕй уыд баст, уый та ӕвӕрд уыдис хицӕнӕй тыхтӕй. Уӕд Иоанн дӕр бахызт мидӕмӕ, уым йӕхи цӕстӕй федта, Мариа цы загъта, уый ӕмӕ йын уӕд баууӕндыд йӕ ныхӕстыл. Кӕд сын Йесо бирӕ хӕттыты дзырдта йӕ райгасы тыххӕй, уӕддӕр Петр дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр не ’мбарынц, Йесо кӕй райгас. Сӕ дыууӕ дӕр сагъӕсгӕнгӕ аздӕхтысты хӕдзармӕ. Уӕдмӕ Мариа фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ уым баззад.

      Уыцы рӕстӕджы иннӕ сылгоймӕгтӕ та тындзынц иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй сын зӕдтӕ куыд загътой, афтӕ фехъусын кӕной, Йесо кӕй райгас. Фӕндагыл сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын дзуры: «Цин кӕнут!» Уӕд уыдон йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ йын кад кӕнынц. Ӕмӕ сын Йесо дзуры: «Ма тӕрсут; цӕут, фехъусын кӕнут Мӕ ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй ацӕуой Галилеймӕ, ӕмӕ уым Мӕн фендзысты».

      Уый размӕ, зӕхх куы нынкъуыст ӕмӕ зӕдтӕ куы фӕзындысты, уӕд зӕппадз хъахъхъӕнджытӕ фыртӕсӕй ризын байдыдтой ӕмӕ сӕ хуыз фӕцыд. Фӕстӕдӕр сӕхимӕ куы ’рцыдысты, уӕд сахармӕ атындзыдтой ӕмӕ хистӕр сауджынтӕн хабар фехъусын кодтой. Уыдон иудейаг «хистӕртимӕ» бауынаффӕ кодтой ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой ӕфсӕддонты балхӕнын ӕмӕ афтӕмӕй хъуыддаг басусӕг кӕнын. Бафӕдзӕхстой сӕ: «Зӕгъут, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй ӕрцыдысты ӕхсӕвы, ӕмӕ Йӕ адавтой, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд».

      Сауджынтӕ зонынц, ромаг ӕфсӕддонтӕ, посты лӕугӕйӕ, куы бафынӕй уой, уӕд сын тас кӕй у мӕлӕты тӕрхонӕй ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕ бавӕрдтой: «Уыцы кой [кӕй бафынӕй стут] куы байхъуыса хицауиуӕггӕнӕгмӕ, уӕд ӕй мах баууӕндын кӕндзыстӕм ӕмӕ сымах мастӕй аирвӕзын кӕндзыстӕм». Гӕртам гыццыл кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ сразы сты. Уыйадыл мӕнг хабар, Йесойы буар адавдӕуыд, зӕгъгӕ, иудейты ’хсӕн дардыл апарахат.

      Зӕппадзы цур чи баззад, уыцы Мариа Магдалинаг тынг хъынцъым кӕны. Цы фӕуыдаид Йесо? Ӕргуыбыр кодта, зӕппадзмӕ бакаст ӕмӕ уыны диссаг: уыцы дыууӕ зӕды та урс дарӕсты ногӕй фӕзындысты! Уыдонӕй иу бады, Йесойы буар кӕм ӕвӕрд уыд, уым сӕрырдыгӕй, иннӕ та — къӕхтырдыгӕй. «Усай! цӕмӕн кӕуыс ды?» — фӕрсынц ӕй уыдон.

      «Ахастой мӕ Хицауы,— дзуапп сын дӕтты Мариа,— ӕмӕ нӕ зонын, кӕм Ӕй бавӕрдтой». Уыцы ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ, Мариа фӕстӕмӕ фӕзылд, ӕмӕ уӕртӕ йӕ разы лӕууы ӕнӕзонгӕ адӕймаг ӕмӕ та йӕм уый дӕр уыцы фарст дӕтты: «Усай! цӕмӕн кӕуыс?» Ӕмӕ ма йӕ фӕрсы: «Кӕй агурыс?»

      Мариа ӕнхъӕлы, уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ йын дзуры: «Ӕлдар! кӕд Ӕй ды ахастай, зӕгъ мӕнӕн кӕм Ӕй бавӕрдтай ӕмӕ Йӕ ӕз рахӕссон».

      «Мариа!» — дзуры йӕм уый. Зонгӕ хъӕлӕс фехъусгӕйӕ, Мариа уайтагъд базыдта Йесойы. «Раввуни!» (ома «Ахуыргӕнӕг!») — дзуры Мариа ӕмӕ йыл фырцинӕй атыхсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йын Йесо дзуры: «Ма баныдзӕв Мӕныл, уымӕн ӕмӕ Ӕз нӕма ссыдтӕн Мӕ Фыдмӕ; фӕлӕ ацу Мӕ ӕфсымӕртӕм ӕмӕ зӕгъ уыдонӕн: цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ сымах Фыдмӕ, ӕмӕ Мӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ сымах Хуыцаумӕ».

      Мариа азгъордта, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм. Ӕмӕ Йесойы райгасы тыххӕй иннӕ сылгоймӕгтӕ цы загътой, уымӕ ма бафтыдта, ныртӕккӕ йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый дӕр. Фӕлӕ фыццаг сылгоймӕгты ныхӕстыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Мариайы ныхӕстыл дӕр не ’ууӕндынц. Матфейы 28:3—15; Маркы 16:5—8; Лукайы 24:4—12; Иоанны 20:2—18.

      ▪ Зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд Мариа Магдалинаг цы сарӕзта ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтыл та цы хабар ӕрцыд?

      ▪ Петр ӕмӕ Иоанн зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд куыд фесты?

      ▪ Иннӕ сылгоймӕгтӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Йесойы райгасы хабар фехъусын кӕнынмӕ куы тындзыдтой, уӕд сыл фӕндагыл чи фембӕлд?

      ▪ Хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонтыл цы ’рцыд ӕмӕ уыцы хабар фехъусгӕйӕ, хистӕр сауджынтӕ цы сарӕзтой?

      ▪ Мариа Магдалинаг зӕппадзы цур иунӕгӕй куы баззад, уӕд цы ’рцыд ӕмӕ цавӕр ахаст ис ахуыргӕнинӕгтӕн сылгоймӕгты хъусинагмӕ?

  • Дарддӕры фӕзындтӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
    • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ныр дӕр ма сты ӕнкъард. Нӕма ӕмбарынц афтид зӕппадзы нысаниуӕг, стӕй сылгоймӕгты ныхӕстыл дӕр не ’ууӕндынц. Уыцы бон фӕстӕдӕр Клеопа ӕмӕ ма ноджы иу ахуыргӕнинаг араст сты Иерусалимӕй Еммаусы хъӕумӕ. Уыцы хъӕу ис 11 километры дарддӕр.

      Уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдӕттыл ныхӕстӕгӕнгӕ куыд цӕуынц, афтӕ сӕм баиу иу ӕнӕзонгӕ адӕймаг. «Цӕуыл тӕрхӕттӕ кӕнут цӕугӕйӕ, уӕ кӕрӕдзиимӕ?» — фӕрсы сӕ уый.

      Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕргуыбырӕй ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ Клеопа дзуры: «Ӕцӕг Ды иу Иерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй нӕ зоныс цытӕ дзы ӕрцыд ацы бонты?»

      Уый сӕ фӕрсы: «Цӕй тыххӕй?»

      «Цы ӕрцыд Назорейаг Йесойыл,— дзуапп ын дӕттынц уыдон,— хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ нӕ хицӕуттӕ Йӕ куыд раттой мӕлӕты тӕрхон скӕнынмӕ ӕмӕ Йӕ байтыгътой; мах та нӕ зӕрдӕ дардтам, Уый кӕй у Израилы Чи аирвӕзын кӕндзӕн».

      Клеопа ӕмӕ йын йе ’мбал дзурынц уыцы боны диссаджы хабӕрттӕ — зӕдтӕ кӕй фӕзындысты ӕмӕ зӕппадз афтидӕй кӕй баййӕфтой — фӕлӕ уый фӕстӕ басастыты, уыцы хабӕртты нысаниуӕг кӕй не ’мбарынц. Ӕнӕзонгӕ адӕймаг сын уайдзӕф кӕны: «О, ӕнӕрхъуыдытӕ ӕмӕ уӕзбынтӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндынмӕ ӕппӕтыл, пехуымпартӕ рагзагъд кӕй кодтой! Афтӕ не ’мбӕлд ӕви Чырыстийӕн фӕтухӕн кӕнын ӕмӕ Йӕ кадмӕ бацӕуын?» Ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны, Сыгъдӕг Фыстады Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис, уый.

      Уӕдмӕ бахӕццӕ сты Еммаусмӕ, ӕмӕ ӕнӕзонгӕ ахӕм хуыз равдыста, цыма йӕ дарддӕр цӕуын хъӕуы. Ахуыргӕнинӕгты фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ йӕм зӕрдиагӕй хатынц: «Баззай махимӕ, уымӕн ӕмӕ бон изӕрырдӕм фӕкъул». Уыйадыл семӕ ӕхсӕвӕр кӕнынмӕ ӕрлӕууыд. Ӕнӕзонгӕ адӕймаг Хуыцауӕн куы раарфӕ кодта, дзул куы ӕрсаста ӕмӕ сӕм ӕй куы алӕвӕрдта, уӕд базыдтой, уый сӕм Йесо адӕймаджы хуызы кӕй фӕзынд. Фӕлӕ уыцы тӕккӕ цыдӕр фӕцис.

      Ныр ӕй ӕмбарынц, ӕнӕзонгӕ адӕймаг афтӕ бирӕ кӕцӕй зыдта! «Нӕ сыгъдис нӕ зӕрдӕ нӕ хуылфы,— фӕрсынц сӕ кӕрӕдзийы,— куы нын дзырдта Уый фӕндагыл, ӕмӕ махӕн Фыст куы ӕмбарын кодта, уӕд?» Уыцы сахат сыстадысты, фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ссардтой апостолты ӕмӕ семӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты. Клеопа ӕмӕ йе ’мбал иу ныхас дӕр нӕма загътой, афтӕ иннӕтӕ цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнынц, «Хицау ӕцӕг кӕй райгас ӕмӕ фӕзынд Симонмӕ». Уый фӕстӕ сӕ дыууӕ дӕр радзырдтой, Йесо сӕм куыд фӕзынд, уый. Уӕдӕ иу боны мидӕг Йесо хицӕн ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕрмӕ фӕзынд цыппар хатты.

      Ныр та Йесо фӕзынд фӕндзӕм хатт. Кӕд ахуыргӕнинӕгтӕ иудейты тасӕй дуӕрттӕ ӕхгӕнӕнӕй сӕхгӕдтой, уӕддӕр Йесо бахызт, сӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ дзуры: «Фарн сымахӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ хорзау нал фесты, уымӕн ӕмӕ афтӕ фенхъӕлдтой, цавӕрдӕр ӕндӕрг сӕм фӕзынд. Фӕлӕ сын Йесо ӕмбарын кӕны, ӕндӕрг кӕй нӕу: «Цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг стут [«цӕмӕн тӕрсут», НФ], ӕмӕ ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн цӕуынц уӕ зӕрдӕтӕм? Ӕркӕсут Мӕ къухтӕм ӕмӕ Мӕ къӕхтӕм; уый — Ӕз Мӕхӕдӕг Дӕн; бавналут Мӕм ӕмӕ фенут; уымӕн ӕмӕ удӕн буар [«фыд», НФ] ӕмӕ стджытӕ нӕй, Мӕнмӕ куыд уынут, афтӕ». Фӕлӕ сӕ уӕддӕр ӕххӕстӕй нӕма уырны.

      Цӕмӕй ӕцӕгдӕр Йесо кӕй у, ууыл мауал дызӕрдыг кӕной, уый тыххӕй сӕ фӕрсы: «Ам уӕм исты хӕринаг ис?» Уый фӕстӕ фых кӕсаг райста, бахордта йӕ ӕмӕ дзуры: «Мӕнӕ уый, Ӕз уемӕ куы уыдтӕн [Мӕ мӕлӕты размӕ], уӕд цӕй тыххӕй дзырдтон сымахӕн, кӕй ӕмбӕлы сӕххӕст уӕвын, Мӕн тыххӕй Моисейы закъоны ӕмӕ пехуымпартӕм, ӕмӕ псаломты фыст цы ис, уыдон ӕппӕтыл».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын