-
Сӕрныллӕгдзинады цӕвиттон фӕстаг Куадзӕны рӕстӕджыӔппӕты номдзыддӕр адӕймаг
-
-
Иу-цасдӕры фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕрхӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ ныр фӕцӕуынц, Куадзӕн кӕм ӕрвитдзысты, уыцы хӕдзармӕ. Уыдон асинтыл схызтысты райдзаст уатмӕ. Ам ӕппӕтдӕр у цӕттӕ, цӕмӕй Куадзӕн хибарӕй арвитой. Йесо ацы бонмӕ тынг кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Мӕн тынг фӕндыд Мӕ зындзинӕдты размӕ сымахимӕ ацы куадзӕн бахӕрын».
Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Куадзӕны хайадисджытӕ фӕнуазынц цыппар къусы сӕн. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ӕртыккаг нуазӕн куы систа, уӕд Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ дзуры: «Райсут ӕй ӕмӕ йӕ уе ’хсӕн байуарут; уымӕн ӕмӕ зӕгъын сымахӕн, кӕй нал нуаздзынӕн сӕнӕфсиры дыргътӕй, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».
Уый фӕстӕ Йесо сыстад, йӕ ӕддаг дарӕс раласта, хисӕрфӕн райста ӕмӕ хъуывгъаны дон ныккодта. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ фысымӕн ӕмбӕлы уазджыты къӕхтӕ ныхсын. Фӕлӕ ныртӕккӕ фысым семӕ кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ Йесо лӕггад кӕны иннӕтӕн. Апостолтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон уыд ахӕм хорздзинад саразын; фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, иу иннӕмӕй йӕхи уӕлдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕ сӕрмӕ не ’рхастой. Ӕмӕ сын Йесо сӕ къӕхтӕ ӕхсын куы райдыдта, уӕд сӕхиуыл ӕрхудтысты.
Йесо Петрмӕ куы бахӕццӕ, уӕд уый дзуры: «Нӕ ныхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ мыггагмӕ дӕр».
«Куы нӕ дӕ ныхсон, уӕд дын нӕй хай Мемӕ»,— дзуапп ратта Йесо.
«Хицау! — дзуры Петр.— Ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ къухтӕ ӕмӕ сӕр дӕр».
«Ӕхсадӕн хъӕуы ӕрмӕст къӕхтӕ ныхсын,— дзуры йын Йесо,— уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг у; ӕмӕ сымах дӕр сыгъдӕг стут, фӕлӕ уе ’ппӕт нӕ». Йесо уымӕн афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕ зоны, Иудӕ йӕ ауӕй кӕнынмӕ кӕй хъавы.
Йесо ныхсадта дыууадӕс апостолы къӕхтӕ, уыимӕ йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕйы къӕхтӕ дӕр. Уый фӕстӕ йӕ ӕддаг дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрбаппӕрста, фӕстӕмӕ фынджы уӕлхъус йӕхи ӕруагъта ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Зонут, Ӕз сымахӕн цы бакодтон? Сымах хонут мӕн Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау, ӕмӕ раст зӕгъут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр Ӕз уый дӕн. Уӕдӕ, кӕд Ӕз, Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау, ныхсадтон сымах къӕхтӕ, уӕд сымах дӕр кӕрӕдзийы къӕхтӕ хъуамӕ ӕхсат: уымӕн ӕмӕ Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг, цӕмӕй Ӕз цы бакодтон сымахӕн, афтӕ кӕнат сымах дӕр. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: цагъар йӕ ӕлдарӕй стылдӕр нӕу, ӕмӕ минӕвар йӕ рарвитӕгӕй стылдӕр нӕу. Кӕд уый зонут, тӕхудиаг стут сымах, куы ӕххӕст кӕнат, уӕд».
Сӕрныллӕг лӕггаддзинады диссаджы дӕнцӕг! Апостолтӕ фыццаг бынатмӕ хъуамӕ ма тырной, сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр хъуамӕ ма ӕвӕрой ӕмӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕной, алыхаттдӕр уыдонӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной. Уыдон хъуамӕ фӕзмой Йесойы цӕвиттон. Уый ӕцӕгӕй къӕхтӕ ӕхсыны ӕгъдау нӕу. Уый у, цыфӕнды ӕнӕсӕрмӕхӕсгӕ кӕнӕ ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хӕслӕвӕрд дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕныны цӕвиттон. Матфейы 26:20, 21; Маркы 14:17, 18; Лукайы 22:14—18; 7:44; Иоанны 13:1—17.
-
-
Ӕрымысӕн изӕрӔппӕты номдзыддӕр адӕймаг
-
-
114 сӕр
Ӕрымысӕн изӕр
ЙЕСО йӕ апостолты къӕхтӕ куы ныхсадта, уӕд уый фӕстӕ цитатӕ ӕрхаста Фыстадӕй, Псалом 40:10-ӕм стих: «Мемӕ дзул чи хордта, систа Мӕныл йӕ зӕвӕт». Ӕмӕ сын хъыгзӕрдӕйӕ ӕмбарын кӕны: «Сымахӕй иу Мӕн... ауӕй кӕндзӕн».
Апостолтӕ ӕрӕнкъард сты ӕмӕ кӕрӕдзийы фӕдыл фӕрсынц Йесойы: «Ӕз нӕ дӕн мыййаг?» Суанг ма Иудӕ Искариотаг дӕр дӕтты уыцы фарст. Фынгыл Йесойӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ чи бадт, уыцы Иоанн ныр Йесойы риуыл йӕхи ӕруагъта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Хицау! чи у уый?»
«Дыууадӕсӕй иу, Мемӕ тӕбӕгъы чи стула, уый,— дзуапп дӕтты Йесо. — Уӕвгӕ Адӕймаджы Фырт цӕуы, уый тыххӕй куыд фыст у; фӕлӕ мӕгуыр йӕ бон уыцы адӕймагӕн, кӕцы ауӕй кӕна Адӕймаджы Фырты: хуыздӕр уыдаид уыцы адӕймагӕн нӕ райгуырын». Уый фӕстӕ та Сайтан ногӕй бацыд Иудӕйы, уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ зӕрдӕйы ӕнӕраст фӕндтӕ кӕй сӕвзӕрд, уымӕ гӕсгӕ йын уырдӕм фӕндаг гом кӕй у. Фӕстӕдӕр уыцы ӕхсӕв Йесо Иудӕйы схуыдта «сӕфты фырт», ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ уыд.
Ныр Йесо дзуры Иудӕйӕн: «Цы кӕныс, уый тагъддӕр кӕн». Йесо цӕуыл дзуры, уый иннӕ апостолтӕй ничи ӕмбары. Ӕхцаты асыкк Иудӕмӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ иутӕ ӕнхъӕлынц, цыма Йесойы зӕгъын фӕнды: «Балхӕн, цы нӕ хъӕуы бӕрӕгбонмӕ», кӕнӕ та цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ мӕгуыртӕн исты ратта.
Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн кӕнӕ Ӕрымысӕн изӕрӕн. Уый дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, асаста йӕ, апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын дзуры: «Райсут, хӕрут». Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕмбарын кӕны: «Уый у Мӕ Буар, кӕцы лӕвӕрд цӕуы сымах тыххӕй; уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй».
Дзулӕй иуылдӕр куы ацаходыдтой, уӕд Йесо райста сӕны къус, куыд зыны, афтӕмӕй Куадзӕны бӕрӕгбоны кӕй фӕнуазынц, уыдонӕй цыппӕрӕм нуазӕн. Уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн раарфӕ кодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй, цӕмӕй дзы ануазой, ӕмӕ сын дзуры: «Ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«цӕдис», НД] Мӕ туджы, кӕцы сымах тыххӕй калд цӕуы».
Ӕцӕгдӕр уый уыд Йесойы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр. Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй алы аз дӕр 14 нисаны йӕ ӕрымысыны тыххӕй хъӕуы афтӕ аразын. Уыцы бӕрӕгбон чи нысан кӕна, уыдонӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, адӕймагады мӕлӕты тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн Йесо ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыд цы сарӕзтой, уый. Дзуттӕгтӕй Йесойы фӕдыл чи цӕуа, уыдонӕн Куадзӕн ивд ӕрцӕудзӕн уыцы бӕрӕгбонӕй.
Йесойы тугныккалдӕй йӕ тыхы цы ног цӕдис бацыд, уый баивта зӕронд Закъоны цӕдис. Йесо у ӕхсӕны лӕг Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ 144 000 сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстоны ’хсӕн. Ацы цӕдисӕн йӕ нысан ӕрмӕст тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын нӕу, фӕлӕ ма уӕларвыл паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕй чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм адӕм ӕрӕмбырд кӕнын дӕр. Матфейы 26:21—29; Маркы 14:18—25; Лукайы 22:19—23; Иоанны 13:18—30; 17:12; 1 Коринфӕгтӕм 5:7.
▪ Цавӕр библион пехуымпарад ӕрхаста Йесо йемӕ бӕрӕгбоны хайадисджытӕй иуы тыххӕй ӕмӕ дзы куыд спайда кодта?
▪ Апостолтӕ афтӕ тынг цӕмӕн ӕрӕнкъард сты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цавӕр фарст дӕттынц?
▪ Цы аразын кӕны Йесо Иудӕйӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕ уыцы ныхӕстӕ куыд ӕмбарынц?
▪ Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо семӕ цавӕр бӕрӕгбонӕн ӕрӕвӕрдта бындур ӕмӕ цы у йӕ нысан?
▪ Ног цӕдисы чи ис ӕмӕ цы у уыцы цӕдисы нысан?
-
-
Бацайдагъ быцӕуӔппӕты номдзыддӕр адӕймаг
-
-
115 сӕр
Бацайдагъ быцӕу
ИЗӔРЫ Йесо йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй равдыста сӕрныллӕг лӕггаддзинады диссаджы цӕвиттон. Уый фӕстӕ бындур ӕрӕвӕрдта, тагъд рӕстӕджы йӕм цы мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Ӕрымысӕн изӕрӕн. Ныр ӕнӕнхъӕлӕджы цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уӕлдайдӕр та гыццыл раздӕр цы цау ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ уый у тынг диссаг. Йӕ апостолты ’хсӕн бацайдагъ карз быцӕу, стырдӕр сӕ чи у, ууыл! Куыд зыны, афтӕмӕй, дарддӕр кӕны, амӕй размӕ цы быцӕу райдыдта, уый.
Хъуыды ма кӕныс, Йесо хохыл йӕ хуыз куы фӕивта, уый фӕстӕ апостолтӕ, ӕппӕты стырдӕр сӕ чи у, ууыл кӕй быцӕу кодтой? Уымӕй уӕлдай ма Иаков ӕмӕ Иоанн сӕхицӕн куырдтой Паддзахады зынгӕ бынӕттӕ, ӕмӕ уый дӕр уыд апостолты быцӕуы аххосаг. Ӕмӕ та ныр, фӕстаг изӕр иумӕ ӕрвитгӕйӕ, апостолтӕ кӕй быцӕу кӕнынц, уый Йесойӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг зын у. Цымӕ цы сараздзӕн?
Йесо апостолтӕм хыл нӕ кӕны, фӕлӕ та сын сабырӕй амоны: «Паддзӕхтӕ ӕлдариуӕг кӕнынц адӕмтыл, ӕмӕ уыдоныл бар дарджытӕ хӕрзгӕнджытӕ хуыйнынц; фӕлӕ сымах афтӕ нӕ... Уымӕн ӕмӕ чи у стылдӕр: бадӕг, ӕви лӕггадгӕнӕг? бадӕг нӕу мыййаг?» Уый фӕстӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта йӕхи цӕвиттон ӕмӕ сын дзуры: «Фӕлӕ Ӕз уе ’хсӕн дӕн, куыд лӕггадгӕнӕг».
Кӕд апостолтӕ ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр Йесойыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой йӕ фӕлварӕнты рӕстӕджы. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо дзуры: «Ӕз сымахӕн фӕдзӕхсын, Мӕнӕн Мӕ Фыд куыд бафӕдзӕхста, Паддзахад [«Мӕ Фыд Мемӕ Паддзахады тыххӕй цӕдис куыд скодта, афтӕ ӕз дӕр кӕнын уемӕ цӕдис», НД]». Уыцы сӕрмагонд цӕдис иу кӕны Йесо ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты, цӕмӕй сӕ бон уа йӕ Паддзахады йемӕ хицауиуӕг кӕнын. Ӕппынфӕстаг ӕрмӕстдӕр 144 000 исдзысты хайад Паддзахады цӕдисы.
Ӕмӕ кӕд апостолтӕн фидӕны Чырыстиимӕ Паддзахады хицауиуӕг кӕныны диссаджы ныфс ис, уӕддӕр ныртӕккӕ духовон ӕгъдауӕй сты лӕмӕгъ. «Сымах иуылдӕр фӕрӕдийдзыстут Мӕн тыххӕй ацы ӕхсӕв»,— дзуры сын Йесо. Петрӕн та загъта, уый тыххӕй кӕй куывта, ӕмӕ йӕ ныр разӕнгард кӕны: «Ды, искуы раздӕхгӕйӕ, сфидар кӕн дӕ ӕфсымӕрты» (НФ).
«[Мӕ] сывӕллӕттӕ! — дзуры сын Йесо,— бирӕ нал уыдзынӕн ныр Ӕз сымахимӕ: агурдзыстут Мӕн, ӕмӕ куыд загътон Ӕз Иудейтӕн, кӕдӕм цӕуын Ӕз, уырдӕм нӕу уӕ бон ӕрцӕуын, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъын ныр сымахӕн дӕр. Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзат; Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы; уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн».
«Хицау! кӕдӕм цӕуыс Ды?» — фӕрсы йӕ Петр.
«Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм нӕу дӕ бон ныр Мӕ фӕдыл цӕуын,— дзуапп дӕтты Йесо,— уый фӕстӕ та ацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».
«Хицау! цӕуылнӕ у ныр мӕ бон цӕуын Дӕ фӕдыл? — цымыдис кӕны Петры. — Ӕз мӕ уд ратдзынӕн Дӕу тыххӕй».
«Дӕ уд Мӕн тыххӕй ратдзынӕ? — фӕрсы йӕ Йесо. — Ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн, ды ныр, ацы ӕхсӕв, цалынмӕ уасӕг дыууӕ хатты ныууаса, уӕдмӕ Мӕныл ӕртӕ хатты ӕвдисӕн бакӕндзынӕ».
«Демӕ мӕ амӕлын куы хъӕуа,— фидарӕй дзуры Петр,— уӕддӕр ӕвдисӕн нӕ бакӕндзынӕн Дӕуыл». Ӕмӕ кӕд иннӕ апостолтӕ дӕр афтӕ дзурынц, уӕддӕр Петр йӕхицӕй ӕппӕлы: «Иуылдӕр куы фӕрӕдиой Дӕу тыххӕй, уӕддӕр ӕз никуы фӕрӕдийдзынӕн».
Йесо йӕ апостолтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Галилейы сӕ ӕнӕ голлаг ӕмӕ ӕнӕ хордзенӕй уацамынды куы арвыста, уый ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Мыййаг исты хъуаг уыдыстут?»
«Ницы»,— дзуапп раттой уыдон.
«Фӕлӕ ныр кӕмӕ ис голлаг, уый йӕ райсӕд, афтӕ хордзен дӕр,–дзуры сын уый,– кӕмӕ нӕй, ауӕй кӕнӕд йӕ дарӕс ӕмӕ балхӕнӕд кард; уымӕн ӕмӕ зӕгъын сымахӕн, кӕй ӕмбӕлы сӕххӕст уӕвын Мӕныл ацы фыст дӕр: „ӕмӕ фыдгӕнджытыл нымад ӕрцыд“. Уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй цы ис, уый кӕронмӕ ӕрхӕццӕ кӕны».
Ам Йесо дзуры, фыдгӕнджытимӕ кӕнӕ йӕ закъонхалджытимӕ куы байтындздзысты, уыцы рӕстӕгыл. Уымӕй уӕлдай ма сын ӕргом кӕны, фӕстӕдӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ карз ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты. «Хицау! мӕнӕ ам дыууӕ карды»,— загътой уыдон.
«Ӕгъгъӕд у»,— дзуапп ратта Йесо. Дарддӕр фендзыстӕм, семӕ кӕрдтӕ кӕй ис, уый фӕрцы сын Йесо ноджыдӕр иу ахсджиаг амынд кӕй ратдзӕн. Матфейы 26:31—35; Маркы 14:27—31; Лукайы 22:24—38; Иоанны 13:31—38; Раргомад 14:1—3.
▪ Апостолты быцӕу диссаг цӕмӕн у?
▪ Йесо уыцы быцӕуӕн кӕрон куыд скодта?
▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕдис цӕмӕн скодта?
▪ Цавӕр ног фӕдзӕхст ратта Йесо ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст цас ахсджиаг у?
▪ Петр куыд равдыста стырзӕрдӕдзинад ӕмӕ йын Йесо цы загъта?
▪ Йесо голлаг ӕмӕ хордзены тыххӕй цы амындтӕ ратта, уыдон цӕмӕн хицӕн кодтой раздӕры амындтӕй?
-
-
Йесо апостолты цӕттӕ кӕны йӕ ацыдмӕӔппӕты номдзыддӕр адӕймаг
-
-
116 сӕр
Йесо апостолты цӕттӕ кӕны йӕ ацыдмӕ
ӔРЫМЫСӔН изӕры ӕхсӕвӕр фӕцис, фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ныр дӕр ма сты уӕллаг уаты. Кӕд Йесойы ацыдмӕ бирӕ нал баззад, уӕддӕр ма йӕ бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы зӕгъын йӕ апостолтӕн. «Уӕ зӕрдӕ уынгӕг ма кӕнӕд,— фидар сӕ кӕны Йесо. — Ӕууӕндут Хуыцауыл». Уый фӕстӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут».
«Мӕ Фыды хӕдзары цӕрӕн бынӕттӕ бирӕ ис,— дзуры дарддӕр Йесо.— Ӕз цӕуын сымахӕн бынат ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ... цӕмӕй сымах дӕр, Ӕз кӕм дӕн [«уон», НФ], уым уат. Фӕлӕ кӕдӕм цӕуын Ӕз, уый сымах зонут ӕмӕ фӕндаг дӕр зонут». Апостолтӕ не ’мбарынц, Йесо уӕларвмӕ кӕй ацӕудзӕн, уый кой кӕй кӕны, ӕмӕ йӕ Фома фӕрсы: «Хицау! нӕ зонӕм, кӕдӕм цӕуыс; ӕмӕ куыд хъуамӕ зонӕм фӕндаг?»
«Ӕз дӕн фӕндаг ӕмӕ ӕцӕгад ӕмӕ цард»,— дзуапп ратта Йесо. О, адӕймаг Йесойыл куы баууӕнда ӕмӕ йӕ царды куы фӕзмына, ӕрмӕстдӕр ын уӕд уыдзӕн Фыды уӕларвон хӕдзармӕ бацӕуыны бар, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Ничи ӕрцӕуы Фыдмӕ, ӕрмӕст Мӕн сӕрты [уылты] йеддӕмӕ».
«Хицау! равдис махмӕ Фыды,— куры Филипп,— ӕмӕ ӕгъгъӕд у махӕн». Куыд зыны, афтӕмӕй Филиппы фӕнды, цӕмӕй раджы заманты Моисей, Илиа ӕмӕ Исай Хуыцауы цӕстылуайӕнты куыд федтой, афтӕ сын Йесо дӕр цӕстуынгӕ хуызы равдиса Хуыцауы. Ӕцӕгӕй та апостолтӕн ахӕм цӕстылуайӕнтӕй бирӕ хуыздӕр цыдӕр ис. Йесо дзуры: «Уыйас рӕстӕг дӕн Ӕз сымахимӕ ӕмӕ ды нӕ зоныс Мӕн, Филипп? Мӕн фенӕг федта Фыды».
Йесо йӕ Фыды миниуджытӕ афтӕ ӕххӕстӕй ӕвдисы, ӕмӕ йемӕ цӕрын ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ уынын нысан кӕны Фыдӕн йӕхи уынын. Фӕлӕ Йесо йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй Фыд Фыртӕй уӕлдӕр у: «Ӕз уын цы ныхӕстӕ кӕнын, уыдон Мӕхицӕй нӕ дзурын». Йесо йӕ ахуырӕдты тыххӕй ӕппӕт кад дӕр дӕтты йӕ уӕларвон Фыдӕн, ӕцӕгдӕр кӕмӕн ӕмбӕлы, Уымӕн.
Апостолты куыд тынг бафидар кодтой Йесойы ныхӕстӕ: «Мӕныл ӕууӕндӕг, Ӕз цы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уыдон уый дӕр кӕндзӕн, ӕмӕ уыдонӕй фылдӕр скӕндзӕн». Йесойы ныхӕстӕ уый нӕ нысан кӕнынц, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон уымӕй стырдӕр диссӕгтӕ аразын кӕй уыдзӕн. Уымӕй йӕ зӕгъын фӕнды, сӕ лӕггаддзинад фылдӕр рӕстӕг кӕй ахӕсдзӕн, стӕй стырдӕр масштабты кӕй уыдзӕн ӕмӕ фылдӕр адӕмӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн пайда.
Йесо йӕ ацыды фӕстӕ дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты нӕ ныууадздзӕн. «Исты куы ракурат Мӕ номӕй,— зӕрдӕ сын ӕвӕры Йесо,— уӕд уын ӕй Ӕз скӕндзынӕн» (НФ). Уымӕй уӕлдай уый дзуры: «Ӕз балӕгъстӕ кӕндзынӕн Фыдӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы [«ӕххуысгӕнӕджы», НД], уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ, ӕцӕгады Уды». Фӕстӕдӕр Йесо уӕларвмӕ куы ссыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтыл ӕруагъта сыгъдӕг уд, ома сын ратта ӕндӕр ӕххуысгӕнӕджы.
Йесойы ацыдмӕ бирӕ нал ис, уымӕн ӕмӕ уый дзуры: «Иу чысыл ма ӕмӕ дуне нал фендзӕн Мӕн». Йесо уыдзӕн, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу фенын, ахӕм духовон фӕлдисонд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ иузӕрдион апостолтӕн зӕрдӕ ӕвӕры: «Сымах... фендзыстут Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут». О, Йесо куы райгас уа, уӕд сӕм канд адӕймаджы хуызы нӕ фӕзындзӕн, фӕлӕ ма рӕстӕг куы ӕрцӕуа, уӕд сӕ духовон фӕлдисондтӕй дӕр райгас кӕндзӕн, цӕмӕй йемӕ уӕларвыл цӕрой.
Ныр та сын Йесо ӕмбарын кӕны хуымӕтӕг принцип: «Мӕ амынддзинӕдтӕ кӕмӕ ис, ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы; ӕмӕ Мӕн чи уарзы, уый Мӕ Фыд бауарздзӕни, ӕмӕ йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн, ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн» (НФ).
Йесо йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ йӕ йӕ апостолтӕй сӕ иу, Иудӕ, хонынц ма йӕ Фаддей дӕр, фӕурӕдта: «Хицау! уый куыд у, Дӕу фӕнды Дӕхи дунемӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ равдисын?»
«Мӕн чи уарзы,— дзуапп дӕтты Йесо,— уый Мӕ дзырд сӕххӕст кӕндзӕн; ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн... Мӕн нӕ уарзӕг, нӕ ӕххӕст кӕны Мӕ дзырдтӕ». Йӕ коммӕгӕс фӕдылдзӕуджыты уӕлдай, дуне ницӕмӕ дары Чырыстийы ахуырӕдтӕ. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ нӕ раргом кӕндзӕн йӕхи.
Йӕ зӕххон лӕггаддзинады рӕстӕджы Йесо бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодта йӕ апостолты. Куыд ӕрхъуыды кӕндзысты ӕппӕт уыдӕттӕ, кӕд ӕмӕ ныр дӕр ма бирӕ цыдӕртӕ не ’мбарынц? Йесо сын зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕвдауӕг [«ӕххуысгӕнӕг», НД] та, Сыгъдӕг Уд, Кӕцыйы рарвитдзӕн Фыд Мӕн номӕй, сахуыр кӕндзӕн сымах ӕппӕтыл ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Ӕз сымахӕн цы дзырдтон, уыдон иуылдӕр».
Дарддӕр сӕ Йесо фидар кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Фарн уадзын сымахӕн, Мӕ фарн дӕттын сымахӕн... Цӕмӕй уӕ зӕрдӕ ма змӕнта ӕмӕ ма тӕрса [«уынгӕг ма кӕнӕд уӕ зӕрдӕ, ӕмӕ ма тӕрсут», НФ]». Ӕцӕгдӕр, Йесо хъуамӕ ацӕуа, фӕлӕ сын ӕмбарын кӕны: «Сымах куы уарзиккат Мӕн, уӕд сцин кӕниккат, Ӕз кӕй загътон: „цӕуын Фыдмӕ“; уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мӕнӕй стылдӕр у».
Йесо ма цыбыр рӕстӕг уыдзӕн семӕ. «Ныр Мын бирӕ рӕстӕг нал ис сымахимӕ дзурынӕн,— дзуры уый,— уымӕн ӕмӕ ӕрбацӕуы ацы дунейы ӕлдар, ӕмӕ йын Мӕн мидӕг ницы ис». Дунейы ӕлдар у Сайтан, Хӕйрӕг, Иудӕйы мидӕг чи бацыд ӕмӕ дзы йӕ фыдхъуыддӕгты чи спайда кодта, уый. Фӕлӕ Сайтаны бон нӕу Йесойы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй аздахын, уымӕн ӕмӕ йӕм ницы тӕригъӕд ис.
Ӕнгом ахастытыл цин кӕнын
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ фынджы уӕлхъус зӕрдӕбынӕй ныхасгӕнгӕйӕ, Йесо фидар кӕны йӕ апостолты. Куыд зыны, афтӕмӕй у ӕмбисӕхсӕв, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо дзуры: «Сыстут, ацӕуӕм ардыгӕй». Фӕлӕ цалынмӕ нӕ ацыдысты, уӕдмӕ сын Йесо, кӕй сӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ дзуры цалдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн фӕсномыг ныхасы.
«Ӕз Дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Бӕлас, Мӕ Фыд та — Сӕнӕфсирдоны Хицау»,— райдыдта йӕ ныхас Йесо. Сӕнӕфсирдоны кадджын Хицау, Иегъовӕ Хуыцау, н. э. 29 азы фӕззӕджы Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ сыгъдӕг удӕй куы байсӕрста, уӕд ныссагъта уыцы символикон сӕнӕфсирбӕлас. Фӕлӕ дарддӕр Йесо ӕмбарын кӕны, сӕнӕфсирбӕлас канд уый кӕй не ’вдисы: «Мӕ алкӕцы дыргъ нӕ хӕссӕг къалиуы, Уый алыг кӕны; ӕмӕ алкӕцы, дыргъ хӕссӕджы, сыгъдӕг кӕны, цӕмӕй фылдӕр ӕрхӕсса дыргъ... Къалиуӕн йӕ бон куыд нӕу дыргъ хӕссын йӕхицӕй, бӕласыл куы нӕ уа уӕд, афтӕ сымах дӕр, куы нӕ уат Мӕн мидӕг, уӕд! Ӕз Дӕн Бӕлас, сымах та къалиутӕ».
Фӕндзайӕм бон, 51 боны фӕстӕ, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд уыдон систы бӕласы къалиутӕ. Ӕппынфӕстаг, 144 000 адӕймаджы суыдзысты символикон сӕнӕфсиры къалиутӕ. Сӕнӕфсиры зӕнгимӕ, Йесо Чырыстиимӕ, уыдон сты Хуыцауы Паддзахады дыргъхӕссӕг символикон сӕнӕфсирбӕлас.
Йесо ӕмбарын кӕны дыргъ хӕссыны сусӕгдзинад: «Мӕн мидӕг чи ис, ӕмӕ Ӕз уый мидӕг, уый ӕрхӕссы бирӕ дыргъ; уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн ницы кӕнын у уӕ бон». Дыргъ чи нӕ хӕсса, уый, Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй «ӕддӕмӕ ӕппӕрст уыдзӕн, къалиуау, ӕмӕ бахус уыдзӕн; ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, ӕмӕ сӕ баппарынц арты, ӕмӕ басудзынц». Уый хыгъд сын Йесо зӕрдӕ ӕвӕры: «Мӕн мидӕг куы уат, ӕмӕ Мӕ дзырдтӕ уӕ мидӕг куы уой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр бафӕнда, курут, ӕмӕ уын уыдзӕн».
Дарддӕр Йесо дзуры йӕ апостолтӕн: «Уымӕй скадджын уыдзӕн Мӕ Фыд, сымах куы ӕрхӕссат бирӕ дыргъ, ӕмӕ куы уат Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ». Хуыцау къалиутӕй цы дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый у Чырыстийы миниуджытӕ, сӕйраджыдӕр та уарзондзинад, ӕвдисын. Уымӕй уӕлдай, Чырысти Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы дыргъмӕ хауы Чырыстийау ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг дӕр.
«Мӕ уарзондзинады ут»,— сиды сӕм Йесо. Фӕлӕ йӕ апостолтӕн куыд у сӕ бон афтӕ аразын? «Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы сӕххӕст кӕнат,— дзуры Йесо,— уӕд уыдзыстут Мӕ уарзондзинады». Ӕмӕ дарддӕр ӕмбарын кӕны: «Уый у Мӕ фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат, Ӕз куыд бауарзтон сымах, афтӕ. Нӕй стылдӕр уыцы уарзондзинадӕй исчи йӕ уд куы сӕвӕра йӕ хӕлӕртты тыххӕй».
Цалдӕр сахаты фӕстӕ, йӕ цард, куыд йӕ апостолтӕ, афтӕ ма йыл чи баууӕнддзӕн ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисдзӕн, ӕппӕт уыдоны сӕрвӕлтау ратгӕйӕ, Йесо равдисдзӕн удуӕлдай уарзондзинад. Йӕ цӕвиттон хъуамӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр разӕнгард кӕна сӕ кӕрӕдзимӕ ахӕм уарзондзинад ӕвдисынмӕ. Уыцы уарзондзинадӕй сӕ зондзысты адӕм, уымӕн ӕмӕ Йесо раздӕр загъта: «Уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн».
Йӕ хӕлӕрттӕ чи сты, уый ӕмбарынгӕнгӕйӕ, Йесо дзуры: «Сымах стут Мӕ хӕлӕрттӕ, Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уыдон, куы ӕххӕст кӕнат, уӕд. Ӕз ныр сымах нал хонын цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ цагъар нӕ зоны йӕ ӕлдар цы кӕны, уый, фӕлӕ Ӕз схуыдтон сымах хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыдӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппӕт дӕр загътон сымахӕн».
Диссаг, адӕймагӕн ис фадат, цӕмӕй уа Йесойы ӕввахс хӕлар! Фӕлӕ цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы хӕлардзинад дарддӕр дӕр циндзинад хӕсса, уый тыххӕй сӕ хъӕуы ‘дыргъ хӕссын’. Афтӕ куы аразой, уӕд цы уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо дзуры: «Цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй Мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн». Уый ӕцӕгдӕр стыр хорзӕх у, Паддзахады дыргътӕ кӕй хӕссынц, уый тыххӕй! Йӕ апостолтӕм та ногӕй ‘кӕрӕдзийы уарзынмӕ’ ӕрсидгӕйӕ, Йесо ӕмбарын кӕны, дуне сӕм знаджы цӕстӕй кӕй кӕсдзӕн. Фӕлӕ сӕ уыимӕ фидар кӕны: «Кӕд дунейӕн сымах ӕнӕуынон стут, уӕд зонут, Мӕн сымах разӕй нӕ бауарзта». Ӕмӕ сын уый фӕстӕ ӕвдисы, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дунейӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты: «Сымах... дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз кӕй равзӕрстон дунейӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуынон стут дунейӕн».
Дунейы фыдӕхдзинады аххосаг ӕмбарынгӕнгӕйӕ, Йесо дарддӕр дзуры: «Адон ӕппӕт бакӕндзысты сымахӕн Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц Мӕ Рарвитӕджы [Иегъовӕ Хуыцауы]». Ӕцӕгдӕр, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон зылын кӕнынц, знаджы цӕстӕй йӕм чи кӕсы, уыдоны, уымӕн ӕмӕ уый дзуры: «Ӕз куы нӕ бакодтаин се ’хсӕн ӕндӕр исчи кӕй нӕ кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд сӕм нӕ уаид тӕригъӕд; ныр та уынгӕ дӕр фӕкодтой, ӕмӕ сын сынӕуынон дӕн Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд дӕр». Афтӕмӕй, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕххӕст кӕны Фыстады бынат: «Дзӕгъӕлы сынӕуынон дӕн уыдонӕн».
Раздӕрау сын ныр дӕр Йесо зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сын рарвитдзӕн ӕххуысгӕнӕг, сыгъдӕг уд, ома Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы архайгӕ тых. «Уый ӕвдисӕнад кӕндзӕн Мӕн тыххӕй; афтӕ сымах дӕр ӕвдисӕн лӕудзыстут».
Ӕндӕр амындтӕ йӕ ацыды размӕ
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ рацӕуынӕввонг сты уӕллаг уатӕй. «Уый уын загътон Ӕз, цӕмӕй сымах ма фӕрӕдийат»,— адарддӕр кодта йӕ ныхас Йесо. Ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсы: «Сурдзысты сымах ӕмбырдгӕнӕнтӕй; суанг ма ахӕм рӕстӕг дӕр ӕрцӕуы, ӕмӕ алкӕцы, сымах марӕг, хъуыды кӕндзӕн, уый уымӕй Хуыцауӕн кӕй кусы».
Куыд зыны, афтӕмӕй ацы фӕдзӕхст фехъусгӕйӕ, апостолтӕ мӕты бафтыдысты. Кӕд сын Йесо нырмӕ дӕр дзырдта, дунейы адӕм сӕм знаджы цӕстӕй кӕй кӕсдзысты, уӕддӕр сын афтӕ ӕргом никуы загъта, маргӕ сӕ кӕй кӕндзысты. «Райдайӕны... уын ӕй нӕ дзырдтон,— ӕмбарын сын кӕны Йесо,— уымӕн ӕмӕ уемӕ уыдтӕн». Куыд хорз у, йӕ ацыды размӕ сӕ кӕй бафӕдзӕхста!
«Ныр та,— дарддӕр дзуры Йесо,— цӕуын Мӕ Рарвитӕгмӕ ӕмӕ сымахӕй ничи фӕрсы Мӕн: „кӕдӕм цӕуыс?“» Ацы изӕр ӕй иу хатт бафарстой, кӕдӕм цӕудзӕн, фӕлӕ ныр йӕ ныхӕстӕй афтӕ тыхст сты, ӕмӕ йӕ уымӕй уӕлдай нал фӕрсынц. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо дзуры: «Ӕз сымахӕн уый кӕй загътон, уымӕй байдзаг ӕнкъарддзинадӕй уӕ зӕрдӕ». Апостолтӕ ӕрмӕст ууыл нӕ сагъӕс кӕнынц, кӕй сӕ сурдзысты ӕмӕ сӕ кӕй мардзысты, фӕлӕ сӕ Хицау кӕй ацӕудзӕн, ууыл дӕр.
Фӕлӕ сын Йесо ӕмбарын кӕны: «Хуыздӕр уын у, цӕмӕй Ӕз ацӕуон, уымӕн ӕмӕ Ӕз куы нӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг [«ӕххуысгӕнӕг», НД] не ’рцӕудзӕн; фӕлӕ куы ацӕуон, уӕд Ӕй сымахмӕ рарвитдзынӕн». Куыд адӕймаг, афтӕ Йесойӕн иу рӕстӕджы йӕ бон у, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу бынаты уа, фӕлӕ уӕларвыл куы уа, уӕд та, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ зӕххыл кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сын йӕ бон уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг, Хуыцауы сыгъдӕг уд, рарвитын. Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй Йесо ацӕуа.
Йесо дзуры, зӕгъгӕ, сыгъдӕг уд «дунейы базылын кӕндзӕни тӕригъӕды, ӕмӕ рӕстдзинады, ӕмӕ тӕрхондзинады тыххӕй» (НФ). Раргом уыдзӕн дунейы тӕригъӕд: Хуыцауы Фыртыл кӕй не ’ууӕнды, уый. Уымӕй уӕлдай Йесо йӕ Фыдмӕ кӕй ацӕудзӕн, уый уыдзӕн бӕлвырд ӕвдисӕнад йӕ рӕстдзинадӕн. Сайтан ӕмӕ йӕ дунейӕн Йесойы фӕрӕдийын кӕнын сӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уымӕй рабӕрӕг, дунейы ӕлдар тӕрхонгонд кӕй ӕрцыд.
«Ноджыдӕр ма бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис Мӕнмӕ сымахӕн,— дзуры Йесо,— фӕлӕ сымах ныр бамбарын нӕ бафӕраздзыстут». Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо зӕрдӕ ӕвӕры, сыгъдӕг уд, Хуыцауы архайгӕ тых сыл куы ӕруадза, уӕд сын уый цадӕггай, сӕ бон куыд уа, афтӕ кӕй ӕмбарын кӕндзӕн ӕппӕтдӕр.
Апостолтӕ иуыл тынгдӕр та уый не ’мбарынц, Йесо кӕй амӕлдзӕн, уый фӕстӕ кӕй райгас уыдзӕн ӕмӕ сӕм кӕй фӕзындзӕн. Уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдзийы фӕрсынц: «Цы зӕгъы Уый махӕн: „тагъд нал фендзыстут Мӕн, ӕмӕ та ноджы тагъд фендзыстут Мӕн“, ӕмӕ: „Ӕз цӕуын Фыдмӕ“?»
Цӕмӕй йӕ фӕрсинаг сты, уый бамбаргӕйӕ, Йесо дарддӕр дзуры: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: сымах скӕудзыстут ӕмӕ сдзыназдзыстут, дуне та сцин кӕндзӕн; сымах ӕнкъард уыдзыстут, фӕлӕ уе ’нкъарддзинад циндзинадмӕ раивдзӕн». Уыцы бон, фӕссихор, Йесойы куы амардтой, уӕд дины разамонджытӕ цин кодтой, ахуыргӕнинӕгтӕ та — хъыг. Фӕлӕ Йесо куы райгас, уӕд сӕ хъыг циндзинадмӕ раивта! Ӕмӕ сӕ циндзинад дарддӕр кодта Фӕндзайӕм бонмӕ, уымӕн ӕмӕ сын уӕд, Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕруадзгӕйӕ, Йесо тых ратта, цӕмӕй йӕ номы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууой!
Апостолты уавӕр арӕг сылгоймаджы тыхст уавӕримӕ абаргӕйӕ, Йесо дзуры: «Сылгоймагӕн куы фӕгуыры, уӕд фӕразы зындзинадӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрцыд йӕ сахат». Фӕлӕ дарддӕр Йесо дзуры, зӕгъгӕ, куыддӕр сывӕллон райгуыры, афтӕ мадӕй ӕрбайрох вӕййынц йӕ тухӕнтӕ, ӕмӕ фидар кӕны йӕ апостолты: «Афтӕ сымах дӕр ныр ӕнкъард стут; фӕлӕ та [куы райгас уон, уӕд] ногӕй Ӕз фендзынӕн сымах, ӕмӕ уӕ зӕрдӕ сцин кӕндзӕн, ӕмӕ уӕ циндзинад ничи байсдзӕн сымахӕй».
Кӕд нырмӕ апостолтӕ Йесойы номӕй никуы ницы куырдтой, уӕд сын ныр уый дзуры: «Цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй Мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн... Уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхӕдӕг уарзы сымах, уымӕн ӕмӕ сымах бауарзтат Мӕн ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл баууӕндыдыстут. Ӕз рацыдтӕн Фыдӕй ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ; ӕмӕ ногӕй уадзын дуне ӕмӕ цӕуын Фыдмӕ».
Йесойы ныхӕстӕ тынг бафидар кодтой апостолты. «Уый тыххӕй ӕууӕндӕм, Ды Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕ»,— загътой уыдон. «Ныр ӕууӕндут? — фӕрсы сӕ Йесо. — Мӕнӕ ӕрцӕуы сахат, ӕмӕ ныр райдыдта, сымах кӕй ныххӕлиу уыдзыстут алчи дӕр йӕхи ’рдӕм, ӕмӕ Мӕн иунӕгӕй ныууадздзыстут». Диссаг, нӕма ӕрбабон, афтӕ сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!
«Уый загътон Ӕз сымахӕн, цӕмӕй уын Мӕн мидӕг уа фарн». Йесо йӕ ныхас фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Дунейы уын уыдзӕн зындзинад; фӕлӕ хъӕбатыр ут: Ӕз дунейы басастон». Кӕд Сайтан ӕмӕ йӕ дуне ӕппӕт тыхтӕй архайдтой Йесойы фӕрӕдийын кӕныныл, уӕддӕр уый Хуыцауы фӕндон иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ уымӕй басаста дунейы.
Кӕронбӕттӕн куывд уӕллаг уаты
Йесо йӕ апостолты кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕттӕ кӕны йӕ ацыдмӕ. Ӕппӕтдӕр сын лӕмбынӕг куы бацамыдта ӕмӕ сӕ куы бафидар кодта, уӕд арвмӕ скаст ӕмӕ йӕ Фыдӕй куры: «Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ Фырт дӕр скадджын кӕна Дӕу, уымӕн ӕмӕ Ды раттай Уымӕн бар алкӕцы буарыл ӕмӕ сеппӕтӕн, Ды кӕй раттай Уымӕн, ратдзӕн Уый мыггагмӕйы цард».
Цӕй ахсджиаг темӕйыл дзуры Йесо — мыггагмӕйы цардыл! Хуыцау ын «алкӕцы буарыл» дӕр бар кӕй ратта, уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ бон у йӕ ӕлхӕнӕг нывондӕй ӕппӕт мӕлӕтон адӕймагады фервӕзын кӕнынӕн спайда кӕнын. Фӕлӕ уый «мыггагмӕйы цард» дӕтты, ӕрмӕстдӕр йӕ Фыд хорзыл кӕй нымайы, уыдонӕн. Мыггагмӕйы цардыл дарддӕр дзургӕйӕ, Йесо кувы:
«Уый та у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы». О, ирвӕзындзинад баст у Хуыцау ӕмӕ Йӕ Фырты тыххӕй зонындзинӕдтыл. Фӕлӕ ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты.
Адӕймаг Хуыцау ӕмӕ Чырыстиимӕ хъуамӕ афтӕ хорз базонгӕ уа, ӕмӕ ӕцӕг хӕлардзинад куыд уа се ’хсӕн. Алы хъуыддагмӕ дӕр хъуамӕ уыдоны цӕстӕй кӕса. Сӕйраджыдӕр та адӕмимӕ цӕргӕйӕ, адӕймаг хъуамӕ фӕзмына Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы диссаджы миниуджытӕ.
Уый фӕстӕ Йесо кувы: «Ӕз скадджын кодтон Дӕу зӕххыл, сӕххӕст кодтон, Ды Мӕнӕн баххӕст [«сӕххӕст», НФ] кӕнынмӕ цы хъуыддаг бабар кодтай, уый». Хуыцау ын йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уый уыцы сахаты онг сӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ ӕнтыстыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ, Йесо куры: «Скадджын кӕн Мӕн Ды, Мӕ Фыд, Дӕумӕ Дӕхимӕ кадӕй [«Дӕуӕн Дӕхимӕ цы кад, ис», НФ], кӕцы уыд Мӕнӕн Дӕумӕ дуне сфӕлдисыны размӕ». О, Йесо куры, цӕмӕй райгасдзинады фӕрцы, раздӕр уӕларвыл куыд кадджын уыд, афтӕ скадджын уа.
Зӕххыл йӕ сӕйраг куыстӕн хатдзӕг кӕнгӕйӕ, Йесо дзуры: «Ӕз раргом кодтон Дӕ ном, дунейӕ Ды Мӕнӕн кӕй раттай, уыцы адӕймӕгтӕн; уыдон уыдысты Дӕу, ӕмӕ Ды раттай уыдон Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон бахъахъхъӕдтой Дӕ дзырд». Йӕ лӕггаддзинады Йесо пайда кодта Хуыцауы ном Иегъовӕйӕ ӕмӕ равдыста, куыд ӕй хъӕуы дзурын. Фӕлӕ йӕ апостолтӕн канд Хуыцауы ном нӕ раргом кодта; уый сын фылдӕр зонындзинӕдтӕ ратта Иегъовӕйӕн йӕ миниуджытӕ ӕмӕ йӕ фӕндӕтты тыххӕй ӕмӕ уый фӕрцы тынгдӕр райдыдтой аргъ кӕнын, Иегъовӕ сын цы сарӕзта, уымӕн.
Иегъовӕйы йӕ Хицауыл ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕны, ууыл нымайгӕйӕ, Йесо сӕрныллӕгӕй дзуры: «Ды цы дзырдтӕ раттай Мӕнӕн, Ӕз загътон уыдонӕн, ӕмӕ сӕ уыдон райстой ӕмӕ бамбӕрстой бӕлвырд, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ баууӕндыдысты, Ды Мӕн кӕй рарвыстай».
Уый фӕстӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты иннӕ адӕмӕй хицӕнгӕнгӕйӕ, Йесо кувы: «Ӕз уыдоны тыххӕй кувын: ӕппӕт дунейы тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ Ды Мӕнӕн кӕй раттай... Ӕз уыдонимӕ куы уыдтӕн дунейы, уӕд Ӕз хъахъхъӕдтон уыдон... Ды Мӕнӕн кӕй раттай уыдоны Ӕз бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ сӕ ничи фесӕфт, сӕфты фырты йеддӕмӕ», ома Иудӕ Искариотаг. Раст уыцы уысм Иудӕ та хъуыды кӕны, Йесойы куыд ауӕй кӕна, ууыл. Уӕдӕ Иудӕ, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ кӕны, афтӕмӕй ӕххӕст кӕны Фыстад.
«Дунейӕн ӕнӕуынон систы,— кувы дарддӕр Йесо. — Нӕ кувын, цӕмӕй Ды акӕнай уыдоны дунейӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахъахъхъӕнай фыддзинадӕй; уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр [дунейӕ] куыд нӕ дӕн». Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цӕрынц, Сайтан цы адӕймагон ӕхсӕнадыл къухдариуӕг кӕны, уым, фӕлӕ уыдон ныр дӕр ӕмӕ кӕддӕриддӕр хъуамӕ дард уой дунейӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй.
«Срухс кӕн уыдоны Дӕу ӕцӕгадӕй,— кувы Йесо,— Дӕу ныхас у ӕцӕг [«ӕцӕгад», НФ]». Ам Йесо «ӕцӕгад» хоны, ӕдзухдӕр цитатӕтӕ кӕцӕй хаста, уыцы Дзуттаг Фыстытӕ. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ фӕстӕдӕр уыдон Хуыцауы удцырынӕй цы ныффыстой, уый дӕр у «ӕцӕгад». Уыцы ӕцӕгады бон у адӕймаджы срухс кӕнын, ома йын йӕ цард бынтондӕр фӕивын ӕмӕ йӕ дунейӕ ахицӕн кӕнын.
Ныр та Йесо кувы «ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ... фӕлӕ ма [йыл] уыдоны ныхасмӕ гӕсгӕ ӕууӕндджыты тыххӕй дӕр». Афтӕмӕй Йесо кувы, фидӕны «иу дзугмӕ» чи ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыцы сыгъдӕг удӕй сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахуыргӕнинӕгты тыххӕй. Цы куры уыдоны тыххӕй?
«Цӕмӕй уой иуылдӕр иу; куыд Ды, Мӕ Фыд, Мӕн мидӕг ӕмӕ Ӕз Дӕу мидӕг... цӕмӕй уой иу, мах куыд иу стӕм, афтӕ». Йесо ӕмӕ йӕ Фыд ӕцӕгӕй иу гоймаг не сты, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр сты ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Йесо кувы, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн дӕр уа ахӕм иудзинад ӕмӕ «базона дуне Ды кӕй рарвыстай Мӕн ӕмӕ бауарзтай уыдоны, Мӕн куыд бауарзтай, афтӕ».
Уый фӕстӕ Йесо йӕ уӕларвон Фыдӕй куры, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ чи суыдзысты, уыдоны тыххӕй. Цы? «Ӕз кӕм дӕн, уым Мемӕ куыд уой, цӕмӕй уыной Ды Мӕнӕн цы кад раттай уый, уымӕн ӕмӕ бауарзтай Мӕн дунейӕн бындур ӕрӕвӕрыны размӕ», ома Адам ӕмӕ Евӕйӕн сывӕллӕттӕ куы нӕма уыд, уӕд. Уымӕй бирӕ раздӕр дӕр Хуыцау уарзта йӕ иунӕггуырд Фырты, кӕцы сси Йесо Чырысти.
Ӕмӕ та йӕ куывды кӕрон Йесо фӕлхат кӕны: «Ӕз раргом кодтон уыдонӕн Дӕу ном ӕмӕ раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Ды Мӕн цы уарзондзинадӕй бауарзтай, уый уыдоны мидӕг уа ӕмӕ Ӕз та [«Ӕз дӕр», НФ] уыдоны мидӕг». Йесо Хуыцауы ном кӕй раргом кодта, уый апостолтӕн нысан кӕны Хуыцауы уарзондзинад сӕрмагондӕй базонын. Иоанны 14:1—17:26; 13:27, 35, 36; 10:16; Лукайы 22:3, 4; Рацыд 24:10; 3 Паддзахӕдты 19:9—13; Исай 6:1—5; Галатӕгтӕм 6:16; Псалом 34:19; 68:5; Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:22, 30.
▪ Кӕдӕм цӕуинаг у Йесо ӕмӕ уырдӕм цавӕр фӕндаг ис, уый тыххӕй Фомайӕн цы дзуапп ратта?
▪ Филипп Йесойӕ цы куырдта?
▪ Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Йесойы чи федта, уый Фыды дӕр кӕй федта?
▪ Йесо цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ фылдӕр хъуыддӕгтӕ куыд сараздзысты?
▪ Цы хуызы нӕу Сайтанӕн йӕ бон Йесойыл ӕндавын?
▪ Кӕд ныссагъта Иегъовӕ символикон сӕнӕфсирбӕлас ӕмӕ иннӕтӕ кӕд ӕмӕ куыд систы йӕ къалиутӕ?
▪ Ӕдӕппӕт цал къалиуы ис символикон сӕнӕфсирбӕласӕн?
▪ Цавӕр дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуыцау къалиутӕй?
▪ Цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?
▪ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дунейӕн ӕнӕуынон цӕмӕн сты?
▪ Йесойы апостолты цавӕр фӕдзӕхст бафтыдта мӕты?
▪ Йесо кӕдӕм цӕуы, уымӕй йӕ апостолтӕ цӕуылнӕ фӕрсынц?
▪ Апостолтӕ иуыл тынгдӕр цы не ’мбарынц?
▪ Апостолты хъыгдзинад циндзинадмӕ кӕй раивдзӕн, уый сын Йесо цавӕр цӕвиттонӕй равдыста?
▪ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ апостолтӕ тагъд рӕстӕджы цы сараздзысты?
▪ Йесо дунейы куыд басаста?
▪ Куыд ӕрцыд лӕвӕрд Йесойӕн бар «алкӕцы буарыл»?
▪ Цы нысан кӕны Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй зонындзинӕдтӕ райсын?
▪ Йесо Хуыцауы ном куыд раргом кодта?
▪ Цы у «ӕцӕгад» ӕмӕ куыд у йӕ бон чырыстоны «срухс» кӕнын?
▪ Хуыцау, йӕ Фырт ӕмӕ ӕппӕт иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иу куыд сты?
▪ «Дунейӕн бындур» кӕд ӕрцыд ӕвӕрд?
-