26 зарӕг
Хуыцауимӕ цу!
1. Хуыцауимӕ цу бонзонгӕ.
Рӕстӕй, хӕларӕй цӕр.
Хуыцауыл ма сив дӕ зӕрдӕ,
Тыхтӕ дын уый дӕтдзӕн.
Рӕстдзинад алкӕд уӕд дӕ рухс,
Нӕ фӕцуддзынӕ уӕд.
Гыццыл сывӕллонау дӕ къух
Ды ратт Хуыцаумӕ ’рмӕст.
2. Хуыцауимӕ сыгъдӕгӕй цу,
Тӕригъӕд макуы ’руадз.
Ды размӕ тырн ӕппынӕдзух,
Йӕ хорзӕх дӕ куыд уа.
Дӕ хъуыды алкӕд ууыл уӕд,
Цы у сыгъдӕг ’мӕ раст.
Цӕмӕй ысфӕразай ӕппӕт,
Хуыцауӕй у ныфсхаст.
3. Хуыцауыл иузӕрдион у,
’Мӕ уӕд ыссардзынӕ
Хуыцауы ’фсарм, зӕрдӕйы рухс,–
Хуыздӕр хӕрзтӕ куы нӕй!
Хуыцауӕн хъӕлдзӕгӕй кад кӕн,
Хъӕрӕй дӕ зарӕг сис!
Йӕ Паддзахады куыст дӕуӕн
Стыр цин ӕрхӕсдзӕнис!
(Кӕс ма Райд. 5:24; 6:9; Фил. 4:8; 1 Тим. 6:6–8.)