Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цы у Тӕрхоны бон?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
    • Тӕрхоны бон миллиардтӕн фыццаг хатт фӕзындзӕн уый фадат, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон базоной ӕмӕ сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм разӕй стыр куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уыцы адӕмы хъӕудзӕн ахуыр кӕнын. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «уӕд зӕххы цӕрджытӕ сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл» (Исай 26:9). Фӕлӕ алкӕй нӕ бафӕнддзӕн йӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын. Исайы 26:10 стихы фыст ис: «Фыдгӕнӕгӕн куы фӕтӕригъӕд кӕнай, уӕддӕр рӕстдзинадыл нӕ сахуыр уыдзӕн. Рӕстдзинады бӕстӕйы хӕрамӕй архайдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы стыр кад нӕ фендзӕн». Уыцы фыдгӕнджыты Тӕрхоны бон мӕлӕт баййафдзӕн ӕмӕ сӕ кой дӕр никуыуал уыдзӕн (Исай 65:20).

      Тӕрхоны боны кӕронмӕ удӕгасӕй чи баззайа, уыдон «райгас уыдзысты», ома алцӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ суыдзысты (Раргомад 20:5). Уӕдӕ Тӕрхоны бон адӕм суыдзысты, райдианы куыд уыдысты, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:24–28). Ӕмӕ уӕд уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Хуыцау Хӕйрӕджы суӕгъд кӕндзӕн ӕмӕ йӕ бауадздзӕн, цӕмӕй ма иу хатт бафӕлвара адӕмы йӕ фӕдыл асайын (Раргомад 20:3, 7–10). Йӕ зондыл чи нӕ ацӕуа, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Библийы цы фыст ис, уый: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Хуыцауыл иузӕрдион чи уа, уыдонӕн Тӕрхоны бон ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн!

  • 1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
    • УӔЛӔМХАСӔН

      1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ

      БИБЛИИРТАСДЖЫТӔ 1914 азӕй бирӕ раздӕр дзырдтой, уыцы аз ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Цавӕр хабӕрттӕ уыдысты ӕмӕ, 1914 аз тынг ахсджиаг аз кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

      Лукайы 21:24 стихы кӕсӕм Чырыстийы ныхӕстӕ: «Иерусалим адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ адӕмтӕн сӕ рӕстӕг нӕ фӕуа, уӕдмӕ». Иерусалим уыди дзуттӕгты сӕйраг горӕт. Уым бадтысты, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй цы паддзӕхтӕ рацыд, уыдон (Псалом 48:1, 2). Фӕлӕ уыцы паддзӕхтӕ иннӕ адӕмты паддзӕхты хуызӕн нӕ уыдысты. Уыдон бадтысты «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл», ома зӕххыл уыдысты йӕ минӕвӕрттӕ (1 Азфыстыты 29:23). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иерусалимӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг лӕвӕрдта разамынд.

      Фӕлӕ Хуыцауы паддзахбадӕн «адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕндын» куыд ӕмӕ кӕд райдыдтой? Н. э. размӕ 607 азы, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы басастой, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» ничиуал бадт, ома зӕххыл Давиды хӕдзарвӕндагӕй паддзах нал уыд (2 Паддзӕхты 25:1–26). Цымӕ Хуыцауы паддзахбадӕн адӕмтӕ сӕ къӕхты бын хъуамӕ ӕнустӕм ссӕстаиккой? Пехуымпар Йезекил Иерусалимы фӕстаг паддзах Седекийы тыххӕй загъта: «Ралас дӕ сарыхъ, сис дӕ кадыхуд. [...] Уый никӕйуал бауыдзӕн, цалынмӕ, бар кӕмӕн ис, уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ уымӕн ратдзынӕн» (Йезекил 21:26, 27). Фӕлӕ уый «бар кӕмӕн ис», цӕмӕй Давиды кадыхуд йӕ сӕрыл ӕркӕна? Йесо Чырыстийӕн (Лукайы 1:32, 33). Уӕдӕ Чырысти Паддзах куы сси, уӕд хъуамӕ адӕмтӕ Иерусалим сӕ къӕхты бын мауал ссӕстаиккой.

      Уыцы ахсджиаг хабар кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид? Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй бартӕ адӕмты къухы хъуамӕ уыдаиккой бӕлвырд рӕстӕг. Уыцы рӕстӕг цас хъуамӕ ахастаид, уый базонӕн ис Данелы чиныджы 4-ӕм сӕрӕй. Уым дзырд цӕуы, Вавилоны паддзах Навуходоносор цы фын федта, уый тыххӕй. Навуходоносор фыны федта тынг стыр бӕлас. Уыцы бӕлас акалдтой, йӕ бындзӕфхадыл та йын ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы тӕлытӕ бакодтой, ӕмӕ тау нал уагъта. Зӕд уыцы бӕласы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ йыл «авд рӕстӕджы рацӕуӕд» (Данел 4:10–16).

      Библийы иуӕй-иу рӕтты бӕлӕстӕ ӕвдисынц кӕйдӕр хицаудзинад (Йезекил 17:22–24; 31:2–5). Уӕдӕ уыцы бӕлас кӕй акалдтой, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Иерусалимы, Хуыцауы номӕй разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм паддзӕхтӕ кӕй нал уыдзӕн. Фӕлӕ ма, Навуходоносор цы фын федта, уымӕй базонӕн уыди, Иерусалим адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ӕнустӕм кӕй не ссӕнддзысты, фӕлӕ «авд рӕстӕджы». Цас у уый?

      Раргомады 12:6, 14 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг сты «иу мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны». Ӕмӕ уӕд «авд рӕстӕджы» та хъуамӕ уой уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр, ома 2 520 боны. Фӕлӕ Иерусалим куы ныппырх, уымӕй 2 520 боны куы рацыд, уӕд ницы фӕивта. Адӕмтӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы паддзахбадӕн «сӕ къӕхты бын ссӕстой». Уӕдӕ ацы пехуымпарады фылдӕр рӕстӕджы кой цӕуы. Нымӕцты 14:34 стихы ӕмӕ Йезекилы 4:6 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «иу бонӕн аз», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «авд рӕстӕджы» сты 2 520 азы.

      2 520 азы райдыдтой н. э. размӕ 607 азы октябры. Уӕд вавилойнӕгтӕ Иерусалим басастой, ӕмӕ Давиды хӕдзарвӕндагӕй цы паддзах уыди, уый йӕ паддзахбадӕнӕй ӕппӕрст ӕрцыд. Уыцы 2 520 азы фесты 1914 азы октябры. Уыцы мӕй «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» фӕци, ӕмӕ Йесо Чырысти Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах ссиa (Псалом 2:1–6; Данел 7:13, 14).

      Чырысти куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, куы «ӕрцыд», ома уӕларвон Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххыл цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ: хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ хӕцгӕ низтӕ (Матфейы 24:3–8; Лукайы 21:11). Ацы хабӕрттӕ хорз ӕвдисынц, 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад фидаргонд кӕй ӕрцыд ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонтӕ» кӕй райдыдтой (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

      Схемӕ: авд рӕстӕджы, кӕнӕ 2 520 азы, райдыдтой, Иерусалим куы басастой, уӕд ӕмӕ фесты 1914 азы октябры

      a Н. э. размӕ 607 азы октябрӕй н. э. размӕ 1 азы октябрмӕ ис 606 азы. Н. э. размӕ 1 азы октябрӕй н. э. 1914 азы октябрмӕ та ис 1 914 азы. Ӕмӕ ныр 606 азмӕ 1 914 азы куы бафтауӕм, уӕд рауайдзӕн 2 520 азы.

  • Чи у хистӕр зӕд Михаил?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
    • УӔЛӔМХАСӔН

      Чи у хистӕр зӕд Михаил?

      УӔЛАРВОН зӕд Михаилы кой Библийы арӕх не ’мбӕлы. Фӕлӕ дзы йӕ кой кӕм цӕуы, уым алкӕддӕр цыдӕр хъуыддаджы лӕуд у. Данелы чиныджы Михаил тох кӕны хӕйрӕджытимӕ. Иудӕйы фыстӕджы дзырд цӕуы, Хӕйрӕгимӕ йын ныхас кӕй рауад, уый тыххӕй. Раргомады чиныджы та хӕцы Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ. Михаил Йегъовӕ Хуыцауы фарс кӕй лӕууы ӕмӕ йын йе знӕгтимӕ кӕй тох кӕны, уымӕй бӕрӕг у, йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕры. Йӕ ном та нысан кӕны «Чи у Хуыцауы хуызӕн?». Фӕлӕ чи у Михаил?

      Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн ис цалдӕргай нӕмттӕ. Зӕгъӕм, дзуттӕгты фыдӕл Иаковы ма хуыдтой Израил дӕр, апостол Петры та – Симон (Райдиан 49:1, 2; Матфейы 10:2). Уӕдӕ, Библимӕ гӕсгӕ, Михаил дӕр у Йесо Чырыстийӕн йӕ иннӕ ном. Афтӕ йӕ хуыдтой, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ ӕмӕ йӕ афтӕ хонынц, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уый фӕстӕ дӕр. Ӕркӕсӕм, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый Библи куыд ӕвдисы, уымӕ.

      Хистӕр зӕд. Хуыцауы Ныхасы Михаил хуыйны «хистӕр зӕд» (Иудӕйы 9). Дзырд «хистӕр зӕд» Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иууон нымӕцы, бирӕон нымӕцы та дзы никуы ӕмбӕлы. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, хистӕр зӕд ӕрмӕстдӕр иу кӕй у. Стӕй, мӕрдтӕй чи райгас, уыцы Йесо Чырыстийы тыххӕй 1 Фессалоникӕгтӕм 4:16 стихы фыст ис: «Хицау йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс, хистӕр зӕды хъӕлӕс». Ацы стихӕй куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесойы хъӕлӕс у хистӕр зӕды хъӕлӕс. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йесо йӕхӕдӕг кӕй у хистӕр зӕд Михаил.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын