2 зарӕг
Стыр бузныг дын, Йегъовӕ!
1. Стыр бузныг, Йегъовӕ, зӕгъӕм мах дӕуӕн –
Рӕдауӕй дӕ рухс радтай не ’ппӕтӕн.
Стыр бузныг, кӕй нын скодтай ахӕм стыр кад –
Ды хъусыс нӕ куывдтытӕм алы хатт.
2. Стыр бузныг, Йегъовӕ, кӕй ӕрцыд дӕ Фырт –
Фӕуӕлахиз уый ацы дунейыл.
Стыр бузныг, дӕ фӕндон кӕй ӕргом кӕныс,
Нӕ лӕггады махӕн ӕххуыс дӕттыс.
3. Стыр бузныг, кӕй дын хӕссӕм абон дӕ ном,
Дӕ рӕстдзинад хъусын кӕнӕм ӕргом.
Стыр бузныг дын, тагъд маст кӕй ферох уыдзӕн.
Дӕ Паддзахад мах хӕрзтӕй бафсаддзӕн.
(Кӕс ма Пс. 50:14; 95:2; 147:7; Кол. 3:15.)