32 зарӕг
Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!
1. Адӕм тыхсынц ӕмӕ катай кӕнынц,
Дарддӕр цы уыдзӕни, уымӕй тӕрсынц.
Хъуамӕ Хуыцауыл мах иузӕрдыг уӕм,
Алкӕддӕр фидар лӕууӕм.
БАЗАРД
Мах хъуамӕ удвидар уӕм,
Дунейӕ иуварс лӕууӕм,
Раст фӕндагыл цӕуӕм ӕмӕ ӕнаипп уӕм.
2. Дунейы алкӕм – къӕппӕджытӕ ’вӕрд.
Хызт сӕ уыдзыстӕм, къӕрцхъус куы уӕм, уӕд.
Кӕд нӕ Йегъовӕйӕ фидар ныфс и,
Уӕд нӕ уый хъахъхъӕндзӕни.
БАЗАРД
Мах хъуамӕ удвидар уӕм,
Дунейӕ иуварс лӕууӕм,
Раст фӕндагыл цӕуӕм ӕмӕ ӕнаипп уӕм.
3. Алчи зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕд –
Хицауы стыр куысты мах хай дӕр уӕд.
Раттӕм нӕ тыхтӕ нӕ лӕггадӕн мах.
Кӕрон ӕрцӕудзӕни тагъд.
БАЗАРД
Мах хъуамӕ удвидар уӕм,
Дунейӕ иуварс лӕууӕм,
Раст фӕндагыл цӕуӕм ӕмӕ ӕнаипп уӕм.
(Кӕс ма Лук. 21:9; 1 Пет. 4:7.)