-
Библийы ныхӕстӕ алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййынцХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
Библийы ныхӕстӕ алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййынц
«Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг» (ЙЕСО НАВИН 23:14).
БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Раджы заманты, фидӕны цы уыдзӕн, уый тыххӕй цы дзырдтой, уыдӕттӕн нӕдӕр бамбарӕн, нӕдӕр сыл ӕууӕндӕн уыдис. Абоны гороскоптӕ дӕр хуыздӕр не сты. Ис ахӕм ахуыргӕндтӕ, футуролӕгтӕ, зӕгъгӕ. Уыдон фидӕны хабӕрттӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, дунейы цытӕ цӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ сӕдӕ азты фӕстӕ бӕлвырдӕй цы ’рцӕудзӕн, уый зӕгъынмӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц. Уыдонӕй уӕлдай Библийы пехуымпарӕдтӕ фыст сты лыстӕг хабӕртты онг ӕмӕ алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййынц, кӕд ныхас, «раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттыл» фӕцӕуы, уӕддӕр (Исай 46:10).
ДӔНЦӔГ. Н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, Греци цыбыр рӕстӕгмӕ Мидо-Персийы паддзахад кӕй басӕтдзӕн. Уыцы цӕстылуайӕнмӕ гӕсгӕ ма Грецийы паддзах куы «схъомысджын» уыдаид, уӕд йӕ паддзахад хъуамӕ «асастаид», ома афтӕ тыхджын нал уыдаид. Дарддӕр та цы хъуамӕ ’рцыдаид? Данел ныффыста: «Йӕ адӕмӕй... рацӕудзӕн цыппар паддзахады, фӕлӕ уыдонмӕ, уымӕ цы тых уыд, ахӕм тых нӕ уыдзӕн» (Данел 8:5–8, 20–22).
АХУЫРГӔНДТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? Данелы замантӕй 200 азы фӕстӕдӕр Македойнаг Алыксандр сси Грецийы паддзах. Дӕс азмӕ Алыксандр Мидо-Персийы паддзахад бацахста ӕмӕ Грецийы зӕххытыл ахӕцыд цӕугӕдон Инды онг (абон ис Пакистаны зӕххыл). Фӕлӕ 32-аздзыдӕй ӕвиппайды амард. Уый фӕстӕ йӕ ’фсады цыппар фӕтӕджы, Къаннӕг Азийы горӕт Ипсы фарсмӕ цы стыр тох бацайдагъ, уым куы фӕуӕлахиз сты, уӕд паддзахад цыппар дихы акодтой. Фӕлӕ дзы иумӕ дӕр, Алыксандырмӕ цы тых уыд, ахӕм тых нӕ разынд.
ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цымӕ ма ӕндӕр ахӕм чиныг ис, ӕмӕ дзы фидӕны тыххӕй цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?
[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]
«Библийы уыйбӕрц пехуымпарӕдтӕ ис... ӕмӕ, сӕхи ӕгъдауӕй ӕххӕст кӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн ницы хуызы ис» (ИРВИН ЛИНТОН. «ЮРИСТ ЛӔМБЫНӔГ ИРТАСЫ БИБЛИ» [A LAWYER EXAMINES THE BIBLE])
[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]
© Robert Harding Picture Library/SuperStock
-
-
Библийы фыст ис ӕцӕг хабӕрттӕ, таурӕгътӕ нӕ, фӕлӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
Библийы фыст ис ӕцӕг хабӕрттӕ, таурӕгътӕ нӕ, фӕлӕ
«Ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодтон» (ЛУКАЙЫ 1:3).
БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Аргъӕутты ӕмӕ таурӕгъты дзырд фӕцӕуы алы диссӕгтыл, фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ кӕм ӕмӕ кӕд ӕрцыдысты ӕмӕ дзы цы адӕмы кой цӕуы, уыдон цы хуындысты, уый бӕрӕг нӕ вӕййы. Библи та цы хабӕртты кой кӕны, уыдон афтӕ лыстӕггай ӕмӕ бӕстон фыст сты, ӕмӕ сӕ чи бакӕсы, уый дызӕрдыг дӕр нал фӕкӕны, ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уый «ӕцӕгдзинад» кӕй у (Псалом 119:160).
ДӔНЦӔГ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Вавилоны паддзах Навуходоносор [Иудӕйы паддзах] Йехонийы... Вавилонмӕ уацары акодта». Фӕстӕдӕр цы уыд, уый тыххӕй та дзы фыст ис: «Вавилоны паддзах Евилмеродах Иудӕйы паддзах Йехонийӕн ахӕм хорздзинад ракодта, ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Уый уыд, паддзах куы сси, уыцы аз». Уымӕй уӕлдай ма «паддзахӕй [Йехонийӕн] лӕвӕрд цыд, хӕринагӕй йӕ цы хъуыд, уый, ӕмӕ афтӕ – алы бон дӕр, цалынмӕ цард, уӕдмӕ» (2 Паддзӕхты 24:11, 15; 25:27–30).
АХУЫРГӔНДТӔ ЦЫ СБӔЛВЫРД КОДТОЙ? Рагон Вавилоны хӕлддзӕгты ’хсӕн ахуыргӕндтӕ ссардтой, Навуходоносор Дыккаджы заманы фыст чи ’рцыд, ахӕм паддзахадон гӕххӕттытӕ. Уыцы гӕххӕттыты фыст ис, кусджытӕн ӕмӕ ахст адӕмӕн хӕринаг цас лӕвӕрдтой, уый. Фыст ма дзы ис, «Яхуды [Иудӕйы] паддзах Яукин [Йехони]» ӕмӕ йӕ бинонты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ, Навуходоносоры фӕстӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ Евилмеродах кӕй райста, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Горӕт Сузӕйы раз цы вазӕ ссардтой, ууыл фыст уыдис: «Навуходоносоры фырты, Вавилоны паддзахы, Амель-Мардукы [Евилмеродахы], Вавилоны паддзахы, галуан».
ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цымӕ ма ӕндӕр ахӕм рагон дины чиныг ис, хабӕрттӕ афтӕ лыстӕггай ӕмӕ бӕлвырд фыст кӕм сты? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?
[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]
«Рагон Фӕдзӕхсты цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыдысты, уыдӕттӕ ацы чиныгӕй бӕлвырддӕр ӕндӕр никӕцы рагон чиныджы фыст сты» (РОБЕРТ УИЛСОН. «РАГОН ФӔДЗӔХСТ НАУКӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔСГӔЙӔ» [A SCIENTIFIC INVESTIGATION OF THE OLD TESTAMENT])
[Ныв 5 фарсыл]
Иудӕйы паддзах Йехонийы тыххӕй фыст кӕуыл ис, уыцы къӕйдур (Вавилон)
[Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]
© bpk, Berlin/Vorderasiatisches Museum, SMB/Olaf M. Tessmer/Art Resource, NY
-
-
Библи раст у наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
Библи раст у наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ
«Уый размӕ дӕр дӕм фыстон, радтон дын уынаффӕтӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ, цӕмӕй бамбӕрстаис, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты» (ӔМБИСӔНДТӔ 22:20, 21).
БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Рагон чингуыты цы уынаффӕтӕ бакӕсӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ нырыккон наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст не сты, иуӕй-иутӕ та дзы суанг тӕссаг дӕр сты. Нырыккон наукон чингуытӕм дӕр цасдӕры фӕстӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр ивддзинӕдтӕ бахӕссын, уымӕн ӕмӕ наукӕ размӕ куыд цӕуы, афтӕ ахуыргӕндтӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ноджы хуыздӕр базонынц. Библийӕ та цы зӕгъӕн ис? Библийӕн йӕхи мидӕг фыст ис, Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, стӕй Хуыцауы Ныхас кӕй «уыдзӕн ӕнустӕм» (1 Петры 1:25).
ДӔНЦӔГ. Моисейы закъоны фыст уыд, израилӕгтӕ-иу сӕхи хъуыдыйы куы цыдысты, уӕд-иу хъуамӕ «цатыры ӕдде» дзыхъхъ скъахтаиккой, ӕмӕ-иу сӕ чъизитӕ уым баныгӕдтаиккой (Дыккаг закъон 23:12, 13). Адӕймаджы кӕнӕ-иу фосы мардмӕ чи бавнӕлдта, уый та-иу хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхсадтаид ӕмӕ йӕхи ныннадтаид (Левит 11:27, 28; Нымӕцтӕ 19:13, 19). Хъотырӕй-иу чи фӕрынчын, уый-иу ахибар кодтой ӕмӕ-иу ын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ хъӕдгӕмттӕм ӕркастысты. Йӕ низ искӕуыл бахӕцдзӕн, уымӕй-иу тӕссаг куы нал уыд, уӕд та-иу ын уыд адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуыны бар (Левит 13:1–8).
МЕДИЦИНӔ ЦЫ ДЗУРЫ? Чъизитӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕфснайын, къухтӕ ӕхсын ӕмӕ хӕцгӕ низӕй рынчыны ахибар кӕнын – низтимӕ тох кӕнынӕн абоны онг дӕр ацы мадзӕлттӕй хуыздӕр нӕй. Канализаци ӕмӕ туалеттӕ кӕм нӕй, ахӕм рӕтты цӕрӕг адӕмӕн та дохтыртӕ уынаффӕ кӕнынц, цӕмӕй, «дон кӕм ис, уырдыгӕй ӕппынкъаддӕр 30 метрӕй хӕстӕгдӕр сӕхи хъуыдыйы ма цӕуой ӕмӕ, ӕддӕмӕ цы ацӕуынц, уый ныгӕной». Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, адӕм сӕ чъизитӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы ӕфснаиккой, уӕд гуыбыннизӕй рынчынтӕ фӕкъаддӕр уаиккой 36 проценты. Иу-200 азы размӕ дохтыртӕ бамбӕрстой, мӕрдтимӕ-иу куы архайдтой, уӕд-иу уый фӕстӕ ӕнӕхсад къухтӕй рынчынтӕм кӕй ӕвнӕлдтой, уый аххосӕй дзы бирӕтыл цавӕрдӕр низтӕ кӕй бахӕцыд. Дохтыртӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, «хӕцгӕ низты ныхмӕ къухтӕ ӕхсынӕй хуыздӕр мадзал нӕй». Цы зӕгъӕн ис, хъотырӕй ӕмӕ ӕндӕр хӕцгӕ низтӕй рынчын чи у, уыдоны иннӕтӕй ахибар кӕнын кӕй фӕхъӕуы, уый тыххӕй та? Ӕрӕджы иу медицинон журналы фыст уыд: «Хӕцгӕ низ куыддӕр фӕзыны, афтӕ рынчынты фӕхъӕуы ахибар кӕнын – уымӕй хуыздӕр мадзал нӕй, цӕмӕй-иу низ ма апарахат уа» (Saudi Medical Journal).
ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Табуйагыл нымад чи у, уыцы рагон чингуытӕй ма ӕндӕр ахӕм ис, нырыккон наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?
[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]
«Моисейы закъоны сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы лыстӕгдзинӕдтӕ фыст ис, уый стыр диссаг у» (АЛЬДО КАСТЕЛЛАНИ ӔМӔ АЛЬБЕРТ ЧАЛМЕРЗ. «ТӔВД БӔСТӔТЫ МЕДИЦИНӔ» [MANUAL OF TROPICAL MEDICINE])
-
-
Библийы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕуХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
Библийы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу
«Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 ПЕТРЫ 1:21).
БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Раджы заманты фыст чи ’рцыд ӕмӕ иу рӕстӕгмӕ чи хауы, ахӕм тексттӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарынц, уӕд рабӕрӕг вӕййы, иумӕйагӕй сын кӕй ницы ис. Алыхуызон адӕм кӕй фыстой, стӕй алы рӕтты ӕмӕ алыхуызон рӕстӕг фыст чи ’рцыд, уыцы чингуыты фыст хабӕрттӕ та ӕрмӕстдӕр иуӕй-иу хатт вӕййынц кӕрӕдзиимӕ баст. Фӕлӕ Библийӕн йӕхи мидӕг куыд фыст ис, афтӕмӕй дзы цы 66 чиныджы ис, уыдонӕн сӕ Автор иу у, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу (2 Тимофеймӕ 3:16).
ДӔНЦӔГ. Н. э. размӕ 16 ӕнусы фыййау Моисей Библийы фыццаг чиныджы ныффыста, кӕй фӕзындзӕн, адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы «байзӕддаг». Дарддӕр ацы чиныджы загъд уыд, «байзӕддаг» кӕй уыдзӕн Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕй (Райдиан 3:15; 22:17, 18; 26:24; 28:14). Иу-500 азы фӕстӕдӕр пехуымпар Нафан загъта, «байзӕддаг» паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн (2 Самуилы 7:12). Уымӕй иу мин азы фӕстӕдӕр апостол Павел бамбарын кодта, уыцы «байзӕддаг» кӕй амоны Чырыстимӕ ӕмӕ йе ’взӕрст фӕдылдзӕуджытӕм (Ромӕгтӕм 1:1–4; Галатӕгтӕм 3:16, 29). Н. э. фыццаг ӕнусы кӕрон Библийы фӕстаг чиныджы фыст ӕрцыд, «байзӕддагмӕ» чи хауы, уыдон зӕххыл Чырыстийы тыххӕй кӕй хъусын кӕндзысты, уӕларвмӕ ист кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ йемӕ 1 000 азы паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Уыцы «байзӕддаг» Хӕйрӕджы фесафдзӕн ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн (Раргомад 12:17; 20:6–10).
ИСТОРИКТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? Луи Госсен Библийы 66 чиныджы лӕмбынӕг куы раиртӕста, уӕд ӕм диссаг цы фӕкаст, уый тыххӕй загъта: «Уал нӕлгоймаджы фынддӕс ӕнусы дӕргъы кӕй фыстой, уыцы чиныджы иунӕг хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу... Уыдон тырныдтой иу нысанмӕ, кӕд ӕй кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой, уӕддӕр, ӕмӕ йӕм хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодтой; тынг бӕллыдысты, уыцы стыр хабар кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ, ома дуне Хуыцауы Фырты уылты кӕд фервӕздзӕн» (Theopneusty—The Plenary Inspiration of the Holy Scriptures).
ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цымӕ 1 500 азӕй фылдӕр 40 адӕймаджы бӕрц кӕй фыстой ӕмӕ иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ кӕм нӕу, ӕндӕр ахӕм чиныг ма ис? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?
[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]
«Ацы фыстытӕ иумӕ сты иу чиныг... Йемӕ иннӕ чингуытӕй иу дӕр абарӕн нӕй» (ДЖЕЙМС ОРР. «РАГОН ФӔДЗӔХСТӔН ЙӔ ЗЫНДЗИНАД» [THE PROBLEM OF THE OLD TESTAMENT])
-
-
Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр сты пайдаХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр сты пайда
«Дӕ ныхас у цырагъ мӕ къахӕн ӕмӕ рухс – мӕ фӕндагӕн» (ПСАЛОМ 119:105).
БИБЛИ ИННӔ ЧИНГУЫТӔЙ ЦӔМӔЙ ХИЦӔН КӔНЫ? Иуӕй-иу чингуытӕ сты тынг хорз фыст, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ сӕ кӕсынц, фӕлӕ царды ницы пайда сты. Куыд цӕрын хъӕуы, уый фӕдыл цы чингуытӕ рауадзынц, уыдоны дӕр ӕдзух цыдӕртӕ раст кӕнын фӕхъӕуы. Библийы та фыст ис: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн» (Ромӕгтӕм 15:4).
ДӔНЦӔГ. Кӕд Библи медицинон чиныг нӕу, уӕддӕр дзы ис тынг хорз уынаффӕтӕ, не ’нӕниздзинад ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн нӕ бон бахъахъхъӕнын куыд у, уый фӕдыл. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, «сабыр зӕрдӕ буарӕн у цард», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:30). Библи ма нӕ фӕдзӕхсы: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Уымӕй уӕлдай ма дзы ис бакӕсӕн: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
ДОХТЫРТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ? Адӕймаг мӕстыгӕр куы нӕ уа, иннӕтӕм хорз зӕрдӕ куы дара ӕмӕ рӕдау куы уа, уӕд йе ’нӕниздзинад уыдзӕн хуыздӕр. Иу журналы фыст ис: «Йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ абаргӕйӕ мӕстыгӕр нӕлгоймӕгтӕн инсульт вӕййы дыууӕ хатты арӕхдӕр» (The Journal of the American Medical Association). Австралийы дӕс азы дӕргъы ацӕргӕ адӕммӕ йӕ хъус чи дардта, уыцы ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой, «йӕ рӕстӕг йе ’мбӕлттимӕ ӕмӕ, ӕргом аныхас кӕнын йӕ бон кӕимӕ у, уыдонимӕ чи фервиты», уыцы ацӕргӕтӕ фылдӕр фӕцӕрдзысты. 2008 азы Канадӕйы ӕмӕ Америкӕйы ахуыргӕндтӕ та ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ: адӕймаг йе ’хца иннӕтыл куы фӕхардз кӕны, уӕд вӕййы бирӕ амондджындӕр.
ДЫ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС? 2 000 азы размӕ фыст чи ’рцыд ӕмӕ ма абон дӕр йӕ уынаффӕтӕ пайда кӕмӕн сты, ӕндӕр ахӕм чиныг ма ис? Ӕви Библи иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны?
[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]
«Библийы цы фыст ис, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы... уымӕн ӕмӕ дзы медицинӕйы фӕдыл ис замманай уынаффӕтӕ» (ХОВАРД КЕЛЛИ, МЕДИЦИНОН НАУКӔТЫ ДОКТОР, ДЖОН ХОПКИНСЫ НОМЫЛ УНИВЕРСИТЕТЫ МЕДИЦИНОН ФАКУЛЬТЕТЫ БЫНДУРӔВӔРДЖЫТӔЙ ИУ)
-