-
Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
-
-
ӔРТЫККАГ СӔР
Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?
Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд?
Фидӕны зӕххыл цавӕр цард уыдзӕн?
1. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
ХУЫЦАУМӔ зӕххы тыххӕй ис диссаджы фӕнд. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрой. Библийы фыст ис, Хуыцау Едемы кӕй «скодта цӕхӕрадон», кӕнӕ дзӕнӕт, ӕмӕ дзы кӕй сзайын кодта алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ. Уый фӕстӕ сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы. Ӕрцӕрын сӕ кодта уыцы диссаджы «хӕдзары» ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райдиан 1:28; 2:8, 9, 15). Уӕдӕ Хуыцауы фӕнд уыди, цӕмӕй адӕмӕн сывӕллӕттӕ гуырдаид, ӕмӕ сабыргай зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суыдаид. Стӕй ма хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой цӕрӕгойтӕм дӕр.
2. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн? ӕ) Библимӕ гӕсгӕ зӕххыл ӕнустӕм цавӕр адӕм цӕрдзӕн?
2 Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауы фӕнд искуы сӕххӕст уыдзӕн? Искуы адӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты? Хуыцау йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз [уынаффӕ] рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн» (Исай 46:9–11; 55:11). Хуыцау цы сфӕнд кодта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн! Библийы зӕххы тыххӕй фыст ис: «Дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18). Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ зӕххыл цавӕр адӕм цӕрдзӕн? Ӕмӕ йыл цас цӕрдзысты? Ацы фарстатӕн дӕр нын Библи дзуапп дӕтты: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29; Раргомад 21:3, 4).
3. Абон зӕххыл цавӕр цард ис ӕмӕ уый фӕдыл адӕймагмӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны?
3 Фӕлӕ абон зӕххыл ахӕм цард нӕма ис. Адӕм рынчын дӕр кӕнынц ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма хӕстыты кӕрӕдзи дӕр цӕгъдынц. Бӕрӕг у, цавӕрдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцыд. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл ахӕм хабӕрттӕ цӕуа. Уӕдӕ афтӕ цӕмӕн рауад? Хуыцауы фӕнд нырмӕ цӕуылнӕ сӕххӕст? Ацы фарстайӕн дзуапп историйы чингуытӕй нӕ базондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ бӕллӕх уӕлӕрвты ӕрцыд.
ХУЫЦАУӔН ЗНАГ КУЫД ФӔЗЫНД?
4, 5. а) Калмы дзыхӕй Евӕимӕ чи ныхас кодта? ӕ) Хӕрзӕгъдау ӕмӕ ӕууӕнкджын адӕймаг давӕг куыд свӕййы?
4 Библийы фыццаг чиныджы фыст ис, Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уый тыххӕй. Уыцы ныхмӕлӕууӕджы Библи хоны «калм», фӕлӕ уый ӕнӕуи цӕрӕгой нӕ уыди. Библийы фӕстаг чиныг нын дзуры, зӕгъгӕ, уый у, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм» (Райдиан 3:1; Раргомад 12:9). Уый у ӕнӕуынгӕ, хъомысджын зӕд. Калмы дзыхӕй Евӕимӕ уыцы зӕд дзырдта. Уый афтӕ скодта, цыма йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ калм дзырдта. Хуыцау зӕхх адӕмӕн куы цӕттӕ кодта, уӕд уыцы зӕд дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ фарсмӕ уыди (Иов 38:4, 7).
5 Фӕлӕ кӕд, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр ӕнаипп ӕмӕ ӕххӕст сты, уӕд уыцы «Хӕйрӕджы» кӕнӕ «Сайтаны» та чи сфӕлдыста? Иу ныхасӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд Хуыцауы уӕларвон фырттӕй сӕ иу йӕхӕдӕг сси Хӕйрӕг. Уый гӕнӕн куыд ис? Зӕгъӕм, афтӕ рауайы, ӕмӕ хӕрзӕгъдау, ӕууӕнкджын адӕймаг свӕййы давӕг. Куыд? Цавӕрдӕр ӕвзӕр фӕнд ӕм фӕзынд, йӕ зӕрдӕйы бынат скодта ӕмӕ дзы уидӕгтӕ ауагъта. Ӕмӕ йыл цас фылдӕр хъуыды кодта, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд уыцы фӕнд сӕххӕст кӕнын. Гъемӕ йын куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кодта (Иаковы 1:13–15).
6. Хуыцауы уӕларвон фырттӕй иу Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан куыд сси?
6 Раст афтӕ рауад йӕ хабар Хӕйрӕгӕн дӕр. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн куы дзырдта, зӕнӕг уадзут ӕмӕ зӕхх уӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд уыцы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр хъуыста (Райдиан 1:27, 28). Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодта: «Уыцы адӕм иууылдӕр Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн куы кувиккой, уӕд цы хорз уаид!» Дарддӕр уыцы ӕвзӕр фӕнд йӕ зӕрдӕйы тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг сӕххӕст кодта. Евӕйӕн Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй асайдта (Райдиан 3:1–5). Уыйадыл уыцы зӕд сси Хӕйрӕг, ома «фыдкойгӕнӕг». Уымӕй уӕлдай ма уый сси Сайтан дӕр, ома «ныхмӕлӕууӕг».
7. а) Адам ӕмӕ Евӕ цӕмӕн амардысты? ӕ) Адамы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц?
7 Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы йӕ мӕнг ныхӕстӕй асайдта, ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты (Райдиан 2:17; 3:6). Ӕмӕ ӕгоммӕгӕс кӕй разындысты, уый тыххӕй амардысты, Хуыцау сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райдиан 3:17–19). Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд сси ӕнӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕд сӕ туджы рахастой (Ромӕгтӕм 5:12). Цӕмӕй ацы хабар хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис дзулфыцӕн тебӕ. Тебӕ зылын куы уа, уӕд дзултӕ цавӕртӕ уыдзысты? Иууылдӕр уыдзысты тебӕйы хуызӕн зылынтӕ. Афтӕ алы адӕймаг дӕр Адамӕй йӕ туджы рахаста ӕнӕххӕстдзинад. Адӕм зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц (Ромӕгтӕм 3:23).
8, 9. а) Хӕйрӕг Хуыцауӕй цы загъта? ӕ) Хуыцау змӕнтджыты уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта?
8 Сайтан Адам ӕмӕ Евӕйы куы фӕрӕдийын кодта ӕмӕ сӕ Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕд сси змӕнтӕг. Хӕйрӕг сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад. Йӕ ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд: «Хуыцау хицауӕн нӕ бӕззы. Йӕ дӕлбар чи ис, уыдоны сайгӕ кӕны ӕмӕ сӕ хорзӕй цыдӕр ӕмбӕхсы. Адӕмы Хуыцау ницӕмӕн хъӕуы. Хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхи бон дӕр у равзарын. Стӕй, ӕз куы уаин сӕ хицау, уӕд сын бирӕ хуыздӕр уаид». Цымӕ Хуыцау ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакодтаид? Бирӕтӕ зӕгъынц, хъуамӕ, дам, змӕнтджыты уайтагъд фесӕфтаид. Фӕлӕ афтӕмӕй Сайтаны ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид? Хуыцау хорз хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид?
9 Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау у, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд змӕнтджыты уайтагъд фесафын. Хуыцау зыдта: цӕмӕй Сайтаны ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн, куыд ӕмбӕлы, ахӕм дзуапп раттаид ӕмӕ, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид, уый тыххӕй хъуыди рӕстӕг. Уыйадыл адӕмы рӕстӕгмӕ сӕхи бар ауагъта, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уыдаиккой ӕмӕ Сайтаны зондӕй цардаиккой. Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ ацы дзырддаг фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн радта, ууыл дзырд цӕуы 11-ӕм сӕры. Фӕлӕ уал ныр дӕр иу хъуыддагыл ахъуыды кӕнӕм. Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕгӕй хорзӕй ӕппындӕр куы ницы зыдтой, уӕд ыл, уӕвгӕ, куыд баууӕндыдысты? Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уый сын Йегъовӕ куы радта, уӕд сӕ куыд бауырныдта, ӕмӕ сӕ сайгӕ кӕны? Ды та куыд бакодтаис?
10. Куыд у дӕ бон Йегъовӕйы фарс слӕууын ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд раттын?
10 Ацы фарстатыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц. Дӕуӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы фарс слӕууай ӕмӕ афтӕмӕй Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд радтай. Дӕхи Йегъовӕйы дӕлбар куы бакӕнай, уӕд равдисдзынӕ, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта (Псалом 73:28; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Абон зӕххыл цалдӕр миллиард адӕймаджы цӕры, фӕлӕ дзы, хъыгагӕн, Хуыцауы фарс ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ лӕууынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕймагмӕ фӕзыны ахсджиаг фарста: Библийы ӕцӕгдӕр афтӕ фыст ис, ӕмӕ ацы дунейы хицау Хӕйрӕг у?
АЦЫ ДУНЕЙЫ ХИЦАУ ЧИ У?
Дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд сӕ Чырыстийӕн куыд лӕвӕрдтаид?
11, 12. а) Хӕйрӕг Йесойы кӕй фӕлвӕрдта, уымӕй куыд рабӕрӕг, ацы дунейы хицау чи у, уый? ӕ) Ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, уымӕн ма Библийы цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?
11 Ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, ууыл Чырысти никуы дызӕрдыг кодта. Иухатт ӕй Хӕйрӕг «фӕлвӕрдта» ӕмӕ йын диссаджы хуызы равдыста «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад». Стӕй йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд» (Матфейы 4:1, 8, 9; Лукайы 4:5, 6). Ахъуыды-ма кӕн: уыцы паддзахӕдтӕ Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд сӕ Йесойӕн куыд лӕвӕрдтаид? Чырысти афтӕ никуы загъта, ӕмӕ ацы дунейы цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдон Хӕйрӕджы къухы не сты. Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд уый тыххӕй ӕнӕмӕнг загътаид.
12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у. Уый сфӕлдыста ацы диссаджы Дун-дуне (Раргомад 4:11). Фӕлӕ Библийы афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау кӕнӕ Йесо Чырысти у ацы дунейы хицау. Чырысти комкоммӕ загъта, «ацы дунейы хицау» Хӕйрӕг у, зӕгъгӕ (Иоанны 12:31; 14:30; 16:11). Библи ма Хӕйрӕджы хоны «ацы цардӕвӕрды хуыцау» дӕр (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Уыцы ныхмӕлӕууӕджы тыххӕй, ома Сайтаны тыххӕй, апостол Иоанн та ныффыста: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19).
ХӔЙРӔДЖЫ ДУНЕЙӔН ЙӔ КӔРОН КУЫД ӔРЦӔУДЗӔН?
13. Ацы дуне фесафын цӕмӕн хъӕуы?
13 Ацы дунейы цард азӕй-азмӕ кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр. Бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ, фыдгӕнджытӕ ӕгъатырӕй-ӕгъатырдӕр кӕнынц. Политиктӕ кӕнынц ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт, дины разамонджытӕ адӕмы сайынц. Ацы дунейӕн фӕхуыздӕр кӕнӕн нӕй. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй тагъд Хуыцау Армагеддоны хӕсты ацы фыддуне фесафдзӕн. Ӕмӕ уӕд ралӕудзӕн рӕстаг ног дуне (Раргомад 16:14–16).
14. Хуыцау йӕ Паддзахады Сӕргълӕууӕгӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ раздӕр цы уыд загъд?
14 Йегъовӕ Хуыцау йӕ уӕларвон Паддзахады, кӕнӕ хицауады, Сӕргълӕууӕгӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд: «Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон, лӕвӕрд нын у лӕппу. Уымӕн йе уӕхсчытыл ӕрӕнцайдзысты кънйазы бартӕ. Ӕмӕ йӕ хондзысты... Фарны кънйаз. Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл... ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзӕн ӕгӕрон фарнӕй хайджын» (Исай 9:6, 7). Уыцы паддзахады, кӕнӕ хицауады, кой кодта Чырысти дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, зӕгъгӕ, кувут афтӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Библи дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд базондзынӕ, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад ацы дунейы хицауӕдтӕ иууылдӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ сӕ бӕсты уыцы хицауад кӕй ӕрфидар кӕндзӕн (Данел 2:44). Уӕд Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр скӕндзӕн Дзӕнӕт.
НОГ ДУНЕ У ТЫНГ ХӔСТӔГ!
15. Цы у «ног зӕхх»?
15 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ нын Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13; Исай 65:17). Библийы иуӕй-иу рӕтты дзырд «зӕхх» фӕамоны зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ (Псалом 33:8). Уымӕ гӕсгӕ «ног зӕхх» афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ, ныртӕккӕ цы зӕххыл цӕрӕм, уый бӕсты Хуыцау ӕндӕр зӕхх скӕндзӕн. Рӕстаг «ног зӕхх» амоны, Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыцы адӕммӕ.
16. а) Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыдонмӕ цавӕр стыр лӕвар ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Цӕмӕй уыцы лӕвар райсӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
16 Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй, Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыдон ног дунейы хайджын уыдзысты «ӕнусон цардӕй» (Марчы 10:30). Дӕ хорзӕхӕй, ссар-ма дӕ Библийы Иоанны 3:16 ӕмӕ Иоанны 17:3 стихтӕ ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ бакӕс. Бафиппайдтай, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? Ныр та ӕркӕсӕм, зӕххыл Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ.
17, 18. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕм сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты?
17 Фыддзинад, тыхми ӕмӕ хӕстытӕ нал уыдзӕн. «Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты» (Псалом 37:10, 11). Зӕххыл уыдзӕн сабырдзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг бауромдзӕн хӕстытӕ» (Псалом 46:9; Исай 2:4). Уӕд «рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад, цалынмӕ мӕй уа, уӕдмӕ», ома ӕнустӕм! (Псалом 72:7).
18 Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм цӕрдзысты сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй. Раджы заманты-иу израилӕгтӕ Хуыцаумӕ куы хъуыстой, уӕд-иу ӕдасӕй цардысты (Левит 25:18, 19). Ӕмӕ Дзӕнӕты дӕр адӕм сӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты! (Исай 32:18; Михей 4:4).
19. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы ног дунейы хӕринаг парахатӕй кӕй уыдзӕн?
19 Хӕринагхъуаг ничиуал уыдзӕн. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн»,– фыст ис Библийы (Псалом 72:16). Йегъовӕ Хуыцау арфӕ кӕндзӕн рӕстгӕнджытӕн, ӕмӕ сын «зӕхх ратдзӕн тыллӕг» (Псалом 67:6).
20. Нӕ бон фидарӕй цӕмӕн у зӕгъын, зӕхх ӕгасӕй дӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн?
20 Зӕхх ӕгасӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Абон ӕнӕхуыцау адӕм зӕхх сафынц, фӕлӕ ног дунейы йӕ хуыз скалдзӕн. Адӕм дзы сӕхицӕн араздзысты райдзаст ног хӕдзӕрттӕ, рӕсугъд цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ дзы скӕндзысты (Исай 65:21–24; Раргомад 11:18). Зӕххыл адӕм куыд фылдӕр кӕной, афтӕ дзы иу бынат дӕр ӕнӕзылд нал уыдзӕн. Афтӕмӕй зӕххы къори ӕгасӕй дӕр суыдзӕн Едемы цӕхӕрадонау рӕсугъд ӕмӕ дӕтдзӕн хъӕздыг тыллӕг. Хуыцау йӕ «къух байгом кӕндзӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр дӕтдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Псалом 145:16).
21. Кӕцӕй йӕ зонӕм, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ кӕй нал тӕрсдзысты?
21 Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты. Хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос хиздзысты иумӕ. Абон хӕстӕг бацӕуӕн кӕмӕ нӕй, уыцы цӕрӕгойтӕй гыццыл сывӕллон дӕр нал тӕрсдзӕн! (Исай 11:6–9; 65:25).
22. Низтӕн сӕ кой дӕр цӕуылнӕуал уыдзӕн?
22 Низтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Чырысти зӕххыл куы цард, уӕд бирӕты сдзӕбӕх кодта. Ныр та у Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Сӕргълӕууӕг. Уымӕ гӕсгӕ ног дунейы ноджы фылдӕр адӕмы сдзӕбӕх кӕндзӕн (Матфейы 9:35; Марчы 1:40–42; Иоанны 5:5–9). Уӕд зӕххыл цӕрӕг «адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24; 35:5, 6).
23. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нын стыр цины хос цӕмӕн уыдзӕн?
23 Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты. Хуыцау цардмӕ раздахдзӕн, чи амард, уыцы адӕмӕй йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыдоны. О, «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15; Иоанны 5:28, 29).
24. Нӕ дӕ фӕндид зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын?
24 Не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йӕ фӕндагыл слӕууын чи сфӕнд кодта, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн! Чырысти, йӕ фарсмӕ йын хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн загъта: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Уый кодта, фидӕны зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый кой. Адӕм уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты Йесо Чырыстийы фӕрцы. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы тыххӕй хъӕуы фылдӕр базонын.
-
-
Цы у Хуыцауы Паддзахад?Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
-
-
ӔСТӔМ СӔР
Цы у Хуыцауы Паддзахад?
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Библи цы дзуры?
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
Уыцы Паддзахады фӕрцы зӕххыл Хуыцауы фӕндон кӕд уыдзӕн?
1. Ацы сӕры цавӕр куывдыл аныхас кӕндзыстӕм?
ӔГАС дунейы дӕр бирӕтӕ зонынц, «нӕ уӕларвон Фыд» кӕй хонынц, уыцы куывд. Йесо Чырысти уыцы куывды фӕрцы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый. Уыцы куывды цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй ӕркӕсдзыстӕм фыццаг ӕртӕмӕ. Уый фӕрцы ноджы фылдӕр базондзынӕ, Библи цы дзуры, уый тыххӕй.
2. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй загъта, афтӕ кувут, зӕгъгӕ?
2 Фыццаг уал Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр“» (Матфейы 6:9–13). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы ӕртӕ хъуыддагӕй загъта, афтӕ кувут, зӕгъгӕ, уыдон цы нысан кӕнынц?
3. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?
3 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ды базыдтай, Хуыцауӕн йӕ ном куыд у ӕмӕ йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый тыххӕй, стӕй адӕмы тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ Йесо афтӕ куы загъта, кувут, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй та цы зӕгъын фӕндыд? Цы у Хуыцауы Паддзахад? Уыцы Паддзахад куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцауы ном куыд срухс кӕндзӕн, кӕнӕ йӕ куыд ссыгъдӕг кӕндзӕн? Ӕмӕ уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон куыд сӕххӕст уыдзӕн?
ЦЫ У ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД?
4. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах чи у?
4 Хуыцауы Паддзахад у, Йегъовӕ Хуыцау кӕй сӕвӕрдта, уыцы хицауад. Йӕ сӕргъы чи лӕууы, уыцы Паддзахы дӕр Хуыцау йӕхӕдӕг равзӕрста. Чи у уыцы Паддзах? Йесо Чырысти. Зӕххон хицӕуттӕй Чырыстиимӕ иуы дӕр нӕй абарӕн. Йесо хуыйны «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» (1 Тимофеймӕ 6:15). Йесойы бон цы у саразын, уый зӕххон хицӕуттӕй иуӕн дӕр нӕу йӕ бон саразын, цыфӕнды хорз хицау ма уа, уӕддӕр.
5. Хуыцауы Паддзахад кӕм ис ӕмӕ йӕ бар цӕуыл цӕудзӕн?
5 Хуыцауы Паддзахад разамынд кӕцӕй дӕтдзӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Чырысти ныртӕккӕ кӕм ис. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард, фӕлӕ йӕ стӕй Хуыцау кӕй райгас кодта ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхт (Хъуыддӕгтӕ 2:33). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахад дӕр ис уӕлӕрвты. Библи йӕ «уӕларвон паддзахад» дӕр уый тыххӕй хоны (2 Тимофеймӕ 4:18). Фӕлӕ кӕд уыцы Паддзахад уӕлӕрвты ис, уӕддӕр йӕ бар цӕудзӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр (Раргомад 11:15).
6, 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хуызӕн Паддзах нӕй?
6 Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хуызӕн Паддзах нӕй? Уымӕн ӕмӕ уый мӕлгӕ никуы акӕндзӕн. Зӕххон паддзӕхтӕй уӕлдай Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис: «Иунӕг уый у ӕнӕмӕлгӕ, уый цӕры, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы» (1 Тимофеймӕ 6:16). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йесо хорзӕй цыдӕриддӕр аразы, уый адӕмӕн пайда хӕсдзӕн ӕнустӕм. Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй фидӕны Йесо адӕмӕн бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сараздзӕн.
7 Ӕркӕс-ма, Йесойы тыххӕй Библийы иу пехуымпарады цы фыст уыд, уымӕ: «Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй, уынаффӕ, хъомыс ӕмӕ зонындзинӕдтӕй ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ. Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф. Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон, зӕххыл цы сабыр адӕм ис, уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй» (Исай 11:2–4). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Йесо кӕй уыдзӕн рӕстаг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Паддзах. Ахӕм хицау дын уа, уый дӕ нӕ фӕнды?
8. Йесоимӕ ма хицӕуттӕ чи уыдзысты?
8 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ дзы Йесо иунӕгӕй нӕ уыдзӕн хицау. Йемӕ ма уыдзӕн ӕндӕр чидӕртӕ дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павел Тимофеймӕ фыста: «Кӕд фидар лӕууӕм, уӕд йемӕ паддзӕхтӕ дӕр уыдзыстӕм» (2 Тимофеймӕ 2:12). Уӕдӕ уӕларвон Паддзахады Йесоимӕ иумӕ хицӕуттӕ уыдзысты Павел, Тимофей ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр кӕй равзӕрста, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ. Уыцы стыр кад цал адӕймагмӕ ӕрхауд?
9. Йесоимӕ ма цал хицауы уыдзӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕвзарын кӕд райдыдта?
9 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта Уӕрыччы, ома Йесо Чырыстийы. Уый лӕууыд Сионы хохыл, ома уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ йемӕ лӕууыдысты «сӕдӕ цыппор цыппар мины, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон». Чи сты уыцы 144 000? Иоанн йӕхӕдӕг ныффыста: «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл. Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй фыццаг уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд» (Раргомад 14:1, 4). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй уыдон сты Йесо Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Уыдон ӕвзӕрст ӕрцыдысты, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицӕуттӕ уой. Ӕмӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд Чырыстиимӕ иумӕ «зӕххӕн... паддзӕхтӕ» свӕййынц (Раргомад 5:10). Хуыцау уыцы иузӕрдион чырыстӕтты ӕвзарын райдыдта апостолты замантӕй фӕстӕмӕ.
10. Адӕмӕн хицӕуттӕ Йесо ӕмӕ 144 000 кӕй уыдзысты, уый Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?
10 Адӕмӕн хицӕуттӕ Йесо ӕмӕ 144 000 кӕй уыдзысты, уый дзурӕг у Хуыцауы уарзондзинадыл. Йесо йӕхӕдӕг дӕр уыди адӕймаг, ӕмӕ рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ йӕхиуыл бавзӕрста. Павел Йесойӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уый, «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу. Уый махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта» (Дзуттӕгтӕм 4:15; 5:8). Йесоимӕ ма паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыдон дӕр зӕххыл бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой. Стӕй сӕхӕдӕг дӕр тох кодтой ӕнӕххӕстдзинадимӕ ӕмӕ алыхуызон низтимӕ дӕр. Уӕдӕ, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый куыннӕ ӕмбардзысты!
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ЦЫ САРАЗДЗӔН?
11. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, кувут цӕмӕй Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты уа?
11 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы амыдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй куывтаиккой, уӕд ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон «уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр». Хуыцау ис уӕлӕрвты, ӕмӕ йын уым иузӕрдион зӕдтӕ алкӕддӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй зӕдтӕй сӕ иу Хуыцауы фӕндон нал ӕххӕст кодта ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр тӕригъӕды бафтыдта. Уыцы ӕвзӕр зӕды тыххӕй, ома Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтаны тыххӕй, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 10-ӕм сӕрӕй. Сайтанӕн ӕмӕ, зӕдтӕй йӕ зондыл чи ацыд, уыдонӕн, ома хӕйрӕджытӕн, цасдӕр рӕстӕг уыд уӕлӕрвты цӕрыны бар. Уӕдӕ уыцы рӕстӕг уӕлӕрвты Хуыцауы фӕндон алчи не ’ххӕст кодта. Фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд уавӕр фӕивта. Куыддӕр Йесо Чырысти Паддзах сси, афтӕ Хӕйрӕгимӕ схӕцыд (Раргомад 12:7–9).
12. Раргомады 12:10 стихы цавӕр дыууӕ ахсджиаг хабары кой цӕуы?
12 Уыцы хӕсты тыххӕй Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд: «Уӕларвӕй [мӕм] ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Ныр нӕ Хуыцау адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхаста, йӕ тых раргом, йӕ паддзахад сфидар ӕмӕ йӕ Чырыстийы хицаудзинад райдыдта, уымӕн ӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд не ’фсымӕртыл фауӕвӕрӕг [ома Хӕйрӕг], ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз фаутӕ чи ӕвӕры, уый“» (Раргомад 12:10). Бафиппайдтай йӕ, ацы стихы дыууӕ ахсджиаг хабары кой кӕй цӕуы? Фыццаг уый, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй, бартӕ йӕ къухмӕ райста. Дыккаг та уый, ӕмӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд.
13. Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уый хорзӕй цы ’рхаста?
13 Цымӕ уыцы дыууӕ хабары хорзӕй цы ’рхастой? Уӕлӕрвты цы ’рцыд, уый тыххӕй кӕсӕм: «Уӕдӕ цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!» (Раргомад 12:12). Ӕцӕгдӕр, уӕлӕрвты Хуыцауыл иузӕрдион зӕдтӕ цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уым нал сты. Ныр уӕлӕрвты чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр Йегъовӕ Хуыцауыл сты иузӕрдион. Ӕмӕ дзы ис ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад. Ныр уӕлӕрвты ис Хуыцауы фӕндон.
Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыдысты, уӕд зӕххыл адӕм додойаг фесты. Фӕлӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн
14. Чырысти Хӕйрӕджы уӕлӕрвтӕй куы ӕрӕппӕрста, уӕд цы ’рцыд?
14 Зӕххӕй та цы зӕгъӕн ис? Библийы кӕсӕм: «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:12). Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыд ӕмӕ йын рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уый тыххӕй мӕстӕй тоны. Ӕмӕ зӕххыл адӕмӕн сӕ сӕр додойаг фӕкодта, алы хъизӕмӕрттӕ сын ӕвзарын кӕны. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис иннӕ сӕрӕй. Фӕлӕ ныр та ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Уӕларвон Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон зӕххыл куыд ӕххӕст кӕндзӕн?»
15. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?
15 Хъуыды кӕныс, зӕххы тыххӕй Хуыцаумӕ цавӕр фӕнд ис? Едемы цӕхӕрадоны Хуыцау бӕлвырд бамбарын кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххыл уа Дзӕнӕт ӕмӕ дзы рӕстаг адӕм ӕнустӕм цӕрой. Фӕлӕ Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды бафтыдта. Уый фӕзынд, Хуыцауы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, ууыл, фӕлӕ йӕ фӕнд ивгӕ нӕ акодта. Йегъовӕйы фӕндон ныр дӕр у, цӕмӕй «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсой ӕмӕ йыл цӕрой ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Ӕмӕ йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы Паддзахад. Куыд?
16, 17. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Данелы 2:44 стихӕй цы ис базонӕн?
16 Ӕркӕс-ма, Данелы 2:44 стихы цы пехуымпарад фыст ис, уымӕ: «Уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм». Ацы ныхӕстӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы ис базонӕн?
17 Фыццаг: Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн «уыцы паддзӕхты рӕстӕг», ома, зӕххыл нырма иннӕ паддзахӕдтӕ уыдзысты, афтӕмӕй. Дыккаг: уыцы Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм, ома йӕ ӕндӕр хицауад нӕ басӕтдзӕн ӕмӕ йӕ нӕ раивдзӕн. Ӕртыккаг: Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ зӕххон паддзахӕдты ’хсӕн уыдзӕн хӕст. Уыцы хӕсты фӕуӕлахиз уыдзӕн Хуыцауы Паддзахад. Ӕмӕ уӕд зӕххыл ӕппӕт адӕмы сӕргъы дӕр уыдзӕн иу хицауад. Уӕд адӕм фендзысты, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цы цардмӕ бӕллынц, уый.
18. Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты ’хсӕн цы хӕст уыдзӕн, уый куыд хуыйны?
18 Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты ’хсӕн цы стыр хӕст уыдзӕн, уый тыххӕй Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ хӕйрӕджытӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕндзысты, цӕмӕй «ӕгас дунейы паддзӕхты» дӕр сайой. Цӕмӕн? «Цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Зӕххон паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, «дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (Раргомад 16:14, 16). Ацы дыууӕ стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, зӕххон хицауӕдты ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады ’хсӕн цы стыр хӕст уыдзӕн, уый хуыйны Армагеддоны хӕст.
19, 20. Ныртӕккӕ зӕххыл Хуыцауы фӕндон цӕуылнӕ ис?
19 Хуыцауы Паддзахадӕн Армагеддоны хӕсты фӕрцы цы бантысдзӕн? Ногӕй-ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй рӕстаг, алцӕмӕй ӕххӕст адӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрой ӕмӕ йын лӕггад кӕной. Ныртӕккӕ афтӕ цӕуылнӕ у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр сты тӕригъӕдджын, стӕй рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Фӕлӕ 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо мах тыххӕй амард, цӕмӕй нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕндзынӕ Иоанны Евангелийӕ ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).
20 Иннӕ аххосаг та уый у, ӕмӕ адӕм алы фыдхъуыддӕгтӕ аразынц. Кӕрӕдзи сайынц ӕмӕ стигъынц, стӕй хӕлд митыл бафтыдысты. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕ нӕ фӕнды. Ахӕм адӕмы Хуыцау Армагеддоны фесафдзӕн (Псалом 37:10). Хуыцауы фӕндон ма зӕххыл ныртӕккӕ ноджыдӕр уымӕн нӕй, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ адӕмӕн уыцы зонд нӕ амонынц. Бирӕ бӕстӕты хицӕуттӕн сӕ адӕмыл сӕ бар нӕ цӕуы, сты ӕгъатыр, стӕй гӕртамхор. Библи дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).
21. Уӕларвон Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон зӕххыл кӕд уыдзӕн?
21 Армагеддоны фӕстӕ адӕмӕн уыдзӕн иу хицауад – Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахад Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕн сӕ тых байсдзӕн (Раргомад 20:1–3). Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы Хуыцауыл иузӕрдион адӕм рынчын дӕр нал кӕндзысты ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм (Раргомад 22:1–3). Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Афтӕмӕй уӕларвон Паддзахады фӕрцы Хуыцауӕн йӕ ном срухс уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл уыдзӕн йӕ фӕндон. Уый цӕуыл дзурӕг у? Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи уа, уыдон иууылдӕр кадджын кӕндзысты Йегъовӕйы ном.
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ХЪУЫДДӔГТӔМ КӔД ӔРКӔСДЗӔН?
22. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд дӕр кӕй не ’рцыд ӕмӕ куы райгас, уӕд дӕр?
22 Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ кӕй амыдта, кувут, «ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы Паддзахад уӕд нӕма ӕрцыд. Уӕдӕ кӕд ӕрцыд? Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд? Уӕд дӕр не ’рцыд. Петр дӕр ӕмӕ Павел дӕр дзырдтой, Чырысти куы райгас, уый фӕстӕ йыл кӕй сӕххӕст сты Псаломы 110:1 стихы ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“» (Хъуыддӕгтӕ 2:32–35; Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Чырыстийы хъуыди банхъӕлмӕ кӕсын.
Уӕларвон Паддзахадӕн зӕххыл йӕ бар куы цӕуа, уӕд, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уыдзӕн зӕххыл дӕр
23. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста?
23 Цас рӕстӕг ӕй хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын? 19-ӕм ӕнусы кӕрон ӕмӕ 20-ӕм ӕнусы райдианы Библииртасджытӕ бамбӕрстой, уыцы рӕстӕг 1914 азы кӕй фӕуыдзӕн. (Кӕс Уӕлӕмхасӕн, статья «1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ».) Дунейы 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон равдыстой, Библииртасджытӕ раст кӕй хъуыды кодтой. Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕй рабӕрӕг, 1914 азы Чырысти кӕй сси Паддзах ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уӕдӕ абон мах ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн «рӕстӕг бирӕ... нал баззад» (Раргомад 12:12; Псалом 110:2). Фидарӕй зӕгъӕн ис уый дӕр, ӕмӕ тагъд Хуыцауы Паддзахад хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ уый фӕрцы зӕххыл уыдзӕн Хуыцауы фӕндон. Уый диссаджы хабар нӕу? Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый дӕ уырны? Тагъд рӕстӕджы зӕххыл ӕцӕгдӕр диссаджы хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дзырд цӕуы иннӕ сӕры.
-