37 зарӕг
Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй
1. Рухс дӕтты Хуыцауы Дзырд,
Уый нын раст кӕны нӕ цыд.
Кӕд ’мӕ хъусӕм йӕ амындтӕм,
Арфӕгонд уӕд ӕрцӕудзыстӕм.
2. Уыцы Дзырд Хуыцауӕй у,
Дзуры нын, куыд цӕргӕ у.
’Ппӕт хъуыддӕгтӕ уый раст кӕны,
Алкӕмӕн хорз зонд амоны.
3. Йе стыр уарзт Йегъовӕйӕн
Базыдтам мах Библийӕ.
Бонӕй-бонмӕ нын зонд дӕтты,
’Нӕкӕрон цардмӕ мах кӕны.
(Кӕс ма Пс. 119:105; Ӕмб. 4:13.)