70 зарӕг
«Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут»
1. Куыд тынг хъӕуы мах абон ӕмбарын,
Цы у ӕцӕг ӕмӕ раст,
Цы у сӕйрагдӕр махӕн нӕ царды,
Цӕуыл нын хъуамӕ уа баст!
Хорздзинад уарз. Архай, цӕмӕй
’Взӕрдзинадӕй
Де сӕфт уынай, цин Хуыцауӕн хӕссай,
Библи кӕсай –
Уыцы хъуыддӕгтӕ сты ахсджиаг.
2. Цы хъуамӕ уа ныр уымӕй сӕйрагдӕр,
Ӕмӕ хорз хабар хӕссӕм,
Цӕмӕй Хуыцауы сӕфт фысты ссарӕм,
Йӕ уӕтӕрмӕ сӕ кӕнӕм.
Хъусын кӕнӕм хорз хабар, цӕй,
Не ’ппӕт тыхтӕй,
Адӕм Хуыцауы уарзт ирдӕй уыной,
Рухсы цӕуой.
Хъусын кӕнын у тынг ахсджиаг.
3. Кӕд мах хӕцӕм, сӕйраг цы у, ууыл,
Нӕ ныфс уӕд фидар уыдзӕн,
Хуыцау йӕ фарнӕй хай кӕндзӕн махӕн
Ӕмӕ нын хъару дӕтдзӕн.
Не ’хсӕн уыдзӕн уӕд ӕцӕг уарзт,
Фидардӕр баст
Мах уӕд уыдзыстӕм кӕрӕдзийыл дӕр.
Уӕд не ’ппӕт дӕр
Царды ыстыр хӕрзтӕ ссардзыстӕм!
(Кӕс ма Пс. 97:10; Матф. 22:37; Иоан. 21:15–17; Хъуыд. 10:42.)