Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 январь
    • Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд

      «Равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут» (ЙЕС. Н. 24:15).

      ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС?

      • Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕ куысты тыххӕй Йегъовӕйӕ ма адард уай?

      • Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, улӕфт ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй кӕй кӕсыс?

      • Кӕд дӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы ныууагъта, уӕд дын дӕ зӕрдӕйы рыст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

      1–3. а) Йесо Навин цы равзӕрста, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Исты уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

      «РАВЗАР» – ацы ныхасӕй бирӕ кӕнгӕ вӕййы, цавӕрдӕр хъуыддаджы нӕ исты равзарын кӕнӕ уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд. Адӕймаг цы равзары, ууыл баст вӕййы, йӕ цард дарддӕр куыд ацӕудзӕн, уый. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм ахӕм уавӕр: адӕймаг фӕндагыл фӕцӕуы, ӕмӕ уалынмӕ иу ран фӕндаг фӕдих. Ныр ӕй хъӕуы равзарын, дарддӕр кӕцыйыл ацӕуа, уый. Кӕд бӕлвырд кӕдӕмдӕр цӕуы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, равзардзӕн, йӕ нысанмӕ ӕввахсдӕр кӕй фӕрцы фӕуыдзӕн, уыцы фӕндаг, дарддӕр ӕй чи фӕкӕндзӕн, уый нӕ, фӕлӕ.

      2 Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын кӕй хъуыди, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ Библийы бирӕ ис. Зӕгъӕм, Каины хъуыди равзарын, йӕ масты фӕдыл ацӕудзӕн ӕви йӕ бауромдзӕн (Райд. 4:6, 7). Йесо Навин дӕр иухатт хъуамӕ равзӕрстаид, дарддӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви мӕнг хуыцӕуттӕн кувдзӕн (Йес. Н. 24:15). Йесо Навинӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ равзӕрста, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кодтаид, уыцы фӕндаг. Каинӕн та йӕ нысан уый нӕ уыд, ӕмӕ равзӕрста, Хуыцауӕй йӕ чи адард кодта, ахӕм фӕндаг.

      3 Хатт мах дӕр ахӕм уавӕры вӕййӕм, цыма нӕ разы фӕндаг фӕдих ӕмӕ нӕ хъӕуы равзарын, дарддӕр кӕцыйыл ацӕудзыстӕм, уый. Ахӕм уавӕры-иу дӕ зӕрдыл дар, дӕ цыд кӕдӕм у, кӕнӕ дӕ нысан цы у, уый – цӕмӕй дӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйӕн кад хӕссай ӕмӕ дӕхи хизай, Хуыцауӕй дӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 3:12.) Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕйы ӕркӕсдзыстӕм авд хъуыддагмӕ. Уыцы хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ ма адард кӕной.

      КУЫСТ

      4. Кусын ӕнӕмӕнг цӕмӕн у?

      4 Чырыстонӕн йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр дара. Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй адӕймаджы йӕ бинонты дарын куы нӕ фӕнда, уӕд ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у (2 Фес. 3:10; 1 Тим. 5:8). Уӕдӕ кусын ӕнӕмӕнг у. Фӕлӕ лӕмбынӕг куы нӕ уай, уӕд дӕ куысты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Куыд рауайдзӕн афтӕ?

      5. Цалынмӕ исты куыстыл сразы уӕм, уӕдмӕ уал цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

      5 Чи зоны, дӕхицӕн куыст агурыс. Кӕд ахӕм ран цӕрыс, ӕмӕ дзы куыст ссарын зын у, уӕд дӕм, чи зоны, ахӕм хъуыды фӕзына, зӕгъгӕ, цыфӕнды куыстыл дӕр сразы уыдзынӕн. Фӕлӕ, зӕгъӕм, цы куыст ссардтай, уый Библийы уагӕвӕрдтӕ халы, уӕд куыд? Кӕнӕ дын, зӕгъӕм, дӕ куысты тыххӕй ӕмбырды хъуыддӕгтӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн фаг рӕстӕг нал уыдзӕн, уӕд та? Уӕддӕр уыцы куыстыл сразы уыдзынӕ, зӕгъгӕ, цӕйнӕфӕлтау ӕгуыст уон, фӕлтау ахӕм куыст дӕр уӕд? Рох дӕ ма уӕд, раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссай, уӕд Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзынӕ (Дзут. 2:1). Уӕдӕ кӕд куыст агурыс кӕнӕ дын ныртӕккӕ цы куыст ис, уый фӕивыныл хъуыды кӕныс, уӕд дын раст уынаффӕ рахӕссынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

      6, 7. а) Куыст иуты цӕй тыххӕй фӕхъӕуы ӕмӕ иннӕты та цӕй тыххӕй? ӕ) Уыцы дыууӕ нысанӕй дӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕцы фӕкӕндзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

      6 Статьяйы райдианы куыд загъд уыд, афтӕмӕй хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, дӕ цыд кӕдӕм у, дӕ нысан цы у, уый. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Ацы куыст мӕ „кӕдӕм“ хъуамӕ ӕркӕна? Цӕй тыххӕй мӕ хъӕуы?» Кӕд дӕ уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй дӕхи ӕмӕ дӕ бинонты дарай ӕмӕ уӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уа, уӕд дын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн (Матф. 6:33). Зӕгъӕм, ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ кӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы экономикӕйы уавӕр фӕфыддӕр, уӕд дӕр Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн дӕуӕн баххуыс кӕнын (Ис. 59:1). Уый «зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 Пет. 2:9).

      7 Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, куыст ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй схъӕздыг уай, уӕд та? Чи зоны, ӕмӕ дын уый дӕр бантыса. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр зон, ахӕм «ӕнтыстдзинад» дын ӕгӕр зынаргъ слӕудзӕн. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.) Куыст ӕмӕ ӕхцайыл куы суай, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ.

      8, 9. Дзырд куыстыл куы цӕуа, уӕд ныййарджытӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной? Бамбарын ӕй кӕн.

      8 Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ цӕвиттон сын цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Цы зӕгъиккой, ӕппӕты ахсджиагдӕр дын цы у, уый тыххӕй – дӕ куыст ӕви Йегъовӕимӕ хӕлардзинад? Куы йӕ уыной, сӕйраг дын уый кӕй у, цӕмӕй дӕхицӕн ном скӕнай, адӕмы ’хсӕн дын кад уа, схъӕздыг уай, уӕд уыдон дӕр дӕуау уыцы тӕссаг фӕндагыл нӕ ацӕудзысты? Кӕнӕ дын, мыййаг, сӕ цӕсты къаддӕр аргъ нӕ уыдзӕн? Иу ӕрыгон хо радзырдта: «Мӕхи цы хъуыды кӕнын, уымӕй мӕ фыды йӕ куыст йеддӕмӕ ницӕй мӕт уыд. Фыццаг рӕстӕг афтӕ зынди, цыма уыйбӕрц уый тыххӕй кусы, цӕмӕй нын уа, хуыздӕрӕй цы ис, уый ӕмӕ мацы цух уӕм. Фӕлӕ фӕстаг азты хабар фӕивта. Ӕдзухдӕр кусы ӕмӕ кусы, ӕмӕ хӕдзармӕ алыхуызон зынаргъ дзауматӕ хӕссы, афтӕмӕй та ӕнӕ уыдонӕй дӕр фӕцӕриккам. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй зонынц, бирӕ ӕхца кӕмӕ ис, ахӕм бинонтӕй, иннӕты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕмтӕй нӕ, фӕлӕ. Бӕргӕ, мӕ фыд нӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕныныл куы архаид, ӕхца бакусыныл нӕ, фӕлӕ. Уӕд бирӕ амондджындӕр уаин».

      9 Ныййарджытӕ, уӕ куыстыл афтӕ ма сут, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уат. Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут – уадз ӕмӕ уыной, ӕппӕты стырдӕр хӕзна уын ӕхца кӕй нӕу, фӕлӕ, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стут, уый (Матф. 5:3).

      10. Ӕрыгӕттӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной, фидӕны цы куысты ныллӕудзысты, уый аскъуыддзаг кӕныны размӕ?

      10 Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, фидӕны цы куысты ныллӕууай, ууыл. Цы дын баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаджы раст фӕндаг равзарынӕн? Куыд загътам, афтӕмӕй хъуамӕ фидарӕй зонай, дӕ разы цавӕр нысан ис, царды дӕ цавӕр фӕндагыл фӕнды ацӕуын, уый. Цы куыстыл дӕ фӕнды сахуыр кӕнын, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕндзынӕ ӕви дзы адард уыдзынӕ? (2 Тим. 4:10). Дунейы бирӕтӕ сӕхи амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд фӕхонынц, сӕ дзыпп йедзаг куы вӕййы кӕнӕ сын банчы бирӕ ӕхца ӕвӕрд куы вӕййы. Мыййаг дӕу дӕр уыцы адӕмы цард кӕнын фӕнды? Ӕви дӕ нысан уый у, ӕмӕ Давидау дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарай? Давид афтӕ загъта: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25). Дӕ зӕрдыл дар: иу фӕндаг дӕ Йегъовӕйӕ адард кӕндзӕн, иннӕ та дӕ ӕркӕндзӕн ӕппӕты хуыздӕр цардмӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:22; Малахийы 3:10.) Уӕдӕ кӕцы фӕндаг равзардзынӕ?a

      УЛӔФТ ӔМӔ ИРХӔФСӔНТӔ

      11. Библи улӕфт ӕмӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй цы дзуры ӕмӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

      11 Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ цин кӕнӕн нӕй. Стӕй дзы афтӕ дӕр нӕй фыст, ӕмӕ адӕймаг улӕфгӕйӕ ӕмӕ йӕхи ирхӕфсгӕйӕ йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафы. Павел Тимофейӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, «буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй» иугыццыл пайда уӕддӕр кӕй ис (1 Тим. 4:8). Библи ма афтӕ дӕр дзуры, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг худынӕн» ӕмӕ «рӕстӕг кафынӕн», стӕй ма зӕгъы, фаг улӕфын дӕр кӕй хъӕуы (Еккл. 3:4; 4:6). Фӕлӕ лӕмбынӕг куы нӕ уай, уӕд улӕфт ӕмӕ ирхӕфсӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Ома куыд? Уый баст у, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс ӕмӕ сыл цас рӕстӕг ӕрвитыс, уыимӕ.

      Ирхӕфсӕнтӕ адӕймаджы уӕнгрог кӕндзысты, хорз куы уой ӕмӕ сыл фагӕй фылдӕр рӕстӕг куы нӕ цӕуа, уӕд

      12. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?

      12 Фыццаг уал ахъуыды кӕн, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс, ууыл. Хорз ирхӕфсӕнтӕ бирӕ ис. Фӕлӕ, ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр баст сты, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтимӕ, зӕгъӕм, тыхми, хинтӕ-кӕлӕнтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митимӕ. Уымӕ гӕсгӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарыс, ууыл. Куыд дыл фӕзынынц? Мыййаг дӕ ахӕм зондыл нӕ аразынц, цӕмӕй ӕгъатыр уай, цыфӕндыйӕ дӕр рамбулынмӕ тырнай кӕнӕ дӕ адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрай? (Ӕмб. 3:31). Уыцы ирхӕфсӕнты тыххӕй дӕ дзыпп нӕ сафтид вӕййы? Иннӕтӕн къуылымпыйы хос не сты? (Ром. 14:21). Цавӕр адӕмимӕ дӕ бӕттынц? (Ӕмб. 13:20). Дӕ зӕрдӕйы дын ӕвзӕр фӕндтӕ нӕ сӕвзӕрын кӕнынц? (Иак. 1:14, 15).

      13, 14. Ирхӕфсӕнтыл дын цас рӕстӕг ацӕуы, ууыл ахъуыды кӕнын дӕ цӕмӕн хъӕуы?

      13 Ахъуыды кӕн, улӕфт ӕмӕ дын ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг ацӕуы, ууыл дӕр. Зӕгъӕм, дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Мыййаг мын ирхӕфсӕнтыл афтӕ бирӕ рӕстӕг ацӕуы, ӕмӕ мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ нал баззайы?» Ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы хардз кӕнай, уӕд дӕ уӕнгрог нӕ кӕндзысты, фӕлӕ фӕллайын. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, ирхӕфсӕнтыл бирӕ рӕстӕг чи нӕ хардз кӕны, уыдон хуыздӕр баулӕфынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ фӕзонынц, раздӕр уал ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодтой, ӕмӕ сӕ сӕ улӕфты рӕстӕг сӕ цӕсгом нӕ фӕхӕры. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:10, 11.)

      14 Бон изӕрмӕ улӕфай ӕмӕ дӕхи ирхӕфсай, уый дӕм, чи зоны, хорз фӕкӕса, фӕлӕ ахӕм «фӕндагыл» куы ацӕуай, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Иу 20-аздзыд хо, Ким, зӕгъгӕ, уый зоны йӕхицӕй. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Раздӕр иу бадт дӕр нӕ уагътон. Алы къуыри дӕр-иу майрӕмбоны, сабаты ӕмӕ хуыцаубоны хъуамӕ истӕй фӕдыл ӕрӕмбырд уыдаиккам. Фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарын, уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ бирӕ кӕй ис. Зӕгъӕм, пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ-иу мӕ уацамындмӕ ацӕуын кӕй фӕхъӕуы, уый тыххӕй райсомӕй сыстын ӕхсӕз сахатыл. Ӕмӕ-иу ме ’мбӕлттимӕ ӕхсӕвы иу кӕнӕ дыууӕ сахатмӕ фӕбадон, уый фадат мын нӕй. Ӕмбарын ӕй, исты бадтмӕ ацӕуай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ хатт уыдӕтты тыххӕй адӕймагӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ ныкъкъуылымпы вӕййынц. Алцӕмӕн дӕр хъуамӕ уа йӕхи бынат, ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕн дӕр афтӕ».

      15. Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттимӕ хорз баулӕфой?

      15 Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕр дарой, хъуамӕ архайой, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕной ӕмӕ рӕвдыдцух дӕр ма уой. Стӕй ма ууыл дӕр хъуамӕ батыхсой, цӕмӕй-иу сӕ бинонтӕ сӕ фӕллад суадзой. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн-иу сӕ цин ма фенад кӕнут, афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ иууылдӕр ӕвзӕр сты. Фӕлӕ ис ахӕм ирхӕфсӕнтӕ дӕр, уӕ бинонтыл ӕвзӕрырдӕм чи фӕзындзӕн, ӕмӕ сӕ уӕхи хизут (1 Кор. 5:6). Алцӕуылдӕр рагацау куы ахъуыды кӕнат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн ахӕм ирхӕфсӕнтӕ равзарын, цӕмӕй-иу уӕ сывӕллӕттимӕ ӕцӕгдӕр хорз баулӕфатb. Афтӕмӕй уӕ бинонтӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты.

      ДӔ БИНОНТӔ

      16, 17. Ныййарджытӕй бирӕтӕ цавӕр маст бавзарынц? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ сын сӕ зӕрдӕйы рыст кӕй ӕмбары?

      16 Ныййарӕг ӕмӕ сывӕллон ахӕм ӕнгом тӕгтӕй баст сты, ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ адӕмы куыд уарзы, уый абарста ныййарӕджы уарзтимӕ (Ис. 49:15). Уӕдӕ ныййарджытӕн сӕ сывӕллон Йегъовӕйы куы ныууадзы, уӕд тынг кӕй фӕмаст кӕнынц, уым диссагӕй ницы ис. Иу хойӕн йӕ чызджы ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ ныммӕгуыр, мӕхицӕн ӕнцой нал ардтон. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, Йегъовӕйы цӕмӕн ныууагъта. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уый мӕн аххос у, ӕмӕ мӕхи хордтон».

      17 Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕйы рыст ӕмбары. Уымӕн йӕхицӕн дӕр «йӕ зӕрдӕ фӕрыст», зӕххыл йӕ фыццаг хъӕбул йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд дӕр ӕмӕ, фӕстӕдӕр Доны хъаймӕты размӕ цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ куы бакодтой, уӕд дӕр (Райд. 6:5, 6). Ахӕм хабар кӕуыл не ’рцыд, уымӕн, чи зоны, зын уа уыцы рыст бамбарын. Фӕлӕ дын кӕд, дӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый сфӕразын тынг зын у, уӕддӕр ма бауадз, цӕмӕй уый ӕвзӕр миты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уай. Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн уыцы стыр маст сфӕразынӕн?

      18. Ныййарджытӕ сӕхи цӕуылнӕ хъуамӕ аххосджын кӕной, сӕ сывӕллон Йегъовӕйы кӕй ныууагъта, уый тыххӕй?

      18 Цы ’рцыд, уым дӕхи ма аххосджын кӕн. Йегъовӕ адӕмӕн радта бар, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, куыд бакӕндзысты, уый. Уӕдӕ дӕ бинонтӕй йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, уыдонӕй алчидӕр «йӕхи хӕссинаг... йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн» (Гал. 6:5). Йегъовӕйы раз дзуапп дӕтты, тӕригъӕд чи аразы, уый, ды нӕ, фӕлӕ (Йез. 18:20). Стӕй иннӕты дӕр ма аххосджын кӕн. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зонд куыд амоны, уымӕн аргъ кӕн. Ӕмбырд чи хъахъхъӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты ныхмӕ ма ныллӕуу, фӕлӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ (1 Пет. 5:8, 9).

      Дӕ сывӕллон фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, ууыл дӕ ныфс дарай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис

      19, 20. а) Йӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй кӕмӕн ацух кодтой, уыцы ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы рыстӕн фӕразой? ӕ) Ахӕм ныййарджыты сӕ ныфс цӕуыл хъӕуы дарын?

      19 Дӕ зынаргъ хъӕбулыл цы ’рцыд, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куы мӕсты кӕнай, уӕд дзы адард уыдзынӕ. Дӕ сывӕллон хъуамӕ уына, Йегъовӕйӕ зынаргъдӕр дын кӕй ничи ис, суанг дӕ туг ӕмӕ де стӕг чи у, уый дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы рыстӕн фӕразай, уый тыххӕй архай, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уай. Дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй дӕхи дард ма лас (Ӕмб. 18:1). Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын де ’нкъарӕнтӕ ӕргом кӕн (Пс. 62:7, 8). Дӕхицӕн ӕфсӕнттӕ ма агур, цӕмӕй дын исты бастдзинад уа, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыимӕ, зӕгъӕм, цӕмӕй йӕм Интернеты уылты писмотӕ ӕрвитай кӕнӕ та йӕм СМС-тӕ фыссай (1 Кор. 5:11). Дӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сараз (1 Кор. 15:58). Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо загъта: «Ӕз зонын, дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон ӕмӕ мӕ уырнындзинад кӕй хъуамӕ фидар кӕнон, цӕмӕй, мӕ чызг Йегъовӕмӕ куы ӕрбаздӕха, уӕд ын мӕ бон уа ӕххуыс кӕнын».

      20 Библи зӕгъы, уарзондзинад «алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары», зӕгъгӕ (1 Кор. 13:4, 7). Уӕдӕ дӕ сывӕллон фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, ууыл дӕ ныфс дарай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй алы аз дӕр бирӕтӕ ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ Йегъовӕйы организацимӕ ӕрбаздӕхынц. Йегъовӕ сын йе стыр хорзӕх не ’вгъау кӕны. Уый цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ (Пс. 86:5).

      РАСТ УЫНАФФӔТӔ ХӔСС

      21, 22. Уынаффӕтӕ хӕссыны бар дын кӕй ис, уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

      21 Йегъовӕ йе сконд адӕмы схайджын кодта сӕрибардзинадӕй – сӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. (Бакӕс Дыккаг закъон 30:19, 20.) Фӕлӕ уыцы сӕрибардзинад адӕймагыл ӕвӕры ахӕм хӕс, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕсса. Алы чырыстон дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдон мӕ цавӕр фӕндагыл акӕнынц? Мыййаг, мӕ куысты тыххӕй, ирхӕфсӕнты тыххӕй кӕнӕ мӕ бинонты тыххӕй Йегъовӕйӕ нӕ адард дӕн?»

      22 Хуыцау йӕ адӕмы цы уарзтӕй уарзы, уый никуы ӕрмынӕг уыдзӕн. Йегъовӕйӕ ӕрмӕстдӕр уӕд адард уыдзыстӕм, ӕмӕ раст фӕндагӕй куы аздӕхӕм (Ром. 8:38, 39). Фӕлӕ ныл ахӕм хабар хъуамӕ макуы ӕрцӕуа! Мацӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ноджыдӕр цыппар хъуыддагмӕ, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты дӕр хъуамӕ раст уынаффӕтӕ хӕссӕм.

      a Куыст ӕвзарыны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Ответы на твои вопросы», 2 том, 38 сӕр.

      b Уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕйы ис 2011 азы ноябры «Пробудитесь!»-ы, 17–19 фӕрстӕ.

  • Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 январь
    • Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн

      «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (ИАК. 4:8).

      КУЫД БАМБАРЫН КӔНИС?

      • Цӕмӕй алыхуызон техникӕмӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

      • Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, стӕй цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма суӕм?

      • Цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

      1, 2. а) Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй адӕмыл хинӕй рацӕуа? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

      ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕной. Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй мах дӕр уыйау афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ хъӕуы. Уыцы мӕнг ныхӕстӕй Хӕйрӕг адӕмы фӕсайыныл архайы, кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны Евӕйы куы асайдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ (Райд. 3:4–6). Ӕмӕ уӕдӕй абоны онг уыцы мӕнг ныхӕстыл бирӕтӕ ӕууӕндынц.

      2 Фӕлӕ махӕн нӕ бон у, ӕмӕ нӕхи уыцы къӕппӕгӕй бахизӕм. Хӕйрӕг «куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу» (2 Кор. 2:11). Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй рӕдыд фӕндагыл ардауы. Айразмӕйы статьяйӕ мах базыдтам, нӕ бон куыд у раст уынаффӕтӕ хӕссын куыст, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ бинонтимӕ баст хъуыддӕгты. Ацы статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм техникӕ, ӕнӕниздзинад, ӕхца ӕмӕ сӕрыстырдзинадыл. Ацы хъуыддӕгтӕм дӕр хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Иак. 4:8).

      ТЕХНИКӔ

      3. Компьютертӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм техникӕ адӕймагӕн пайда кӕд вӕййынц? Ӕмӕ йын зиан та кӕд фӕхӕссынц?

      3 Ӕгас дунейы дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм пайда кӕнынц компьютертӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм техникӕйӕ. Ӕмбаргӕйӕ дзы куы пайда кӕнӕм, уӕд ахӕм техникӕ хорз ӕххуыс у. Фӕлӕ дзы раст куы нӕ пайда кӕнӕм, уӕд та уый тыххӕй нӕ уӕларвон Фыдӕй адард уыдзыстӕм. Ахӕм техникӕ хорз ӕххуыс цӕмӕй у? Зӕгъӕм, ныр дӕ къухы цы журнал ис, уый фыст ӕрцыд ӕмӕ мыхуыры рацыд компьютерты фӕрцы. Компьютерты руаджы ис бирӕ алыхуызон информаци ссарӕн, стӕй уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у кӕрӕдзимӕ истытӕ фыссын, кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын. Компьютерты фӕрцы ма адӕймаг сӕрибар рӕстӕг йӕхи цӕмӕйдӕрты аирхӕфсы. Фӕлӕ хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ адӕймаджы компьютерты йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕйуал мӕт вӕййы. Ногӕй-ногмӕ цы техникӕ рауадзынц, уый рекламӕйы афтӕ равдисынц, ӕмӕ адӕймаг ахъуыды кӕны, зӕгъгӕ, ай мӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы. Иу ӕрыгон лӕппуйы цавӕрдӕр къухыхӕсгӕ компьютер афтӕ тынг ӕрхъуыди, ӕмӕ йӕ уыргтӕй иу сусӕгӕй ауӕй кодта, цӕмӕй уыцы компьютер балхӕдтаид. Дӕхицӕн афтӕ бакӕнай, уый ӕнӕзонд ми куыннӕ у!

      4. Иу ӕфсымӕр цы сарӕзта, цӕмӕй компьютерыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг мауал хардз кодтаид?

      4 Фӕлӕ уымӕй стырдӕр бӕллӕх та у, компьютерты тыххӕй Йегъовӕйӕ куы адард уай. Адӕймагӕн йӕ хабар афтӕ рауайы, ахӕм техникӕйӕ раст куы нӕ фӕпайда кӕны йе та йыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы фӕхардз кӕны, уӕд. 30 азы бӕрц кӕуыл цӕуы, иу ахӕм чырыстон, Йонa, зӕгъгӕ, афтӕ загъта: «Зонын ӕй, Библи афтӕ кӕй зӕгъы, ӕмӕ хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм, ома нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Фӕлӕ компьютерыл куы дзурӕм, уӕд мӕхӕдӕг мӕхицӕн цыфыддӕр знаг дӕн». Арӕх-иу Йон суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ компьютеры раз бадгӕйӕ баззад. «Мӕ зонгӕтимӕ-иу кӕрӕдзимӕ фыстам,– зӕгъы Йон,– стӕй-иу алыхуызон видеороликтӕм кастӕн, ӕмӕ-иу, раст зӕгъгӕйӕ, алы хатт хорз нӕ уыдысты. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ-иу цас фӕлладдӕр уыдтӕн, уыйас-иу мын зындӕр уыди мӕхи компьютерӕй атонын». Цӕмӕй уыцы ӕвзӕр ахуырыл фӕтых уыдаид, уый тыххӕй Йон йӕ компьютеры ахӕм функци скодта, цӕмӕй-иу ын фынӕй афон йӕхигъӕдӕй ахуыссыдаид. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.)

      Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй компьютертӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕной

      5, 6. а) Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты раз цавӕр хӕс ис? ӕ) Цӕмӕй сывӕллӕттӕн хорз ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын?

      5 Ныййарджытӕ, сымах та цы хъуамӕ дарат уӕ зӕрдыл? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн сӕ алы къахдзӕф хъахъхъӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ, компьютерӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕ та хъуамӕ уӕ хъус дарат. Ӕрмӕст сӕ истӕуыл бафтауат ӕмӕ уӕ ма хъыгдарой, уый тыххӕй-иу сӕ компьютеры бар ма бакӕнут, уымӕн ӕмӕ тӕссаг у, ӕнӕгъдау митӕ кӕнӕ спиритизмы кой кӕм ис, ахӕм сайттӕм куы бахизой, тыхми кӕм ис, ахӕм хъӕзтытӕй куы хъазой ӕмӕ Интернеты уылты сӕхи ӕвзӕр адӕмимӕ куы сбӕттой. Сӕхи бар сӕ куы ныууадзат, уӕд ахъуыды кӕндзысты: «Кӕд нын папӕ ӕмӕ мамӕ ницы дзурынц, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ницы ис». Ныййарджытӕ, сымахӕн уӕ хӕс у, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнат, Йегъовӕйӕ сӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй, бынтон гыццыл куы нал уой, уӕддӕр. Суанг ма хъӕддаг сырдтӕ дӕр сӕ лӕппынты куы фӕхъахъхъӕнынц. Ахъуыды-ма кӕнут, арсӕн йӕ лӕппынтӕм исчи куы бахъава, уӕд ын цытӕ акӕндзӕн! (Абар Осийы 13:8.)

      6 Бацархайут, цӕмӕй-иу уӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитой фӕзминаг чырыстӕттимӕ – ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр. Стӕй уӕ зӕрдыл дарут, уӕ сывӕллӕтты ӕппӕты тынгдӕр кӕй хъӕуы, цӕмӕй сымах уат семӕ. Уӕдӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут, цӕмӕй-иу семӕ иумӕ ахудат, истӕмӕй ахъазат, истытӕ бакусат ӕмӕ Хуыцаумӕ иумӕ ӕввахс кӕнатb.

      ӔНӔНИЗДЗИНАД

      7. Ӕнӕниз уӕм, уый нӕ цӕмӕн фӕнды?

      7 «Де ’нӕниздзинад куыд у?» Адӕм кӕрӕдзи арӕх фӕфӕрысынц афтӕ. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ацы фарста ӕргом кӕны, адӕм цы ӕвзӕр уавӕры сты, уый. Кӕддӕр нӕ рагфыдӕлтӕ Хӕйрӕджы зондыл кӕй ацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕ кӕй адард сты, уый тыххӕй не ’ппӕт дӕр рынчын кӕнӕм. Адӕм рынчын кӕй кӕнынц, уый фӕрцы Хӕйрӕгӕн йӕ фӕнд йӕ къухы ӕнцондӕртӕй ӕфты, уымӕн ӕмӕ рынчын куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын зындӕр вӕййы. Ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд та Хуыцауӕн ӕппындӕр нал фӕлӕггад кӕны (Пс. 115:17). Уӕдӕ нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уӕмc. Стӕй не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты ӕнӕниздзинадыл дӕр куыннӕ тыхсӕм.

      8, 9. а) Цӕмӕй не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? ӕ) Нӕ зӕрдӕйы циндзинад уа, уый хорз цӕмӕй у?

      8 Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕниздзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл хъуамӕ ӕгӕр ма суӕм. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цавӕрдӕр хостӕ, диетӕтӕ кӕнӕ хос кӕныны мадзӕлтты тыххӕй куыд зӕрдиагӕй фӕдзурынц, афтӕ зӕрдиагӕй хорз хабар дӕр нӕ фӕхъусын кӕнынц. Чи зоны сӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕфӕнды иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ алыхуызон хостӕ уӕй кӕнын ӕмӕ хи дзӕбӕх кӕныны мадзӕлттыл дзурын раст нӕу. Цӕуылнӕ?

      9 Мах уый тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй-иу нӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл аныхас кӕнӕм. Стӕй ма уыцы фембӕлдты хъуамӕ рӕзын кӕнӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый, зӕгъӕм, цин (Гал. 5:22). Ахӕм фембӕлдтӕ уый тыххӕй не сты, цӕмӕй иннӕтӕн дзурӕм, се ’нӕниздзинад куыд фӕхуыздӕр кӕной йе та цавӕр хостӕ нуазой, кӕд нӕ сӕхӕдӕг фӕрсой, уӕддӕр. Афтӕмӕй сын сӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕндзыстӕм (Ром. 14:17). Адӕймаг йӕхицӕн куыд хос кӕндзӕн, уый хъуамӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна. Стӕй ма уый дӕр рох кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ низтӕн се ’ппӕтӕн хос нӕй. Ӕппӕты хуыздӕр дохтыртӕ дӕр фӕрынчын вӕййынц ӕмӕ базӕронд вӕййынц, стӕй ӕнӕмӕлгӕ дӕр не сты. Не ’нӕниздзинадыл тынг куы мӕт кӕнӕм, уӕддӕр уымӕй нӕ цардыл нӕ бафтаудзыстӕм (Лук. 12:25). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъӕлдзӕг зӕрдӕ та «хосау дзӕбӕх кӕны» (Ӕмб. 17:22).

      10. а) Йегъовӕйы цӕсты адӕймаг рӕсугъд цӕмӕй вӕййы? ӕ) Бынтон ӕнӕниз кӕд уыдзыстӕм?

      10 Не ’нӕниздзинадыл куыд фӕтыхсӕм, афтӕ не ’ддаг бакастыл дӕр тыхсӕм, ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ хъуамӕ ахӕм хъуыдыйыл ма ныллӕууӕм, зӕгъгӕ, цыфӕнды дӕр сараздзынӕн, цӕмӕй мыл мӕ азтӕ ма зыной. Адӕймагӕн йӕ азтӕ цӕмӕй вӕййынц бӕрӕг, уыдӕттӕ арӕх дзурӕг вӕййынц фӕлтӕрддзинадыл, кадыл ӕмӕ удыхъӕды рӕсугъддзинадыл. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд» (Ӕмб. 16:31). Гъе ахӕм цӕстӕй нӕм кӕсы Йегъовӕ, ӕмӕ мах дӕр нӕхимӕ хъуамӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:3, 4.) Ӕмӕ ма уӕд не ’ддаг бакаст гыццыл фӕрӕсугъддӕр кӕныны тыххӕй нӕхицӕн тӕссаг операцитӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм? Адӕймаджы ӕцӕг рӕсугъд кӕны, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый». Ӕмӕ уыцы рӕсугъддзинад та цӕуы зӕрдӕйӕ, адӕймаг цыфӕнды кары ма уа ӕмӕ йе ’нӕниздзинад цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр (Неем. 8:10). Бынтон ӕнӕниз ӕрмӕстдӕр ног дунейы уыдзыстӕм ӕмӕ, ӕрыгонӕй куыд рӕсугъд уыдыстӕм, афтӕ рӕсугъд ӕрмӕстдӕр уӕд суыдзыстӕм (Иов 33:25; Ис. 33:24). Уӕдмӕ та уал ӕмбаргӕйӕ архайӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм. Афтӕмӕй абон дӕр нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм, не ’нӕниздзинад цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр (1 Тим. 4:8).

      ӔХЦА

      11. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ нын ӕхца къӕппӕг суа?

      11 Ӕхца ӕвзӕр нӕу, стӕй, ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕхца кусай, уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис (Еккл. 7:12; Лук. 19:12, 13). Фӕлӕ «ӕхцауарзаг» куы суӕм, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм (1 Тим. 6:9, 10). «Ацы царды сагъӕстыл» куы суӕм, ома нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн. Раст афтӕ рауайдзӕн хабар, «хъӕздыгдзинад нӕ йӕ фӕдыл [куы] асайа», уӕд дӕр, ома афтӕ хъуыды кӕнын куы райдайӕм, ӕмӕ амондджын ӕмӕ ӕдас уыдзыстӕм, бирӕ ӕхца нӕм куы уа, уӕд (Матф. 13:22). Йесо бӕлвырд загъта, «иу адӕймагӕн дӕр» йӕ бон кӕй нӕу Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ дӕр тырнын (Матф. 6:24).

      12. Ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты адӕм цавӕр къӕппӕджыты бахауынц? Уыцы къӕппӕджытӕй мах нӕхи куыд бахиздзыстӕм?

      12 Ӕхцамӕ раст цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ архайгӕ дӕр раст мауал кӕнӕм (Ӕмб. 28:20). Иуӕй-иу чырыстӕттӕ, ӕнӕ фыдӕбонӕй ӕхца бакусой, уый ныфсӕй балхӕнынц лотерейӕйы билеттӕ. Иннӕтӕ та, цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ ӕхца бакусӕн кӕй фӕрцы вӕййы, ахӕм хъуыддаджы ныллӕууынц, ӕмӕ ма фӕархайынц, цӕмӕй ӕмбырды иннӕты дӕр ууыл сразы кӕной. Чидӕртӕ та баууӕндынц ахӕм ныхӕстыл, ӕхца ӕрӕвӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ бирӕ фылдӕр райсдзынӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ фӕсайды вӕййынц. Ма бауадз, цӕмӕй дӕ цӕст ӕхцамӕ бабӕлла ӕмӕ уый тыххӕй дӕ дзыпп сафтид уа. Къӕрцхъус ӕмӕ ӕмбаргӕ у. Ныфс дын цӕмӕй ӕвӕрынц, уый дӕм кӕд аргъауы хуызӕн кӕсы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр аргъау у.

      13. Ацы дуне ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсы? Ӕмӕ Йегъовӕ та куыд хъуыды кӕны?

      13 «Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕхи дарынхъом уыдзыстӕм (Матф. 6:33; Еф. 4:28). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи фыргуыстӕй марӕм ӕмӕ стӕй ӕмбырды фынӕй кӕнӕм. Нӕ йӕ фӕнды уый дӕр, цӕмӕй Паддзахады залы бадгӕйӕ ӕхцайыл мӕт кӕнӕм. Ацы дунейы бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ абон хъуамӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр ӕхца бакусынмӕ раттой, цӕмӕй сомбон ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕт уой. Ӕмӕ уыцы адӕм арӕх сӕ сывӕллӕтты дӕр ахӕм зондыл фӕаразынц. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, афтӕ хъуыды кӕнын зондыл дзурӕг кӕй нӕу. (Бакӕс Лукайы 12:15–21.) Гиезийы-ма ӕрхъуыды кӕнӕм. Уыцы зыдгӕнаг адӕймаг афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ мулкмӕ куы бӕлла, уӕд дӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уыдзӕн. Фӕлӕ куыд тынг рӕдыд! (2 Пад. 5:20–27).

      14, 15. Ӕхцайыл нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

      14 Цӕргӕс стыр кӕсаг куы ’рцахсы ӕмӕ ӕгӕр уӕззау куы разыны, уӕд ӕй кӕсаг йӕ фӕдыл аласы. Ӕмӕ йӕ цӕргӕс куы не суадзы, уӕд аныгъуылы. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстоныл дӕр ахӕм исты ӕрцӕуа? Иу хистӕр нӕлгоймаг, Алекс, зӕгъы: «Ӕнӕуи тынг фӕстауӕрцгӕнаг дӕн. Шампунӕй ӕгӕр бирӕ куы ’ркӕнын, уӕд дзы иугыццыл фӕстӕмӕ ныккӕнын». Фӕлӕ иуафон Алекс сфӕнд кодта фылдӕр ӕхца бакусын, цӕмӕй уый фӕстӕ йӕ куыст ныууагътаид ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Акцитӕ куыд фелхӕнынц ӕмӕ сӕ куыд фӕуӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базыдта, ӕмӕ йӕм цы ’хца уыд, уымӕй иу компанийы акцитӕ балхӕдта. Куыд дзырдтой, афтӕмӕй сӕ аргъ хъуамӕ цыбыр рӕстӕгмӕ тынг схызтаид. Ӕмӕ дзы цӕмӕй ноджы фылдӕр балхӕдтаид, уый тыххӕй ма хӕс дӕр райста! Фӕлӕ уыцы акцитӕн сӕ аргъ ӕвиппайды ӕрхауд. Алекс зӕгъы: «Ме ’хца сафын мӕ нӕ фӕндыд. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, банхъӕлмӕ кӕсон, цалынмӕ сӕ аргъ фӕстӕмӕ не схиза, уӕдмӕ».

      15 Цалдӕр мӕйы дӕргъы Алексӕн йӕ бон ӕндӕр ницӕуыл уыди хъуыды кӕнын, суанг йӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтыл дӕр. Ӕхсӕв фынӕй дӕр нал кодта. Фӕлӕ йӕ акцитӕн сӕ аргъ афтӕ дӕр нал схызт. Алексмӕ капекк дӕр нал баззад, ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзар ауӕй кӕнын бахъуыд. «Мӕ бинонтӕн бирӕ маст бавзарын кодтон»,– загъта Алекс. Фӕлӕ йын уыцы хабӕрттӕ хорз зондзонӕн фесты. Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй: «Ныр ӕй зонын, Хӕйрӕджы дунейыл йӕ ныфс чи сӕвӕра, уый афтӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн, ӕмӕ ма йӕ сӕр дӕр хойдзӕн» (Ӕмб. 11:28). Кӕд нӕ ныфс ӕхцайыл ӕвӕрӕм кӕнӕ, нӕ бон ӕхца бакусын кӕй бауыдзӕн, уымӕй ныфсджын стӕм, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ нӕ ныфс ӕвӕрӕм «ацы цардӕвӕрды хуыцауыл» – Хӕйрӕгыл (2 Кор. 4:4; 1 Тим. 6:17). Алекс уыцы хабӕртты фӕстӕ «хорз хабары тыххӕй» йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодта. Ӕмӕ йӕ куы бафӕрсай, уӕд дын зӕгъдзӕн, ныр йӕ бинонтимӕ бирӕ амондджындӕр кӕй сты ӕмӕ Йегъовӕмӕ тынгдӕр кӕй баввахс сты. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.)

      СӔРЫСТЫРДЗИНАД

      16. Сӕрыстыр уай, уый хорз кӕд у? Сӕрбӕрзонд куы суӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

      16 Хорз хъуыддагӕй сӕрыстыр уай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Зӕгъӕм, мах хъуамӕ алкӕддӕр сӕрыстыр уӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕй (Йер. 9:24). Нӕхицӕн аргъ кӕнын куы зонӕм, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм ӕмӕ Хуыцауы раз нӕхи ницӕмӕй фегад кӕндзыстӕм. Фӕлӕ сӕрбӕрзонд куы суӕм ӕмӕ нын нӕхи хъуыды Йегъовӕйы хъуыдыйӕ сӕйрагдӕр куы суа, уӕд дзы адард уыдзыстӕм (Пс. 138:6; Ром. 12:3).

      Ӕмбырды дын цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕй нӕй, ууыл ма мӕт кӕн, фӕлӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕн

      17, 18. а) Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕмӕй сӕрныллӕг чи уыд? Сӕрбӕрзонд та? ӕ) Иу ӕфсымӕр куыд бацархайдта, цӕмӕй сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид?

      17 Библийы фыст ис сӕрбӕрзонд адӕмы тыххӕй дӕр ӕмӕ, сӕрныллӕг чи уыд, ахӕм адӕмы тыххӕй дӕр. Паддзах Давид Йегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй агуырдта разамынд, ӕмӕ йын уый дӕр арфӕ кодта (Пс. 131:1–3). Фӕлӕ паддзӕхтӕ Навуходоносор ӕмӕ Валтасар та уыдысты сӕрбӕрзонд, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Йегъовӕ ӕрныллӕг кодта (Дан. 4:30–37; 5:22–30). Абон дӕр вӕййы ахӕм уавӕртӕ, ӕмӕ дзы нӕ сӕрныллӕгдзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы. 32 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, Райен, лӕггад кодта кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй. Ног ӕмбырдмӕ куы рахызт, уӕд афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕг хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кӕндзысты. Фӕлӕ иу аз рацыд, ӕмӕ ницы фӕивта. Цымӕ Райен смӕсты ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ аргъ кӕнынц? Мыййаг, сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй адард ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр нал цыд? Ды та куыд бакодтаис?

      18 Райен загъта: «Нӕ литературӕйы фӕкастӕн, бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыны тыххӕй дзы цыдӕриддӕр ссардтон, уый» (Ӕмб. 13:12). Стӕй ма загъта: «Сабыргай ӕмбарын райдыдтон, фӕразондзинадыл ӕмӕ мӕ сӕрныллӕгдзинадыл кусын кӕй хъӕуы. Хъуамӕ Йегъовӕйӕн радтаин бар, цӕмӕй мӕ ахуыр кӕна». Райен райдыдта фылдӕр хъуыды кӕнын йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл – йе ’мбырды чи уыд, уыдоныл ӕмӕ, кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕмыл. Цыбыр рӕстӕгмӕ цалдӕр адӕймагимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ахуыр кодтой зӕрдиагӕй. Райен загъта: «Уымӕй афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд мӕ хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Ӕз уый ӕнхъӕл ӕппындӕр нӕ уыдтӕн – мӕ лӕггад мын уыйбӕрц циндзинад хаста, ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр нал кодтон». (Бакӕс Псалом 37:3, 4.)

      ЙЕГЪОВӔЙӔ МАКУЫ АДАРД У!

      19, 20. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, ацы дыууӕ статьяйы цы хъуыддӕгтӕм ӕркастыстӕм, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйӕ макуы адард уӕм? ӕ) Йегъовӕмӕ ӕввахс чи уыд ӕмӕ сӕ нӕ бон фӕзмын куыд у?

      19 Ацы дыууӕ статьяйы цы авд хъуыддагмӕ ӕркастыстӕм, уыдонӕй царды алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи бынат. Мах сӕрыстыр стӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕй. Амондджын бинонтӕ ӕмӕ фидар ӕнӕниздзинад сты Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ. Куыст ӕмӕ ӕхца хъӕуынц, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарын. Улӕфын ӕмӕ хи ирхӕфсын дӕр хъӕуы, стӕй алыхуызон техникӕ дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты у пайда. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг сыл куы хардз кӕнӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы хъыгдарой, уӕд нӕ Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм.

      Йегъовӕйӕ дӕ мацы адард кӕнӕд!

      20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕджы растдӕр уый фӕнды. Фӕлӕ дӕ бон у, ӕмӕ дӕхи ӕмӕ дӕ бинонты ахӕм фыдбылызӕй бахъахъхъӕнай (Ӕмб. 22:3). Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ дзы макуы адард у. Афтӕ чи архайдта, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ Библийы бирӕ ис. Енох ӕмӕ Ной «цыдысты ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райд. 5:22; 6:9). Моисей «уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (Дзут. 11:27). Йесо Чырысти алкӕддӕр арӕзта, йӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон цы уыд, уый, ӕмӕ йын Хуыцау дӕр ӕххуыс кодта (Иоан. 8:29). Ды дӕр уыдоны фӕзм. «Алкӕддӕр цин кӕн. Ӕппынӕдзух кув. Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг дзур» (1 Фес. 5:16–18). Ӕмӕ мацӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна!

      a Нӕмттӕ ивд сты.

      b Кӕс 2011 азы октябры «Пробудитесь!», «Как воспитать ребенка ответственным человеком».

      c Кӕс 2011 азы мартъийы «Пробудитесь!», «Пять секретов здоровья».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын