59 зарӕг
Нӕ цард Хуыцауӕн снывонд кодтам!
1. Ӕрбакодта мах Хуыцау йӕ Фыртмӕ, цӕмӕй
Йӕ фӕдыл цӕуӕм, цӕрӕм рӕстӕй.
Тауы рухс Хуыцау ӕрвтӕй –
Хай кӕны рӕстдзинадӕй.
Махӕн у нӕ фӕнд, цӕмӕй
Цӕрӕм ныр Хуыцауы тыххӕй.
БАЗАРД
Хуыцауӕн нывонд ыстӕм – ныр уымӕн цӕрӕм.
Нӕ цин ӕмӕ ныфс ууыл мах бӕттӕм.
2. Йегъовӕмӕ скуывтам, ныр йӕ разы лӕууӕм.
Лӕггад ын кӕндзыстӕм, дзырд дӕттӕм.
Цардӕй райгонд ныр ыстӕм –
Мах Хуыцауы ном хӕссӕм,
Уый фарс алкӕддӕр лӕууӕм
’Мӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм.
БАЗАРД
Хуыцауӕн нывонд ыстӕм – ныр уымӕн цӕрӕм.
Нӕ цин ӕмӕ ныфс ууыл мах бӕттӕм.
(Кӕс ма Пс. 43:3; 107:22; Иоан. 6:44.)