99 зарӕг
Зӕххы ног Паддзахы кадджын кӕнут
1. Ӕмбырд кӕнынц ӕгас зӕххыл
ӕппӕт бӕстӕтӕй адӕм –
Чырысти ӕмӕ сӕрстытӕ
кӕнынц ныр уыдон’ ардӕм.
Фӕзынд Хуыцауы Паддзахад –
Уыдзӕн зӕххыл йӕ фӕндон тагъд.
У уыцы ныфс махӕн тынг зынаргъ,
Ӕмӕ цин кӕнӕм ’мӕ зарӕм.
БАЗАРД
Кадджын кӕн Хуыцауы!
Кадджын кӕн йӕ Фырты –
Мах тыххӕй радта уый йе ’ххӕст цард.
Миназты дӕргъы цӕрдзыстӕм ӕмӕ
Кӕндзыстӕм Хуыцауӕн кад.
2. Нӕ кады зарӕг айхъуысӕд –
нӕ Паддзах у Чырысти!
Уый Фарны Кънйаз у, ӕмӕ тагъд
зӕххыл фӕрнӕй цӕрдзыстӕм.
Нӕ ныфсӕй рухс кӕны зӕрдӕ:
Дзӕнӕт уыдзӕн ӕгас зӕхх дӕр!
Уӕд райгас уыдзысты мӕрдтӕ дӕр.
Адӕм цинӕфсӕст уыдзысты!
БАЗАРД
Кадджын кӕн Хуыцауы!
Кадджын кӕн йӕ Фырты –
Мах тыххӕй радта уый йе ’ххӕст цард.
Миназты дӕргъы цӕрдзыстӕм ӕмӕ
Кӕндзыстӕм Хуыцауӕн кад.
(Кӕс ма Пс. 2:6; 45:1; Ис. 9:6; Иоан. 6:40.)