64 зарӕг
Рӕстдзинад тынг бауарз
1. Ӕппӕты хуыздӕр у рӕстдзинады фӕндаг,
Ӕмӕ йӕ ӕвзарыс дӕхӕдӕг.
Йегъовӕмӕ хъус, ’мӕ дӕ цард уа фӕрнӕйдзаг –
Йӕ ныхас у раст ӕмӕ ’цӕг.
БАЗАРД
Уарз рӕстдзинад тынг,
Арф ын банкъар ды йӕ тых.
Цины рухс дыл уӕд
Йегъовӕ таудзӕн.
Бауарз ды рӕстдзинад тынг.
2. Хуыцауы куыстӕн ды дӕ тыхтӕ куы раттай,
Дӕ зӕрдӕйы уӕд цин ӕрцӕрдзӕн.
Уыдзӕни дын хай уӕд ӕнӕкӕрон цардӕй –
Уым алчи хӕрзтӕй ’фсӕст уыдзӕн.
БАЗАРД
Уарз рӕстдзинад тынг,
Арф ын банкъар ды йӕ тых.
Цины рухс дыл уӕд
Йегъовӕ таудзӕн.
Бауарз ды рӕстдзинад тынг.
3. Хуыцауы раз мах стӕм сывӕллӕттау ’нӕбон,
Хъӕуы нӕ йӕ разамынд алкӕд.
Цу йемӕ ӕдзух ӕмӕ ’ххӕст кӕн йӕ фӕндон.
Уыдзынӕ ды амондджын уӕд!
БАЗАРД
Уарз рӕстдзинад тынг,
Арф ын банкъар ды йӕ тых.
Цины рухс дыл уӕд
Йегъовӕ таудзӕн.
Бауарз ды рӕстдзинад тынг.
(Кӕс ма Пс. 26:3; Ӕмб. 8:35; 15:31; Иоан. 8:31, 32.)