45 зарӕг
Размӕ цу!
1. Размӕ цу, размӕ цу, ’мӕ фӕлтӕрдджын кӕн!
Уый Хуыцауы фӕндон у, мах арӕхстджын куыд уӕм.
У ӕнтыстджын, дӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕн,
Арфӕ дын Хуыцау кӕна.
Ацы куысты ис алкӕмӕн хай.
Уымӕй Йесойы хъуамӕ фӕзмай.
У Хуыцауӕй ныфсджын, ӕмӕ фидар уай,
’Мӕ йӕ разы у рӕстаг.
2. Размӕ цу, размӕ цу, ӕмӕ у ныфсджын!
Алы адӕмтӕм мах хъӕуы хорз хабар хӕссын.
Мах Хуыцауӕн фӕнды иумӕ кад кӕнын.
Немӕ хъусын кӕн ды дӕр!
Знаджы тынг фӕнды басӕттын мах,
Фӕлӕ макуы фӕцудӕд дӕ къах.
У Йегъовӕйы ног дуне тынг ӕввахс,–
Хъусын кӕн уый алкӕмдӕр.
3. Размӕ цу, размӕ цу, алкӕд размӕ кӕс!
Махӕн бирӕ и куыст абон, ахӕсс-ма дӕ цӕст!
У Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн коммӕгӕс,
Уый дын циндзинад хӕсдзӕн.
Уац кӕмӕн хӕссыс, уыдоны уарз,
Цу сӕм алкӕддӕр, ма сӕ ныууадз.
Архай, фидар куыд кӕной, ныфс-иу сӕ уадз.
Уӕд рӕстдзинад рухс кӕндзӕн!
(Кӕс ма Фил. 1:27; 3:16; Дзут. 10:39.)