91 зарӕг
Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар
1. А зӕххыл цард нӕу ӕнцон,
Абоны дуне у карз, мӕнгард.
Фӕлӕ уӕддӕр зонын ӕз:
Нӕу дзӕгъӕлы мӕ цард.
БАЗАРД
Хуыцау мӕнгард нӕу, зонын.
Уый рох нӕ кӕны ӕнувыд уарзт.
Ӕдзух уый ис мӕ фарсмӕ,
Йемӕ иумӕ ӕз дӕн ныфсхаст.
Хуыцау уыдзӕн мӕ Дарӕг,
Уый у мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар уарт.
О, Йегъовӕ у мӕ Хуыцау,
мӕ Фыд, Хӕлар.
2. Атахти ме ’взонджы дуг,
Азты уӕз банкъардтон ме уӕнгты.
Фӕлӕ у фидар мӕ ныфс –
Хуыцау мын ӕй дӕтты.
БАЗАРД
Хуыцау мӕнгард нӕу, зонын.
Уый рох нӕ кӕны ӕнувыд уарзт.
Ӕдзух уый ис мӕ фарсмӕ,
Йемӕ иумӕ ӕз дӕн ныфсхаст.
Хуыцау уыдзӕн мӕ Дарӕг,
Уый у мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар уарт.
О, Йегъовӕ у мӕ Хуыцау,
мӕ Фыд, Хӕлар.
(Кӕс ма Пс. 71:17, 18.)