106 зарӕг
Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм
1. О Хуыцау, чи у ’цӕг
Де ’ввахс хӕлар дӕуӕн?
Хорз дӕ кӕй зоны, ’ууӕнк ыл кӕй ис,
Уый кӕмӕй ис зӕгъӕн?
Библи чи ’мбары арф,
Чи дыл ӕууӕнды тынг,
Чи у ӕнувыд, раст чи у, уый
Хоныс дӕ хӕлар ды.
2. О Хуыцау, чи у, зӕгъ,
Уазӕг дӕ цатыры?
Чи рухс кӕны дӕ зӕрдӕ дӕуӕн?
Номӕй кӕй зоныс ды?
Уый у, дӕ амындтӕ
Чи ’ххӕст кӕны ӕдзух,
Чи кӕны кад дӕ номӕн ӕмӕ
’Нӕзӕрдӕхудт чи у.
3. Мах не ’ппӕт сагъӕстӕ
Дзурӕм дӕуӕн куывды,
’Ввахс дӕм кӕнӕм, ӕнкъарӕм дӕ уарзт,
Зонӕм, тыхсыс ныл ды.
Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй
Алкӕд хӕлӕрттӕ уӕм.
Царды дӕуӕй хуыздӕр Хӕлар мах
Никуы ыссардзыстӕм.
(Кӕс ма Пс. 139:1; 1 Пет. 5:6, 7.)