83 зарӕг
Хъӕуы нӕ хиуылхӕцындзинад
1. Уарзӕм Хуыцауы ӕппӕт удӕй мах,
Фӕлӕ стӕм ӕнӕххӕст, фӕрӕдийӕм хатт.
Буары фӕндтӕ мӕлӕтмӕ кӕнынц,
Сыгъдӕг хъуыдытӕ та цард дӕттынц.
2. Хӕйрӕг фӕлвары, рӕдийын кӕны.
Стӕй, зонӕм, нӕ мидӕг тӕригъӕд цӕры.
Ратдзӕн Йегъовӕ махӕн тыхтӕ,
’Нӕмӕнг нӕ ’ркӕндзӕн уӕлахизмӕ.
3. Хъуамӕ Хуыцауӕн йӕ ном рухс кӕнӕм –
Нӕ алы хъуыддаджы сыгъдӕг хъуамӕ уӕм.
Мах фӕнды алкӕд хиуыл хӕцын,
Уымӕй Хуыцауы бӕрзонд кӕнын.
(Кӕс ма 1 Кор. 9:25; Гал. 5:23; 2 Пет. 1:6.)