1
Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты
Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй, Вавилонмӕ уацары ацӕуыны размӕ сӕ куыд фыстой, афтӕ
Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй, Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уый фӕстӕ сӕ куыд фыстой, афтӕ
Хуыцауы ном, цыппар дзуттаг ӕмхъӕлӕсоны (יהוה), Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц. «Ног дунейы тӕлмац»-ы уыцы цыппар дамгъӕйы (тетраграмматон) ратӕлмац кодтой афтӕ – «Йегъовӕ». Сыгъдӕг Фыстады уымӕй арӕхдӕр никӕцы ном ӕмбӕлы. Библи чи фыста, уыдон кӕд Хуыцауы алыхуызон кады нӕмттӕй хонынц, зӕгъӕм, «Ӕппӕтхъомысджын», «Иунӕг Стыр Хуыцау», «Хицау», уӕддӕр тетраграмматон у Хуыцауы сӕрмагонд ном, ӕмӕ-иу уыцы номӕй пайда кодтой, цӕмӕй-иу бӕрӕг уыдаид, ӕцӕг Хуыцауы кой кӕй кӕнынц, уый.
Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг ныффыссын кодта йӕ ном Библийы. Зӕгъӕм, пехуымпар Иоил Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ныффыста: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый аирвӕздзӕн» (Иоил 2:32). Псаломзарӕггӕнӕгӕн та Хуыцау ныффыссын кодта: «Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18). Псаломты чиныг у, Хуыцауы адӕм кӕй хъуамӕ зыдтаиккой ӕмӕ-иу кӕй хъуамӕ зарыдаиккой, ахӕм зарджыты чиныг. Ӕрмӕст уыцы чиныджы Хуыцауы ном ӕмбӕлы иу-700 хатты. Уӕдӕ уӕд Библийы тӕлмацтӕй бирӕты Хуыцауы ном цӕуылнӕ ис? Хуыцауы ном раздӕр куыд дзырдтой, уый цӕуылнӕ зонӕм? Уыцы ном цы нысан кӕны?
Скъуыддзӕгтӕ Псаломтӕй (Мард денджызы тыхтӕттӕ), фыст ӕрцыдысты н. э. фыццаг ӕнусы фыццаг ӕмбисы. Текст фыст у, дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары кӕмӕй фыстой, уыцы дамгъӕтӕй, фӕлӕ дзы тетраграмматон фыст у, уымӕй размӕ йӕ куыд фыстой, афтӕ
Библийы тӕлмацтӕй бирӕты Хуыцауы ном цӕуылнӕ ис? Уымӕн ис алыхуызон аххосӕгтӕ. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы сӕрмагонд ном ницӕмӕн хъӕуы. Иннӕтыл та бандӕвта дзуттӕгты ӕгъдау – уыдон Хуыцауы ном, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн нӕ дзырдтой, ӕмӕ тарстысты, куы йӕ фӕчъизи кӕной, уымӕй. Чидӕртӕ та хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном раст куыд дзурын хъӕуы, уый бӕлвырдӕй ничи зоны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хуыздӕр у ахӕм кады нӕмттӕй пайда кӕнын, зӕгъӕм, «Хицау» кӕнӕ «Хуыцау». Фӕлӕ уый раст кӕй нӕу, уый бӕрӕг у, дӕлдӕр цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй.
Афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы сӕрмагонд ном нӕ хъӕуы, уыдон ницӕмӕ дарынц, йӕ Ныхасы рагон къопиты (уыдонмӕ хауынц, Чырыстийы заманы размӕ конд къопитӕ дӕр) йӕ сӕрмагонд ном кӕй ис, уый. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Хуыцауӕн йӕ ном йӕхи фӕндӕй Библийы фыст ӕрцыд 7 000 хатты бӕрц.
Хуыцауы ном Библийӕ дзуттӕгты ӕгъдӕутты тыххӕй чи айста, уыдон рох кӕнынц иу ахсджиаг хъуыддаг. Кӕд дзуттаг писыртӕ Хуыцауы ном дзургӕ нӕ кодтой, уӕддӕр ӕй фысгӕ кодтой. Мард денджызмӕ хӕстӕг, Кумраны, цы рагон къухфыстытӕ ссардтой, уыдоны уыцы ном бирӕ рӕтты ӕмбӕлы. Библи тӕлмацгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Библийы текст цы ӕвзагыл фыст ӕрцыд, уым Хуыцауы ном баивтой кады ном «ХИЦАУ»-ӕй стыр дамгъӕтӕй фыстӕй. Фӕлӕ ӕвзӕры фарста: уыцы тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы ном афтӕ ӕнцонтӕй цӕмӕн баивтой кӕнӕ йӕ цӕмӕн айстой, кӕд ӕмӕ йӕ зыдтой, Библийы мингай хӕттыты кӕй ӕмбӕлы? Цымӕ сын уыцы бар чи радта? Уый сӕхи йеддӕмӕ ничи зоны.
Афтӕ чи зӕгъы, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ раст дзурын куыд хъӕуы, уый ничи зоны, зӕгъгӕ, уыдон Йесойы ном дзурыны тыххӕй афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Фыццаг ӕнусы Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ ном куыд дзырдтой, уый тынг хицӕн кӕны, абон ӕй чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр куыд дзурынц, уымӕй. Дзуттӕгтӕй чырыстон дин чи райста, уыдон Йесойы ном, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой Йешу́а. Кады ном «Чырысти», кӕнӕ «Мессийӕ» та уыд Маши́ах. Грекъагау чи дзырдта, уыцы чырыстӕттӕ йӕ хуыдтой Иесу́с Христо́с, латинаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыдон та – Ие́сус Кри́стус. Йесо Чырыстийы ном Библийы фыст ӕрцыд, грекъагау ӕй куыд дзырдтой, афтӕ, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ уыцы ном кӕй дзырдтой, уыцы рӕстӕг ӕй адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд дзырдтой, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, раст кӕй уыдзӕн Хуыцауы ном дзурын «Йегъовӕ», кӕд ӕй рагон дзуттаг ӕвзагыл бынтон афтӕ нӕ дзырдтой, уӕддӕр.
Хуыцауы ном Райдианы 15:2 стихы, «Фондз чиныджы» Уильям Тиндалы тӕлмацы (1530 аз): Библийы англисаг ӕвзагыл Хуыцауы ном фыццаг хатт ам ӕмбӕлы
Хуыцауы ном раздӕр куыд дзырдтой, уый цӕуылнӕ зонӕм? Тетраграмматоны цыппар дамгъӕйы (יהוה) ирон ӕвзаджы сты ӕмхъӕлӕсонтӕ ЙХВХ. Рагон дзуттаг ӕвзагыл-иу исты куы фыстой, уӕд-иу дзырдты, стӕй тетраграмматоны дӕр, хъӕлӕсон дамгъӕтӕ нӕ фыстой. Цалынмӕ адӕм рагон дзуттаг ӕвзагыл дзырдтой, уӕдмӕ зыдтой, цавӕр хъӕлӕсонтӕ дзы бавӕрын хъуыд, уый.
Дзуттаг Фыстытӕ фыст куы фесты, уымӕй иу-мин азы фӕстӕдӕр дзуттӕгтӕй бирӕтӕм афтӕ кӕсын райдыдта, Хуыцауы ном дзурын кӕй нӕ фӕтчы. Ӕмӕ-иу Хуыцауы ном фыст кӕм уыди, уым-иу ын загътой йӕ кады нӕмттӕй искӕцы, зӕгъӕм, «Хицау». Уӕдӕ йӕ мах абон нӕ зонӕм, Хуыцауӕн йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕ йӕ ном куыд дзырдтой, уый (Райдиан 13:4; Рацыд 3:15). Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, кӕй йӕ дзырдтой «яхве», иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ йӕ дзырдтой «иае», «иабе́», «иаоуе». Ӕмӕ уыцы ном рагон дзуттӕгтӕ куыд дзырдтой, уый кӕд нӕ зонӕм, уӕддӕр зонӕм уый, ӕмӕ Хуыцау йӕ адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ йӕ ном бирӕ хӕттыты загъта, ӕмӕ йӕм уыдон дӕр уыцы номӕй дзырдтой. Стӕй-ма уыцы ном дзырдтой, иннӕтимӕ-иу куы ныхас кодтой, уӕд дӕр (Рацыд 6:2; 1 Паддзӕхты 8:23; Псалом 99:9).
Тетраграмматон, ЙХВХ: «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы»
Дзуттаг мивдисӕг ХВХ: «суын»
Цы нысан кӕны ном «Йегъовӕ»? Ном «Йегъовӕ» арӕзт у, йӕ хъуыды «суын» кӕмӕн у, уыцы дзуттаг мивдисӕгӕй. «Ног дунейы тӕлмац»-ы комитеты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Ахуыргӕндтӕм уый фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ йӕ махӕй растдӕр ничи ’мбары. Фӕлӕ ацы нысаниуӕг хорз ӕвдисы, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Йегъовӕ ӕрмӕст афтӕ нӕ бакодта, цӕмӕй Дун-дуне, стӕй зӕдтӕ ӕмӕ адӕм фӕзындаиккой, фӕлӕ, хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ нысан дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕны.
Уӕдӕ Йегъовӕйы номы нысаниуӕг, Рацыды 3:14 стихы цы мивдисӕг ис, уыцы мивдисӕджы хъуыдыйӕ арфдӕр у. Уыцы стихы фыст ис: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый». Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы номы нысаниуӕг ӕххӕстӕй не ’вдисынц. Хуыцау цавӕр Хуыцау у, уый ӕрмӕстдӕр иу фарсӕй кӕсгӕйӕ ӕвдисынц, бӕлвырдӕй та, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй алы уавӕры дӕр, чи хъуамӕ суа, уый кӕй свӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ номы нысаниуӕг ноджы уӕрӕхдӕр у. Йӕ ном ма амоны ноджыдӕр иу хъуыддагмӕ: уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр свӕййынц, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый.