112 зарӕг
Стыр Хуыцау Йегъовӕ
1. Не Стыр Хуыцау дӕ махӕн, Йегъовӕ.
Кады, ’ппӕлды аккаг дӕ,
Алкӕд дӕ хӕларзӕрдӕ.
Ды дӕ нӕ Паддзах, раст у дӕ тӕрхон.
’Цӕг Хуыцау ӕнустӕм дӕ.
2. Хатыр кӕныс рӕдыд ’мӕ тӕригъӕд,
Бирӕ барыс адӕмӕн,
Кӕд ысты дӕуау фӕлмӕн.
Де ’нувыд уарзт ӕмӕ раст тӕрхӕттӕ
Равдыстай ды алкӕмӕн.
3. Зарӕнт дӕ кадӕн зӕдтӕ ’мӕ адӕм.
Срухс, ыссыгъдӕг уӕд дӕ ном,
Алчи йӕ кӕнӕд бӕрзонд.
’Рцӕуӕд дӕ кадджын Паддзахад тагъддӕр,
Сӕххӕст уӕд дӕ рухс фӕндон.
(Кӕс ма Дык. з. 32:4; Ӕмб. 16:12; Матф. 6:10; Рарг. 4:11.)