Дзырдуат
АДӔЙМАДЖЫ ФЫРТ. Евангелиты ацы дзырдбаст ӕмбӕлы 80 хатты бӕрц ӕмӕ алы хатт дӕр амоны Йесо Чырыстимӕ. Ӕвдисы, Хуыцауы Фырт уыцы рӕстӕг адӕймаг кӕй уыд, стӕй ма, Йесо кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, Дан 7:13, 14 цы пехуымпар-ныхас фыст ис, уый.
АЗАЗЕЛ. Ацы дзырд ӕмбӕлы, ӕдзӕрӕг быдыры-иу кӕй ауагътой, уыцы сӕгъы кой кӕм цӕуы, уым. Дзуттаг-масоретаг текстмӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ арӕзт у дыууӕ дзырдӕй: «сӕгъ» ӕмӕ «ӕрбайсӕфын». Уымӕ гӕсгӕ нысан кӕны «чи ӕрбайсӕфы, уыцы сӕгъ». Септуагинтӕйы цы грекъаг дзырдӕй тӕлмац у, уый нысан кӕны «тӕригъӕд (иуварс) чи ахӕссы, уый».
АПОСТОЛ. Комкоммӕ нысан кӕны «ӕрвыст». Афтӕ сӕйраджыдӕр хуыдтой, Йесо йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕй кӕй снысан кодта, уыцы 12 ахуыргӕнинаджы.
АРМАГЕДДОН. Нысан кӕны «Мегиддойы хох». Армагеддон у, фидӕны ӕгас зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы хӕст. Уӕд Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах, Йесо Чырысти, фесафдзӕн Хуыцауы знӕгты.
АСТАРТӔ. Ханаайнӕгты ус-хуыцау, хуыдтой йӕ сӕ хуыцау Ваалы ус.
АХӔСТЫ АРГЪ. Искӕй фӕстӕмӕ балхӕныны тыххӕй кӕнӕ цавӕрдӕр хӕсӕй йе та уынгӕг уавӕрӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй цы аргъ бафидынц, уый. Ис ма йын баивыны хъуыды дӕр, стӕй, цӕй тыххӕй кӕнӕ кӕй тыххӕй лӕвӕрд цӕуы, уый аргъимӕ ӕмиас кӕй у, уыцы хъуыды дӕр.
ӔВГЪӔДГӔС. Сывӕрджын сылгоймагмӕ чи фӕкӕсы ӕмӕ йын аргӕ-арын чи феххуыс кӕны, уыцы сылгоймаг.
ӔМБӔХСӔН ГОРӔТТӔ. Израилы уыди ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты, ӕртӕ – Иорданӕн йӕ иу фарс, ӕртӕ та – йӕ иннӕ фарс. Уырдӕм-иу алыгъд, искӕй-иу барӕй чи нӕ амардта, ахӕм адӕймаг, цӕмӕй тугисӕгӕй уым йӕ сӕр бафснайдтаид.
ӔМБЫРДЫ (ФЕМБӔЛДЫ) ЦАТЫР. Моисейы цатыр дӕр (Рц 33:7) ӕмӕ уый фӕстӕ Хуыцау цы цатыр саразын кодта, уый дӕр (Рц 39:32) афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн хуынд, ӕмӕ-иу адӕм уырдӕм цыдысты Йегъовӕйы фӕрсынмӕ, ӕмӕ зӕгъӕн ис, уым-иу Йегъовӕимӕ фембӕлдысты.
ӔРМГУЫРОЙ. Къухӕй зилгӕ гыццыл куырой, фылдӕр хатт-иу конд уыд кӕрӕдзийыл ӕвӕрд дыууӕ тымбыл дурӕй, се ’хсӕн-иу ныккодтой хор ӕмӕ-иу ӕй ӕрыссадтой.
ӔХСӔНЫ ЛӔГ. Кӕрӕдзиимӕ чи нӕ бафидыдта, дыууӕ ахӕм къорды бафидауын кӕныны тыххӕй се ’хсӕн чи балӕууы, уый; искӕй номӕй исты чи куры, уый. Фыстады афтӕ хуыйнынц Моисей ӕмӕ Йесо: Моисей у Закъоны бадзырды ӕхсӕны лӕг, Йесо та – ног бадзырды ӕхсӕны лӕг.
ӔХСИН. Сылгоймаг-хицау, ома, цавӕрдӕр бартӕ кӕй къухы ис, цагъартӕ кӕнӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй дӕлбар ис; хӕдзары ӕфсин.
ӔХСИНӔГ. Гыццыл хъӕддаг бӕлон.
ӔХСОНДУР. Тынг хъӕбӕр дур, ӕндонӕй фидардӕр. Ахӕм хъӕбӕр у, ӕмӕ дзы дыууӕ дуры кӕрӕдзийыл куы ’рцӕвай, уӕд цӕхӕр акалынц ӕмӕ дзы гӕнӕн ис, ӕмӕ арт ссудза.
БАДЗЫРДЫ ЧЫРЫН. Цатыры Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты, стӕй та, Соломон кӕй сарӕзта, уыцы кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты чи уыд, уыцы табуйаг асыкк. Арӕзт ӕрцыд Йегъовӕйы бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕмӕ уый куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Сӕйраджыдӕр дзы уыди, дӕс фӕдзӕхсты кӕуыл уыд фыст, уыцы дыууӕ къӕйдуры.
БАЛЬЗАМ. Ацы дзырд Фыстады амоны, хӕрздӕф ӕмӕ, арӕхдӕр, сойджын ӕмӕ чъиуджын донгъӕд кӕмӕй уыд ралӕмарӕн, уыцы кӕрдӕджытӕй, къутӕртӕй ӕмӕ бӕлӕстӕй кӕцыфӕндымӕ дӕр. Скӕсӕны цӕрӕг адӕммӕ тынг кадджын уыдысты.
БУД. Хӕрздӕф чъиутӕ ӕмӕ-иу бальзамтӕ иумӕ куы схӕццӕ кодтой, уӕд-иу дзы цы рауад, уый. Буд сыгъди сабыргай ӕмӕ хорз тӕф кодта. Ӕдзӕрӕг быдыры цатыры Хуыцауӕн кӕй хъуамӕ сыгътаиккой, уыцы буд уыд, Израилы адӕм мысайнагӕн кӕй лӕвӕрдтой, уыцы зынаргъ чъиутӕй ӕмӕ бальзамтӕй конд.
ДАЛА. Музыкалон инструмент, къухыхӕсгӕ гыццыл гуымсӕг, кодтой йӕ цӕрӕгойы цармӕй кӕнӕ пергаментӕй – хъӕдын кӕнӕ-иу ӕй ӕфсӕйнаг формӕйыл иуырдыгӕй йе та дыууӕрдыгӕй дӕр айвӕзтой ӕмӕ-иу ыл ӕй ныффидар кодтой.
ДЫУУАДӔСТӔНОН ФӔНДЫР. Рагон музыкалон инструмент. Уӕззау нӕ уыд, уыдис ӕй къухы хӕссӕн, уымӕн ӕмӕ йыл арӕх цагътой цӕугӕ-цӕуын дӕр. Египетаг цыртытыл цы нывтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, рагзаманты ацы фӕндыртӕ алыхуызӕттӕ кӕй уыдысты ӕмӕ ӕрмӕст дыууадӕстӕнонтӕ кӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ дзы кӕуыл къаддӕр тӕнтӕ кӕй уыд, кӕуыл та фылдӕр.
ЕФОД (ХИСТӔР САУДЖЫНЫ ДЗАУМА). Раздарӕны хуызӕн дзаума, уыди нывӕфтыд. Цы дыууӕ хайӕ конд уыд, уыдон – раззаг ӕмӕ фӕстаг,– уыдысты кӕрӕдзийыл хуыд. Ефод цы хъуымацӕй уыд, уымӕй йын уыди рон дӕр. Уыцы ронӕй-иу ефод астӕуыл ӕнгом ӕрбабастой.
ЗӔППАДЗ. Мард-иу кӕм бавӕрдтой, ахӕм бынат. Уый-иу уыд кӕнӕ зӕххы къахт дзыхъхъ, кӕнӕ – дзуттӕгтӕм арӕхдӕр куыд уыд, афтӕ,– ӕнӕуи лӕгӕт йе та къӕдзӕхы къахт кӕнӕ дуртӕй амад бынат. Грекъ. дзырд мнемеи́он (зӕрдылдарӕн зӕппадз) хӕстӕг лӕууы мивдисӕгмӕ «зӕрдыл дарын», ӕмӕ ӕвдисы, чи амард, уыцы адӕймаджы кӕй хъуыды кӕнынц.
ЗИРӔ. Зайӕгой. Фылдӕр ын зонынц йӕ мыггӕгтӕ – тынг карз тӕф кӕнынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Астӕуккаг Скӕсӕны ӕмӕ ма ноджы ӕндӕр бӕстӕты фӕкӕнынц алыхуызон хӕринӕгтыл: дзулыл, адджинӕгтыл, дзидзайы хӕринӕгтыл ӕмӕ ма суанг нозтыл дӕр. (Уырыс. «тмин».)
ЗЫГУЫМ. Хоры нӕмгуытыл, зӕгъӕм, мӕнӕуы кӕнӕ хъӕбӕрхоры нӕмгуытыл, цы тӕнӕг цъар вӕййы, уый.
ИССОП. Гӕнӕн ис, ӕмӕ амоны иу кӕнӕ цалдӕр алыхуызон зайӕгоймӕ, фӕлӕ бӕлвырдӕй цавӕртӕм, уый бӕрӕг нӕу.
КАССИ. Корицӕбӕлас кӕнӕ, уыцы бӕласӕй цы арӕзтой, уый.
КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔР. Грекъаг ӕвзаджы ацы дзырдӕн ис сӕрмагонд хъуыды, баст у ӕмбырды фӕтк ӕмӕ арӕзтимӕ. Ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иутӕ уыдысты кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ.
КУАДЗӔН. Куадзӕн (дзут. пе́сах, грекъ. па́ска) фыццаг хатт скодтой, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уый размӕ изӕр. Куадзӕн сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Египетӕй кӕй ссӕрибар сты ӕмӕ Йегъовӕ, Египеты фыццаггуырдты куы ныццагъта, уӕд израилӕгты фыццаггуырдты «иувӕрсты кӕй ацыд» (дзут. паса́х, «иувӕрсты цӕуын»).
КУЫРД. Ӕфсӕйнагӕй алыхуызон дзауматӕ чи аразы, уый. (Уырыс. «кузнец».)
КЪАЛА. Цъӕхбын урс згъӕр, у тынг фӕлмӕн. (Уырыс. «олово».)
ЛАЛЫМ. Фысы кӕнӕ сӕгъы цармӕй, хатт та стуры цармӕй конд мигӕнӕн. Дардтой дзы дон, сӕн, ӕхсыр, сой кӕнӕ царв.
МӔРДТИМӔ ЧИ НЫХАС КӔНЫ, УЫЙ. Дӕсны фӕрсыны хъомыс чи дӕтты, уыцы дӕлимон кӕмӕй пайда кӕны, ахӕм адӕймаг.
МЕССИЙӔ. Нысан кӕны «Сӕрст». Грекъагау ацы дзырд у «Чырысти».
МИРРӔ. Хӕрздӕф чъиу, исынц ӕй алыхуызон сындзкъутӕртӕй ӕмӕ гыццыл бӕлӕстӕй. Уыцы къутӕртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн сӕ хъӕд ӕмӕ сӕ цъар тынг тӕф кӕнынц.
МУСОНГ. Мусонг, кӕнӕ халагъуд, арӕзтой сӕнӕфсирдӕтты кӕнӕ быдырты астӕу, цӕмӕй-иу хъалагъур, быдыр къӕрныхтӕй ӕмӕ сырдтӕй чи хъахъхъӕдта, уый, йӕ аууоны судзгӕ хурӕй йӕхи бамбӕхстаид.
НАЗОРЕЙ. Нысан кӕны «кӕй рахицӕн кодтой, уый», «кӕй снывонд кодтой, уый». Уыдис дыууӕ хуызы назорейтӕ: барвӕндонӕй чи сси назорей, ахӕмтӕ ӕмӕ, Хуыцау кӕй равзӕрста, ахӕмтӕ.
НАЙГӔНӔН МУС. Хор кӕм най кодтой, ома-иу ӕй хъӕмпӕй кӕм хицӕн кодтой, ахӕм фӕз бынат. Уыцы бынат-иу арӕхдӕр скодтой бӕрзонд ран, дымгӕ дзӕбӕх кӕм дымдта, ахӕм ран. Хоры кӕнӕ-иу хъӕбӕрхоры куыристӕ мусыл апырх кодтой ӕмӕ-иу сыл стӕй галтӕ кӕнӕ ӕндӕр фос ауагътой. Галтӕ баст уыдысты мусы астӕуӕй сагъд цӕджындзмӕ ӕмӕ йӕ алыварс зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕхты бын ӕфсиртӕ сабыргай цъӕл кодтой, сӕ нӕмыг-иу азгъӕлд.
НОМЫЛУС. Нӕлгоймаг-иу йӕ фыццаг усӕй уӕлдай кӕй ӕркодта, уыцы сылгоймаг. Уымӕн фыццаг усӕй къаддӕр бартӕ уыд.
НЫВОНД ДЗУЛТӔ. Цатыры Сыгъдӕг бынаты, стӕй та кувӕндоны Сыгъдӕг бынаты фынгыл кӕй ӕвӕрдтой ӕмӕ алы сабат дӕр ногтӕй кӕй ивтой, уыцы дыууадӕс дзулы.
ПЕХУЫМПАР-НЫХАС. Хуыцауӕй лӕвӕрд хабар; Хуыцауы фӕндон чи ӕргом кӕны, ахӕм хабар кӕнӕ уыцы хабар хъусын кӕнын. Пехуымпар-ныхас ма схонӕн ис Хуыцауы зондамынд, Хуыцауы бардзырд кӕнӕ тӕрхон йе та, цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уый куы фехъусын кӕнынц, уый.
ПСАЛОМ. Зарӕг Хуыцауы кадӕн.
САБАТ. Хуыцау алы боны куыстытӕй баулӕфынӕн кӕй рахицӕн кодта, уыцы бон (дзырд «сабат» цы дзут. мивдисӕгӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «фӕллад уадзын, улӕфын, ӕрлӕууын»). Дзуттӕгты къӕлиндармӕ гӕсгӕ сабат уыди къуырийы ӕвдӕм бон, уыцы бон-иу кусгӕ нӕ кодтой, кодтой-иу ӕрмӕстдӕр дины хъуыддӕгтӕ. Йегъовӕ сабат сӕвӕрдта нысанӕн йӕхи ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн. Моисейы Закъоны ма дзырд цӕуы Сабаты азы тыххӕй дӕр.
САДДУКЕЙТӔ. Дзуттаг дины зындгонд къордтӕй сӕ иу, бирӕтӕ сӕ уыдысты сауджынтӕ. Саддукейтӕ уыдысты Сӕйраг тӕрхондоны (Синедрионы) уӕнгтӕ. Уыдоны нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ зӕдтӕ кӕй ис, уый.
САМАРИАГ. Ацы ном Фыстады фыццаг хатт ӕмбӕлы, знӕгтӕ н. э. р. 740 азы цӕгат паддзахад куы басастой, уый фӕстӕ фыст хабӕртты. Ацы номӕй бынӕттон адӕмы хицӕн кодтой, фӕстӕдӕр сӕм цы ӕндӕрбӕстаг адӕмы ӕрцӕрын кодтой, уыдонӕй. Фӕстӕдӕр афтӕ хуыдтой бынӕттонты байзӕддӕгты дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты байзӕддӕгты дӕр. Грекъаг Фыстыты ацы дзырд амоны, Сихемы ӕмӕ Самарийы цы динон къорд уыд, уымӕ. Уыцы къорды ахуырӕдтӕ хицӕн кодтой дзуттӕгты дины ахуырӕдтӕй.
САРЫХЪ (ХИСТӔР САУДЖЫНЫ ДЗАУМА). Сарыхъ уыди хъуымацӕй конд худгонд, уыдис-иу хистӕр сауджыны сӕрыл тыхт. Сарыхъыл разӕй ӕрвхуыз бӕттӕнтӕй баст уыд сызгъӕрины гӕбаз. Гӕнӕн ма ис уый дӕр, ӕмӕ йӕ алы хатт сӕрыл тухын кӕй нӕ хъуыд, фӕлӕ рагацау худау тыхт ӕмӕ хуыд кӕй уыд.
САУДЖЫН. Сауджынтӕ-иу Хуыцауы номӕй ӕрлӕууыдысты, цы адӕмӕн лӕггад кодтой, уыдоны раз ӕмӕ сын дзырдтой Хуыцауы тыххӕй, амыдтой сын йӕ закъӕттӕ. Сауджынтӕ ма-иу ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз адӕмы номӕй: хастой йын нывӕндтӕ, стӕй ма йын лӕгъстӕ кодтой адӕмы тыххӕй.
СӔРИБАРДЗИНАДЫ АЗ. Израилы адӕм Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу авд хатты ӕвдгай азтӕ анымадтой, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ цы аз уыд, уый-иу уыди Сӕрибардзинады аз. Уыцы аз, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд бӕрӕгбоны аз, сӕрибардзинады аз.
СӔРСТ. Комкоммӕ – сойӕ сӕрст чи у, кӕнӕ цы у, уый. Библийы заманты-иу дзуттӕгтӕ хицӕутты ӕмӕ сауджынты сӕрыл сой рауагътой, цӕмӕй бӕлвырд уыдаид, ӕцӕгдӕр уыцы бынаты ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты. Фыстад ма афтӕ хоны, Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уый ӕмӕ, цӕмӕй Хуыцауы фырттӕ суой, уый тыххӕй йӕ сыгъдӕг тыхӕй «сӕрст» чи ӕрцыд, уыдоны.
СӔУДӔДЖЕР. Раздӕр афтӕ хуыдтой, искӕмӕй исты чи ӕлхӕдта ӕмӕ йӕ ӕндӕр искӕмӕн чи уӕй кодта кӕнӕ ивта, ӕмӕ афтӕмӕй ӕхца чи куыста, ахӕм базаргӕнӕджы.
СӔУУОН СТЪАЛЫ. Цалынмӕ хур не скӕсы, уӕдмӕ ма арвы кӕрон фӕстагмӕ цы стъалы фӕзыны, уый. Уымӕ гӕсгӕ уыцы стъалы амоны ног боны райдианмӕ.
СЕКТӔ. Иннӕтӕй йӕхи чи иуварс кӕны ӕмӕ йӕхи ахуырӕдтыл хӕст чи у, ахӕм адӕймӕгты къорд.
СЕРАФИМТӔ. Уӕлӕрвты Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз чи лӕууы, уыцы зӕдтӕ. Уыдон сӕ хъус дарынц, цӕмӕй, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уый хъуыстгонд цӕуа ӕмӕ йын кад уа ӕгас дун-дунейы дӕр, уыимӕ зӕххыл дӕр (Ис 6:2).
СИКОМОРБӔЛАС. Ацы бӕласӕн йӕ дыргътӕ сты ӕнӕуи легъуибӕласы дыргъты хуызӕн, фӕлӕ йӕ сыфтӕ та сты тутабӕласы сыфты хуызӕн. Ӕнӕуи легъуийӕ уӕлдай, ацы бӕласӕн йӕ сыфтӕр сӕрдӕй-зымӕгӕй вӕййы цъӕх. Йӕ дыргътӕ фӕзайынц цупӕлттӕй, сты ӕнӕуи легъуитӕй гыццылдӕр ӕмӕ уыдонау хӕрзад не сты.
СКЪӔЛДЗОЙ. Афтӕ арӕх фӕхонынц, маст ад ӕмӕ карз тӕф чи кӕны, бирӕ ахӕм алыхуызон зайӕгойтӕ, арӕх вӕййынц къутӕры хуызӕн, кӕцыдӕр хуызтӕ дзы сты маргджын.
СТЫР ХОРЗӔХ. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ацы дзырдбастӕн ис дыууӕ хъуыдыйы. Иуӕй уый ӕвдисы Хуыцауы стыр рӕдаудзинад – цӕстуарзонӕй йӕ хорзӕхӕй кӕй хай кӕны ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау адӕмы ӕнувыд уарзтӕй уый тыххӕй кӕй нӕ уарзы, ӕмӕ йын исты хорз ракӕндзысты. Иннӕмӕй та – уыцы стыр хорзӕхӕй Хуыцау кӕй хай кӕны, тӕрхоны аккаг чи у, суанг уыдонӕн дӕр, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй хатыр кӕны ӕмӕ сын фадат кӕй дӕтты, цӕмӕй Чырыстийы фӕрцы ӕнусон ирвӕзындзинад райсой.
СУДЗИНАГ НЫВОНД. Хуыцауӕн-иу ӕнӕхъӕнӕй кӕй ӕрхастой, уыцы нывонд; чи-иу ӕй ӕрхаста, уый-иу дзы йӕхицӕн ницы ныууагъта.
СУНӔТ КӔНЫН. Нӕлгоймагӕн йе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон кӕй ралыг кӕнынц, уый.
СЫКЪА. Библийы сыкъа арӕх февдисы тых, хъару, бартӕ.
ТӔРХОНЫ БОН. Хуыцау кӕцыдӕр адӕмы къордтӕй, адӕмыхӕттытӕй, йе та ӕгас зӕххы адӕмӕй дӕр дзуапп цы «бон», кӕнӕ рӕстӕг, ӕрдомы, уый. Уыцы рӕстӕг, мӕлӕты аккагыл чи ӕрцыд нымад, уыдон ӕфхӕрд баййафынц. Кӕмӕндӕрты та уыцы тӕрхон ратты фервӕзыны фадат, суанг ӕнустӕм цӕрыны фадат дӕр.
ТЫНУАФӔН. Хъуымац кӕуыл фӕаразынц, ома уафынц, уыцы станок.
УАФЫН. Ӕндӕхтӕ кӕрӕдзийы ’хсӕнты (иутӕ – дӕргъырдӕм, иннӕтӕ – цӕхгӕрмӕ) афтӕ уадзын, цӕмӕй дзы хъуымац рауайа.
ФАРИСЕЙТӔ. Н. э. 1 ӕнусы дзуттаг дины зындгонд къордтӕй сӕ иу. Фарисейтӕ уыдысты Сӕйраг тӕрхондоны (Синедрионы) уӕнгтӕ дӕр.
ФАРНЫ НЫВОНД. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон чи уыд, уыцы фарны нывӕндтӕ ӕвдыстой, чи сӕ хаста, уый ӕхсӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ’хсӕн фарн кӕй уыд, уый. Кусӕрттагӕн-иу йӕ туг ӕмӕ йӕ фиутӕ ӕрхастой Йегъовӕйӕн, дзидзайы кӕцыдӕр хӕйттӕ та-иу бахордтой сауджынтӕ ӕмӕ, нывонд чи ӕрхаста, уый.
ФӔЗГЪӔРТӔ. Мыдыбындзытӕ сӕ ахстоны цы бирӕ гыццыл ӕхсӕзкъуымон чырӕгтӕ скӕнынц, уыдон. Уырдӕм фембырд кӕнынц мыд.
ФӔКӔЛЫН КӔНЫН. Грекъаг Фыстыты дзырд «фӕкӕлын кӕнын» арӕхдӕр комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕ вӕййы, йӕ хъуыды алы ран иухуызон нӕ вӕййы, бӕрӕг вӕййы контекстӕй. Фылдӕр хатт йӕ хъуыды у искӕй фӕрӕдийын кӕнын кӕнӕ, йӕ зӕрдӕ кӕуыл хъуамӕ дара ӕмӕ кӕй коммӕ хъуамӕ кӕса, ууыл ӕй сдызӕрдыг кӕнын ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ сивын кӕнын; искӕй афтӕ бафхӕрын, ӕмӕ уырнындзинадӕй ахауа.
ФӔНДЗАЙӔМ БОН. Афтӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты хуыйны Хорысӕры бӕрӕгбон (Рц 23:16) кӕнӕ Къуыриты бӕрӕгбон (Рц 34:22), «фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон» дӕр кӕй хуыдтой, уый (Нм 28:26). Бӕрӕг кӕнын ӕй хъуыд 16 нисанӕй нымайгӕйӕ 50-ӕм бон. Дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ уый у 6 сиван.
ФӔСДЗӔУИН. Раджы заман афтӕ хуыдтой паддзӕхты лӕггадгӕнджыты, стыр бынат чи ахста ӕмӕ алыхуызон ахсджиаг хъуыддӕгтӕ кӕй бӕрны уыд, уыдоны.
ФӔХТ. Хор, хъацӕнтӕ, оливӕтӕ кӕнӕ ӕндӕр исты кӕй мидӕг хостой ӕмӕ цъӕл кодтой, ахӕм къуырф мигӕнӕн.
ФЫЦЦАГЗАД ФОС. Ацы дзырдбаст Фыстады амоны фосы фыццаг нӕл цотмӕ.
ХАЛАГЪУДТЫ БӔРӔГБОН. Хуыдтой ма йӕ Тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон дӕр. Кодтой йӕ, Израилы-иу зӕххы куыстытӕн сӕ фылдӕр хай куы бакодтой, уӕд. Уый уыди цины рӕстӕг, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтой, сӕ хоры тыллӕгӕн сын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй. Бӕрӕгбон-иу уыд авд боны, ӕмӕ уыцы рӕстӕг израилӕгтӕ хъуамӕ цардаиккой халагъудты.
ХӔРВ. Кӕсӕгтӕ ӕмӕ хилджытӕй бирӕтӕн сӕ цъар. Конд у гыццыл тъӕпӕн ӕмӕ хъӕбӕр пластинкӕтӕй. (Уырыс. «чешуя».)
ХЕРУВИМ. Бӕрзонд бынат ӕмӕ сӕрмагонд хӕстӕ кӕмӕн ис, ахӕм зӕд.
ХИНТӔ-КӔЛӔНТӔ (СПИРИТИЗМ). «Хинтӕ-кӕлӕнтӕ»-й цы грекъаг дзырд у тӕлмац, уый у фармаки́а. Библийы дзырдтӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуӕттӕй иуы фыст ис, зӕгъгӕ, ацы дзырд сӕйраджыдӕр нысан кӕны хостӕй ӕмӕ наркотиктӕй пайда кӕнын, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кӕнын. Кӕлӕнгӕнджытӕ хуымӕтӕг йе та тыхджын хостӕй пайда кодтой хинтӕ скӕнынӕн ӕмӕ ӕнӕуынгӕ тыхтӕм фӕсидынӕн, стӕй ма пайда кодтой алыхуызон дуатӕй (амулеттӕй) дӕр – уыдоны тыххӕй афтӕ дзырдтой, адӕймаджы хъахъхъӕнынц хӕйрӕджытӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый тыххӕй уыдысты, цӕмӕй адӕймаджы бауырныдтаид, кӕлӕнгӕнӕгӕн йӕ бон кӕй у алы стыр диссӕгтӕ аразын.
ХИСТӔР САУДЖЫН. Адӕмы номӕй-иу Хуыцауы раз чи ӕрлӕууыд, уый. Уымӕй уӕлдай ма уый йӕ цӕст дардта ӕппӕт иннӕ сауджынтӕм дӕр.
ХЪӔЗ. Уымӕл рӕтты, доныбылты ӕмӕ цъымараты чи зайы, ахӕм зайӕгой, йӕ сыфтӕ вӕййынц лыстӕг ӕмӕ даргъ.
ХЪИСЫН. Арӕхдӕр ӕй уӕфтой сау сӕгъы хъуынӕй. Хъисын дардтой, истӕуыл-иу куы хъыг кодтой, уӕд.
ХЪОТЫР. Арӕхдӕр – цармы уӕззау низ. Библийы «хъотыр» амоны, абон афтӕ кӕй хонынц, ӕрмӕст уыцы низмӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр цӕмӕдӕр, уымӕн ӕмӕ-иу ӕрмӕст адӕмыл нӕ фӕзынд, фӕлӕ дзаумӕттыл ӕмӕ хӕдзӕрттыл дӕр.
ЦӔСТДАРӔГ. Истӕмӕ кӕнӕ искӕмӕ йӕ цӕст чи дары, исты кӕнӕ искӕй чи бӕрӕг кӕны ӕмӕ кӕмӕндӕрты цавӕрдӕр хӕстӕ сӕ бӕрны чи бакӕны, уый. Йӕ сӕйраг хӕс у, ӕмбырды чи ис, уыдонмӕ хъус дарын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын, архайын ууыл, цӕмӕй Хуыцауы дзугӕй ма адзӕгъӕл уой.
ЦЪЫНДЫ. Адӕймаг хӕс кӕмӕй райсы, уымӕн, цалынмӕ йын йӕ хӕс нӕ бафида, уӕдмӕ йӕ дзауматӕй цы ратты, уый (зӕгъӕм, къухдарӕн кӕнӕ уӕлӕдарӕс), ратты йын ӕй, кӕй йӕ нӕ фӕсайдзӕн, уый ӕвдисӕнӕн.
ЧИНЫДЖЫДӔСНЫТӔ. Дзуттаг Фыстытӕй къопитӕ чи кодта, уыдон. Йесойы заман афтӕ хуыдтой, Закъон хорз чи зыдта, уыцы нӕлгоймӕгты, уыдысты сӕрмагонд къорд.
ЧЫРЫСТИ. «Сӕрст». Йесойы афтӕ уый тыххӕй нӕ хуыдтой, цӕмӕй йӕ иннӕтӕй, ома, уӕды рӕстӕджы ма йӕ ном «Йесо» ноджыдӕр кӕмӕн хуынди, уыдонӕй, хицӕн кодтаиккой. «Чырысти» у титул, ӕвдисы, цы стыр бынат ахсы, уый.