115 зарӕг
Ӕнтыстджын у
1. Уарз Йегъовӕйы рухс Ныхас.
Алы бон дӕр ӕй кӕс.
Арф хъуыды кӕн йӕ ныхӕстыл,
Алкӕд ӕй кӕн ӕххӕст.
Уӕд дӕ къахдзӕфтӕн уый цырагъ –
Раст фӕндагыл цӕуай.
БАЗАРД
Кӕс уый алкӕд, ӕххӕст ӕй кӕн,
Хорзӕхтӕй дын уа хай.
Алы бон цу Хуыцауимӕ,
Царды ’нтыстджын куыд уай.
2. Уыд Израилы паддзӕхтӕн
Стыр Хуыцауӕй фӕдзӕхст:
«Рафысс Закъон дӕхи къухӕй,
Цард-цӕрӕнбон ӕй кӕс.
Уӕд дӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд,
’Мӕ ӕнӕрӕдыд уай».
БАЗАРД
Кӕс уый алкӕд, ӕххӕст ӕй кӕн,
Хорзӕхтӕй дын уа хай.
Алы бон цу Хуыцауимӕ,
Царды ’нтыстджын куыд уай.
3. Кӕс Хуыцауы Дзырд алы бон,
Фарн, ӕнцой дын хӕсдзӕн.
Уӕд Хуыцауыл ӕууӕнддзынӕ,
Зӕрдӕ сабыр уыдзӕн.
Цӕр Хуыцауы Ныхасӕй ды,
’Мӕ фӕлтӕрдджын ысуай.
БАЗАРД
Кӕс уый алкӕд, ӕххӕст ӕй кӕн,
Хорзӕхтӕй дын уа хай.
Алы бон цу Хуыцауимӕ,
Царды ’нтыстджын куыд уай.
(Кӕс ма Дык. з. 17:18; 1 Пад. 2:3, 4; Пс. 119:1; Йер. 7:23.)