-
Библийыл рӕстӕг нӕ фӕтыхХъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2016 | № 4
-
-
СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?
Библийыл рӕстӕг нӕ фӕтых
ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ УЫД. Библи чи фыста ӕмӕ дзы къопитӕ чи кодта, уыдон сӕйраджыдӕр пайда кодтой папирусӕй ӕмӕ пергаментӕйa (2 Тимофеймӕ 4:13). Уыдӕттыл ӕй кӕй фыстой, уый тыххӕй Библийӕн тӕссаг цӕмӕй уыд?
Папирус ӕнцонтӕй аскъуыны, йӕ хуыз ссӕуы ӕмӕ ныффӕлмӕн вӕййы. Египтологтӕ Ричард Паркинсон ӕмӕ Стивен Куирки зӕгъынц: «Сыф бамбийы, ӕмӕ ма дзы ӕрмӕст ӕндӕхтӕ ӕмӕ рыг баззайы. Тыхтон схъуына вӕййы кӕнӕ уымӕлы бамбийы, йе та йӕ мыстытӕ ӕмӕ сасчытӕ бахӕрынц. Тыхтон ныгӕд куы вӕййы, уӕд та йын уӕлдай тӕссаг вӕййы урс мӕлдзыджытӕй». Кӕй ссардтой, уыцы папирустӕй иуӕй-иутӕ ӕгӕр рухс ран кӕнӕ уымӕл ран ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ ноджы тагъддӕр фесӕфтысты.
Пергамент папирусӕй фидардӕр у, фӕлӕ уый дӕр нывзӕр вӕййы, арӕхстгай йӕм куы нӕ февналынц, йе та ӕгӕр тӕвд кӕнӕ уазал, науӕд ӕгӕр уымӕл кӕнӕ ӕгӕр рухс ран ӕвӕрд куы вӕййы, уӕдb. Пергаментӕн тӕссаг у сасчытӕй дӕр. Рагон къухфыстытӕй бирӕтӕ нӕ рӕстӕгмӕ уый тыххӕй не ’рхӕццӕ сты. Библи куы бамбыдаид, уӕд йемӕ фесӕфтаид, цы хабар дзы ис фыст, уый дӕр.
БИБЛИ КУЫД АИРВӔЗТ. Дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ-иу алы паддзах дӕр «хъуамӕ йӕхицӕн рафыстаид ацы закъон», ома Библийы фыццаг фондз чиныджы (Дыккаг закъон 17:18). Уымӕй уӕлдай, къопитӕ чи кодта, уыдон уыйбӕрц къухфыстытӕ скодтой, ӕмӕ н. э. фыццаг ӕнусмӕ Фыстад уыд ӕрмӕст Израилы синагогӕты нӕ, фӕлӕ ма суанг дард Македонийы дӕр! (Лукайы 4:16, 17; Хъуыддӕгтӕ 17:11). Тынг рагон къухфыстытӕй иуӕй-иутӕ нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ сты?
Мард денджызы тыхтӕттӕ цалдӕр ӕнусы фесты ӕлыг дурынты мидӕг. Уыцы дурынтӕ уыдысты лӕгӕтты, климӕт хус кӕм уыд, ахӕм ран
«Фыстад цы тыхтӕттыл фыст уыди, уыдон-иу дзуттӕгтӕ дурынты нывӕрдтой, цӕмӕй-иу ма бамбыдаиккой»,– зӕгъы Ног Фӕдзӕхст иртасӕг Филипп Камфорт. Чырыстӕттӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Библийы рагон къухфыстытӕй иуӕй-иутӕ ссардтой ӕлыг дурынты, талынг уӕтты ӕмӕ лӕгӕтты, стӕй, климӕт хус кӕм у, ахӕм бынӕтты.
УЫЙ ХОРЗӔЙ ЦЫ ’РХАСТА. Библийы къухфыстытӕй нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ мингай скъуыддзӕгтӕ, иутыл дзы цӕуы 2 000 азӕй фылдӕр. Иунӕг рагон текстӕн дӕр уыйбӕрц зӕронд къухфыстытӕ нӕй.
-
-
Библи фесафын никӕй бон бациХъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2016 | № 4
-
-
СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?
Библи фесафын никӕй бон баци
ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ УЫД. Политиктӕй ӕмӕ дины разамонджытӕй бирӕтӕн сӕ нысан уыди, цӕмӕй Библийы хабар адӕммӕ ма фӕхӕццӕ уыдаид. Ӕмӕ-иу арӕх сӕ бартӕй пайда кодтой, цӕмӕй адӕммӕ Библитӕ ма уыдаид, ма йӕ тӕлмац кодтаиккой, къопитӕ дзы ма кодтаиккой ӕмӕ йӕ ма мыхуыр кодтаиккой. Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ.
Н. э. размӕ 167 азмӕ ’ввахс. Паддзах Антиох Епифан, Селевкидты хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕн грекъаг дин тыхӕй исын кодта. Уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта, цӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕ иууылдӕр фесӕфтаиккой. Историк Генрих Грец ныффыста, зӕгъгӕ, дам-иу йӕ фӕсдзӕуинтӕ «Закъоны тыхтӕттӕ искуы куы ссардтой, уӕд-иу сӕ ныскъуыдтӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕ басыгътой; чи сӕ каст ӕмӕ удӕнцойы хос кӕмӕн уыдысты, уыдоны та-иу амардтой».
Астӕуккаг ӕнустӕ. Католикон аргъуаны разамонджыты зӕрдӕмӕ нӕ цыди, хуымӕтӕг адӕм католикон аргъуаны ахуырӕдты бӕсты, Библийы цы фыст уыди, уый кӕй хъусын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ-иу латинаг ӕвзагыл Псаломтӕй фӕстӕмӕ Библийы чингуытӕй ӕндӕр искӕцы кӕмӕ ссардтой, уый-иу аргъуаны знагыл банымадтой. Иу аргъуаны разамонджытӕ уынаффӕ рахастой, цӕмӕй сӕ адӕм «бӕстон ӕмӕ ӕппынӕдзух агурой аргъуаны знӕгты... сӕ зӕрдӕ-иу кӕмӕ фехсайа, ӕппӕт уыцы хӕдзӕртты ӕмӕ пъадвӕлтты. [...] Аргъуаны знаг цы хӕдзары ссарой, уый хъуамӕ пырхгонд ӕрцӕуа».
Библийы знӕгтӕн сӕ фӕнд сӕ къухы куы бафтыдаид, уӕд нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ уыдаид.
Уильям Тиндал англисаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Библи фесафын знӕгтӕн нӕ бантыст, кӕд-иу Библитӕ басыгътой ӕмӕ йын йӕхи та 1536 азы амардтой, уӕддӕр
БИБЛИ КУЫД АИРВӔЗТ. Паддзах Антиох йӕ тыхтӕ сарӕзта, Израилы чи цард, уыцы дзуттӕгты ныхмӕ. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ цардысты бирӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, н. э. фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕн се 60 проценты цардысты ӕндӕр бӕстӕты. Се ’мбырдгӕнӕнты уыди Фыстады къопитӕ – уыцы къопитӕй пайда кодтой фӕстӕдӕры фӕлтӕртӕ, уыимӕ чырыстӕттӕ дӕр (Хъуыддӕгтӕ 15:21).
Библи чи уарзта, уыдоны кӕд астӕуккаг ӕнусты тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр сын уый сӕ ныфс нӕ асаста, ӕмӕ дарддӕр дӕр Фыстад тӕлмац кодтой ӕмӕ дзы къопитӕ кодтой. 15 ӕнусы ӕмбисмӕ, мыхуыргӕнӕн станок куы нӕма уыд, суанг уӕд дӕр, Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд уыдысты ӕппынкъаддӕр 33 ӕвзагмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библи фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын райдыдтой ӕмӕ йӕ мыхуыр кодтой.
УЫЙ ХОРЗӔЙ ЦЫ ’РХАСТА. Кӕд хъомысджын паддзӕхтӕ Библи фесафынмӕ хъавыдысты ӕмӕ кӕд, сауджынтӕ цы арӕзтой, уый дӕр йӕ пайдайӕн нӕ уыд, уӕддӕр абон уымӕй парахатдӕр чиныг нӕй ӕмӕ уымӕй фылдӕр ӕвзӕгтӕм ӕндӕр никӕцы чиныг ратӕлмац кодтой. Библи тынг фӕзынд кӕцыдӕр бӕстӕтӕн сӕ закъӕттыл ӕмӕ се ’взагыл, стӕй милуангай адӕмы цардыл.
-
-
Библийы хабар аивын никӕмӕн бантыстХъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2016 | № 4
-
-
Масореттӕ Фыстадӕй къопитӕ тынг лӕмбынӕг кодтой
СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?
Библийы хабар аивын никӕмӕн бантыст
ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ УЫД. Библийыл нӕдӕр рӕстӕг фӕтых, нӕдӕр йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый. Фӕлӕ дзы къопитӕ чи кодта ӕмӕ йӕ чи тӕлмац кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хъавыдысты, цы хабар дзы уыд фыст, уый аивынмӕ. Цӕйнӕфӕлтау сӕ ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ сраст кодтаиккой, уый бӕсты-иу архайдтой Библи сӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ фӕивыныл. Ӕркӕсӕм цалдӕр хабармӕ.
Кувӕн бынат. Н. э. размӕ 4 ӕнусӕй 2 ӕнусмӕ самариӕгты «Фондз чиныджы» чи фыста, уыдон Рацыды 20:17 стихмӕ бафтыдтой ахӕм ныхӕстӕ: «...Гаризимы хохмӕ. Ӕмӕ уым хъуамӕ саразай нывондхӕссӕн»a.
Троицӕ. Библи фыст куы фӕци, уымӕй 300 азӕй гыццыл къаддӕр куы рацыд, уӕд, Троицӕйы ахуырадыл чи ӕууӕндыд, иу ахӕм фыссӕг 1 Иоанны 5:7 стихмӕ бафтыдта ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты». Ацы ныхӕстӕ Библийы фыццаг тексты нӕ уыдысты. Библииртасӕг Брюс Мецгер загъта, зӕгъгӕ, дам, уыцы ныхӕстӕ 6 ӕнусӕй фӕстӕмӕ «арӕхӕй-арӕхдӕр ӕмбӕлын райдыдтой зӕронд латинаг тӕлмацы къухфыстыты ӕмӕ [латинаг] Вульгатӕйы».
Хуыцауы ном. Библи тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ тӕлмацтӕй Хуыцауы ном айстой, дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, дам, ӕй дзурӕн нӕй, зӕгъгӕ. Баивтой йӕ дзырдтӕй «Хуыцау» ӕмӕ «Хицау». Фӕлӕ Библи афтӕ ӕрмӕст Сфӕлдисӕджы нӕ хоны, фӕлӕ ма адӕмы дӕр, мӕнгхуыцӕутты дӕр ӕмӕ суанг Хӕйрӕджы дӕр (Иоанны 10:34, 35; 1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6; 2 Коринфӕгтӕм 4:4)b.
БИБЛИ КУЫД АИРВӔЗТ. Фыццаг уый, ӕмӕ кӕд Библийӕ къопитӕ чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ лӕмбынӕг нӕ уыдысты кӕнӕ ма-иу дзы суанг барӕй дӕр цыдӕртӕ аивтой, уӕддӕр сӕ фылдӕр сӕ куыстыл тынг ӕнувыд уыдысты ӕмӕ йӕ бӕстон кодтой. Масореттӕ Дзуттаг Фыстытӕй къопитӕ кодтой н. э. 6 ӕнусӕй 10 ӕнусмӕ. Хонынц сӕ масоретаг текст. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу масореттӕ дзырдтӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ банымадтой, цӕмӕй дзы иу рӕдыд дӕр ма аирвӕзтаид. Къопи-иу цы текстӕй кодтой, уым-иу сӕ зӕрдӕ кӕм фехсайдта, рӕдыд дзы ис, зӕгъгӕ, уыцы ран-иу фиппаинаг скодтой. Масореттӕ архайдтой, цӕмӕй Библийы тексты мацы фӕивтаиккой. Профессор Моше Гошен Готтштейн ныффыста: «Тексты барӕй исты фӕивын нымадтой ӕппӕты стырдӕр фыдракӕндыл».
Дыккаг та уый, ӕмӕ абон тынг бирӕ рагон къухфыстытӕ кӕй ис, уый фӕрцы библииртасджытӕн сӕ бон у, тексты цы рӕдыдтытӕ ис, уыдон ссарын. Зӕгъӕм, ӕнусты дӕргъы дины разамонджытӕ дзырдтой, сӕ латинаг тӕлмац раст кӕй у. Фӕлӕ 1 Иоанны 5:7 стихы рӕдыд скодтой – ацы статьяйы уӕлдӕр цы ныхӕсты кой кодтам, уыдон ӕм бафтыдтой. Уыцы рӕдыд «бахъуызыд», англисаг ӕвзагыл тынг парахат чи уыди, суанг уыцы тӕлмацмӕ дӕр, «Паддзах Яковы Библи»-мӕ! Фӕлӕ ӕндӕр къухфыстытӕ куы ссардтой, уӕд цы рабӕрӕг? Брюс Мецгер ныффыста: «[1 Иоанны 5:7 стихы] цы скъуыддзаг ис, уый нӕй Библийы ӕппӕты рагондӕр тӕлмацты (сириаг, коптаг, сомихаг, эфиопаг, араббаг ӕмӕ славянаг къухфыстыты), ис ӕрмӕстдӕр латинаг Библийы». Ӕмӕ «Паддзах Яковы Библи»-йыл ногӕй куы бакуыстой, уӕд уыцы рӕдыд уым дӕр ӕмӕ иннӕ Библиты дӕр сраст кодтой.
Честер Биттийы папирус (P46), Библийы къухфыст, фыст ӕрцыд н. э. 200 азмӕ ’ввахс.
Библийы хабар кӕй нӕ фӕивта, уый цымӕ рагон къухфыстытӕ бӕлвырд кӕнынц? 1947 азы Мард денджызы тыхтӕттӕ куы ссардтой, уӕд ахуыргӕндтӕн сӕ бон сси дзуттаг масоретаг текст уыцы тыхтӕтты текстимӕ абарын. Уыдон фыст ӕрцыдысты масоретаг текстӕй мин азӕй фылдӕры размӕ. Мард денджызы тыхтӕттыл чи бакуыста, уыцы ахуыргӕндтӕй иу загъта, зӕгъгӕ, дам, ӕрмӕст иу тыхтон дӕр фаг бӕлвырдгӕнӕн у, «дзуттаг писыртӕ мин азӕй фылдӕр Библийӕ къопитӕ тынг лӕмбынӕг кӕй кодтой ӕмӕ тексты ӕппындӕр кӕй ницы фӕивта, уымӕн».
Честер Биттийы Библиотекӕйы Дублины (Ирланди) ис ахӕм папирусты коллекци, ӕмӕ дзы Чырыстон Грекъаг Фыстыты чингуытӕ, зӕгъӕн ис, иууылдӕр сты. Къухфыстытӕй кӕцыдӕртӕ фыст ӕрцыдысты н. э. 2 ӕнусы – Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр фыст куы фӕци, уымӕй 100 азы бӕрц йеддӕмӕ куы нӕма рацыди, уӕд. Иу дзырдуат куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы папирустӕй бирӕ ног цыдӕртӕ базонӕн ис ӕвзаджы лыстӕг хабӕртты тыххӕй; фӕлӕ ма уыдонӕй базонӕн ис, Библийы текст, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕппындӕр кӕй нӕ аивта, кӕд дзы ӕнусты дӕргъы къопитӕ фӕкодтой, уӕддӕр (The Anchor Bible Dictionary).
«Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, раджы заманты цы ныффыстой, уыдонӕй нӕм ӕнӕ ивындзинӕдтӕй ӕрмӕст Библи кӕй ӕрхӕццӕ»
УЫЙ ХОРЗӔЙ ЦЫ ’РХАСТА. Библийӕн бирӕ рагон къухфыстытӕ кӕй ссардтой, уый фӕрцы йӕ текст бӕлвырддӕр цы фӕци, уый йеддӕмӕ дзы ивгӕ ницы фӕкодта. Чырыстон Грекъаг Фыстыты тыххӕй Фредерик Кеньон ныффыста: «Ӕндӕр никӕцы рагон чиныгӕй ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ текст раст кӕй у, уымӕн уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Стӕй, хабӕрттӕ, ӕцӕг куыд сты, афтӕ чи фӕдзуры, уыцы ахуыргӕндтӕ дӕр сразы уыдзысты, Библийы текст нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницы фӕивта, афтӕмӕй». Дзуттаг Фыстыты тыххӕй та Уильям Хенри Грин загъта: «Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, раджы заманты цы ныффыстой, уыдонӕй нӕм ӕнӕ ивындзинӕдтӕй ӕрмӕст Библи кӕй ӕрхӕццӕ».
a Самариӕгты «Фондз чиныджы» уыдысты Библийы фыццаг фондз чиныджы, сӕхӕдӕг дзы кӕй скодтой, уыцы ивындзинӕдтимӕ.
b Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 1–13 фӕрстӕ.
-