129 ЗАРӔГ
Фидар лӕудзыстӕм
1. Суанг кӕронмӕ дӕр
Цӕй фӕрцы бафӕраздзыстӕм?
Хъуамӕ Йесойау
Нӕ фидӕн алкӕддӕр уынӕм,
Хуыцауӕн йӕ фӕндтыл
Ӕдзух хъуыды кӕнӕм.
БАЗАРД
Нӕ лӕвар ис нӕ разы.
Кӕронмӕ тох кӕнӕм!
Хуыцау нӕ бирӕ уарзы.
Мах алкӕд фидар уый фӕрцы лӕууӕм.
2. Цард цӕуы, ӕмӕ
Ӕрхӕссы хатт зӕрдӕрыст, маст.
Нӕу ӕнцон, фӕлӕ
Уынӕм рӕсугъд ног цард нӕ раз’.
Тырнӕм ӕм зӕрдӕйӕ,
Ӕмӕ ыстӕм ныфсхаст.
БАЗАРД
Нӕ лӕвар ис нӕ разы.
Кӕронмӕ тох кӕнӕм!
Хуыцау нӕ бирӕ уарзы.
Мах алкӕд фидар уый фӕрцы лӕууӕм.
3. Ницӕмӕй тӕрсӕм,
Лӕггад кӕндзыстӕм дарддӕр мах.
Абон у бӕрӕг:
Уыдзӕн Хуыцауы стыр бон тагъд.
Цӕй, фидар фӕлӕууӕм,
Ныр ног дуне у ’ввахс!
БАЗАРД
Нӕ лӕвар ис нӕ разы.
Кӕронмӕ тох кӕнӕм!
Хуыцау нӕ бирӕ уарзы.
Мах алкӕд фидар уый фӕрцы лӕууӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Хъуыд. 20:19, 20; Иак. 1:12; 1 Пет. 4:12–14.)