103 ЗАРӔГ
Фыййӕуттӕ – Хуыцауы лӕвӕрттӕ
1. Радта лӕвӕрттӕ махӕн Хуыцау –
Дзугӕн фыййӕуттӕ сты.
Махӕн сӕ уд нӕ кӕнынц ӕвгъау,
’Рмӕст сӕ нӕ хорз фӕнды.
БАЗАРД
Уыдон Хуыцауы лӕвар ысты,
Алчи сӕ иузӕрдыг у.
Махыл у алкӕд сӕ тыхст, сӕ мӕт.
Уарзут сӕ, аргъ сын кӕнут.
2. Махӕн фӕлмӕнӕй амонынц зонд,
Алкӕд куыд цӕрӕм раст.
Сдзӕбӕх кӕнынц нӕ уды хъӕдгом,
Зӕрдӕйӕ сурынц маст.
БАЗАРД
Уыдон Хуыцауы лӕвар ысты,
Алчи сӕ иузӕрдыг у.
Махыл у алкӕд сӕ тыхст, сӕ мӕт.
Уарзут сӕ, аргъ сын кӕнут.
3. Библи нын хорз ӕмбарын кӕнынц,
Рухсы цӕмӕй цӕуӕм.
Се ’ххуысы къух нӕм алкӕд дӕттынц,
Фидар цӕмӕй лӕууӕм.
БАЗАРД
Уыдон Хуыцауы лӕвар ысты,
Алчи сӕ иузӕрдыг у.
Махыл у алкӕд сӕ тыхст, сӕ мӕт.
Уарзут сӕ, аргъ сын кӕнут.
(Ноджыдӕр кӕс Ис. 32:1, 2; Йер. 3:15; Иоан. 21:15–17; Хъуыд. 20:28.)