Библийы динозаврты тыххӕй цы фыст ис?
Дзуапп Библийӕ
Библийы динозаврты тыххӕй комкоммӕ ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы фыст ис, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ динозаврты дӕр сфӕлдыстаa (Раргомад 4:11). Кӕд Библийы динозаврты кой нӕй, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы цы цӕрӕгойты кой ис, уыдоны ’хсӕн уыдаиккой.
«Сфӕлдыста Хуыцау стыр денджызон цӕрӕгойтӕ» (Райдиан 1:21).
«Ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕ» (Райдиан 1:25).
«Зӕххон сырдты алы мыггӕгтӕ» (Райдиан 1:25).
Динозавртӕ ӕндӕр цӕрӕгойтӕй равзӕрдысты?
Афтӕ куы уыдаид, уӕд археологтӕ се стӕгдармӕ гӕсгӕ бамбӕрстаиккой, кӕцыдӕр цӕрӕгойтӕ сындӕггай кӕй ивтой ӕмӕ сӕ стӕй динозавртӕ кӕй рауад, фӕлӕ ахӕмӕй ницы ныффыстой. Уый Библимӕ гӕсгӕ дӕр раст у. Фыст дзы ис, цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Зӕгъӕм, Псалом 146:6 ис фыст: «Скодта арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый».
Динозавртӕ кӕд цардысты?
Библийы фыст ис, зӕххыл ӕмӕ денджызы цы цӕрӕгойтӕ цард, уыдон Хуыцау фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм бон кӕй сфӕлдыстаb (Райдиан 1:20–25, 31). Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ динозавртӕ зӕххыл цасдӕр рӕстӕг цардысты.
Левиафан ӕцӕгдӕр динозавр уыди?
Нӕ. Иовы чиныджы цы сырды кой ис, уый кӕд бӕлвырд нӕу, уӕддӕр левиафаны арӕхдӕр фӕхонынц крокодил. Уымӕн ӕмӕ Фыстады ацы цӕрӕгойы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у крокодилы кой дзы кӕй цӕуы (Иов 41:1, 14–17, 31). Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр левиафан динозавр нӕ уыд. Хуыцау Иовӕн йӕ хъус ӕрдардта левиафанмӕ, ӕмӕ Иов та, динозавртӕ куы фесӕфтысты, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр цард (Иов 40:16; 41:8).
Динозавртыл цы ’рцыд?
Библийы уый тыххӕй ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы фыст ис, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, динозаврты дӕр цӕйдӕр тыххӕй сфӕлдыста (Раргомад 4:11). Ӕмӕ стӕй куы нал хъуыдысты, уӕд фесӕфтысты.
a Динозавртӕ кӕй уыди, уый бӕрӕг у, археологтӕ цы стӕгдар ссардтой, уымӕй. Уыцы стӕгдар бӕлвырд кӕны, кӕддӕр зӕххыл алыхуызон динозавртӕ кӕй цард.
b Библийы ныхас «бон» фӕамоны дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ, гӕнӕн ис, миназтӕм дӕр (Райдиан 1:31; 2:1–4; Дзуттӕгтӕм 4:4, 11).