44 сӕр
Йесо ныссабыр кодта уад
АЦЫ бон Йесо тынг бафӕллад; денджызы былыл бирӕ адӕм ахуыр кодта, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цалдӕр фӕсномыг ныхасы бамбарын кодта. Изӕрырдӕм та уый дзуры: «Ахизӕм фаллаг фарсмӕ».
Уым, Галилейы денджызы скӕсӕнварс ис иу бӕстӕ Декаполис (Дӕссахар), зӕгъгӕ. Ацы ном равзӕрд грекъаг дзырдтӕй де́ка — «дӕс» ӕмӕ по́лис — «сахар». Дӕссахары кӕд бирӕ иудейтӕ цӕры, уӕддӕр уый у грекъаг культурӕйы центр. Фӕлӕ Йесо Дӕссахары бирӕ нӕ фӕцис. Фӕстӕдӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй та йын ам дӕр нӕ раттой фылдӕр баззайыны фадат.
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, цӕмӕй иннӕ былмӕ аленк кӕной, уӕд уыдон бӕлӕгъы йемӕ сбадтысты. Фӕлӕ сын адӕм сӕ ацыд ӕнӕфӕхатгӕ нӕ фесты. Уайтагъд уыдон дӕр бӕлӕгъты абадтысты ӕмӕ сӕ фӕдыл аленк кодтой. Фаллаг был дард нӕу. Раст зӕгъгӕйӕ, Галилейы денджыз у стыр цад, кӕцыйӕн йӕ дӕргъ у 20 километры бӕрц ӕмӕ йӕ уӕрх та иуыл фылдӕр 12 километры.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо бафӕллад. Уымӕ гӕсгӕ куы аленк кодтой, уӕд бӕлӕгъы бырынкъы ӕрхуыссыд, йӕ сӕр астӕрыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ тарф фынӕй баци. Апостолтӕй иуӕй-иутӕ фӕлтӕрдджын бӕлӕгъскъӕрджытӕ сты, уымӕн ӕмӕ Галилейы денджызы кӕсаг бирӕ фӕахстой. Уымӕ гӕсгӕ сӕхимӕ райстой бӕлӕгъ скъӕрыны бӕрн.
Фӕлӕ сӕ фӕндаг ӕнцон нӕу. Уыцы цад денджызы ӕмвӕзӕй 210 километры дӕлдӕр у, ӕмӕ доны уӕлцъар уӕлдӕфы температурӕ йӕ алыварс хӕхты температурӕйӕ уӕлдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ цады уӕлцъар арӕх тыхджын дымгӕ сысты ӕмӕ стӕй ӕвиппайды уадмӕ ахизы. Ныр дӕр раст ахӕм уавӕр у. Уылӕнтӕ сӕхи цӕвын райдыдтой бӕлӕгъыл, бӕлӕгъ донӕй байдзаг ӕмӕ дӕлдон кӕнын райдыдта. Йесо та дарддӕр фынӕй кӕны.
Фӕлтӕрдджын бӕлӕгъскъӕрджытӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц бӕлӕгъ скъӕрыныл. Ахӕм уавӕрты уый размӕ дӕр куыннӕ бахаудаиккой, фӕлӕ ацы хатт сӕ бон нал у. Тарстхуызӕй хъал кӕнынц Йесойы. «Ахуыргӕнӕг! ӕви Дӕуӕн уӕлдай нӕу, мах кӕй сӕфӕм? — хъӕр кӕнынц уыдон,— фервӕзын кӕн мах: сӕфӕм».
Йесо сыстад ӕмӕ бардзырд ратта дымгӕ ӕмӕ денджызӕн: «Банцай, ныхъхъус у». Уад банцад ӕмӕ денджыз ныссабыр. Уый фӕстӕ Йесо фӕрсы йӕ ахуыргӕнинӕгты: «Цӕмӕн афтӕ тӕрсаг стут? куыннӕ уӕм ис уырнындзинад?»
Ахуыргӕнинӕгты стыр тас бацыд. «Уый чи у,— фӕрсынц кӕрӕдзи,— дымгӕ ӕмӕ денджыз дӕр коммӕ Кӕмӕн кӕсынц?»
Цӕй стыр бартӕ ис, ӕвӕдза, Йесойы къухы! Куыд стыр ныфс дӕтты, нӕ Паддзахӕн ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕй цӕуы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕгады рӕстӕджы, йе ’ргом ӕгасӕйдӕр нӕ зӕхмӕ куы раздаха, уӕд иу адӕймагӕн дӕр ӕрдзы азартӕй тас кӕй нал уыдзӕн!
Уад куы ныссабыр, уӕд Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой ӕмӕ сӕрӕгасӕй бахӕццӕ сты цады скӕсӕн былмӕ. Иннӕ бӕлӕгътӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы тымыгъы нӕ бахаудтой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕнӕфыдбылызӕй аздӕхтысты. Маркы 4:35—5:1; Матфейы 8:18, 23—27; Лукайы 8:22—26.
▪ Цы у Дӕссахар ӕмӕ кӕм ис?
▪ Галилейы денджызы-иу уад цавӕр ӕрдзон хицӕндзинӕдты аххосӕй сыстад?
▪ Ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бӕлӕгъскъӕрыны фӕлтӕрддзинӕдтӕ куы нӕ баххуыс кодтой, уӕд цы сарӕзтой?