Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 45 сӕр
  • Ӕнахуыр ахуыргӕнинаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнахуыр ахуыргӕнинаг
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йӕ бар цӕуы бирӕ хӕйрӕджытыл
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Библи зӕдты ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй цы дзуры?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 45 сӕр

45 сӕр

Ӕнахуыр ахуыргӕнинаг

БЫЛМӔ рахизгӕйӕ, Йесо уыны ӕвирхъау ныв! Дыууӕ знӕт адӕймаджы рацыдысты уырдӕм хӕстӕг уӕлмӕрдӕй ӕмӕ йӕ размӕ ӕрбазгъорынц. Уыдон сты хӕйрӕджджынтӕ. Иу дзы, ӕвӕццӕгӕн, тынгдӕр знӕт кӕй у ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй ис хӕйрӕджыты ахӕсты, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр хъусдард у уымӕ.

Уыцы тӕригъӕддаг адӕймаг бирӕ рӕстӕджы дӕргъы бӕгънӕгӕй цард зӕппӕдзты ’хсӕн. Ӕхсӕвӕй-бонӕй хъӕр кодта ӕмӕ йӕхи дуртӕй хоста. Афтӕ знӕт уыд, ӕмӕ йӕ цурты ацӕуын ничи уӕндыд. Адӕм-иу ӕй рӕхыстӕй сбастой, фӕлӕ-иу сӕ атыдта ӕмӕ-иу йӕ къӕхтыл конд хъадамантӕ арӕдывта. Никӕй бон уыд йе ’рсабыр кӕнын.

Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый фенгӕйӕ йӕ разы ӕрхауд ӕмӕ йӕ мидӕг цы хӕйрӕджытӕ уыд, уыдоны ардыдӕй хъӕр кӕнын райдыдта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Бӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы номӕй Дӕ лӕгъстӕгӕнгӕйӕ курын, ма мӕ хъизӕмарӕй мар!»

«Рацу, ӕнӕсыгъдӕг уд, ацы адӕймагӕй»,— бардзырд ратта Йесо. Фӕлӕ уал ӕй фӕрсы: «Дӕ ном куыд у?»

«Легион мӕ ном, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм»,— у йӕ дзуапп. Хӕйрӕджытӕ цы адӕмыл бафтынц, уыдоны хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ циндзинад фӕисынц ӕмӕ сыл стыр ӕхсызгонӕй тӕппуд фыдгӕнджытау ӕнӕхъӕн къордтӕй бафтынц. Ӕмӕ ныр Йесоимӕ ныхӕй-ныхмӕ куы сӕмбӕлдысты, уӕд лӕгъстӕ кӕнынц, цӕмӕй сӕ ӕнӕбын арфмӕ ма арвита. Ам дӕр та ногӕй уынӕм, Йесо стыр тыхы хицау кӕй у; фыдгӕнӕг хӕйрӕджыты ныссабыр кӕнын дӕр у йӕ бон. Ацы хабар ма нын ӕвдисы, хӕйрӕджытӕ дӕр ӕмӕ сӕ раздзог, Сайтан Хӕйрӕг, дӕр кӕй зонынц, Хуыцауы тӕрхонмӕ гӕсгӕ ӕнӕбын арфмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзысты.

Уырдӕм хӕстӕг хохрӕбын хизы 2 000 хуыйы. Уымӕ гӕсгӕ хӕйрӕджытӕ лӕгъстӕ кӕнынц: «Арвит нӕ хуытӕм, цӕмӕй уыдоны мидӕг бацӕуӕм». Бӕрӕг у, зӕххон фӕлдисондты буӕртты бахизын хӕйрӕджытӕн ӕнахуыр, садистон ӕхцондзинад кӕй хӕссы. Йесо сын хуыты мидӕг бацӕуыны бар куы ратта, уӕд 2 000 хуыйы дӕр къардиуӕй сӕхи аппӕрстой ӕмӕ денджызы фӕдӕлдон сты.

Хуыгӕстӕ уый куы федтой, уӕд сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм азгъордтой ног хабар фехъусын кӕнынмӕ. Адӕм фӕфӕдис сты, цӕмӕй цы ӕрцыди, уый сӕхи цӕстӕй феной. Ӕмӕ мӕнӕ уынынц, хӕйрӕджытӕй чи ссӕрибар, уыцы адӕймаджы. Уый дарӕсы мидӕг йӕ зонд йӕхимӕ, афтӕмӕй бады Йесойы раз.

Уыцы цау чи федта, уыдон сын дзурынц, уыцы адӕймаг хӕйрӕджытӕй куыд ссӕрибар ӕмӕ хуытӕ куыд ӕнахуыр мард акодтой, уый тыххӕй. Адӕмы тас бацыд ӕмӕ Йесойӕ курынц, цӕмӕй сӕ арӕнтӕй ацӕуа. Уый сын сӕ курдиат ӕххӕст кӕны ӕмӕ фӕстӕмӕ бӕлӕгъы сбадт. Хӕйрӕджытӕй чи ссӕрибар, уыцы адӕймаг лӕгъстӕ кӕны Йесойӕн, цӕмӕй йын йемӕ ацӕуыны бар ратта. Фӕлӕ йын Йесо дзуры: «Цу уӕхимӕ дӕхионтӕм ӕмӕ радзур уыдонӕн, цы бакодта дӕуӕн Хицау ӕмӕ дын куыд фӕтӕригъӕд кодта».

Йесо-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдонӕн-иу нӕ лӕвӕрдта уый тыххӕй искӕмӕн дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм уыцы диссаджы хабӕртты бындурыл рӕдыд хатдзӕгтӕ арӕзтаиккой. Фӕлӕ ныр ӕмбӕлон уыд, уымӕн ӕмӕ хӕйрӕджытӕй чи ссӕрибар, уый ӕвдисӕн кӕндзӕн, Йесо цы адӕмимӕ нӕ фембӕлдзӕн, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай ма уыцы адӕймаг уыдзӕн ӕвдисӕн, Йесойӕн хорз аразыны тых кӕй ис, ӕмӕ хуыты фесӕфты тыххӕй цы алыхуызон ныхӕстӕ дзурдзысты, уыдоны ныхмӕ архайдзӕн.

Раздӕры хӕйрӕджджын Йесойы коммӕ бакаст ӕмӕ ацыд. Йесо йын цыддӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй Дӕссахары хъусын кӕнын райдыдта ӕмӕ адӕм дис кодтой. Матфейы 8:28—34; Маркы 5:1—20; Лукайы 8:26—39; Раргомад 20:1—3.

▪ Хӕйрӕджджынтӕ кӕд дыууӕйӕ уыдысты, уӕддӕр хъусдард сӕ иумӕ цӕмӕн у?

▪ Хӕйрӕджытӕ се сӕфт кӕй зонынц, уый кӕцӕй бӕрӕг у?

▪ Хӕйрӕджытӕн адӕмыл кӕнӕ фосыл бафтын ӕхсызгон цӕмӕн у?

▪ Йесо раздӕры хӕйрӕджджынӕн иннӕты уӕлдай цӕмӕн загъта, цӕмӕй йын цы хорздзинад сарӕзта, уый тыххӕй иннӕ адӕмӕн фехъусын кӕна?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын