49 сӕр
Ноджыдӕр ма иу уацамындон балц Галилейы бӕстыл
ЦЫ БАКӔНДЗӔН Йесо ныр, дыууӕ азы дӕргъы зӕрдӕбын уацамынды фӕстӕ, уыйбӕрц нал хъусын кӕндзӕн ӕмӕ афтӕ зӕрдӕбынӕй нал лӕггад кӕндзӕн? Нӕ, ноджы уӕрӕхдӕр кӕны йӕ уацамындон архайд ӕмӕ ныр ӕртыккаг хатт хъусын кӕны Галилейы. Ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд хъусынгӕнгӕйӕ, Йесо зилы сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл. Ацы балцы рӕстӕджы ноджы хуыздӕр бамбӕрста, уацамынды йӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъӕуы архайын.
Йесо кӕмфӕнды ма уа, алырандӕр уыны духовон ӕгъдауӕй ӕххуысхъуаг ӕмӕ ныфссаст адӕмы къордтӕ. Уыдон ӕнӕ фыййау фыстау тыхсаст ӕмӕ хӕлиу кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сын Йесо тӕригъӕд кӕны. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры: «Кӕрдинаг бирӕ, кусджытӕ та гыццыл; уӕдӕ лӕгъстӕ кӕнут хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ».
Йесойӕн ис архайды пълан. Иу азы размӕ цы 12 апостолы равзӕрста, уыдонмӕ фӕдзырдта. Дыгӕйттӕй сӕ ӕхсӕз къордыл адих кодта ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста: «Муртатты фӕндагмӕ ма цӕут ӕмӕ Самарийаг сахармӕ ма бацӕут; фӕлӕ ацӕут раздӕр Израилы хӕдзары сӕфт фыстӕм; цӕугӕйӕ та хъусын кӕнут, кӕй ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».
Цы Паддзахады тыххӕй хъуамӕ хъусын кӕной, уый у, Йесо сӕ дӕнцон куывды цы Паддзахадыл ахуыр кодта кувын, уый. Паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ, нысан кӕны, Хуыцауы нысангонд Паддзах, Йесо Чырысти, се ’хсӕн кӕй ис. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы уӕларвон хицауады минӕвӕрттӕ кӕй сты, уымӕн сын ӕвдисӕнӕн Йесо дӕтты рынчынты дзӕбӕх кӕныны ӕмӕ ма мӕрдты ӕгас кӕныны тых дӕр. Ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй адӕмӕн уыцы хорздзинӕдтӕ аразой лӕварӕй.
Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амоны, цӕмӕй уацамынды цӕугӕйӕ фӕндаггаг семӕ мацы хӕссой: «Ма исут уемӕ нӕдӕр сызгъӕрин, нӕдӕр ӕвзист, нӕдӕр ӕрхуы уӕ рӕтты, нӕдӕр хордзентӕ фӕндагмӕ, нӕдӕр дыууӕ дарӕсы, нӕдӕр къахы дарӕс, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ фӕллойгӕнӕг мызд аккаг у». Хорз уацхъуыдӕн чи аргъ кӕны, уыцы адӕм батыхсдзысты хӕринаг ӕмӕ ӕрлӕууӕнбынатыл. Йесо сын дзуры: «Цавӕр сахармӕ кӕнӕ хъӕумӕ бацӕуат сымах, ссарут аккаг адӕймаг, кӕцымӕ ӕмбӕлы ӕрлӕууын, цалынмӕ дарддӕр нӕ ацӕуат, уӕдмӕ».
Уый фӕстӕ сын Йесо амоны, Паддзахады уацхъуыд хъусынгӕнгӕйӕ, хӕдзары хицауӕн хъуамӕ цы зӕгъой: «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та салам дӕттут, дзургӕйӕ: „фарн ацы хӕдзарӕн“; ӕмӕ кӕд хӕдзар аккаг уа, уӕд уӕ фарн ӕрцӕудзӕн ууыл; куы нӕ уа аккаг, уӕд уӕ фарн сымахмӕ раздӕхдзӕн. Ӕмӕ уӕ исчи куы нӕ райса ӕмӕ уӕ ныхӕстӕм куы нӕ байхъуса, уӕд уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ уыцы сахарӕй рацӕйцӕугӕйӕ, ӕрцӕгъдут уӕ къӕхты рыг».
Сӕ ныхасмӕ сын цы сахары нӕ байхъусой, уыцы сахары тыххӕй Йесо дзуры, карз тӕрхон ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый ӕмбарын кӕны: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: уыцы сахарӕй Содомы ӕмӕ Гоморры зӕххӕн ӕнцондӕр уыдзӕн тӕрхоны бон». Матфейы 9:35—10:15; Маркы 6:6—12; Лукайы 9:1—5.
▪ Кӕд райдыдта Йесо йӕ ӕртыккаг уацамындон балц Галилейы ӕмӕ ноджы хуыздӕр цы бамбӕрста?
▪ Йесо йӕ 12 апостолы хъусын кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд сын цы бафӕдзӕхста?
▪ Ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн, Паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ, кӕй дзурынц, уый раст цӕмӕн у?