50 сӕр
Сурындзинӕдтӕм цӕттӕ кӕнын
ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хъусын кӕныны методтӕ куы бацамыдта, уӕд сӕ уый фӕстӕ бафӕдзӕхста се знӕгтӕй: «Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын сымах, куыд фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ... Хъахъхъӕнут уӕхи адӕмӕй: уымӕн ӕмӕ уыдон дӕтдзысты сымах тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ сӕ ӕмбырдгӕнӕнты нӕмдзысты. Ӕмӕ уӕ акӕндзысты хицауадмӕ ӕмӕ паддзӕхтӕм Мӕн тыххӕй».
Кӕд Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ сырд ӕййафдзысты, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндой ацы зӕрдӕвӕрдыл: «Ӕмӕ уӕ куы дӕттой, мӕт ма кӕнут, куыд, кӕнӕ цы зӕгъат; уымӕн ӕмӕ уыцы сахат лӕвӕрд уыдзӕн сымахӕн, цы зӕгъат; уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ Фыды Уд [архайгӕ тых] дзурдзӕн уӕ мидӕг».
Дарддӕр Йесо дзуры: «Ӕмӕ ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры мӕлӕтмӕ ӕмӕ фыд — фырты; ӕмӕ сыстдзысты зӕнӕг сӕ ныййарджытыл ӕмӕ сӕ амардзысты». Уый фӕстӕ загъта: «Ӕмӕ уыдзыстут ӕнӕуынон ӕппӕтӕн Мӕ номы тыххӕй; кӕронмӕ бафӕразӕг та фервӕздзӕн».
Уацамынд тынг ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йесо уӕлдай лӕмбынӕг ӕмбарын кӕны, зондджынӕй сӕ кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ бон уа сӕрибарӕй хъусын кӕнын. «Ӕмӕ уӕ куы сурой иу сахары, лидзут иннӕмӕ,— дзуры Йесо.— Уымӕн ӕмӕ ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: нӕ фӕуыдзыстут зылд Израилы сахартыл, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт».
Кӕд уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ Йесо йӕ 12 апостолӕн ратта, уӕддӕр йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасы фӕстӕ ӕппӕтдунеон уацамынды хъуыддаджы хайад чи исдзӕн, уыдонмӕ дӕр хауынц. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, апостолтӕ кӕмӕ уыдысты ӕрвыст, ӕрмӕст уыцы израилӕгтӕн нӕ, фӕлӕ ‘ӕппӕтӕн уыдзысты ӕнӕуынон’. Уый ӕддейӕ-иу Йесо йӕ апостолты цыбыр уацамындон кампанийы куы арвыста, уӕд-иу сӕ хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхтӕм нӕ бакодтой. Стӕй уӕды рӕстӕджы уырнджыты сӕ хӕстӕджытӕ мӕлӕтмӕ дӕр нӕ лӕвӕрдтой.
Уӕдӕ Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт сахартыл зылд нӕма фӕуыдзысты, «афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт», уымӕй срагзагъд кодта, кадджын Паддзах Йесо Чырысти Армагеддоны Иегъовӕйы тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ куы ӕрцӕуа, уӕдмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕппӕт зӕххы цӕрджытӕн кӕй нӕ фехъусын кӕндзысты.
Йесо дарддӕр амоны, куыд хъӕуы хъусын кӕнын, ӕмӕ дзуры: «Ахуыргӕнинаг уӕлдӕр нӕу йӕ ахуыргӕнӕгӕй, ӕмӕ ӕххуырст уӕлдӕр нӕу йӕ ӕлдарӕй». Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, адӕмӕн Йесомӕ цавӕр ахаст уыд, уыдонмӕ дӕр ахӕм ахаст кӕй дардзысты, уыдон дӕр Хуыцауы Паддзахад хъусын кӕныны тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр Йесо фӕдзӕхсы: «Ма тӕрсут буары марджытӕй, уды амарын та кӕй бон нӕу; фӕлӕ тӕрсут тынгдӕр уымӕй, кӕцыйы бон у уды ӕмӕ буары дӕр фесафын [«геенайы», НФ]».
Уыцы хъуыддаджы нын Йесо ныууагъта диссаджы цӕвиттон. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуыны фӕлтау, уый цӕттӕ уыд йӕ цард раттынмӕ дӕр. О, Иегъовӕйы бон у «уд» (ам нысан кӕны цардӕгас адӕймаджы фидӕны ныфс) фесафын, кӕнӕ та йӕ ӕнусон цардмӕ райгас кӕнын. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд у Иегъовӕ!
Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фидар кӕны, Иегъовӕйы стыр уарзондзинад кӕм цӕуы ӕвдыст, ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй. «Дыууӕ гыццыл цъиуы нӕ уӕй кӕнынц иу асарийыл? — фӕрсы сӕ Йесо.— Ӕмӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕн уӕ Фыды ӕвастӕй; сымахӕн та уӕ сӕры хъуынтӕ дӕр иуылдӕр нымад сты; ма тӕрсут: сымах хуыздӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй».
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы Паддзахады уацхъуыд бахӕс кодта хъусын кӕнын, уый бинонты уӕнгтӕй иутӕ куы исой, иннӕтӕ та нӕ, уӕд гӕнӕн ис бинонтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ суой. «Ӕнхъӕл ма ут, Ӕз ӕрцыдтӕн сабырдзинад ӕрхӕссынмӕ зӕхмӕ,— дзуры Йесо,— Ӕз сабырдзинад ӕрхӕссынмӕ нӕ ӕрцыдтӕн, фӕлӕ кард». Уӕдӕ цӕмӕй бинонтӕй исчи ӕцӕгад райса, уый тыххӕй йӕ фидар фӕлӕууын хъӕуы. «Чи уарзы йӕ фыды кӕнӕ мады Мӕнӕй фылдӕр, уый мӕн аккаг нӕу,— дзуры Йесо,— ӕмӕ чи уарзы йӕ фырты, кӕнӕ чызджы, Мӕнӕй фылдӕр, Мӕн аккаг нӕу».
Ӕппынфӕстаг Йесо ӕмбарын кӕны, йӕ ахуыргӕнинӕгты йын чи исы, уыдон уымӕн йӕхи кӕй исынц. «Ӕмӕ чи бануазын кӕна ацы гыццылтӕй иуӕн ӕрмӕст уазал доны къус, ахуыргӕнинаджы номыл, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, нӕ фесафдзӕн йӕ лӕвар». Матфейы 10:16—42.
▪ Кӕмӕй фӕдзӕхсы Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты?
▪ Цавӕр ныхӕстӕй сӕ бафидар кодта?
▪ Йесойы фӕдзӕхстытӕ абоны чырыстӕттӕм дӕр цӕмӕн хауынц?
▪ Йесойы ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр цы хуызы нӕу?