Библийы 15-ӕм чиныг — Ездрӕ
Фыссӕг: Ездрӕ
Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 460 азмӕ ӕв.
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 537—467 азтӕм ӕв.
1. Цавӕр пехуымпарӕдтӕ лӕвӕрдтой ныфс, Иерусалим ногӕй арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕн?
СӔ КӔРОНМӔ ӕрцӕйхӕццӕ кодтой Иерусалимы, Вавилоны дӕлбар чи уыд, уыцы сахары гӕныстондзинады рагзагъд 70 азы. Кӕд Вавилон зындгонд уыд, йӕ уацайрӕгты чи нӕ уӕгъд кодта, ахӕм бӕстӕйӕ, уӕддӕр Иегъовӕйы ныхас тыхджындӕр разынд Вавилоны паддзахадӕй. Иегъовӕйы адӕм хъуамӕ тагъд ссӕрибар уыдаиккой. Иегъовӕйы кувӕндон хъуамӕ ногӕй арӕзт ӕрцыдаид, ӕмӕ Иегъовӕйы нывондхӕссӕныл хъуамӕ ногӕй хастаиккой тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ. Иерусалим хъуамӕ ногӕй байдзаг уыдаид Иегъовӕйы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты хъӕлдзӕг хъӕлӕбайӕ ӕмӕ дзы хъуыстаиккой кады ныхӕстӕ. Иереми срагзагъд кодта сахары гӕныстондзинады ӕмгъуыд, Исай та — израилӕгтӕ уацарӕй куыд суӕгъд уыдзысты, уый. Уымӕй уӕлдай ма Исай Персы паддзах Киры схуыдта Иегъовӕйы фыййау; уый хъуамӕ йӕ бӕрзонд бынатӕй ӕрӕппӕрстаид ӕнӕрвӕссон Вавилоны — библион историмӕ гӕсгӕ ӕртыккаг дунеон паддзахады (Ис. 44:28; 45:1, 2; Иер. 25:12).
2. Кӕд ӕмӕ цы уавӕрты бабын Вавилон?
2 Вавилоныл бӕллӕх ӕрцыд н. э. агъоммӕ 539 азы, 5 октябры, ӕхсӕвы, (Григорийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ), Вавилоны паддзах Валтасар ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕ сӕ мӕнг хуыцӕутты тыххӕй гаджидӕуттӕ куы уагътой, уӕд. Сӕ ӕнӕуаг муртаттаг цӕлы ма уыдон бавдӕлдысты, ӕмӕ Иегъовӕйы кувӕндонӕй цы сыгъдӕг мигӕнӕнтӕ ӕрцыдысты хаст, уыдонӕй дӕр райдыдтой сӕн нуазын! Куыд хорз афон лӕууыд Кир уыцы ӕхсӕв Вавилоны сисы ӕдде, пехуымпарад сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕйӕ!
3. Иерусалимы гӕныстондзинады райдианӕй растдӕр 70 азы куы рацыд, уый фӕстӕ Иегъовӕйы кувынад сфидар кӕнынӕн Кир цавӕр бардзырд радта?
3 Н. э. агъоммӕ 539 аз у ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ ацы азыл ӕмхуызонӕй дзурынц, адӕм цы азнымад сарӕзтой, уый ӕмӕ библион азнымад дӕр. Кир Вавилоны фыццаг аз куы хицауиуӕг кодта, уӕд «ӕгас паддзахадыл фехъусын кӕнын кодта», цӕмӕй иудейтӕ ацӕуой Иерусалиммӕ ӕмӕ Иегъовӕйы хӕдзар ногӕй саразой. Куыд зыны, афтӕмӕй ацы бардзырд рацыд н. э. агъоммӕ 538 азы кӕрон кӕнӕ та н. э. агъоммӕ 537 азы райдианыa. Иузӕрдион иудейтӕй ма чи баззад, уыдон йӕ тӕккӕ афоныл ацыдысты фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ, цӕмӕй нывондхӕссӕн сарӕзтаиккой ӕмӕ н. э. агъоммӕ 537 азы «ӕвдӕм мӕйы» (тишри, кӕнӕ сентябрь-октябрь) ӕрхастаиккой фыццаг нывӕндтӕ,— растдӕр уыцы мӕй, 70 азы размӕ, Навуходоно́сор ныггӕныстон кодта Иудейы паддзахад ӕмӕ Иерусалим (Ездрӕ 1:1—3; 3:1—6).
4. а) Ездрӕйы чиныджы сӕйраг темӕ цы у ӕмӕ ацы чиныг чи ныффыста? ӕ) Ездрӕйы чиныг кӕд ӕрцыд фыст ӕмӕ дзы дзырд цы рӕстӕгыл цӕуы?
4 Ногӕй рацарӕзт! Ездрӕйы чиныджы ацы темӕ у сӕйраг. 7-ӕм сӕры 27-ӕм стихӕй 9-ӕм сӕры онг радзырды архайд фыццаг цӕсгомы кӕй цӕуы, уый бӕлвырд ӕвдисы, фыссӕг Ездрӕ кӕй уыд, уый. «Моисейы закъон рафыссыны хъуыддаджы дӕсны [кӕй] уыд», фидар уырнындзинад ӕм кӕй уыд ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ [кӕй] радта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй ма... амонынмӕ дӕр», уымӕ гӕсгӕ Ездрӕйӕ хуыздӕр ацы историон цаутӕ ничи ныффыстаид, Паралипоме́ноны чиныг куыд ныффыста, афтӕ (Ездрӕ 7:6, 10). Ездрӕйы чиныг Паралипоме́ноны чиныджы хабӕрттӕ дарддӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кӕнынц, кӕй ӕрцыдысты иу рӕстӕджы фыст, ома н. э. агъоммӕ 460 азмӕ ӕввахс. Уым дзырд цӕуы, 70 азы дӕргъы цытӕ цыд, ууыл: Иудейы адӕм, «мӕлӕты фырттӕ», пырх ӕмӕ хӕлиу куы уыдысты, уыцы рӕстӕгӕй райдайгӕйӕ, ӕмӕ дыккаг кувӕндон арӕзт куы фӕци ӕмӕ Ездрӕйы ӕрыздӕхты фӕстӕ Иерусалиммӕ сауджынтӕ сыгъдӕггонд куы ӕрцыдысты, уыцы рӕстӕджы онг (Ездрӕ 1:1; 7:7; 10:17; Пс. 101:21).
5. Ездрӕйы чиныгӕн Неемийы чиныгимӕ цы иудзинад ис ӕмӕ цавӕр ӕвзӕгтыл уыд фыст?
5 Дзуттаг ном Ездрӕ нысан кӕны «Ӕххуыс». Ездрӕ ӕмӕ Неемийы чингуытӕ фыццаг уыдысты иу тыхтон (Нееми 3:32b, НД, сноскӕ). Уый фӕстӕ йӕ иудейтӕ адих кодтой ӕмӕ йын йӕ хӕйттӕ схуыдтой Ездрӕйы 1-аг ӕмӕ 2-аг чингуытӕ. Абон сӕ дзуттаг ӕвзагыл уагъд Библитӕ ӕмӕ ма Библийы иннӕ нырыккон тӕлмацтӕ дӕр хонынц Ездрӕ ӕмӕ Неемийы чингуытӕ. Ездрӕйы чиныджы иу хай (4:8—6:18 ӕмӕ 7:12—26) фыст уыд арамейаг ӕвзагыл ӕмӕ иннӕ хай та рагон дзуттаг ӕвзагыл; Ездрӕ зыдта дыууӕ ӕвзаджы дӕр.
6. Ездрӕйы чиныджы ӕцӕг цаутӕ кӕй ис фыст, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?
6 Абон ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр Ездрӕйы чиныг нымайынц, ӕцӕг цаутӕ кӕм ис фыст, ахӕм чиныгыл. Ездрӕйы чиныг Сыгъдӕг Фыстады хай кӕй у, уый тыххӕй У. Ф. Олбрайт йӕ куысты фыссы: «Афтӕмӕй археологон ссардтытӕ бӕлвырд кӕнынц, Иеремийы ӕмӕ Иезекилы, Ездрӕйы ӕмӕ Неемийы чингуыты ӕцӕг цаутӕ кӕй ис фыст, уый; уыдон сбӕлвырд кодтой, цаутӕ цавӕр уавӕрты цыдысты ӕмӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уый дӕр раст фыст кӕй у» («The Bible After Twenty Years of Archaeology»).
7. Цӕмӕй бӕрӕг у, Ездрӕйы чиныг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхасы хай кӕй у, уый?
7 Кӕд Ездрӕйы чиныгӕй Чырыстон Грекъаг Фыстыты нӕй цитатӕтӕ кӕнӕ йӕм фысджытӕй комкоммӕ ничи амоны, уӕддӕр дызӕрдыггаг нӕу, Библийы хай кӕй у, уый. Уым дзырд цӕуы Иегъовӕйы ахастытыл иудейтимӕ, Дзуттаг Фыстыты номхыгъд аразын куы райдыдтой, суанг уыцы рӕстӕджы онг. Уыцы номхыгъд аразыны куыстӕн йӕ фылдӕр бакодта Ездрӕ, иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Уымӕй уӕлдай ма Ездрӕйы чиныг бӕлвырд кӕны, сӕндидзыны тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон кӕй сӕххӕст сты, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисы, Хуыцауы Ныхасы ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай кӕй у ӕмӕ йемӕ разы кӕй у, уый. Ахсджиаг ма у, ацы чиныг сыгъдӕг кувынад кӕй бӕрзонд кӕны ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы стыр ном кӕй кадджын кӕны, уый дӕр.
ЦЫ ПАЙДА У
14. Иегъовӕйы пехуымпарӕдты тыххӕй нын Ездрӕйы чиныг цы ӕргом кӕны?
14 Фыццаджыдӕр Ездрӕйы чиныг пайда у уымӕй, ӕмӕ ӕвдисы, Иегъовӕйы пехуымпарӕдтӕй иу ныхас дӕр ӕнӕ сӕххӕстӕй кӕй нӕ баззайы, уый. Иереми, афтӕ бӕлвырд Иерусалимы гӕныстондзинад чи срагзагъд кодта, уый загъта, сахар 70 азы фӕстӕ ногӕй арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дӕр (Иер. 29:10). Снысангонд рӕстӕджы Иегъовӕ йӕ адӕммӕ, иузӕрдион иудейтӕй ма чи баззад, уыдонмӕ, равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ ӕркодта, цӕмӕй раст кувынад сфидар кодтаиккой.
15. а) Ногӕй рацарӕзт кувӕндон Иегъовӕйы фӕндонӕн ахъаз куыд уыд? ӕ) Цы хуызы йын нӕ уыд фыццаг кувӕндоны кад?
15 Ногӕй рацарӕзт кувӕндон та фӕстӕмӕ сбӕрзонд кодта Иегъовӕйы кувынад йӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ уыд ӕвдисӕн, раст кувынадмӕ чи тырныдта, уыдонмӕ алкӕддӕр Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинад кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕн. Кӕд ацы кувӕндонӕн Соломоны кувӕндоны кад нӕ уыд, уӕддӕр арӕзт ӕрцыд Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раздӕрау хъӕздыг нал уыд. Кувӕндоны хӕзнатӕй бирӕтӕ фесӕфтысты, уыимӕ фӕдзӕхсты ковчег дӕрc. Уӕдӕ Соломоны рӕстӕджы кувӕндон куыд снывонд кодтой, Зорова́велы кувӕндонимӕ афтӕ нӕ уыд. Стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фосӕй нывондӕн цы ӕрхастой, уый нӕ уыд, Соломоны кувӕндоны нывондӕн кӕй ӕрхастой, уымӕн йӕ сӕдӕймаг хай дӕр. Дыккаг кувӕндон нӕ байдзаг кады ӕврагъӕй, раздӕр куыд уыд, афтӕ, нӕдӕр рацыд Иегъовӕйӕ арт, цӕмӕй ӕппӕт судзинӕгтӕ басыгъдаиккой. Фӕлӕ дыууӕ кувӕндонӕн дӕр уыд иу нысан: уыдон бӕрзонд кодтой иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы кувынад.
16. Уӕддӕр цавӕр кувӕндоны кад у, зӕххыл цы кувӕндӕттӕ уыд, уыдоны кадӕй уӕлдӕр?
16 Зорова́вель цы кувӕндон сарӕзта, Моисей цы хӕсгӕ кувӕндоны цатыр скодта, Соломон ӕмӕ Ирод цы кувӕндӕттӕ сарӕзтой, уыдон — алкӕцы дӕр йӕхи хицӕндзинӕдтимӕ — амыдтой стырдӕр цӕмӕдӕр. Уыдон ӕвдыстой, «адӕймаг нӕ, фӕлӕ Иегъовӕ кӕй скодта, уыцы ӕцӕг цатыр» (Дзут. 8:2, НД). Ацы сконд — монон кувӕндон — хъӕуы, цӕмӕй Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды бындурыл Иегъовӕйӕн кувӕм ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ӕнгом ахастыты уӕм (Дзут. 9:2—10, 23). Иегъовӕйы стыр монон кувӕндоны кад у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм, йӕ рӕсугъддзинад ын ницӕимӕ ис абарӕн, йӕ хъӕздыгдзинад у ӕнустӕм ӕмӕ адӕймаджы арӕзт агъуыстыты хъӕздыгдзинадӕй бирӕ стырдӕр.
17. Ездрӕйы чиныджы цавӕр ахсджиаг зондамындтӕ ис?
17 Ездрӕйы чиныджы абоны чырыстӕттӕн ис ахсджиаг зондамындтӕ. Уым мах кӕсӕм, Иегъовӕйы адӕм ын йӕ хъуыддагӕн бархийӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ мысайнӕгтӕ куыд хастой, уый тыххӕй (Ездрӕ 2:68; 2 Кор. 9:7). Ныфс ма нын дӕтты уый дӕр, Иегъовӕ ӕдзухдӕр кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ кӕй арфӕ кӕны, цы ӕмбырдтӕ йӕ кадджын кӕнынц, уыдонӕн (Ездрӕ 6:16, 22). Мах уынӕм нефинейтӕ ӕмӕ иннӕ уырнӕг ӕндӕрбӕстӕгты диссаджы дӕнцӕг: уыдон ацыдысты, иудейтӕй ма чи баззад, уыдонимӕ, цӕмӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ Иегъовӕйы кувынады фарс слӕууыдаиккой (2:43, 55). Ноджыдӕр ма ахъуыды кӕн, адӕм куыд сӕрныллӕгӕй ӕрфӕсмон кодтой, куы сын загътой, муртаттаг сыхаг адӕмтимӕ бахӕстӕг кӕнгӕйӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй (10:2—4). Ӕвзӕр ӕмбаладтӕ ӕркодтой, Хуыцау сыл кӕй стӕрхон кодта, уымӕ (9:14, 15). Фӕлӕ сӕ Хуыцауы хъуыддаг зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй аразын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕй хорзӕхджын ӕмӕ арфӕгонд ӕрцыдысты (6:14, 21, 22).
18. Иегъовӕйы адӕм фӕстӕмӕ сӕ къахыл кӕй слӕууыдысты, уый ахсджиаг цӕмӕн уыд мессианон Паддзахы фӕзындӕн?
18 Кӕд Иерусалимы Иегъовӕйы паддзахбадӕныл паддзах нал бадт, уӕддӕр ногӕй рацарӕзт лӕвӕрдта ныфс, Иегъовӕ йӕ рӕстӕгыл кӕй сӕвзӕрын кӕндзӕн йӕ зӕрдӕвӕрд Паддзахы Давиды хӕдзарвӕндагӕй. Фӕстӕмӕ йӕ къахыл чи слӕууыд, уыцы адӕмӕн ныр уыд фадат, цӕмӕй сӕ зӕрдыл дардтаиккой Хуыцауы сыгъдӕг амындтӕ ӕмӕ Хуыцауы кувынад заууатмӕ ма ӕруагътаиккой, цалынмӕ Мессиа нӕ фӕзындаид, уӕдмӕ. Чи ма баззад, уыдон уырнындзинад куы нӕ равдыстаиккой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ куы нӕ раздӕхтаиккой, уӕд Мессиа кӕмӕ ӕрцыдаид? Ӕцӕгӕйдӕр, Ездрӕйы чиныджы фыст цаутӕ сты историйы ахсджиаг хай, уымӕн ӕмӕ амонынц мессианон Паддзахы фӕзындмӕ. Абон ацы ӕрмӕг куы иртасӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн стыр пайда.
[Фиппаинӕгтӕ]
b Англисаг ӕвзагыл уагъд «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы ацы стихмӕ цы сноскӕ ис, уым дзырдӕуы: «Масоретаг тексты ацы стихы комкоммӕ кӕронӕй ис дзуттаг дзырдбаст, нысан кӕны „чиныджы ӕмбис“. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ стих кӕй ис Ездрӕ ӕмӕ Неемийы чингуыты цы 685 дзуттаг стихы ис, уыдоны астӕу, стӕй ма масоретаг тексты иу чиныг кӕй уыдысты, ууыл дӕр».