Библийы 12-ӕм чиныг — 4 Паддзахӕдтӕ
Фыссӕг: Иереми
Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалим ӕмӕ Египеты
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 580 азы
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 920—580 азмӕ ӕв.
1. Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы цавӕр цаутыл цӕуы дзырд ӕмӕ цӕй бӕлвырдгӕнӕн сты?
ПАДДЗАХӔДТЫ 4-ӕм чиныг дарддӕр дзуры Израиль ӕмӕ Иудейы паддзахӕдты змӕст рӕстӕгыл. Елисей систа Илиайы пӕлӕз ӕмӕ хорзӕхджын ӕрцыд, Илиамӕ цы сыгъдӕг уд уыд, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр. Уый фӕрцы Елисей сарӕзта ӕхсӕрдӕс диссаджы, кӕд ӕмӕ Илиа та ӕрмӕстдӕр аст. Елисей дарддӕр хъусын кӕны, аздӕхӕг Израилмӕ цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Израилы уӕд Ииуй йеддӕмӕ, уый дӕр цыбыр рӕстӕджы дӕргъы, иузӕрдион ничи уыд. Израилы паддзӕхтӕ куыд дарддӕр, афтӕ тӕригъӕдты аныгъуылдысты, цалынмӕ н. э. агъоммӕ 740 азы Ассири цӕгат паддзахады нӕ ныппырх кодта, уӕдмӕ. Хуссар паддзахад Иудейы иуӕй-иу зындгонд паддзӕхтӕ, уӕлдайдӕр та Иосафат, Иоас, Езеки ӕмӕ Иоси куы хицауиуӕг кодтой, уӕд-иу адӕм рӕстӕгмӕ раст кувынадыл хӕцыдысты, фӕлӕ фӕстагмӕ н. э. агъоммӕ 607 азы Навуходоносор сӕххӕст кодта Иегъовӕйы тӕрхон: уый ныппырх кодта Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон ӕмӕ Иудейы бӕстӕ ныггӕныстон кодта. Афтӕ сӕххӕст сты Иегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ йӕ ныхас раст кӕй уыд, уый сбӕлвырд!
2. Цы зӕгъӕн ис, Паддзахӕдты 4-ӕм чиныг чи ныффыста ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстады хай кӕй у, уый тыххӕй ӕмӕ дзы цы рӕстӕгыл цӕуы дзырд?
2 Сӕрысуангӕй Паддзахӕдты 3-аг ӕмӕ 4-ӕм чингуытӕ иу тыхтон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ 3-аг чиныджы тыххӕй цы дзырдӕуыд, зӕгъӕм, Иеремиа йӕ кӕй ныффыста, Сыгъдӕг Фыстады хай кӕй у ӕмӕ дзы ӕцӕг цаутӕ кӕй ис фыст — уыдон иууылдӕр хауынц 4-ӕм чиныгмӕ дӕр. Паддзахӕдты 4-ӕм чиныг фыст фӕцис н. э. агъоммӕ 580 азмӕ ӕввахс. Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд, уый райдыдта н. э. агъоммӕ 920 азмӕ ӕввахс, Охози Израилы хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд, ӕмӕ ахаста н. э. агъоммӕ 580 азы онг, Иехони ахӕсты 37-ӕм аз куы уыд, уӕды онг (1:1; 25:27).
3. Цавӕр ахсджиаг археологон ссардтытӕ дзурынц Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы цауты растдзинадыл?
3 4-ӕм Паддзахӕдты фыст цауты фарс дзурынц археологон сардтытӕ ӕмӕ бӕлвырд кӕнынц чиныджы растдзинад. Зӕгъӕм, уыдонмӕ хауы зындгонд Моавитаг дур; моавитаг паддзах Меса йыл ныффыста, Моав ӕмӕ Израилы ’хсӕн хӕст цӕй тыххӕй бацайдагъ, уый тыххӕй йӕ хъуыды (3:4, 5). Уымӕй уӕлдай ма Бритайнаг музейы, Лондоны, лӕууы сау базальтӕй арӕзт цыртдзӕвӕн ассириаг паддзах Салманасар III уӕлфыстимӕ, цыран ис израилаг паддзах Ииуйы ном. Ссардтой ма ассириаг паддзах Тиглат-Паласар III (Фулы) цуркӕнгӕс фыстытӕ дӕр, уыдоны уый дзуры Израиль ӕмӕ Иудейы цалдӕр паддзахыл, уыимӕ Менаим, Ахаз ӕмӕ Факейыл (15:19, 20; 16:5—8)a.
4. Цӕмӕй бӕрӕг у, Паддзахӕдты 4-ӕм чиныг Хуыцауы удцырын Фыстады ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай кӕй у, уый?
4 Ацы чиныджы ӕцӕг цаутӕ кӕй ис, уымӕн хорз бӕлвырдгӕнӕн у, куыд ӕргомӕй дзы цӕуы дзырд, Иегъовӕ йӕ адӕмыл йӕ тӕрхӕттӕ куыд сӕххӕст кодта, ууыл. Израилы паддзахад, стӕй та Иудейы паддзахад дӕр, куы бабын сты, уӕд рабӕрӕг, Дыккаг закъоны 28:15—29:28-ӕм стихты Иегъовӕйы пехуымпарадон фӕдзӕхстытӕ ӕрмӕст ныхӕстӕ кӕй нӕ уыдысты, уый. Уыцы паддзахӕдтӕ куынӕггонд кӕй ӕрцыдысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «Иегъовӕ мӕстӕй рафыхт уыцы бӕстӕмӕ, ӕмӕ йыл, ацы чиныджы цы ӕлгъыстытӕ ис, уыдон иууылдӕр ӕрцыдысты» (Дык. з. 29:27; 4 Пад. 17:18; 25:1, 9—11). Сыгъдӕг Фыстады ӕндӕр рӕтты дӕр ӕмбӕрстгонд цӕуынц, 4-ӕм Паддзахӕдты ма цы цаутӕ ис фыст, уыдон. Лукайы 4:24—27-ӕм стихты Йесо Илиа ӕмӕ сарептӕйаг идӕдз усы тыххӕй куы загъта, уый фӕстӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста Елисей ӕмӕ Нееманы, цӕмӕй равдыстаид, йӕхи дӕр ын куыд пехуымпары йӕ райгуырӕн бӕстӕйы цӕуылнӕ райстой, уый. Афтӕмӕй бӕрӕг у, Паддзахӕдты 3-аг ӕмӕ 4-ӕм чингуытӕ кӕй сты Сыгъдӕг Фыстады ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай.
ЦЫ ПАЙДА У
33. Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы цавӕр фӕзминаг дӕнцӕгтӕ ис?
33 Кӕд Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы дзырд цӕуы Израиль ӕмӕ Иудейы паддзахӕдты сӕфтыл, уӕддӕр дзы ис, Иегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын йӕ рӕстаг принциптӕн чи аргъ кодта, уыцы адӕмӕн куыд арфӕ кодта, уый ӕвдисӕг бирӕ цӕвиттонтӕ. Сарептӕйаг идӕдз усау сонамитаг сылгоймаг дӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ райста, Хуыцауы пехуымпары кӕй суазӕг кодта, уый тыххӕй (4:8—17, 32—37). Адӕймаджы цы хъӕуы, уый Иегъовӕйӕн йӕ бон алкӕддӕр кӕй у радтын, уый ӕвдыст ӕрцыд, Елисей сӕдӕ адӕймаджы ссӕдз дзулӕй куы бафсӕста, уӕд. Фӕстӕдӕр ма Йесо дӕр равдыста ахӕм диссӕгтӕ (4 Пад. 4:42—44; Матф. 14:16—21; Маркы 8:1—9). Ахъуыды ма кӕн, куыд арфӕгонд ӕрцыд Ионадав, Ииуй йӕ йӕ бӕхуӕрдоныл куы сбадын кодта, цӕмӕй йемӕ ацыдаид ӕмӕ федтаид Ваалы кувджыты куынӕгдзинад, уӕд. Ӕмӕ уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕ цӕмӕн райста? Уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕлмӕ нӕ каст, фӕлӕ йӕхӕдӕг рацыд иузӕрдион Ииуйы размӕ, цӕмӕй йын салам радтаид (4 Пад. 10:15, 16). Ӕппынфӕстаг ма чиныджы ис, Иегъовӕйы ном ӕмӕ Закъонӕн ӕмбӕлон аргъ чи кодта, уыцы сӕрныллӕг Езеки ӕмӕ Иосийы диссаджы дӕнцӕгтӕ (19:14—19; 22:11—13). Уыдон махӕн сты фӕзминаг.
34. Паддзахӕдты 4-ӕм чиныг нын цы дзуры Хуыцауы нысангонд лӕггадгӕнджытӕн кад кӕныны тыххӕй ӕмӕ тугкалды тыххӕй?
34 Иегъовӕ ӕнцад нӕ фӕкӕсы, йӕ нысангонд лӕггадгӕнджыты йын куы фефхӕрынц, уӕд. Иегъовӕйы пехуымпар Елисейӕ къулбадӕг сывӕллӕттӕ куы хынджылӕг кодтой, уӕд сын Хуыцау уайтагъд сӕ бон базонын кодта (2:23, 24). Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕ нӕ рох кӕны, ӕнаххосӕй кӕй туг ныккалд, уыдоны дӕр. Хуыцау Ахавы хӕдзарӕн карз тӕрхон ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ рахаста, Ваалӕн кӕй куывтой, фӕлӕ ма уыимӕ адӕмы туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй дӕр. Афтӕ, Ииуй уыд нысангонд, цӕмӕй райстаид «Иезавелы къухӕй калд Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты туг». Ииуй Иорамыл тӕрхон куы сӕххӕст кодта, уӕд ӕрхъуыды кодта Иегъовӕйы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «Навуфей ӕмӕ йӕ фыртты туг» райсдзынӕн (9:7, 26). Афтӕ Манасси дӕр тугкалды аххосджын кӕй уыд, уый тыххӕй ӕппынфӕстаг Иудейы паддзахад ӕрцыд куынӕггонд. Манасси мӕнг хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ тӕригъӕд кӕй арӕзта, уый йын фаг нӕ уыд, фӕлӕ ма «Иерусалим иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ [тугӕй] байдзаг кодта». Ӕмӕ кӕд Манасси фӕстӕдӕр йӕ ӕвзӕр митыл ӕрфӕсмон кодта, уӕддӕр тугкалды аххосджынӕй баззад (2 Пар. 33:12, 13). Уӕдӕ ӕппӕт гуымирыты чи скуынӕг кодта, уыцы хорз паддзах Иосийы хицауиуӕгадӕн дӕр йӕ бон не сси, цӕмӕй суанг Манассийӕ цы тугкалды аххосаг баззад, уый систаид. Цалдӕр азы фӕстӕ Иегъовӕ Иерусалимы ныхмӕ йӕ тӕрхон ӕххӕстгӕнджыты куы растын кодта, уӕд фехъусын кодта, зӕгъгӕ, уый сыл ӕрцыд, Манасси «Иерусалим ӕнаххос тугӕй кӕй байдзаг кодта, уый тыххӕй», ӕмӕ йӕ «нӕ бафӕндыд ныххатыр кӕнын» (4 Пад. 21:16; 24:4). Уӕдӕ Йесо дӕр загъта, зӕгъгӕ, н. э. I ӕнусы Иерусалим куынӕггонд ӕрцӕудзӕн, йӕ сауджынтӕ, пехуымпарты туг чи ныккалдта, уыдоны фырттӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сыл ӕрцӕудзӕн, «зӕххыл цы ӕппӕт раст туг калд ӕрцыд, уый» (Матф. 23:29—36). Хуыцау адӕмы фӕдзӕхсы, кӕй райсдзӕн ӕнаххос адӕмы туг, уӕлдайдӕр та «мард чи ӕрцыд Хуыцауы дзырды тыххӕй», уыдоны туг (Рарг. 6:9, 10).
35. а) Куыд сбӕлвырд, Илиа, Елисей ӕмӕ Исай ӕцӕг пехуымпартӕ кӕй уыдысты, уый? ӕ) Петр пехуымпарады тыххӕй цы загъта, уый Илиамӕ куыд ис ахӕссӕн?
35 Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы ма ӕвдыст цӕуы, Иегъовӕ йӕ рагзагъд тӕрхӕттӕ куыд бӕлвырд сӕххӕст кӕны, уый. Нӕ хъусдард здӕхт цӕуы ӕртӕ зынгӕ пехуымпармӕ: Илиа, Елисей ӕмӕ Исаймӕ. Се ’ртӕйы пехуымпарӕдтӕ дӕр сӕххӕст сты диссаджы хуызы (4 Пад. 9:36, 37; 10:10, 17; 3:14, 18, 24; 13:18, 19, 25; 19:20, 32—36; 20:16, 17; 24:13). Илиа ӕцӕг пехуымпар кӕй уыд, уый ма сбӕлвырд, Йесо Чырысти, Номдзыд Пехуымпар, йӕ хуыз куы фӕивта, уӕд йӕ разы Илиа ӕмӕ пехуымпар Моисей кӕй уыдысты, уымӕй (Матф. 17:1—5). Уыцы диссаджы цӕстылуайӕны кой кӕнгӕйӕ, Петр загъта: «Айимӕ ма ис нӕм иуыл ӕцӕг пехуымпарады дзырд [«уымӕ гӕсгӕ мах ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм пехуымпарадон ныхасыл», НД]; ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уӕхи уымӕ кӕй здахут, талынг ран чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ, цалынмӕ не срухс уа бон, ӕмӕ бонвӕрнон не скӕса уӕ мидзӕрдӕты, уӕдмӕ» (2 Пет. 1:19, НФ).
36. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕмӕн хатыр кодта ӕмӕ ноджы тынгдӕр Мыггаджы Паддзахадыл цӕмӕ гӕсгӕ ӕууӕндӕм?
36 Паддзахӕдты 4-ӕм чиныджы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон ӕргом ӕвдисынц, мӕнг хуыцӕуттӕн чидӕриддӕр кувы ӕмӕ ӕнаххос адӕмы туг барӕй чидӕриддӕр калы, уыдонӕн Иегъовӕ мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕссы, уый. Иегъовӕ йӕ адӕммӕ дардта хорз зӕрдӕ ӕмӕ сын хатыр кодта, «Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ цы цӕдис скодта, уый тыххӕй» (4 Пад. 13:23). Уый сӕ хъахъхъӕдта «йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй» (8:19). Абон Хуыцаумӕ чи раздӕха, уыдонмӕ дӕр уый афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уыдзӕн. Библийы фыст хабӕрттӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, мах ноджы ныфсджындӕрӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм «Давиды Фырты», зӕрдӕвӕрд Мыггаг Йесо Чырыстийы Паддзахадмӕ, цыран нал уыдзӕн тугкалд ӕмӕ фыддзинад! (Матф. 1:1; Ис. 2:4; Пс. 144:20).
[Фиппаинаг]