Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi01 13–15 фф.
  • Библийы 16-ӕм чиныг — Нееми

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 16-ӕм чиныг — Нееми
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 8 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 8 хай
bsi01 13–15 фф.

Библийы 16-ӕм чиныг — Нееми

Фыссӕг: Нееми

Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 443 азы фӕстӕ

Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 456—443 азы фӕстӕ

1. Нееми цавӕр бӕрнон бынат ахста ӕмӕ сӕйраджыдӕр цӕуыл хъуыды кодта?

НЕЕМИЙЫ ном нысан кӕны «Иагъ дӕтты удӕнцой». Уый уыд иудейаг лӕг, лӕггад кодта Персы паддзах Артаксерксмӕ (Даргъцонгмӕ). Нееми уыд паддзахы сӕндар. Ацы бӕрнон ӕмӕ кадджын бынатмӕ чифӕнды дӕр бабӕллыдаид, уымӕн ӕмӕ уый лӕвӕрдта фадат паддзахмӕ бахатынӕн, йӕ хорз зӕрдӕйы уагыл-иу куы уыд ӕмӕ-иу ӕнӕзивӕгӕй хорзӕхтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд. Фӕлӕ Нееми уыд, Иерусалим йӕ «циндзинадӕй» уӕлдӕр кӕмӕн уыд, уыцы иузӕрдион уацары уӕвӕг иудейтӕй сӕ иу (Пс. 136:5, 6, СПб). Уый сӕйраджыдӕр хъуыды кодта бӕрзонд бынат кӕнӕ хъӕздыгдзинӕдтыл нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы кувынад сфидар кӕныныл.

2. Неемийы удхарӕй цы мардта, фӕлӕ цавӕр нысангонд рӕстӕг ӕрцӕйхӕццӕ кодта?

2 Н. э. агъоммӕ 456 азы, «уацарӕй чи рацыд», ома иудейтӕй ма чи баззад ӕмӕ Иерусалиммӕ чи раздӕхт, уыдоны уавӕр сӕ хуыздӕртӕй нӕ уыд. Иудейтӕ уыдысты кӕуинаг уавӕры (Нееми 1:3). Сахары сис ма лӕууыд хӕлдӕй, адӕмы та ӕдзухдӕр сӕ къӕхты бын кодтой сӕ ныхмӕдзӕуджытӕ. Неемийы уыдӕттӕ удхарӕй мардтой. Фӕлӕ ӕрцӕйхӕццӕ кодта Иегъовӕйы нысангонд рӕстӕг Иерусалимы сисы уавӕр фӕивынӕн. Ӕмӕ ницавӕр знӕгтӕ бахъыгдардтаиккой Иерусалим ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕг сис ногӕй рацаразынӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы цауӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтаид, Иегъовӕ Данелӕн Мессиайы ӕрцыды тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый (Дан. 9:24—27). Уӕдӕ, Иегъовӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ иузӕрдион Неемийы уылты йӕ фӕндон сӕххӕст кодта.

3. а) Ацы чиныг Нееми кӕй ныффыста, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис ӕмӕ чиныг Неемийы ном куыд райдыдта хӕссын? ӕ) Ацы чиныг ӕмӕ Ездрӕйы чиныджы хабӕртты ’хсӕн цал азы ис ӕмӕ Неемийы чиныджы дзырд цы рӕстӕгыл цӕуы?

3 Ӕппындӕр гуырысхойаг нӕу, Нееми кӕй ныффыста, йӕ ном ын чи хӕссы, уыцы чиныг. Уый бӕлвырд кӕны чиныджы фыццаг хъуыдыйад: «Ахалийы фырт Неемийы ныхӕстӕ» ӕмӕ архайд фыццаг цӕсгомы кӕй цӕуы, уый (Нееми 1:1). Тӕккӕ райдайӕны Ездрӕ ӕмӕ Неемийы чингуытӕ уыдысты иу чиныг, ӕмӕ уый хуынд Ездрӕйы чиныг. Фӕстӕдӕр иудейтӕ чиныг адих кодтой Ездрӕйы 1-аг ӕмӕ 2-аг чингуытыл, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Ездрӕйы 2-аг чиныг схуыдтой Неемийы чиныг. Ездрӕ фӕстагмӕ цы цауты кой кӕны ӕмӕ Нееми фыццаг цы цаутыл дзуры, уыдоны ’хсӕн ис 12 азы; афтӕмӕй, Неемийы чиныджы дзырд цӕуы, н. э. агъоммӕ 456 азы кӕрон чи райдыдта ӕмӕ н. э. агъоммӕ 443 азы фӕстӕ цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоныл (1:1; 5:14; 13:6).

4. Неемийы чиныг Фыстады иннӕ чингуытимӕ разы куыд у?

4 Неемийы чиныг разы у Хуыцауы удцырын Ныхасы иннӕ чингуытимӕ ӕмӕ дзы ахсы ӕмбӕлон бынат. Уым бирӕ хӕттыты хаст цӕуынц Закъоны ныхӕстӕ, зӕгъӕм, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ бахӕстӕг кӕныны тыххӕй (Дык. з. 7:3; Нееми 10:30), ӕфстау дӕттыны тыххӕй (Лев. 25:35—38; Дык. з. 15:7—11; Нееми 5:2—11) ӕмӕ халагъудты бӕрӕгбоны тыххӕй (Дык. з. 31:10—13; Нееми 8:14—18). Уымӕй уӕлдай ма чиныджы ис фыст, Данелы пехуымпарады сӕххӕсты тыххӕй, зӕгъгӕ, Иерусалим ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн; ӕцӕг уый ӕнӕ ныхмӕдзыдӕй нӕ уыдзӕн, фӕлӕ «тыхст заманы» (Дан. 9:25).

5. а) Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Артаксеркс йӕ къухмӕ паддзахы бартӕ н. э. агъоммӕ 475 азы кӕй райста, уымӕн? ӕ) Йӕ хицауиуӕгады 20-ӕм аз цавӕр азмӕ хауы? б) Нееми ӕмӕ Лукайы чингуытӕ куыд баст сты Данел Мессиайы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый сӕххӕстимӕ?

5 Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Нееми Иерусалиммӕ кӕй ӕрыздӕхт н. э. агъоммӕ 455 азы сахары сис ногӕй самайынмӕ? Грекъаг, персайнаг ӕмӕ вавилойнаг документтӕй ист ӕууӕнчы аккаг историон бӕлвырдгӕнӕнтӕ дзурынц, Артаксеркс н. э. агъоммӕ 475 азы паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ н. э. агъоммӕ 474 аз йӕ паддзахиуӕгады фыццаг аз кӕй уыд, уыйa. Уӕдӕ йӕ хицауиуӕгады 20-ӕм аз хауы н. э. агъоммӕ 455 азмӕ. Неемийы 2:1—8-ӕм стихты ӕвдыст цӕуы, уыцы аз уалдзӕджы, дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ нисаны мӕй, паддзахы сӕндар Неемийӕн паддзах кӕй радта бар Иерусалим, йӕ сис ӕмӕ йӕ кулдуӕрттӕ ногӕй саразынӕн. Данелы пехуымпарады дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «Иерусалим ногӕй саразыны дзырд цы заманы рацӕуа, уӕдӕй райдайгӕйӕ Хицау Чырыстийы онг» кӕй рацӕудзӕн 69 азон къуырийы, кӕнӕ 483 азы. Ацы пехуымпарад диссаджы хуызы сӕххӕст н. э. 29 азы, Йесо сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ӕрцыд, уӕд, уый афтӕ у историкты хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕрb (Дан. 9:24—27; Лук. 3:1—3, 23). Неемийы ӕмӕ Лукайы чингуытӕ ӕцӕгӕйдӕр сты ӕнгом баст Данелы пехуымпарадимӕ ӕмӕ ацы диссаджы бастдзинад ӕвдисы, Иегъовӕ Хуыцау кӕй у ӕцӕг пехуымпарӕдты Автор ӕмӕ Ӕххӕстгӕнӕг! Неемийы чиныг ӕцӕгдӕр у Хуыцауы удцырын Фыстады хай.

ЦЫ ПАЙДА У

16. Раст кувынад чи уарзы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Нееми цавӕр диссаджы дӕнцӕг равдыста?

16 Нееми Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыд, уый хъуамӕ ныфс дӕтта, раст кувынад зынаргъ кӕмӕн у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уый ныууагъта йӕ кадджын бынат, цӕмӕй суыдаид Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн сӕрныллӕг цӕстдарӕг. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бакуымдта, цы ӕфтиаг ӕм ӕмбӕлд, уый дӕр ӕмӕ ӕргом дзырдта ӕхцауарзондзинады ныхмӕ. Нееми зӕрдиагӕй архайдта Иегъовӕйы кувынады фарс ӕмӕ адӕмы дӕр уымӕ разӕнгард кодта (5:14, 15; 13:10—13). Уый махӕн у диссаджы дӕнцӕг, уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн никуы ницы агуырдта, уыд зондджын ӕмӕ хъуыддаджы лӕг, тӕссаг уавӕры рӕстдзинады фарс хъӕбатырӕй лӕууыд (4:14, 19, 20; 6:3, 15). Уымӕ уыд Хуыцауы ’фсарм ӕмӕ архайдта Иегъовӕйы иннӕ лӕггадгӕнджыты уырнындзинад фидар кӕныныл (13:14; 8:9). Уый фидарӕй ӕххӕст кодта Иегъовӕйы закъон, уӕлдайдӕр та дзырд куы цыд раст кувынадыл ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕгты ӕндӕвдад аиуварс кӕныныл, зӕгъӕм, муртаттимӕ бахӕстӕг кӕныныл, уӕд (13:8, 23—29).

17. Нееми Хуыцауы закъон куыд зыдта ӕмӕ йӕ куыд ӕххӕст кодта, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?

17 Неемийы чиныг кӕсгӕйӕ ис фенӕн, Нееми Иегъовӕйы закъон хорз кӕй зыдта ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕй хорз кӕй пайда кодта. Уый Хуыцаумӕ куывта Дыккаг закъоны 30:1—4-ӕм стихты зӕрдӕвӕрд арфӕдзинады тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндыд, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы пайдайӕн йӕ дзырд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (Нееми 1:8, 9). Нееми бацархайдта бирӕ ӕмбырдтӕ саразыныл, сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй иудейты базонгӕ кодтаид, раздӕры заманты фыст цы ӕрцыд, уыимӕ. Нееми ӕмӕ Ездрӕ, адӕмӕн Закъон кӕсгӕйӕ, зӕрдиагӕй архайдтой Хуыцауы Ныхас адӕмӕн ӕмбарын кӕныныл ӕмӕ сӕ хъус дардтой, цӕмӕй йӕ алчидӕр ӕххӕст кодтаид (8:8, 13—16; 13:1—3).

18. Цӕуыл ахуыр кӕнынц цӕстдарджытӕ иууылдӕр, Нееми Хуыцаумӕ куыд куывта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ куыд дардта, уымӕй?

18 Нееми Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ куыд дардта ӕмӕ йӕм куыд сӕрныллӕгӕй куывта, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй мах дӕр Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ ӕууӕндӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн, ууыл. Дӕ хъус ма ӕрдар, йӕ куывтыты Хуыцауы куыд кадджын кодта, куыд саст йӕ адӕмы тӕригъӕдтыл ӕмӕ куыд куырдта, цӕмӕй Иегъовӕйы ном скадджын уыдаид (1:4—11; 4:14; 6:14; 13:14, 29, 31). Ацы ӕнувыд цӕстдарӕг Хуыцауы адӕмӕн ныфсы хос кӕй уыд, уый бӕрӕг у, йӕ зондджын разамындмӕ йын куыд зӕрдӕбынӕй хъуыстой ӕмӕ йемӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд ӕхсызгонӕй архайдтой, уымӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, диссаджы дӕнцӕг! Уыцы иу рӕстӕджы уынӕм, зондджын цӕстдарӕг адӕмы раз куы нӕ уыд, уӕд ӕхцауарзондзинад, гӕртамисынад ӕмӕ ӕргом аздӕхынад уидӕгтӕ куыд тагъд ауагътой! Абон Хуыцауы адӕмӕн цӕстдарджытӕй чи лӕггад кӕны, уый уыдонӕн хъуамӕ баххуыс кӕна бамбарынӕн, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй зӕрдиагӕй архайой, уой цырддзаст, сӕ чырыстон ӕфсымӕрты домӕнтыл тыхсой ӕмӕ сӕ раст кувынады фӕндагыл кӕнгӕйӕ, уой тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фидар.

19. а) Нееми Хуыцауы Ныхасы ӕххуысӕй куыд фидар кодта иудейты уырнындзинад, Паддзахады зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл? ӕ) Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджыты Паддзахады ныфс цӕмӕ разӕнгард кӕны?

19 Нееми ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндыд Хуыцауы Ныхасыл. Уый нӕ уыд ӕрмӕстдӕр Фыстады зӕрдиаг ахуыргӕнӕг, фӕлӕ ма Хуыцауы Ныхасы ӕххуысӕй сбӕлвырд кодта, йӕ къахыл слӕууӕг Хуыцауы адӕмы фӕлтӕртӕм цы зӕххытӕ хауд, уыдон ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левитты лӕггаддзинады фӕткӕвӕрд (Нееми 1:8; 11:1—12:26; Йесо Н. 14:1—21:45). Иудейтӕй ма чи баззад, уыдонӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый уыд зӕрдӕфидаргӕнӕн. Уый руаджы тынгдӕр ӕууӕндыдысты, кӕй сӕххӕст уыдзысты рагзагъд диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ Мыггаджы тыххӕй ӕмӕ Йӕ Паддзахады хицауиуӕгады рӕстӕджы цы стыр рацарӕзт уыдзӕн, уый тыххӕй. Абон уыцы ногӕй рацарӕзты ныфс Хуыцауы лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны Паддзахады хъуыддаджы фарс фидар лӕууынмӕ ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр раст кувынад фидар кӕнынмӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

a «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 613—616 фӕрстӕ, англ.

b «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 899—901 фӕрстӕ, англ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын