Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi01 15–17 фф.
  • Библийы 17-ӕм чиныг — Есфир

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 17-ӕм чиныг — Есфир
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 8 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 8 хай
bsi01 15–17 фф.

Библийы 17-ӕм чиныг — Есфир

Фыссӕг: Мардохей

Кӕм ӕрцыд фыст: Сузӕйы (Еламы)

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 475 азмӕ ӕв.

Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 493—475 азмӕ ӕв.

1. Цӕуыл цӕуы дзырд Есфиры чиныджы?

ХУЫМӔТӔГӔЙ куы зӕгъӕм, уӕд ацы чиныджы ис фыст персайнаг паддзах Артаксерксы, кӕнӕ иуӕй-иутӕм гӕсгӕ Ксеркс I, царды хабӕрттӕ. Артаксеркс йӕ ӕгоммӕгӕс ус Астины бӕсты ракуырдта дзуттаг чызг Есфиры, Мардохейы фыдыфсымӕры чызджы. Вугейаг Аман фӕнд кӕны Мардохей ӕмӕ иудейты се ’ппӕты дӕр фесафын, фӕлӕ йын фӕстагмӕ йӕхи ӕрцауыгътой, йӕхӕдӕг цы цӕджындз ӕрцӕттӕ кодта, ууыл. Мардохей ӕвӕрд ӕрцыд паддзахы фӕстӕ дыккаг адӕймагӕй, иудейтӕ та фервӕзтысты се знӕгтӕй.

2. а) Иуӕй-иутӕ цӕмӕн дызӕрдыг кӕнынц, Есфиры чиныг Хуыцауы удцырынӕй фыст кӕй у, ууыл? ӕ) Есфиры чиныджы Хуыцауы ном цавӕр формӕйы ис?

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ахӕмтӕ дӕр, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Есфиры чиныг нӕдӕр Хуыцауы удцырынӕй фыст у, нӕдӕр пайда, фӕлӕ у ӕрмӕстдӕр рӕсугъд таурӕгъ. Уыцы чиныджы Хуыцауы ном кӕй нӕй, ахӕм хатдзӕгтӕ дӕр уымӕн кӕнынц. Фӕлӕ дзы кӕд ӕцӕгдӕр Хуыцауы тыххӕй комкоммӕ нӕ дзырдӕуы, уӕддӕр рагон дзуттаг тексты ис фенӕн цыппар акростихы тетраграмматонимӕ, ома, фӕд-фӕдыл цы цыппар дзырды лӕууы, уыдоны фыццаг дамгъӕтӕ иумӕ куы сӕвӕрӕм, уӕд сӕ рауайдзӕн ИГЪВГЪ (дзуттагау יהוה), кӕнӕ Иегъовӕ. Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ дзуттаг къухфысты ацы фыццаг дамгъӕтӕ сты стырӕй фыст, масоретаг текстты та сты сырхӕй фыст. Уымӕй уӕлдай ма Есфиры 7:5-ӕм стихы (НД) дӕр ис акростих ӕмӕ у Хуыцауы ныхас, «Ӕз суыдзынӕн, чи хъуамӕ суон, уый», зӕгъгӕ. (Кӕс «Ног Дунейы тӕлмац»-ы Есфиры 1:20; 5:4, 13; 7:7-ӕм стихтӕм, стӕй ма 7:5-ӕм стихмӕ дӕр цы сноскӕтӕ ис, уыдон.)

3. Цавӕр цаутӕ амонынц, иудейтӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕм кӕй куывтой, уымӕ, ӕмӕ цавӕр цаутӕ ӕвдисынц, хъуыддӕгтӕ Хуыцауы арӕзт кӕй уыдысты, уый?

3 Чиныджы тынг хорз зыны, Мардохей Иегъовӕйы закъонӕн аргъ дӕр кӕй кодта ӕмӕ йӕ ӕххӕст дӕр кӕй кодта, уый. Уый йӕ сӕрӕй нӕ куывта Аманӕн, ӕвӕццӕгӕн, амаликаг чи уыд, уыцы адӕймагӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау амаликӕгтӕн рахаста скуынӕг кӕныны тӕрхон (Есф. 3:1, 5; Дык. з. 25:19; 1 Пад. 15:3). Есфиры 4:14-ӕм стихы Мардохей цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, ирвӕзындзинадмӕ Иегъовӕмӕ кӕй каст ӕмӕ кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау алцыдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй сараздзӕн. Есфир цалынмӕ паддзахмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ иудейтимӕ ӕртӕ боны дардта ком, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дардта (Есф. 4:16). Уымӕй уӕлдай ма Есфирмӕ устыты хъахъхъӕнӕг Гегай дзӕбӕх цӕстӕй кӕй ракаст, стӕй паддзахӕн йӕ хуыссӕг куы фӕлыгъд, уӕд бонфыстыты зӕрдылдарӕн чиныг кӕй ӕрбахӕссын кодта ӕмӕ кӕй базыдта, Мардохей йӕ хорз хъуыддаджы тыххӕй хорзӕхджын кӕй не ’рцыд, ӕппӕт уыдӕттӕ уыдысты Хуыцауӕй кӕнгӕ (Есф. 2:8, 9; 6:1—3; абар Фӕс. н. 21:1). Уӕдӕ ныхӕстӕ, «ком дарыны ӕмӕ сау маройы бонтӕ», зӕгъгӕ, ӕнӕмӕнгӕй амонынц, Хуыцаумӕ кӕй куывтой, уымӕ (Есф. 9:31).

4. Есфиры чиныг ӕууӕнчы аккаг кӕй у ӕмӕ дзы ӕцӕг цаутӕ кӕй ис фыст, уый кӕцӕй у бӕрӕг?

4 Есфиры чиныг ӕууӕнчы аккаг кӕй у ӕмӕ дзы ӕцӕг цаутӕ кӕй ис фыст, уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Дзуттӕгтӕ йын аргъ кодтой ӕмӕ йӕ хуыдтой хуымӕтӕгӕй Мегиллӕ, зӕгъгӕ, ома «тыхтон». Куыд зыны, афтӕмӕй чиныг Дзуттаг Фыстытӕм бахаста Ездрӕ, ӕмӕ уый мысгӕ ницы ӕркодтаид. Суанг ма абоны онг дӕр дзуттӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц Пуримы, ома «хӕлтты», бӕрӕгбон, Есфиры бонты диссаджы хуызы кӕй фервӕзтысты, уый зӕрдыл дарынӕн. Чиныг хорз ӕвдисы персайнаг ӕгъдӕуттӕ, стӕй зынгӕ историон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ археологон ссардтытӕ цы ӕвдисынц, уымӕй нӕ хицӕн кӕны. Зӕгъӕм, Есфиры чиныджы бӕлвырд ӕвдыст цӕуы, персайнӕгтӕ-иу адӕймагӕн куыд скад кодтой, уый (6:8). Археологон ссардтытӕ раргом кодтой, Есфиры чиныджы паддзахы галуаны тыххӕй алцыдӕр суанг лыстӕгдзинӕдты онг раст фыст кӕй у, уыйa (5:1, 2).

5. Есфиры чиныджы растдзинад куыд ӕвдисы, ӕцӕг цаутӕ дзы кӕй ис фыст, уый ӕмӕ цы ’взагыл ӕрцыд фыст, уый цавӕр дугмӕ амоны?

5 Цауты растдзинад ма ис фенӕн радзырдӕн йӕхи мидӕг дӕр. Зӕгъӕм, раст фыст дзы сты паддзахы фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнджыты нӕмттӕ ӕмӕ ма Аманы дӕс фырты нӕмттӕ дӕр. Мардохей ӕмӕ Есфиры хӕдзарвӕндаг дзы амынд у суанг Кисы онг, ӕмӕ уыдон иууылдӕр уыдысты Вениамины хӕдзарвӕндагӕй (2:5—7). Дзырд ма дзы цӕуы Персы паддзӕхты документтыл дӕр (2:23; 6:1; 10:2). Чиныг фыст у ивритыл, ис дзы бирӕ персайнаг ӕмӕ арамейаг дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ, йӕ стиль та у Паралипоме́ноны, Ездрӕ ӕмӕ Неемийы чингуыты стилы хуызӕн; афтӕмӕй бӕрӕг у, цы дуджы уыд фыст, уый.

6. а) Есфиры чиныджы цы рӕстӕгыл цӕуы дзырд? ӕ) Бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн, чиныг чи ныффыста, кӕм ӕмӕ кӕд ӕрцыд фыст, уый тыххӕй?

6 Куыд зыны, афтӕмӕй Есфиры чиныджы фыст цаутӕ цыдысты, Перс ӕппӕтдунеон хъомысджын паддзахад куы уыд, уӕд ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, Артаксерксы (Ксеркс I) хицауиуӕгады иу-18 азыл. Уыцы рӕстӕг, кӕцы ахаста н. э. агъоммӕ 475 азмӕ ӕввахс, бӕлвырдгонд ӕрцыд грекъаг, персайнаг ӕмӕ вавилойнаг документтӕйb. Ӕвӕццӕгӕн, чиныг ныффыста Мардохей, цаутӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ дзы сӕйраг архайӕг чи уыд, уый. Алцӕуылдӕр куыд зӕрдиагӕй ӕмӕ куыд биноныгӕй цӕуы дзырд, уый ӕвдисы, автор уыцы цауты йӕхӕдӕг кӕй иста хайад, паддзахы галуаны Сузӕйы цӕргӕйӕc. Кӕд Мардохейы тыххӕй Библийы иннӕ чингуыты ницы дзырдӕуы, уӕддӕр дызӕрдыггаг нӕу, уый ӕцӕгдӕр кӕй цард. Цымыдисаг у, кӕй ссардтой ӕнӕдатӕгонд цуркӕнгӕс фыст текст; уым, гермайнаг ахуыргонд А. Унгнады ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис Мардука̂йы (ӕвӕццӕгӕн, Мардохейы) кой, уый кӕй ахста стыр бынат паддзахы галуаны Сусӕйы (Сузӕйы) Ксеркс I паддзахиуӕгады рӕстӕджыd. Мардохей растдӕр Сузӕйы фӕци фыст Есфиры чиныг, цаутӕ куы ӕрцыдысты, уый тӕккӕ фӕстӕ, ома, н. э. агъоммӕ иу 475 азы.

ЦЫ ПАЙДА У

16. Есфиры чиныджы цавӕр библион принциптӕ ӕмӕ фӕзминаг дӕнцӕг ис чырыстӕттӕн?

16 Кӕд Библийы фысджытӕй иу дӕр Есфиры чиныгмӕ комкоммӕ нӕ амоны, уӕддӕр ацы чиныг у Хуыцауы удцырын Фыстады иннӕ хӕйттимӕ ӕнгом баст. Уым ис фенӕн, фӕстӕдӕр Чырыстон Грекъаг Фыстыты чи ӕрцыд фыст ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр пайда чи у, уыцы библион принциптӕ. Дӕлдӕр лӕвӕрд библион стихтӕ раиртасын канд, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый сбӕлвырд кӕнынӕн нӕ баххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ ма ахъаз фӕуыдзӕн чырыстӕтты уырнындзинад бафидар кӕнынӕн дӕр: Есфир 4:5 — Филиппӕгтӕм 2:4; Есфир 9:22 — Галатӕгтӕм 2:10. Иудейты куыд фӕаххосджын кодтой, паддзахы закъӕттӕ не ’ххӕст кӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕ аххосджын кодтой фыццаг чырыстӕтты дӕр (Есф. 3:8, 9; Ап. к. 16:21; 25:7). Иегъовӕйы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты ахӕм хъуыддӕгты куы фӕзылынджын кӕнынц, уӕд уыдон фидар фӕлӕууынц, Хуыцаумӕ фӕкувынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕ фӕдарынц, йӕ тыхы руаджы сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Афтӕмӕй уыдон фӕзмынц Мардохейы, Есфиры ӕмӕ се ’мбӕстаг иудейты диссаджы дӕнцӕг (Есф. 4:16; 5:1, 2; 7:3—6; 8:3—6; 9:1, 2).

17. Мардохей ӕмӕ Есфир сӕ дӕнцӕгӕй куыд равдыстой, Хуыцауӕн ӕмӕ «уӕлдӕр хицауадӕн» куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй дӕлбариуӕг кодтой, уый?

17 Мах, чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, нӕ уавӕртӕ Мардохей ӕмӕ Есфиры уавӕрты хуызӕн не сты, зӕгъгӕ. Мах дӕр ацы дунейы стӕм ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ дӕлбариуӕг кӕнӕм «уӕлдӕр хицауадӕн». Цавӕрфӕнды бӕстӕйы ма цӕрӕм, мах фӕнды, цӕмӕй уӕм закъонӕн коммӕгӕс ӕмбӕстӕгтӕ, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕджы хъуамӕ раст ӕмбарӕм, цы нысан кӕны «дӕттын кесӕрыон кесӕрӕн, Хуыцауыон та Хуыцауӕн» (Ром. 13:1; Лук. 20:25). Паддзахы сӕйраг министр Мардохей ӕмӕ нын паддзахы ус Есфир ныууагътой диссаджы дӕнцӕг, паддзахады раз сын цы хӕстӕ уыд, уыдон куыд иузӕрдионӕй ӕмӕ куыд зӕрдиагӕй ӕххӕст кодтой, уымӕй (Есф. 2:21—23; 6:2, 3, 10; 8:1, 2; 10:2). Фӕлӕ уыимӕ Мардохей нӕ фӕтарст паддзахы бардзырд нӕ сӕххӕст кӕнынӕй ӕмӕ цъаммар вугейаг Аманӕн йӕ сӕрӕй нӕ куывта. Уымӕй уӕлдай ма Аман иудейты фесафынвӕнд куы скодта, уӕд Мардохей бацархайдта закъоны руаджы хъуыддаг сраст кӕныныл (3:1—4; 5:9; 4:6—8).

18. а) Есфиры чиныг «Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда» кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? ӕ) Ацы чиныг нӕ Хуыцауы Паддзахады фарс хӕцынмӕ куыд разӕнгард кӕны?

18 Бӕлвырдгӕнӕнтӕ иууылдӕр ӕвдисынц, Есфиры чиныг кӕй у, «Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда» чи у, уыцы Сыгъдӕг Фыстады хай. Кӕд дзы комкоммӕ Хуыцауы кӕнӕ йӕ номы тыххӕй нӕ дзырдӕуы, уӕддӕр нын уый ӕвдисы уырнындзинады диссаджы дӕнцӕгтӕ. Мардохей ӕмӕ Есфир не сты цавӕрдӕр аргъаугӕнӕджы ӕрымысгӕ фӕлгонцтӕ, фӕлӕ уыдон ӕцӕгӕй дӕр цардысты, уыдысты Иегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыдысты, Иегъовӕ йӕ тыхы руаджы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл. Кӕд ӕмӕ уыдон дӕлбариуӕг кодтой ӕцӕгӕлон бӕстӕйы «уӕлдӕр хицауадӕн», уӕддӕр уыдон пайда кодтой алы закъонон мадзӕлттӕй Хуыцауы адӕмы ӕмӕ сӕ кувынады фарс хӕцынӕн. Махӕн абон нӕ бон у уыдоны фӕзмын, ома, Хуыцауы ирвӕзынгӕнӕг Паддзахады тыххӕй «хорз уацхъуыды фарс хӕцын ӕмӕ йӕ закъонмӕ гӕсгӕ фидар кӕнын» (Фил. 1:7, НД).

[Фиппаинӕгтӕ]

a «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 764 фарс; 2 том, 327—331 фӕрстӕ, англ.

b «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 613—616 фӕрстӕ, англ.

c Макклинток ӕмӕ Стронгы энциклопеди, ногӕй мыхуыргонд, 1981 аз, III том, 310 фарс.

d А. Унгнад, «Keilinschriftliche Beiträge zum Buch Esra und Ester», «Zeitschrift für die alttestamentliche Wissenschaft», LVIII (1940, 1941 азтӕ), 240—244 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын