42 сӕр
Йесо уайдзӕф кӕны фарисейтӕн
ЙЕСО йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый хӕйрӕджыты Сайтаны тыхӕй куы сырдтаид, уӕд Сайтан йӕхимидӕг фӕдих уыдаид. «Кӕнӕ нымайут бӕлас хорзыл ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр хорзыл,— дзуры дарддӕр Йесо,— кӕнӕ нымайут бӕлас ӕвзӕрыл ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр ӕвзӕрыл; уымӕн ӕмӕ бӕлас базонынц йӕ дыргъӕй».
Бынтондӕр раст нӕу Йесойы уыцы хъуыддаджы зылынджын кӕнын, зӕгъгӕ, хӕйрӕджыты фӕсургӕйӕ, цы хорз дыргъ ӕрхаста, уый Сайтаны лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый фӕрцы у. Дыргъ хорз куы уа, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ бӕлас ӕвзӕр уа. Уый хыгъд фарисейтӕ се ’взӕр дыргътӕй — Йесойыл цъыфкалӕн кӕй кӕнынц ӕмӕ ӕнӕхъуаджы йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уымӕй — сбӕлвырд кодтой, сӕхӕдӕг кӕй сты ӕвзӕр. «Калмы зӕнӕг! — дзуры сын Йесо,— куыд у уӕ бон хорз дзурын фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ? Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых».
Нӕ ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдӕйы уаг кӕй ӕвдисынц, уый тыххӕй ныл адӕм нӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ фӕтӕрхон кӕнынц. «Сымахӕн та зӕгъын,— ӕмбарын кӕны Йесо,— алкӕцы ӕнӕхъуаджы дзырды тыххӕй, кӕй зӕгъой адӕм, ратдзысты уыдон дзуапп тӕрхоны бон: уымӕн ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй сраст уыдзынӕ ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй тӕрхонгонд уыдзынӕ».
Кӕд Йесо бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр дзы фарисейтӕ домынц: «Ахуыргӕнӕг! фӕндид мах фенын Дӕуӕй нысан». Чи зоны Иерусалимӕй цы нӕлгоймӕгтӕ ӕрбацыд, уыдон сӕхи цӕстӕй нӕ федтой Йесойы диссӕгтӕ, фӕлӕ уӕддӕр ис, уыцы диссӕгтӕ чи федта, ахӕм адӕмы дырыс бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йесо зӕгъы иудейты разамонджытӕн: «Хинӕйдзаг ӕмӕ хӕтаг мыггаг агуры нысӕнттӕ; ӕмӕ йын нысан нӕ уыдзӕн лӕвӕрд пехуымпар Ионӕйы нысан йеддӕмӕ».
Ацы ныхӕсты нысаниуӕг ӕмбарынгӕнгӕйӕ, Йесо дарддӕр дзуры: «Уымӕн ӕмӕ Ионӕ куыд уыд киты [«стыр кӕсаджы», НД] гуыбыны ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы, афтӕ Адӕймаджы Фырт [дӕр] уыдзӕн зӕххы зӕрдӕйы ӕртӕ бон ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы». Ионӕйы кӕсаг куы аныхъуырдта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы раппӕрста, уӕд ын уый уыд райгасдзинады хуызӕн. Уымӕй Йесо срагзагъд кодта, кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздӕхдзӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йесо куы райгас, уӕддӕр иудейаг разамонджытӕ «Ионӕйы нысаныл» нӕ баууӕндыдысты.
Уый тыххӕй сын Йесо дзуры, Ионӕйы уацамынды фӕстӕ ӕрфӕсмонгӕнӕг ниневийӕгтӕ, Йесойы чи нӕ исы, уыцы иудейтыл тӕрхон кӕнынмӕ кӕй растдзысты. Афтӕ ма сын цӕвиттонӕн ӕрхаста, Соломоны зондджын ныхӕстӕм байхъусынмӕ дард бӕстӕй чи ӕрцыд ӕмӕ цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, ууыл дис чи кодта, уыцы хуссайраг ус-паддзахы. «Ӕмӕ мӕнӕ, ам ис Соломонӕй стырдӕр»,— загъта Йесо.
Уый фӕстӕ Йесо цӕвиттонӕн ӕрхаста, ӕнӕсыгъдӕг уд кӕмӕй рацыд, ахӕм адӕймаджы. Ӕнӕсыгъдӕг уд цы афтид бынат ныууагъта, уый уыцы адӕймаг хорз хъуыддӕгтӕй кӕй нӕ байдзаг кодта, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕсыгъдӕг уд фӕстӕмӕ авд ӕндӕр удимӕ бацыд ӕмӕ та йӕ мидӕг ӕрцард. «Афтӕ уыдзӕн ацы тызмӕг мыггагимӕ дӕр»,— зӕгъы Йесо. Уыцы адӕймаг рӕстӕгмӕ ӕнӕсыгъдӕг удӕй куыд ссӕрибар, афтӕ Израилы адӕм дӕр иухатт сыгъдӕггонд ӕмӕ растгонд ӕрцыдысты. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы пехуымпарты ныхмӕ кӕй цыдысты ӕмӕ ӕппынфӕстаг Чырыстийӕн йӕхи дӕр кӕй нӕ райстой, уымӕй рабӕрӕг, сӕ уавӕр райдианӕй бирӕ ӕвзӕрдӕр кӕй у.
Йесо йӕ ныхас нӕма фӕцис, афтӕ йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ адӕмы цур ӕрлӕууыдысты. Уымӕ гӕсгӕ йын чидӕр дзуры: «Мӕнӕ, Дӕ мад ӕмӕ Дӕ ӕфсымӕртӕ лӕууынц ӕддейӕ, Дӕуимӕ сӕ фӕнды ныхас кӕнын».
«Чи у Мӕ Мад, ӕмӕ чи сты Мӕ ӕфсымӕртӕ?» — фӕрсы Йесо. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацамонгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ Мӕ мад ӕмӕ Мӕ ӕфсымӕртӕ; уымӕн ӕмӕ чи ӕххӕст кӕна Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон, уый у Мӕнӕн ӕфсымӕр, ӕмӕ хо, ӕмӕ мад». Уымӕй Йесо равдыста, йӕ хӕстӕджытӕ йын цыфӕнды зынаргъ ма уой, уӕддӕр ын йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ахастытӕ зынаргъдӕр кӕй сты. Матфейы 12:33—50; Маркы 3:31—35; Лукайы 8:19—21.
▪ Фарисейтӕн сӕ «бӕлас» дӕр ӕмӕ сӕ «дыргъ» дӕр цы хуызы сты ӕвзӕр?
▪ Цы у «Ионӕйы нысан» ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр куыд нӕ райстой?
▪ Фыццаг ӕнусы Израилы адӕм, ӕнӕсыгъдӕг уд кӕмӕй рацыд, уыцы адӕймаджы хуызӕн куыд уыдысты?
▪ Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕнгом ахастытӕ кӕй ис, уый куыд равдыста?