Библийы 13-ӕм чиныг — 1 Паралипоменон
Фыссӕг: Ездрӕ
Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы (?)
Фыст цыд: н. э. агъоммӕ 460 азмӕ ӕв.
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 1077—1037 азтӕ (1 Паралипоменон 1—9 сӕртӕй фӕстӕмӕ)
1. Паралипоме́ноны 1-аг чиныг цӕмӕ гӕсгӕ ис нымайӕн Хуыцауы Ныхасы ахсджиаг ӕмӕ пайда хайыл?
ЦЫМӔ Паралипоме́ноны 1-аг чиныг ӕрмӕст алы мыггаджы фӕлтӕрты номхыгъд у? Ӕви фӕлхат кӕны Паддзахӕдты чингуыты фыст хабӕрттӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уыцы чиныг ӕмбарын кӕны бирӕ хабӕрттӕ ӕмӕ у Хуыцауы Ныхасы ахсджиаг хай. Уый ахсджиаг уыд, фыст куы цыд, уӕд, уымӕн ӕмӕ баххуыс кодта паддзахадон ӕмӕ динон ивындзинӕдтӕн, ӕмӕ ма суанг абоны онг дӕр у ахсджиаг ӕмӕ пайда, Хуыцауӕн кувын куыд хъӕуы, уый дӕнцӕг кӕй равдыста, уый тыххӕй. Паралипоме́ноны 1-аг чиныджы ис ссарӕн, Сыгъдӕг Фыстады Иегъовӕйы кадӕн цы диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Уый нын развӕлгъау диссаджы хуызы ӕвдисы Иегъовӕйы рӕстаг Паддзахады хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы Паддзахадыл йӕ ныфс чи дары, уыдонӕн уыдзӕн тынг ахъаз. Ӕнусты дӕргъы Паралипоме́ноны дыууӕ чиныгӕн дӕр тынг аргъ кодтой куыд израилӕгтӕ, афтӕ чырыстӕттӕ дӕр. Библи тӕлмацгӕнӕг Иероним Паралипоме́ноны 1-аг ӕмӕ 2-аг чингуытӕн афтӕ аргъ кодта, ӕмӕ сӕ схуыдта «рагон документтӕ цыбыртӕй фыст кӕм сты, ахӕм ӕмбырдгонд», стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, «уыдон афтӕ ахсджиаг сты, ӕмӕ афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, сыгъдӕг фыстытимӕ зонгӕ у, фӕлӕ уыцы чингуытимӕ зонгӕ нӕу, уый йӕхи сайы»a.
2. Цӕмӕ ӕрцыд фыст Паралипоме́нон?
2 Куыд зыны, афтӕмӕй раздӕр Паралипоме́ноны дыууӕ чиныджы дӕр уыдысты иу чиныг, кӕнӕ тыхтон, ӕмӕ уый фӕстӕдӕр дихгонд ӕрцыд дыууӕ хайыл ӕнцондӕрӕй пайда кӕнынӕн. Цӕмӕн ӕрцыд фыст Паралипоме́нон? Ӕркӕсӕм, цы рӕстӕджы уыд фыст, уымӕ. Иудейтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй рацыд 77 азы бӕрц. Фӕстӕмӕ ӕрцардысты сӕ зӕххыл. Фӕлӕ сын уӕддӕр тӕссаг уыд Иегъовӕйы кувынадӕй аздӕхынӕй, Иерусалимы ногӕй рацарӕзт кувӕндон йӕ артдзӕст кӕмӕн уыд, уымӕй. Персы паддзах Ездрӕйӕн бахӕс кодта, цӕмӕй снысан кодтаид тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Хуыцауы закъон (уыимӕ ма паддзахы закъон) амонджыты ӕмӕ ма цӕмӕй Иегъовӕйы хӕдзар дӕр срӕсугъд кодтаиккой. Уый тыххӕй хъуыд фӕлтӕрты раст номхыгъдтӕ, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаиккой, сауджынтӕй бар кӕмӕн уыд, ӕрмӕстдӕр уыдон кӕй лӕггад кодтой, уый, ӕмӕ ма сауджынтӕ цы зӕххыты фӕрцы цардысты, уыдон цы фӕлтӕртӕм хаудтой, уый дӕр. Уыимӕ ма Иегъовӕ Паддзахады тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдон зӕрдыл даргӕйӕ, ахсджиаг уыд, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Давиды хӕдзарвӕндаджы тыххӕй фыстытӕ уыдаиккой бӕлвырд ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг.
3. а) Ездрӕйы цы фӕндыд иудейтӕн бамбарын кӕнын? ӕ) Ездрӕ сӕйраджыдӕр Иудейы хабӕрттӕ цӕмӕ ныффыста ӕмӕ сыгъдӕг кувынады ахсджиагдзинад куыд бахахх кодта?
3 Ездрӕйы зӕрдиагӕй фӕндыд, уацарӕй чи ссӕрибар, уыцы иудейты уырнындзинад бафидар кӕнын ӕмӕ, растдӕр уыдон кӕй уыдысты Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрд хорзӕхы бындартӕ, уый сын бамбарын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Паралипоме́ноны уый лӕмбынӕг дзуры йӕ адӕмы истори ӕмӕ, зӕххыл адӕм куыд фӕзындысты, уый, суанг тӕккӕ райдианӕй — фыццаг адӕймаг Адамӕй. Давиды паддзахады темӕ чиныджы сӕйраг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Ездрӕ ныффыста Иудейы паддзахады тыххӕй, фӕлӕ, зӕгъӕн ис, ӕппындӕр ницы ныффыста, дӕс фӕлтӕры кӕм цард, уыцы паддзахады худинаггӕнаг историйы тыххӕй. Уый фыссы Иудейы номдзыддӕр паддзӕхты тыххӕй, кувӕндон аразыныл кӕнӕ йӕ ногӕй рацаразыныл куыд архайдтой ӕмӕ разамонджытӕ уӕвгӕйӕ зӕрдиагӕй Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Ездрӕ бахахх кодта, паддзахады сӕфтмӕ кӕй ӕркодта, сӕ дины ныхмӕ тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзтой ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ уыдысты, уыдон, фӕлӕ уыимӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, раст кувынад ногӕй кӕй сфидар кӕндзӕн, уымӕй. Ездрӕ лӕмбынӕг афыста, кувӕндонмӕ, сауджынтӕм, левиттӕм, зарӕггӕнджытӕм ӕмӕ ӕндӕр цӕмӕдӕрты цы хъуыддӕгтӕ хаудтой, уыдон ӕмӕ афтӕмӕй бахахх кодта сыгъдӕг кувынады ахсджиагдзинад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, израилӕгты тынг фидар кодта уыцы историон хабар, цыран сӕйраг хъуыды уыд, уацарӕй цӕй тыххӕй ссӕрибар сты, уый: цӕмӕй Иерусалимы Иегъовӕйы кувынад ногӕй сфидар кодтаиккой!
4. Цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Паралипоме́нон Ездрӕ кӕй ныффыста, уымӕн?
4 Цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис, Паралипоме́нон Ездрӕ кӕй ныффыста, уымӕн? Паралипоме́ноны 2-аг чиныджы фӕстаг дыууӕ стихы сты Ездрӕйы чиныджы фыццаг дыууӕ стихимӕ ӕмхуызон, ӕмӕ Паралипоме́ноны 2-аг чиныг фӕуд кӕны, йӕ кӕрон Ездрӕйы 1:3-аг стихы цы хъуыдыйадӕн ис, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ Паралипоме́нон чи ныффыста, уый ныффыста Ездрӕйы чиныг дӕр. Иннӕ бӕлвырдгӕнӕн ма у, Паралипоме́ноны ӕмӕ Ездрӕйы чингуыты стиль, се ’взаг, цы дзырдтӕ дзы ис ӕмӕ сӕ растфыссынад ӕмхуызон кӕй сты, уый. Ацы дыууӕ чиныджы цы дзырдбӕстытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Библийы иннӕ чингуыты нӕй фенӕн. Уӕдӕ Ездрӕ, Ездрӕйы чиныджы фыссӕг, ныффыста Паралипоме́ноны чиныг дӕр. Иудейӕгтӕ дӕр ахӕм цӕстӕнгасыл хӕцыдысты.
5. Ездрӕйӕн Хуыцауӕй дӕр ӕмӕ паддзахӕй дӕр цавӕр бартӕ уыд лӕвӕрд?
5 Ездрӕйӕ хуыздӕр ничи ныффыстаид ахӕм ӕууӕнчы аккаг историон азгайфыст, «уымӕн ӕмӕ Ездрӕ йӕ зӕрдӕ радта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй ма Израилы адӕмӕн закъон ӕмӕ рӕстдзинад амонынмӕ дӕр» (Ездрӕ 7:10). Иегъовӕ йын ӕххуыс кодта йӕ сыгъдӕг уды уылты. Персы дунеон паддзахады паддзах фӕхатыд, Ездрӕ Хуыцауы зондӕй хайджын кӕй уыд, уый, ӕмӕ йын радта стыр бартӕ, йӕ дӕлбар чи уыд, уыцы Иудейы облӕсты (Ездрӕ 7:12—26). Уӕдӕ Ездрӕйӕн Хуыцауӕй дӕр ӕмӕ паддзахӕй дӕр бартӕ лӕвӕрд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд йӕ азгайфыст саразынӕн ӕппӕты хуыздӕр документтӕй спайда кӕнын.
6. Паралипоме́ноны чингуыты растдзинадыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?
6 Ездрӕ уыд иттӕг хорз иртасӕг. Уый бӕстон иртӕста, Иудейы историйы тыххӕй ӕууӕнчы аккаг пехуымпартӕ цы ныффыстой, цаутӕ йӕхи цӕстытӕй чи федта, уыдон, стӕй паддзахады ӕмӕ ӕхсӕнады хабӕрттӕ чи фыста ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм цы рагондӕр документтӕ ныффыстой, уыдон. Цы документтӕй спайда кодта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ, гӕнӕн ис, уыдысты Израилы ӕмӕ Иудейы паддзахӕдты документтӕ, фӕлтӕрты номхыгъдтӕ, пехуымпартӕ кӕй ныффыстой, ахӕм историон куыстытӕ ӕмӕ фӕлтӕрты кӕнӕ мыггӕгты хистӕртӕм цы документтӕ уыд, уыдон. Ездрӕ спайда кодта ӕппынкъаддӕр 20 ахӕм документӕйb. Цы ӕрмӕгӕй спайда кодта, уый тыххӕй бӕлвырд ӕмӕ ӕргом кӕй ныффыста, уымӕй йӕ дуджы цӕрӕг адӕмӕн радта фадат, цӕмӕй ӕркастаиккой уыцы документтӕм, кӕд сӕ бафӕндыдаид, уӕд; уый у хорз бӕлвырдгӕнӕн, йӕ ныхӕстӕ ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ раст кӕй сты, уымӕн. Уымӕ гӕсгӕ Ездрӕйы рӕстӕджы цӕрӕг иудейтау абон махӕн дӕр нӕ бон у Паралипоме́ноны чингуыты растдзинадыл ӕууӕндын.
7. Паралипоме́ноны чиныг кӕд ӕрцыд фыст, ӕууӕнчы аккагыл ӕй чи нымадта ӕмӕ дзы цы рӕстӕгыл цӕуы дзырд?
7 Ездрӕ «Вавилонӕй [кӕй] рацыд» персайнаг паддзах Даргъцонг Артаксеркс I хицауиуӕгады ӕвдӕм аз, ома, н. э. агъоммӕ 468 азы, ӕмӕ Нееми́йы ӕрцыды тыххӕй (н. э. агъоммӕ 455 азы) ӕмӕ ахсджиаг кӕй уыд, уый тыххӕй кӕй ницы фыссы, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Паралипоме́нон уыцы азты кӕй фӕцис фыст, ома н. э. агъоммӕ 460 азмӕ ӕввахс, Иерусалимы (Ездрӕ 7:1—7; Нееми 2:1—18). Ездрӕйы рӕстӕджы цӕрӕг иудейтӕ Паралипоме́нон нымадтой, «Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда [чи] у», уыцы Фысты хайыл. Уыдон ӕй хуыдтой Дивре́й хаями́м, ома «бонты цаутӕ», уый нысан кӕны, бӕлвырд бонты кӕнӕ рӕстӕджыты цы цаутӕ ӕрцыд, уый афыст. 200 азы фӕстӕ грекъаг Септуагинтӕйы тӕлмацгӕнджытӕ дӕр Паралипоме́нон бахастой Библимӕ. Уыдон чиныг адих кодтой дыууӕ хайыл ӕмӕ йӕ Паддзахӕдты чингуыты кӕнӕ уӕды рӕстӕджы Сыгъдӕг Фыстыты ӕххӕст ӕмбырдгонды уӕлӕмхасӕныл кӕй банымадтой, уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Паралипоме́нон, ома «кӕй ауагътой (кӕй нӕ радзырдтой; рохуаты чи баззад), уыцы хабӕрттӕ». Чиныгӕн цы ном радтой, уый кӕд бынтон раст нӕ уыд, уӕддӕр цы сарӕзтой, уымӕй равдыстой, Паралипоме́ноны чиныг ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ Хуыцауы удцырын чиныгыл кӕй нымадтой, уый. Латинаг Вульгатӕйыл кусгӕйӕ, Иероним загъта: «Растдӕр [ӕй] уыдаид схонӕн Хуыцауы адӕмы ӕппӕт историйы хронико́н [азгайфыст]». Ӕвӕццӕгӕн, ацы дзырдӕй равзӕрд ном «Азгайфыстытӕ». Азгайфыст у, цаутӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уый афыст. Фӕлтӕртӕ ранымайгӕйӕ, Паралипоме́ноны 1-аг чиныджы фыссӕг сӕйраджыдӕр дзуры паддзах Давиды рӕстӕгыл, н. э. агъоммӕ 1077 азы цаутӕй райдайгӕйӕ паддзахы мӕлӕты онг.
ЦЫ ПАЙДА У
22. Паралипоме́ноны 1-аг чиныг Ездрӕйы ӕмбӕстӕгты куыд сразӕнгард кодта?
22 Ездрӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ацы чиныг уыд тынг пайда. Ацы цыбыр, ног фыст ӕмӕ ныфсдӕттӕг историон хабары руаджы уыдон тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтой Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн, кӕцы сӕм уый равдыста, паддзах Давидимӕ Паддзахады тыххӕй цы цӕдис сарӕзта, ууыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй ӕмӕ ма йӕ номы тыххӕй дӕр. Израилӕгты уый сразӕнгард кодта Иегъовӕйы сыгъдӕг кувынады ноджы зӕрдиагдӕрӕй хайад исынмӕ. Фӕлтӕрты номхыгъд дзы кӕй уыд, уый руаджы та тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтой, ногӕй рацарӕзт кувӕндоны цы сауджынтӕ лӕггад кодта, уыдоныл.
23. Матфей, Лука ӕмӕ Стефан Паралипоме́ноны 1-аг чиныгӕй куыд спайда кодтой?
23 Паралипоме́ноны 1-аг чиныг ма стыр пайда ӕрхаста фыццаг чырыстон ӕмбырдӕн дӕр. Йесо Чырысти «Давиды Фырт» ӕмӕ ӕцӕг Мессиа кӕй уыд, уымӕн уырнинаг бӕлвырдгӕнӕнӕн Матфей ӕмӕ Лука ӕрхастой ацы чиныджы фыст фӕлтӕрты номхыгъд (Матф. 1:1—16; Лук. 3:23—38). Стефан йӕ фӕстаг ныхӕстӕ дзургӕйӕ, загъта, Давиды кӕй фӕндыд Иегъовӕйӕн хӕдзар саразын, Соломонӕн та уый йӕ къухы кӕй бафтыд, уый тыххӕй. Стӕй уый загъта, «Бӕрзондыл Бадӕг къухӕй конд аргъуаны нӕ цӕры», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ уымӕй зӕгъын фӕндыд, Соломоны кувӕндон диссагдӕр уӕларвон сконды фӕлгонц кӕй уыд, уый (Ап. к. 7:45—50).
24. Давиды диссаджы дӕнцӕгӕй нӕ бон цӕуыл у сахуыр кӕнын?
24 Абон та ӕцӕг чырыстӕттӕн ацы чиныг цы пайда у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Паралипоме́ноны 1-аг чиныг нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад. Давиды диссаджы дӕнцӕгӕй бирӕ цӕуылдӕртыл ис сахуыр кӕнӕн. Давид алкӕддӕр ӕххуысгур Иегъовӕмӕ кӕй цыд, уымӕй куыд тынг хицӕн кодта мӕнгард Саулӕй! (1 Пар. 10:13, 14; 14:13, 14; 17:16; 22:17—19). Уӕдӕ Иегъовӕйы ковчег Иерусалиммӕ кӕй рахаста, кады псаломтӕ кӕй ныффыста, левитты лӕггаддзинад ӕгъдау ӕмӕ фӕткыл кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ Иегъовӕйӕн диссаджы хӕдзар саразын кӕй фӕндыд, уымӕй Давид равдыста, фыццаджыдӕр Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ кувынадыл кӕй хъуыды кодта, уый (16:23—29). Уый хъаст никуы ницӕмӕй кодта, йӕхицӕн уӕлдай кад нӕ агуырдта, фӕлӕ алкӕддӕр тырныдта Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ кувӕндон саразын йӕ фыртӕн куы бахӕс кодта, уӕд Давид зӕрдиагӕй радта Соломонӕн амындтӕ, балӕвар ын кодта йӕ мулк, йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ снывонд кодта, ӕрмӕстдӕр йӕ мӕлӕты фӕстӕ чи хъуамӕ райдыдтаид, уыцы хъуыддагмӕ цӕттӕ кӕнынӕн (29:3, 9). Цӕй диссаджы иузӕрдиондзинады дӕнцӕг у уый махӕн! (Дзут. 11:32).
25. Паралипоме́ноны 1-аг чиныг нӕ Иегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй цӕмӕ разӕнгард кӕны?
25 Фӕстаг сӕртӕ сты ӕппӕты ахсджиагдӕр. Давид Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ «диссаджы ном» кадджын кӕнынӕн цы рӕсугъд ӕвзагӕй пайда кӕны, уый нын нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕрын кӕны, абон нын цы кадджын хӕс ис — Иегъовӕ ӕмӕ, Чырысти сӕргълӕууӕг кӕм у, уыцы Паддзахады стырад ӕмӕ кад хъусын кӕнын — уый ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕныны фӕндон (1 Пар. 29:10—13). Уӕдӕ мах дӕр Давидау цин кӕнӕм ӕмӕ йӕм цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад нын уӕд ӕмӕ нӕ лӕггаддзинадӕй ӕвдисӕм, Иегъовӕйӕ йӕ ӕнусон Паддзахады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый! (17:16—27). Ӕцӕгӕйдӕр, Паралипоме́ноны 1-аг чиныг ноджы ирддӕрӕй ӕвдисы Библийы сӕйраг темӕ — Иегъовӕйы Паддзахад йӕ Мыггаджы сӕргълӕудӕй,— ӕмӕ ацы чиныг кӕсгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Иегъовӕйы фӕндтӕ диссаджы хуызы куы сӕххӕст уой, уыцы рӕстӕгмӕ.
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Арфӕйаг Иероним Стридонскийы куыстытӕ», 2-аг хай, «Фыстӕг Павлинмӕ. Сыгъдӕг Фыстад ахуыр кӕныны тыххӕй». Киев, 1879 аз, 85 фарс (уыр.).