Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi01 21–26 фф.
  • Библийы 19-ӕм чиныг — Псалтир

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 19-ӕм чиныг — Псалтир
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 8 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 8 хай
bsi01 21–26 фф.

Библийы 19-ӕм чиныг — Псалтир

Фыссӕг: Давид ӕмӕ иннӕтӕ

Кӕм ӕрцыд фыст: бӕрӕг нӕу

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 460 азмӕ ӕв.

1. Цавӕр чиныг у Псаломты чиныг ӕмӕ дзы цы ис фыст?

ПСАЛОМТЫ чиныг у Хуыцауы удцырынӕй фыст зарджыты чиныг, рагон заманты Иегъовӕйы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ кӕмӕй пайда кодтой, уый. Ис дзы 150 дины зарӕджы, кӕнӕ псаломы, ис сӕм музыкӕ фыст, ӕмӕ сӕ сӕ рӕстӕджы пайда кодтой Иерусалимы кувӕндоны Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынӕн. Псаломтӕ сты Иегъовӕйы кады зарджытӕ, фӕлӕ ма сӕ кады ныхӕстӕй уӕлдай ис куывтытӕ хатыр ӕмӕ ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ ма псаломзарӕггӕнӕджы ныфс ӕмӕ уырнындзинады тыххӕй. Ис сӕ бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ, цины ныхӕстӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба. Псаломтӕй иуӕй-иутӕ сты, Иегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ йе стыр хъуыддӕгтыл дзырд кӕм цӕуы, ахӕм историон афӕлгӕстытӕ. Псаломты чиныг хъӕздыг у пехуымпарӕдтӕй, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ диссаджы хуызы сӕххӕст сты. Псаломты ис бирӕ пайда зондамындтӕ, фыст та сты рӕсугъд, аив ӕвзагӕй, ӕмӕ уый кӕсджыты зӕрдӕ агайы уӕлдай тынгдӕр. Куывды цы диссаджы хӕрзад хӕринӕгтӕ вӕййы, уыдонау псаломтӕ дӕр сты, Хуыцауӕй чи цӕуы ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг.

2. а) Псаломты чиныг ма ӕндӕр ӕвзӕгтыл куыд хуыйны ӕмӕ уыцы нӕмттӕ цы нысан кӕнынц? ӕ) Цы у псалом?

2 Псаломты чиныджы ном цы нысан кӕны ӕмӕ йӕ чи ныффыста? Дзуттаг ӕвзагыл уагъд Библийы чиныг хуыйны Се́фер тегилли́м, ома, «Кады чиныг», кӕнӕ хуымӕтӕгӕй Тегилли́м, «Кад». Уый у номдар тегилла́хы бирӕон нымӕц, нысан кӕны «кад» кӕнӕ «кады зарӕг»; ис ӕй фенӕн разныхасы 144-ӕм Псаломы разныхасы (НД). Ацы чиныгыл йӕ ном «Кад» тынг фидауы, уымӕн ӕмӕ дзы ӕргом здӕхт цӕуы Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ. Чиныг «Псаломтӕ» кӕнӕ «Псалтир»-ӕн йӕ ном ист у грекъаг Септуагинтӕйӕ. Уым тӕлмацгӕнджытӕ спайда кодтой дзырд псалми́-йӕ ӕмӕ нысан кӕны зарджытӕ цавӕрдӕр музыкалон инструменты цагъдмӕ зарын. Ацы дзырд ма ис фенӕн цалдӕр раны Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр, зӕгъӕм, Лукайы 20:42-ӕм ӕмӕ Куыстыты 1:20-ӕм стихты. Псалом у дины зарӕг кӕнӕ поэмӕ Хуыцауы кадӕн, пайда дзы кӕнынц кувынады.

3. Псаломты разныхӕсты авторты тыххӕй цы дзырдӕуы?

3 Псаломтӕй бирӕты ис сӕргӕндтӕ, кӕнӕ разныхӕстӕ, ӕмӕ дзы арӕх вӕййы фыссӕджы ном. Рагон дзуттаг тексты ӕвдай ӕртӕ сӕргонды ис Давиды, «Израилы дӕсны зарӕггӕнӕджы», ном (2 Пад. 23:1). Дызӕрдыггаг нӕу, 2, 71 ӕмӕ 94-ӕм Псаломтӕ дӕр Давид кӕй ныффыста, уыйa. (Кӕс Куыстытӕ 4:25; Псалом 71:20 ӕмӕ Дзуттытӕм 4:7.) Уымӕй уӕлдай ма 9-ӕм Псаломы (НД) хабӕртты тыххӕй дарддӕр 10-ӕм Псаломы (НД) кӕй дзырдӕуы ӕмӕ 69-ӕм Псаломы хабӕртты тыххӕй та 70-йӕм Псаломы, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, уыдон дӕр Давид кӕй ныффыста, уыйb. Дыууадӕс псаломы ныффыста Асаф, растдӕр та Асафы бинонтӕ, уымӕн ӕмӕ иуӕй-иу псаломты дзырд цӕуы, Асафы мӕлӕты фӕстӕ цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоныл (Пс. 78; Пс. 79; 1 Пар. 16:4, 5, 7; Ездрӕ 2:41). Иуӕндӕс псаломы ныффыстой Корейы фырттӕ (1 Пар. 6:31—38). 41-ӕм Псаломы хабӕрттыл дзырд дарддӕр цӕуы 42-ӕм Псаломы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, уый дӕр Корейы фырттӕ кӕй ныффыстой. 87-ӕм Псаломы разныхасы «Корейы фыртты» йеддӕмӕ ма дзырд цӕуы Еманыл, 88-ӕм Псаломы фыссӕг та у Ефам. 89-ӕм Псалом ныффыста Моисей, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, 90-ӕм Псалом дӕр у уый фыст. 126-ӕм Псалом ныффыста Соломон. Афтӕмӕй ис сбӕлвырд кӕнӕн псаломты авторты дыууӕ ӕртыццӕгӕм хайы.

4. Чиныджы цавӕр рӕстӕгыл цӕуы дзырд?

4 Псалтир Библийы чингуытӕй у ӕппӕты стырдӕр. Пс. 89-ӕм, Пс. 125-ӕм ӕмӕ 136-ӕм Псаломтӕй куыд зыны, афтӕмӕй ацы чиныг фыст цыд бирӕ рӕстӕджы дӕргъы: ӕппынкъаддӕр, Моисей фыссын куы райдыдта, уӕдӕй (н. э. агъоммӕ 1513—1473 азтӕ) ӕмӕ иудейтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты кӕнӕ ма, гӕнӕн ис, суанг Ездрӕ куы цард, уыцы рӕстӕджы онг дӕр (н. э. агъоммӕ 537—460 азмӕ ӕв.). Афтӕмӕй уайы, чиныг мин азы бӕрц кӕй цыд фыст. Фӕлӕ дзы дзырд цы цаутыл цӕуы, уыдон фылдӕр рӕстӕг цыдысты: дуне сфӕлдисынӕй ӕмӕ Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытимӕ цы ахастытӕ уыд, уыдоны историон афӕлгӕстӕй райдайгӕйӕ ӕмӕ фӕстаг псалом фыст куы ’рцыд, уыцы рӕстӕджы онг.

5. а) Псаломты чиныджы кувынады сконды тыххӕй куыд цӕуы дзырд? ӕ) Разныхӕсты ма ӕндӕр цы ис фыст? б) Псаломтӕ кӕсгӕйӕ дзырд се́ла ӕнӕмӕнг кӕсын цӕуылнӕ хъӕуы?

5 Псаломты чиныг у, кувынады сконды тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, уыцы чингуытӕй сӕ иу. Давид йӕхӕдӕг дзуры, зӕгъгӕ, «мӕ Хуыцауы цӕуын, мӕ паддзахы, кувӕндоны. Разӕй цыдысты зарджытӕ, фӕстейы цӕгъдӕныл цӕгъдджытӕ, астӕуӕй чызджытӕ тимпантимӕ: „Ӕмбырдты арфӕ кӕнут Хицау Хуыцауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД]“» (Пс. 67:25—27). Уый руаджы ис бамбарӕн, арӕх псаломтӕм разныхӕсты цӕмӕ ис фенӕн дзырд «зарӕггӕнджыты ӕмбырды хицауӕн» (СПб), зӕгъгӕ, стӕй ма бирӕ поэтикон ӕмӕ музыкалон терминтӕ дӕр. Иуӕй-иу разныхӕсты цӕуы ӕмбӕрстгонд, псалом цӕй тыххӕй ӕрцыд фыст, уый, кӕнӕ дзы ис амындтӕ зарӕггӕнджытӕн ӕмӕ цӕгъдджытӕн. (Кӕс разныхӕстӕ Пс. 6, 29, 37, 59, 87, 101 ӕмӕ 119-ӕм Псаломтӕм.) Ӕппынкъаддӕр Давиды 13 псаломы, зӕгъӕм, 17-ӕм ӕмӕ 50-ӕм Псаломты, раздӕр цыбыртӕй дзырд цӕуы, цавӕр цауы бындурыл ӕрцыдысты фыст, ууыл. Ӕртын цыппар псаломмӕ нӕй разныхӕстӕ. Сӕйраг тексты 71 хатт ӕмбӕлы дзырд се́ла ӕмӕ йӕ нымайынц музыкалон кӕнӕ ӕмдзӕвгӕ кӕсыны сӕрмагонд терминыл, фӕлӕ бӕлвырд цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу. Иуӕй-иутӕ куыд хъуыды кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ у паузӕ зарӕджы кӕнӕ уыцы иу рӕстӕджы зарӕджы дӕр ӕмӕ цагъды дӕр. Куыдфӕнды ма уа, кӕсын ӕй нӕ хъӕуы.

6. а) Псалтир цавӕр томтыл цӕуы дихгонд? ӕ) Кӕмӕй ис зӕгъӕн, Псаломты чиныг ныр куыд у, афтӕ йӕ сарӕзта, зӕгъгӕ?

6 Рагзамантӕй Псалтир дихгонд цӕуы фондз хицӕн чиныгыл, кӕнӕ томыл: фыццаджы сты Псаломтӕ 1—40, дыккаджы — Пс. 41—71, ӕртыккаджы — Пс. 72—88, цыппӕрӕмы — Пс. 89—105 ӕмӕ фӕндзӕмы —Пс. 106—150. Куыд зыны, афтӕмӕй зарджыты фыццаг ӕмбырдгонд сарӕзта Давид. Ӕвӕццӕгӕн Ездрӕ та, сауджын ӕмӕ «Моисейы закъон рафыссыны хъуыддаджы дӕсны [чи] уыд», уый Иегъовӕйы къухдариуӕгадӕй Псаломты чиныг сарӕзта, ныр куыд у, афтӕ (Ездрӕ 7:6).

7. Псаломты чиныджы ма цавӕр хицӕндзинӕдтӕ ис фӕхатӕн?

7 Псалтирмӕ-иу ӕдзухдӕр ног псаломтӕ хаст кӕй цыдысты, уый ӕмбарын кӕны, иуӕй-иу псаломтӕ кӕнӕ скъуыддзӕгтӕ чиныджы алыхуызон хӕйтты фӕлхатгонд цӕмӕн цӕуынц, уый, зӕгъӕм Псаломтӕ 13 ӕмӕ 52; Пс. 39:14—18 ӕмӕ Пс. 69; Пс. 56:8—12 ӕмӕ Пс. 107:2—6. Фондз хайӕ алкӕцыдӕр фӕуд кӕны Иегъовӕйы кадджынгӕнӕг ныхӕстӕй, кӕнӕ арфӕдзинады ныхӕстӕй. Фыццаг цыппар хайы фӕуд кӕнынц адӕмы разыйы ныхӕстӕй, ӕмӕ фӕстаг хайы кӕрон та, 150-ӕм псалом, ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы кады зарӕг (Пс. 41:13, НД, сноскӕ [40:14].

8. Бамбарын кӕн, цы у акростих ӕмӕ ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Аст псаломы пайдагонд ис поэтикон композицийы сӕрмагонд стиль, хуыйны акростих ӕмӕ нысан кӕны, текст алфавитмӕ гӕсгӕ арӕзт кӕй цӕуы, уый (Пс. 9, 24, 33, 36, 110, 111, 118 ӕмӕ 144-ӕм Псаломтӕ). Ахӕм арӕзтмӕ гӕсгӕ стих кӕнӕ фыццаг строфайы рӕнхъытӕ райдайынц дзуттаг алфавиты фыццаг дамгъӕйӕ, а́леф (א), дыккаг строфайы стих (рӕнхъ) та дыккаг дамгъӕйӕ, бет (ב) ӕмӕ афтӕ дарддӕр, зӕгъӕн ис, дзуттаг алфавиты кӕронмӕ. Уый ӕххуыс кодта псаломы ныхӕстӕ бахъуыды кӕнынӕн. Ахъуыды кӕн, кувӕндоны зарӕггӕнджыты хъуыд ахуыр кӕнын 118-ӕм Псаломы хуызӕн даргъ зарджытӕ! Цымыдисаг у, Псалом 95:11-ӕм стихы кӕй ис Иегъовӕйы номӕй акростих. Дзуттаг ӕвзагыл ацы стихы фыццаг хай арӕзт у цыппар дзырдӕй, ӕмӕ сӕ рахизырдыгӕй галиуырдӕм куы кӕсай, уӕд сӕ фыццаг ӕмхъӕлӕсон дамгъӕтӕй рауайдзӕн тетраграмматон, ИГЪВГЪ (יהוה).

9. а) Псаломтӕ цӕй бындурыл сты фыст, уый руаджы зонд ӕмӕ зӕрдӕ куыд агайынц? ӕ) Цӕй руаджы ма цӕуынц ӕвдыст бӕлвырддӕр Псаломты рӕсугъддзинад ӕмӕ сӕ тых?

9 Ацы динон-лирикон поэмӕтӕ фыст ӕрцыдысты рагон дзуттаг поэзийы ӕвзагӕй ӕмӕ ӕвдисынц ӕмдзӕвгӕйы уӕнгы рӕсугъддзинад ӕмӕ хъуыдыты ритмикон арӕзт, уыимӕ фыст сты ӕнӕ рифмӕтӕй. Уыдон агайынц зонд ӕмӕ зӕрдӕ, ныв кӕнынц ирд фӕлгонцтӕ. Давиды диссаджы царды фӕлтӕрддзинад ӕмӕ псаломтӕй бирӕтӕ уый бындурыл кӕй ӕрцыдысты фыст, уымӕ гӕсгӕ сӕ цы темӕтӕ ӕмӕ цы ӕнкъарӕнтӕ цӕуынц ӕвдыст, уыдон сты хъӕздыг ӕмӕ арф. Царды мидӕг бирӕтӕ нӕ уыдысты уыйау алыхуызон уавӕрты: ӕрыгон фыййау лӕгӕй-лӕгмӕ рацыд Голиафы ныхмӕ; музыкант паддзахы галуаны; йӕ алыварс иузӕрдион ӕмбӕлттӕ ӕмӕ мӕнгард адӕм кӕмӕн уыдис, ахӕм лигъдон; паддзах ӕмӕ уӕлахиздзау; йӕ бинонтӕ кӕрӕдзийы мидӕг кӕй систы, уый ӕнцой кӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, ахӕм уарзӕгой фыд; уӕззау тӕригъӕды ӕвирхъау фӕстиуджытӕ йӕхиуыл дыууӕ хатты чи бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи никуы сивта ӕмӕ йын йӕ Закъон тынг чи уарзта, уыцы адӕймаг. Уӕдӕ диссаг нӕу, Псаломты чиныджы адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ иууылдӕр ӕвдыст кӕй цӕуынц, уый. Рагон дзуттаг стих ма хицӕн кӕны ахӕм аивадон мадзӕлттӕй, куыд параллелизмтӕ ӕмӕ ныхмӕвӕрдтӕ, ӕмӕ уыдоны руаджы Псаломты рӕсугъддзинад ӕмӕ тых зыны бӕлвырддӕр (Пс. 1:6; 21:21; 41:2; 120:3, 4).

10. Псаломтӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй сты, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

10 Ацы иууыл рагондӕр зарджытӕ Иегъовӕйы кадӕн ӕууӕнчы аккаг кӕй сты, уый ӕвдисы, Фыстады иннӕ хӕйттимӕ алцӕмӕйдӕр разыдзинады кӕй сты, уый. Чырыстон Грекъаг Фыстыты фысджытӕ-иу арӕх ӕрхастой Псаломты чиныджы ныхӕстӕ (Пс. 5:10 [Ром. 3:13]; Пс. 9:28 [Ром. 3:14]; Пс. 23:1 [1 Кор. 10:26]; Пс. 49:14 [Матф. 5:33]; Пс. 77:24 [Иоан. 6:31]; Пс. 101:26—28 [Дзут. 1:10—12]; Пс. 111:9 [2 Кор. 9:9]). Давид йӕхӕдӕг йӕ фӕстаг зарӕджы загъта: «Мӕн уылты дзырдта Иегъовӕйы сыгъдӕг уд, ӕмӕ мӕ дзыхӕй цыд йӕ ныхас». Уыцы сыгъдӕг уд ӕххуыс кодта Давидӕн, Самуил ӕй куы байсӕрста, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ (2 Пад. 23:2; 1 Пад. 16:13). Апостолтӕ дӕр-иу ӕрхастой Псалтиры ныхӕстӕ. Петр дзырдта, «цы загъта раздӕр Фысты, Сыгъдӕг Уд Давиды хъӕлӕсӕй», уый тыххӕй, Дзуттытӕм ӕрвысты фыссӕг та Псаломты фыст ныхӕстӕй загъта, уыдон кӕй сты Хуыцауы ныхӕстӕ кӕнӕ та сӕ размӕ дзырдта, «куыд зӕгъы Сыгъдӕг Уд», зӕгъгӕ (Ап. к. 1:16; 4:25; Дзут. 1:5—14; 3:7; 5:5, 6).

11. Йесойы ныхӕстӕ куыд сты, Псалтир ӕууӕнчы аккаг кӕй у, уый бӕлвырдгӕнӕн?

11 Псалтир ӕууӕнчы аккаг кӕй у, ууыл нӕ ӕппӕты тынгдӕр ӕууӕндын кӕны, Йесо, райгасуӕвӕг Хицау, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Мӕнӕ уый... цӕй тыххӕй дзырдтон сымахӕн, кӕй ӕмбӕлы сӕххӕст уӕвын, Мӕн тыххӕй Моисейы закъоны ӕмӕ пехуымпартӕм, ӕмӕ псаломты фыст цы ис, уыдон ӕппӕтыл». Ацы ран Йесо Дзуттаг Фыстыты чингуытӕ схуыдта, иудейтӕ сӕ куыд хуыдтой ӕмӕ сын хорз зонгӕ цы нӕмттӕй уыдысты, афтӕ. Псаломтыл дзургӕйӕ йӕ хъуыдыйы уыд Фыстыты ӕртыккаг хай — «Агиографтӕ» (ома Сыгъдӕг Фыстытӕ), ӕмӕ адонӕй Псаломты чиныг уыд фыццаг. Уый бӕлвырдгонд цӕуы, Йесо цалдӕр сахаты размӕ Еммаусмӕ цӕуӕг дыууӕ ахуыргӕнинагӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй, ома «сын куы бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты дӕр уый тыххӕй загъд цы уыд, уыдӕттӕ» (Лукайы 24:27, 44, НД).

ЦЫ ПАЙДА У

23. а) Псаломты цавӕр царддӕттӕг уац ис? ӕ) Иегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ хицаудзинад бӕрзондгонд куыд цӕуынц?

23 Библийы псаломтӕ сӕ рӕсугъддзинад ӕмӕ сӕ аив ӕвзаджы тыххӕй нымад сты ӕппӕтдунеон литературӕйы хӕзнатӕй сӕ иуыл. Фӕлӕ уыдон ӕрмӕст литературон хӕзна не сты. Уыдоны ис царддӕттӕг уац Дунескӕнӕг Иегъовӕ Хуыцауӕй. Псаломты арф ӕмбӕрстгонд цӕуынц Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмӕ фыццаджыдӕр дзурынц йӕ Авторыл, Иегъовӕйыл. Уый уым ӕвдыст цӕуы Дун-дунейы ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты Сфӕлдисӕгӕй (8:4—10; 89:2, 3; 99:3; 103:1—5, 24; 138:14). Псаломты чиныг ӕцӕгӕйдӕр бӕрзонд кӕны Иегъовӕйы ном, цыран дзы ӕмбӕлы иу-700 хатты. Уымӕй уӕлдай ма дзы 43 хатты ис йӕ цыбыр формӕ Иагъ, афтӕмӕй уайы, рӕстӕмбисӕй алы псаломы дӕр Хуыцауы ном кӕй ис 5 хатты. Уымӕй фӕстӕмӕ 350 хатты Иегъовӕ хуыйны Элогъим, кӕнӕ Хуыцау. Иуӕй-иу псаломты ис Иегъовӕйы титул «Ӕппӕтылхӕцӕг Хицау», ӕмӕ уый амоны, ӕппӕты уӕлдӕр хицаудзинад йӕ къухы кӕй ис, уымӕ (Пс. 67:21; кӕс ма Псалом 69:6; 71:5; 73:28; 140:7; 141:8 «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац»-ы [68:7; 70:5; 72:28; 139:8; 140:8]).

24. Псаломты зӕххон адӕймаджы тыххӕй цы дзырдӕуы ӕмӕ дзы цавӕр зондджын уынаффӕ ис?

24 Ӕнусон Хуыцауӕй хъауджыдӕр зӕххон адӕймаг ӕвдыст у, тӕригъӕды чи райгуырд ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕй хъӕуы, чи амӕлы ӕмӕ «ӕмбийынмӕ» чи ныздӕхы, «зындонмӕ» [«шеолмӕ», НД]» — адӕмы иумӕйаг ингӕнмӕ — чи ацӕуы, ахӕм адӕймагӕй (6:5, 6; 48:8—21; 50:7, 9; 88:49; 89:2—6; 113:25; 145:4). Псаломты чиныг тынгдӕр ӕргом здахы, Хуыцауы закъонмӕ хъусын ӕмӕ Иегъовӕйыл ӕууӕндын куыд ахсджиаг у, уымӕ (1:1, 2; 61:9; 64:6; 76:13; 113:19; 117:8; 118:97, 105, 165). Уый дзуры, цӕмӕй нӕхи хизӕм ӕнӕрвӕссон ахастӕй ӕмӕ сусӕг тӕригъӕдтӕй (18:13—15; 130:1) ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын хорз ахастытӕ уа ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын адӕймӕгтимӕ (14:1—5; 25:5; 100:5). Уый ӕвдисы, раст уагахаст Иегъовӕйы хорзӕхмӕ кӕй кӕны, уый (33:14—16; 96:10). Уый нын дӕтты диссаджы ныфс, афтӕ кӕй дзуры, «ирвӕзындзинад Иегъовӕйӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ ис, «уыдоны удты кӕй фервӕзын кӕндзӕн мӕлӕтӕй» (3:9, НД; 32:19). Ацы ныхӕстӕ нӕ ӕркодтой псаломты пехуымпарадон хаймӕ.

25. а) Псаломты чиныг цӕмӕй у хъӕздыг? ӕ) Петр Псаломты руаджы, Стырдӕр Давид чи у, уый куыд сбӕлвырд кодта?

25 Псаломты чиныг ӕцӕгӕйдӕр хъӕздыг у, Йесо Чырыстийы, «Давиды Фырт», Иегъовӕйы Сӕрст ӕмӕ Паддзахы ахадындзинадмӕ амонӕг пехуымпарӕдтӕйc (Матф. 1:1). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд сыгъдӕг уды фӕрцы апостолтӕ райдыдтой ӕмбарын уыцы пехуымпарӕдты сӕххӕст. Растдӕр уыцы бон Петр йӕ зындгонд раныхасы цалдӕр хатты ӕрхаста Псаломты ныхӕстӕ. Уыдон иууылдӕр хаудтой иу адӕймагмӕ — «Назорейаг Йесомӕ». Петр йӕ ныхасы дыккаг хай, зӕгъӕн ис, иууылдӕр сарӕзта Псаломты бындурыл; уыдон ӕвдыстой, Йесо Чырысти Стырдӕр Давид кӕй уыд ӕмӕ Иегъовӕ Йесойы уд гадесы кӕй нӕ ныууагътаид, фӕлӕ йӕ мӕрдтӕй кӕй райгас кодтаид, уый. Нӕ, «Давид не ссыд уӕлӕрвтӕм», фӕлӕ Давид йӕхӕдӕг Псалом 109:1-ӕм (СПб) стихы куыд загъта, афтӕмӕй ссыд йӕ Хицау. Чи уыд Давиды Хицау? Йӕ ныхасы кӕрон Петр фидарӕй загъта: «Йесо, кӕцыйы сымах байтыгътат» (Ап. к. 2:14—36; Пс. 15:8—11; 131:11).

26. Петры раныхас цы пайда ӕрхаста?

26 Цымӕ Петры раныхас, Псаломтыл чи бындуриуӕг кодта, уый исты пайда ӕрхаста? Уыцы бон 3 000 адӕймаджы бӕрц донаргъуыд кӕй райстой ӕмӕ чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбаиу сты, уый йӕхӕдӕг цӕуылдӕр дзурӕг у (Ап. к. 2:41).

27. «Сыгъдӕг уд» 2-аг Псалом куыд бамбарын кодта?

27 Уыцы цауы фӕстӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд сты иу сӕрмагонд фембӕлды, Иегъовӕмӕ скуывтой ӕмӕ ӕрхастой Псалом 2:1, 2-ӕм стихтӕ. Уыдон загътой, уыцы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ сыстадысты, Хуыцау «кӕй байсӕрста, уыцы сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг Йесойы» ныхмӕ. Ӕмӕ дарддӕр куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «иууылдӕр сӕххӕст сты сыгъдӕг удӕй» (Ап. к. 4:23—31, НД).

28. а) Дзуттытӕм ӕрвысты фыццаг ӕртӕ сӕры Павел Псаломты ӕххуысӕй цавӕр темӕйыл дзуры? ӕ) Псаломы 109:4-ӕм стихы бындурыл Павел Мелхиседекы сауджынадыл куыд дзуры?

28 Ныр та ӕркӕсӕм Павелы ӕрвыстмӕ Дзуттытӕм. Фыццаг дыууӕ сӕры ис фенӕн бирӕ ныхӕстӕ Псаломтӕй, Йесо, Хуыцауы уӕларвон Фырт ӕмӕ паддзахы бадӕныл чи бады, уый зӕдтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый тыххӕй. Павел Псалом 21:23-ӕм стихы ӕмӕ иннӕ стихты ӕххуысӕй ӕвдисы, Йесойӕн кӕй ис «ӕфсымӕрты» ӕмбырд, уыдон та кӕй сты Авраамы мыггаджы хай ӕмӕ «уӕларвон хуынды хайджынтӕ» (Дзут. 2:10—13, 16; 3:1). Уый фӕстӕ, Дзуттытӕм 6:20-ӕм стихӕй райдайгӕйӕ ӕмӕ суанг Дзут. 7-ӕм сӕры кӕронмӕ апостол лӕмбынӕгдӕр дзуры Йесойы хӕслӕвӕрдтӕй иуыл: уый уыдзӕн «ӕнустӕм хистӕр сауджын Мелхиседекы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ» (НД). Уый комкоммӕ баст у, Хуыцау расомы кӕнгӕйӕ Псаломы 109:4-ӕм стихы цы зӕрдӕвӕрд радта, уыимӕ, ӕмӕ йӕм Павел цалдӕр хатты амоны ӕмӕ ӕвдисы, Йесойы сауджынад Аароны сауджынадӕй бирӕ ахадгӕдӕр кӕй у, уый. Павел ӕмбарын кӕны, Иегъовӕйы сомыйы руаджы Йесо Чырысти кӕй сси сауджын зӕххыл нӕ, фӕлӕ арвыл ӕмӕ кӕй «у мыггагмӕйы сауджын», йӕ сауджынад та кӕй ӕрхӕсдзӕн пайда ӕнустӕм (Дзут. 7:3, 15—17, 23—28).

29. Псаломты чиныг ӕмӕ Дзуттытӕм 10:5—10-ӕм стихтӕ нын не ’ргом цавӕр диссаджы иузӕрдиондзинады дӕнцӕгмӕ здахынц?

29 Дарддӕр, Дзуттытӕм 10:5—10-ӕм стихты нын дзырдӕуы, Йесо бӕлвырд кӕй ӕмбӕрста, Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныны сӕраппонд ӕй кӕй хъуыд, йӕ цард ӕй нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цы фӕндаг ӕркодтаид, ууыл кӕронмӕ ацӕуын, ӕмӕ Йесо уыцы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый дӕр. Уыцы стихтӕ бындуриуӕг кӕнынц Давиды ныхӕстыл, Псаломы 39:7—9-ӕм стихтыл. Не ’ппӕтӕн дӕр пайда у уыцы диссаджы иузӕрдиондзинады зӕрдӕйы уагыл хъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ фӕзмын, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй фӕхайджын уӕм. (Кӕс ма Псалом 115:5—10.)

30. Псаломты Йесойы цард лыстӕгдзинӕдты онг куыд уыд рагзагъд ӕмӕ Йесойӕн уыцы чиныг удӕнцой куыд лӕвӕрдта?

30 Псаломты лыстӕгдзинӕдты онг уыд рагзагъд Йесойы зӕххон царды тыххӕй, уыимӕ йӕ уӕззау фӕлварӕны тыххӕй хъизӕмары цӕджындзыл. Зӕгъӕм, уыд рагзагъд, кӕй йын дӕтдзысты дзмари, йӕ дарӕсыл ын хӕлттӕ кӕй ӕппардзысты, йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ зӕгӕлтӕй кӕй ныххуыйдзысты, кӕй дзы хынджылӕг кӕндзысты ӕмӕ ма ноджы тынгдӕр зӕрдӕйы рыст кӕй бавзардзӕн, йӕ мӕлӕты размӕ фӕстаг ныхӕстӕ ныхъхъӕр кӕнгӕйӕ: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау! цӕй тыххӕй Ды Мӕн ныууагътай?» (Матф. 27:34, 35, 43, 46; Пс. 21:2, 8, 9, 15—19; 68:21, 22). Иоанны 19:23—30-ӕм стихтӕй бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй уыцы сахат дӕр Йесойӕн Псаломтӕ уыдысты удӕнцойы хос ӕмӕ разамынд, уымӕн ӕмӕ уый зыдта, Фыстадӕй уыцы стихтӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой, уый. Псаломтӕй ма Йесо зыдта, кӕй райгас уыдзӕн ӕмӕ кӕй сбӕрзонд уыдзӕн, уый дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ уый хъуыды кодта, йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕвы йӕ апостолтимӕ «кады зарджытӕ», кӕнӕ псаломтӕ, куы зарыд, уӕд (Матф. 26:30, НД).

31. Паддзахады Мыггаджы ӕмӕ Йесойы ӕмбырды тыххӕй Псаломты чиныг цы срагзагъд кодта?

31 Уӕдӕ Псаломтӕ бӕлвырд ӕвдисынц, «Давиды Фырт» ӕмӕ Паддзахады Мыггаг Йесо Чырысти кӕй у, ӕмӕ ныр, куыд Паддзах ӕмӕ Сауджын уӕларвон Сионы бӕрзонд бынаты ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый. Уыйбӕрц бынат нӕй, цӕмӕй, Иегъовӕйы Сӕрстыл чи сӕххӕст ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты кӕй ныхӕстӕ хаст сты, Псаломтӕй уыцы стихтӕ лӕмбынӕг равзарӕм. Ӕркӕсӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕр цӕвиттонмӕ: Пс. 77:2 — Матф. 13:31—35; Пс. 68:5 — Иоан. 15:25; Пс. 117:22, 23 — Маркы 12:10, 11 ӕмӕ Ап. к. 4:11; Пс. 33:21 — Иоан. 19:33, 36; Пс. 44:7, 8 — Дзут. 1:8, 9. Уымӕй уӕлдай ма Псаломты рагзагъд уыд, кӕй фӕзындзӕн Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты ӕмбырд — хицӕн адӕймӕгтӕ нӕ, фӕлӕ къорд ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, Иегъовӕйы ном кадджын кӕныны хъуыддаджы хайад чи исы ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх кӕуыл ис, уый (Пс. 116:1 — Ром. 15:11; Пс. 67:19 — Еф. 4:8—11; Пс. 94:7—11 — Дзут. 3:7, 8; 4:7).

32. а) Псаломтӕ иртасгӕйӕ цы ис базонӕн Иегъовӕйы сраст кӕныны тыххӕй ӕмӕ Паддзахадимӕ цы фӕндтӕ сты баст, уыдоны тыххӕй? ӕ) Иегъовӕ йӕ паддзахы бартӕй куыд пайда кӕны, уый ӕмбаргӕйӕ, куыд хъуамӕ ӕвдисӕм иузӕрдиондзинад ӕмӕ бузныгдзинад?

32 Псаломтӕ иртасгӕйӕ, мах фылдӕр ӕмбарӕм, Иегъовӕ Хуыцау йӕ кад ӕмӕ йӕхи сраст кӕныны тыххӕй йӕ паддзахы бартӕй зӕрдӕвӕрд Мыггаг ӕмӕ Паддзахады Бындары уылты куыд пайда кӕны, уый. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр уӕм иузӕрдион адӕмы ӕхсӕн, Иегъовӕйы «бӕрзонд кады стырадыл» чи цин кӕны ӕмӕ 144-ӕм Псаломы, «Давиды ӕппӕлындзинады», афтӕ кӕй тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «уадз хъусын кӕнӕнт Дӕ паддзахады кад, ӕмӕ уац хӕссӕнт Дӕ стыр хъомысы тыххӕй, цӕмӕй базонын кӕной адӕймӕгты фырттӕн Дӕ стыр хъомысы тыххӕй ӕмӕ Дӕ паддзахады кадджын стырады тыххӕй. Дӕ паддзахад — ӕппӕт ӕнусты паддзахад, ӕмӕ Дӕ ӕлдариуӕгдзинад ӕппӕт фӕлтӕрты» (Пс. 144:5, 11—13). Пехуымпарадон псаломмӕ гӕсгӕ абон дӕр адӕймӕгты фырттӕн ӕппӕт адӕмтӕй хъуыстгонд цӕуы, Чырысти Паддзах кӕм у, Хуыцауы уыцы сфидаргонд Паддзахады стырад. Куыд тынг бузныг хъуамӕ уӕм уыцы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзахы тыххӕй! Ӕмӕ куыд ӕмбӕлон сты Псаломты чиныджы фӕстаг ныхӕстӕ: «Ӕппӕт улӕфӕг кадджын кӕнӕд Иагъы! Адӕмтӕ, кадджын кӕнут Иагъы!» (Пс. 150:6, НД).

[Фиппаинӕгтӕ]

a Рагон дзуттаг тексты 1-аг ӕмӕ 2-аг Псаломты сӕргӕндтӕ нӕй.

b Синодалон тӕлмацы 9-ӕм Псалом арӕзт у, рагон дзуттаг тексты дыууӕ псаломӕй (Пс. 9-ӕм ӕмӕ 10-ӕм Псаломтӕ, НД), ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ псаломты нымад уый фӕстӕ ивы.

c «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 710, 711 фӕрстӕ, англ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын