Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 8 радз.
  • Зӕххыл уӕйгуытӕ куыд фӕзынд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зӕххыл уӕйгуытӕ куыд фӕзынд
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 8 радз.
Уӕйыг лӕджы ныццӕвынмӕ хъавы

8 РАДЗЫРД

Зӕххыл уӕйгуытӕ куыд фӕзынд

ЦАРМӔ чи ӕххӕссы, ахӕм стыр лӕг дӕ разы куы ӕрлӕууид, уӕд ӕй цы фенхъӕлис? Уӕйыг, ӕцӕг уӕйыг! Кӕддӕр зӕххыл ӕцӕгдӕр царди ахӕм уӕйгуытӕ. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕ уыдысты уӕларвон зӕдтӕ. Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцыдаид?

Хъуыды ма кӕныс, ӕвзӕр зӕд Сайтан ӕдзухдӕр, цы фыдми ракодтаид, ууыл кӕй хъуыды кодта? Уый йӕ ныфс бахаста суанг Хуыцауы зӕдты дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтауынмӕ. Рӕстӕг цыди, зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Сайтанмӕ хъусын райдыдтой, ӕмӕ сын Хуыцау уӕларвыл цы куыст бахӕс кодта, уый нал кодтой. Уый бӕсты уыдон ӕрцыдысты зӕхмӕ ӕмӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ скодтой. Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ цӕмӕн бакодтой?

Библи куыд дзуры, афтӕмӕй зӕххыл федтой рӕсугъд сылгоймӕгты ӕмӕ сӕ ӕрфӕндыд семӕ цӕрын. Уӕдӕ зӕхмӕ дӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй уыцы сылгоймӕгтимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кодтаиккой. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй уый тынг ӕвзӕр хъуыддаг уыди, уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕдты уӕларвыл цӕрынӕн сфӕлдыста.

Уыцы зӕдтӕн сӕ устытӕй цы сывӕллӕттӕ райгуырд, уыдон иннӕ сывӕллӕтты хуызӕн нӕ уыдысты. Цалынмӕ сывӕллӕттӕ хӕрзчысылтӕ уыдысты, уӕдмӕ уый, чи зоны, бӕрӕг нӕ уыд. Фӕлӕ куыд рӕзыдысты, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой ӕмӕ-иу ӕппынфӕстаг систы уӕйгуытӕ.

Уӕйыг бинонтӕн сӕ хӕринаг исы

Уыцы уӕйгуытӕ тынг фыдзонд уыдысты. Ӕмӕ иннӕ адӕмӕй бирӕ стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сын кодтой фыдмитӕ. Ӕдзухдӕр ууыл архайдтой, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр уыдоны хуызӕн ӕвзӕр суыдаид.

Уыцы заман Енох ӕгас нал уыд, фӕлӕ ма уӕддӕр зӕххыл цард иу хорз адӕймаг. Йӕ ном хуынди Ной. Уый алкӕддӕр арӕзта, Хуыцау ын цы дзырдта, уый.

Иу хатт Хуыцау Нойӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕрцыд ӕвзӕр адӕмы фесафыны рӕстӕг. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй ма бирӕ цӕрӕгойтӕ дӕр фесӕфтаиккой. Цымӕ сӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Уӕвынад 6:1–8; Иудӕйы 6.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын