Дзур ӕцӕгад Йесойы тыххӕй
1 Сӕрст чырыстӕттӕ се ’мбал ӕндӕр фыстимӕ «Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууынц» (Рар. 12:17, НФ). Уый ахсджиаг хӕслӕвӕрд у, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йесойы фӕрцы ис фервӕзӕн (Иоан. 17:3; Ап. к. 4:12).
2 Фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. «Ӕз дӕн фӕндаг ӕмӕ ӕцӕгад ӕмӕ цард,— загъта Йесо. — Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕни, ӕрмӕст Мӕ фӕрцы йедтӕмӕ» (Иоан. 14:6, НФ). Ӕрмӕстдӕр уыцы «фӕндаджы» руаджы, ома Йесойы номӕй нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ йын уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ссарын (Иоан. 15:16). Йесойы «ӕцӕгад» уымӕн ис схонӕн, ӕмӕ йыл сӕххӕст сты, Дзуттаг Фыстыты цы пехуымпарӕдтӕ уыд фыст, уыдон (Иоан. 1:17; Кол. 2:16, 17). Уӕвгӕ, пехуымпарӕдтӕ фыццаджыдӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты фыст, цӕмӕй ӕвдыст ӕрцыдаид, Йесойӕн Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныны сӕйраг бынат кӕй ис, уый (Рар. 19:10). Йесо ма у «цард» дӕр. Ӕнусон цард райсын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл ӕууӕндой (Иоан. 3:16, 36; Дзут. 2:9).
3 Хистӕр ӕмӕ паддзахиуӕггӕнӕг Паддзах. Адӕм ма ноджыдӕр хъуамӕ зоной, Иегъовӕ йӕ Фыртӕн стыр бартӕ кӕй радта. Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕй ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ «йӕ коммӕ кӕсынц дзыллӕтӕ» (Уӕв. 49:10). Иегъовӕ ма йӕ снысан кодта ӕмбырды Хистӕрӕй дӕр (Еф. 1:22, 23). Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн хъуамӕ бамбарын кӕнӕм, Йесо куыд дӕтты ӕмбырдӕн разамынд ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» фӕрцы «афоныл [монон] хӕринаг», уый (Матф. 24:45—47).
4 Фӕлмӕнзӕрдӕ Хистӕр Сауджын. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ бирӕ маст бавзӕрста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зоны, «фыдӕвзарӕнты чи бахауд, ахӕмтӕн [куыд хъӕуы] ӕххуыс кӕнын», уый (Дзут. 2:17, 18, НФ). Ӕнӕххӕст адӕмӕн куыд ӕхсызгон у, Йесо сын сӕ ӕдыхдзинӕдтӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ Хуыцауы раз сӕ сӕрыл кӕй дзуры, уый! (Ром. 8:34). Йесо йӕхи нывондӕн кӕй радта ӕмӕ Хистӕр Сауджынӕй кӕй лӕггад кӕны, уый фӕрцы нӕ бон у Иегъовӕмӕ уӕндонӕй ӕввахс кӕнын, цӕмӕй дзы «бахъуыдыйы сахат» ӕххуыс райсӕм (Дзут. 4:15, 16, НФ).
5 Цӕй уӕдӕ адӕмӕн Йесойы тыххӕй ӕцӕгад дзурӕм, цӕмӕй уыдон дӕр йӕ коммӕ кӕсын райдайой ӕмӕ йын немӕ иумӕ лӕггад кӕной (Иоан. 14:15, 21).