2-аг урок — Рӕстӕг ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстад
Библийы рӕстӕг куыд цӕуы нымад; къӕлиндартӕ; библион азнымады бындурӕн ист бонтӕ; цымыдисаг хъуыдытӕ рӕстӕджы цыды тыххӕй.
1 Адӕймаг хаты, рӕстӕг куыд цӕуы, уый. Сахаты алы цъыккимӕ йӕ цард дӕр цӕуы размӕ. Зондджын адӕймаг йӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы нӕ хардз кӕны. Паддзах Соломон куыд ныффыста, афтӕмӕй «алцӕмӕндӕр ис йӕхи рӕстӕг, арвы бын алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи афон: рӕстӕг гуырынӕн ӕмӕ рӕстӕг мӕлынӕн; рӕстӕг садзынӕн ӕмӕ рӕстӕг, цы ныссагътай, уый къахынӕн; рӕстӕг марынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзӕбӕх кӕнынӕн; рӕстӕг халынӕн ӕмӕ рӕстӕг аразынӕн; рӕстӕг кӕуынӕн ӕмӕ рӕстӕг худынӕн» (Ек. 3:1—4). Ӕвӕдза, рӕстӕг куыд тӕхы! Ӕмӕ куыд цыбыр сты, адӕймаг рӕстӕмбисӕй цы 70 азы цӕры, уыдон, цӕмӕй алцыдӕр базона ӕмӕ, Иегъовӕ адӕймагӕн а-зӕххыл цыдӕриддӕр хорзӕй скодта, уымӕй бафсӕда. «Уый йӕ рӕстӕджы алцыдӕр сарӕзта диссаг. Суанг ма сын ӕнусон цард дӕр сӕ зӕрдӕты нывӕрдта, цӕмӕй адӕймаг макуы бамбара, ӕцӕг Хуыцау иууыл райдианӕй цы хъуыддаг аразы, уый» (Ек. 3:11; Пс. 89:10).
2 Иегъовӕйыл рӕстӕг ӕппындӕр бар нӕ дары. Цард кӕмӕн радта, уыдоны та афтӕ скодта, ӕмӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, уый хатынц. Уӕларвон зӕдтӕ, уыимӕ змӕнтӕг Сайтан дӕр, хорз ӕмбарынц, рӕстӕг иу ран кӕй нӕ лӕууы (Дан. 10:13; Рар. 12:12). Адӕмы тыххӕй Библийы фыстӕуы: «Кӕд кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Ек. 9:11). Куыд амондджын у уыцы адӕймаг, ӕппынӕдзух Хуыцауыл чи хъуыды кӕны ӕмӕ, Хуыцау «афоныл [цы] хӕринаг» дӕтты, уымӕй йӕхи цух чи нӕ уадзы! (Матф. 24:45).
3 Рӕстӕг иуырдӕм цӕуы. Нӕ царды алцыдӕр рӕстӕгыл баст у, фӕлӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕгъын, уый цы у. Уымӕн дӕр тыгъдадау базонӕн нӕй. Никӕмӕн у йӕ бон зӕгъын, рӕстӕг кӕм райдайы ӕмӕ кӕдӕм цӕуы. Уыдон иууылдӕр сты ӕгӕрон зонындзинӕдты хицау Иегъовӕйы бӕрны, «ӕнусӕй-ӕнусмӕ» чи ис, уыцы Хуыцауы бӕрны (Пс. 89:3).
4 Фӕлӕ рӕстӕгӕн ис, бамбарӕн кӕй ис, ахӕм бӕрӕг миниуджытӕ. Рӕстӕджы цыдӕй цы хатӕм, уый нӕ бон у бахынцын. Уымӕй уӕлдай, рӕстӕг цӕуы ӕрмӕстдӕр иуырдӕм. Иуырдӕм цы уынгыл ис цӕуӕн, ууыл цӕуӕг машинӕтау рӕстӕг дӕр ӕнӕрлӕугӕйӕ цӕуы иуырдӕм — размӕ, ӕрмӕстдӕр размӕ. Рӕстӕг размӕ куыдфӕнды ма цӕуа — тагъд ӕви сындӕг — уӕддӕр ын фӕстӕмӕ раздахӕн нӕй. Мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕвӕййы, ӕмӕ хуыйны абоны бон. Фӕлӕ абоны бон дӕр иу ран нӕ лӕууы, ӕнӕрынцайгӕ цӕуы ӕмӕ свӕййы ивгъуыд бон. Бауромӕн ын нӕй.
5 Ивгъуыд бонтӕ. Ивгъуыд бонтӕ баззадысты фӕстейӕ ӕмӕ сын нал ис раздахӕн. Ӕхсӕрдзӕны дон фӕстӕмӕ хӕрдмӕ куыд никуы кӕлдзӕн кӕнӕ фат куы фехсай, уӕд фӕстӕмӕ ӕрдынмӕ куыд не ’рбаздӕхдзӕн, афтӕ ивгъуыдӕн дӕр раздахӕн нӕй. Нӕ рӕдыдтытӕ рӕстӕджы ныууадзынц фӕд, ӕмӕ уыцы фӕд ссӕрфын йӕ бон у ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн (Ис. 43:25). Уӕдӕ адӕймаджы хорз хъуыддӕгтӕ дӕр ӕбӕрӕгӕй нӕ фесӕфынц — уыдон ӕм «фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзысты» Иегъовӕйы арфӕдзинадимӕ (Ӕмб. 12:14; 13:22). Ивгъуыд нын кӕнӕ хорзӕх ӕрхӕссы, кӕнӕ — фыдӕх. Фӕивӕн дзы ницыуал ис. Фыдгӕнджыты тыххӕй фыст ис: «Уыдон, куыд кӕрдӕг, тагъд карст уыдзысты ӕмӕ куыд цъӕхдаргӕ халсар, бахус уыдзысты» (Пс. 36:2).
6 Фидӕн. Фидӕнимӕ хъуыддаг бынтон ӕндӕр у. Уый алкӕддӕр цӕуы махырдӕм. Хуыцауы Ныхасы ӕххуысӕй мах фенӕм, нӕ развӕндагыл цы цӕлхдуртыл ӕмбӕлдзыстӕм, уый, ӕмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм сӕ сӕрты ахизынмӕ. Махӕн нӕ бон у нӕхицӕн «хӕзнатӕ уӕлӕрвты» ӕмбырд кӕнын (Матф. 6:20, НФ). Уыцы хӕзнатӕ рӕстӕгӕн йӕ бон нӕу йемӕ ахӕссын. Уыдонӕн тӕссаг нӕу фесӕфынӕй ӕмӕ, бирӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕм уыдзӕн, уыцы ӕнусон фидӕны дӕр нӕ фесӕфдзысты. Абон нӕ рӕстӕг хъуамӕ ӕнӕхъуаджы ма хардз кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фидӕн уымӕй кӕнгӕ у (Еф. 5:15, 16).
7 Рӕстӕгамонджытӕ. Абон нын рӕстӕг амоны сахат. Не Сфӕлдисӕг Иегъовӕ та сфӕлдыста тынг стыр рӕстӕгамонджытӕ: йӕ сӕмӕны алыварс зилӕг Зӕхх, зӕххы алыварс зилӕг Мӕй, ӕмӕ Хур. Уый фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у зӕххыл рӕстӕг раст хынцын. «Ӕмӕ Хуыцау загъта: „Уадз уӕларвон тыгъдады фӕзынӕд рухсдӕттӕгтӕ бон ӕмӕ ӕхсӕв хицӕн кӕнынӕн, ӕмӕ уадз уыдон уӕнт нысӕнттӕ, цӕмӕй амоной афӕдзы афонтӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ“» (Уӕв. 1:14). Уӕдӕ уыцы ӕрвон буӕрттӕ, ӕмхуызон хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, цӕуынц сӕ ӕнӕкъӕм орбитӕтыл, ӕмӕ иуырдӕм цӕуӕг рӕстӕг ӕнӕрӕдыдӕй ӕмӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ хынцынц.
8 Бон. Дзырд «бон»-ӕн Библийы дӕр ӕмӕ нырыккон ӕвзаджы дӕр ис алыхуызон нысаниуджытӕ. Зӕхх йӕ сӕмӕны алыварс иу зылд куы ӕркӕны, уӕд рацӕуы иу бон, ома 24 сахаты. Ахӕм нысаниуӕджы боны мидӕг ис рухс рӕстӕг дӕр ӕмӕ талынг рӕстӕг дӕр, иумӕ — 24 сахаты (Иоан. 20:19). Фӕлӕ ма рухс куы вӕййы, бонӕн йӕ уыцы ӕмбис дӕр (рӕстӕмбисӕй 12 сахаты) хонынц «бон». «Ӕмӕ Хуыцау рухс схуыдта бон, талынг та — ӕхсӕв» (Уӕв. 1:5). Ардыгӕй ма ӕвзӕры, рӕстӕгмӕ чи амоны, ноджы иу ахӕм дзырд — «ӕхсӕв», ома талынг куы вӕййы, уыцы рӕстӕг (рӕстӕмбисӕй 12 сахаты) (Рац. 10:13). Дзырд «бон» (кӕнӕ «бонтӕ») ма амоны, цавӕрдӕр зынгӕ адӕймаг кӕд цард, уыцы рӕстӕджы ӕмгъуыд дӕр. Зӕгъӕм, Исай цӕстылуайӕн федта «Ози, Иоафам, Ахаз ӕмӕ Езекийы... бонты» (Ис. 1:1); Ной ӕмӕ Лоты бонты тыххӕй та дзырдӕуы, зӕгъгӕ, сын ис пехуымпарадон нысаниуӕг (Лук. 17:26—30). Дзырд «бон» бирӕ цӕмӕдӕрты кӕй амоны ӕмӕ дзы алыхатт комкоммӕ кӕй нӕ пайда кӕнынц, уымӕн ма ӕндӕр цӕвиттон ссарӕн ис Петры ныхӕсты дӕр, зӕгъгӕ, «Хуыцаумӕ иу бон у мин азау» (2 Пет. 3:8, НФ). Уӕвынады цы сфӕлдыстадон бонтыл дзырдӕуы, уыдон та сты ноджы даргъдӕр ӕмгъуыдтӕ — мин азтӕ (Уӕв. 2:2, 3; Рац. 20:11). Бӕлвырд библион скъуыддзаджы дзырд «бон»-ы нысаниуӕг бамбарӕн вӕййы ӕнӕхъӕн сӕрӕй кӕнӕ та иннӕ стихтӕй.
9 Сахат. Бон 24 сахатыл дих кӕнын райдыдтой Египеты. Абон сахат 60 минутыл кӕй дих кӕнынц, уый та ист ӕрцыд, Вавилонийы цы ӕхсайгӕттӕй нымад уыд, уырдыгӕй (уыцы нымадӕн йӕ бындуры уыд нымӕц 60). Бон сахӕттыл дих кӕныны тыххӕй Дзуттаг Фыстыты никуы ис фыстa. Рӕстӕгмӕ дзы амонынц ахӕм дзырдтӕ: «райсом», «сихорафон» ӕмӕ «изӕр» (Уӕв. 24:11; 43:16; Дык. з. 28:29; 3 Пад. 18:26). Ӕхсӕв дих кодтой ӕртӕ хайыл ӕмӕ сӕ хуыдтой «ӕхсӕвы хъахъхъӕныны афонтӕ» (Пс. 62:7). Дыууӕйӕн дзы Библийы ис бӕлвырддӕр нӕмттӕ: «ӕмбисӕхсӕв хъахъхъӕныны афон» (Тӕрх. 7:19) ӕмӕ «сӕууон хъахъхъӕныны афон» (Рац. 14:24; 1 Пад. 11:11).
10 Фӕлӕ дзырд «сахат» Чырыстон Грекъаг Фыстыты арӕх ӕмбӕлы (Иоан. 12:23; Матф. 20:2—6). Фыццаг сахат-иу райдыдта боныцъӕхимӕ, райсомы 6 сахатмӕ ’ввахс. Библийы дзырдӕуы «ӕртыккаг сахаты» тыххӕй, ома райсомы 9 сахатмӕ ’ввахс. Йесо хъизӕмӕртты цӕджындзыл ауыгъд куы уыд «ӕхсӕзӕм сахатмӕ ’ввахс» (махмӕ боны 12 сахат куы вӕййы), уӕд Иерусалим талынг ӕрӕмбӕрзта. Йесо хъизӕмӕртты цӕджындзыл амард «фарӕстӕм сахатмӕ ’ввахс», ома боны 3 сахатмӕ ’ввахс (Маркы 15:25; Лук. 23:44; Матф. 27:45, 46)b.
11 Къуыри. Адӕм рӕстӕг авдбонон ӕмгъуыдтӕй нымайын райдыдтой незамантӕй. Уымӕй уыдон бафӕзмыдтой се Сфӕлдисӕджы. Уый ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны кӕрон сӕвӕрдта ӕвдӕм рӕстӕджы ӕмгъуыд, ӕмӕ уый дӕр схуыдта бон. Ной дӕр бонтӕ нымадта ӕвдгӕйттӕй. Дзуттаг ӕвзаджы дзырд «къуыри» комкоммӕ нысан кӕны авд хайӕ конд рӕстӕджы ӕмгъуыд (Уӕв. 2:2, 3; 8:10, 12; 29:27).
12 Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ иу мӕйы цал боны ис. Библийы цы мӕйты кой цӕуы, уыдон нымадтой Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ (Рац. 2:2; Дык. з. 21:13; 33:14; Езд. 6:15). Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ иу мӕйы цал боны ис, уый Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ нӕ нымайынц. Абон афӕдз Хурмӕ гӕсгӕ дих кӕнынц 12 мӕйыл. Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ мӕй райдайы мӕйногӕй ӕмӕ вӕййы 29 боны, 12 сахаты ӕмӕ 44 минуты. Уыцы рӕстӕгмӕ Мӕй цыппар хатты йӕ хуыз аивы ӕмӕ йын йӕ формӕмӕ гӕсгӕ базонӕн вӕййы, кӕцы бон у, уый.
13 Ной цавӕрдӕр хабӕртты тыххӕй куы фыста, уӕд рӕстӕг нымадта 30-бонон мӕйтӕй, ома сӕ растдӕр Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ нӕ нымадта. Ной цаутӕ ковчегы кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, зӕхх Доны хъаймӕты дӕтты бын кӕй уыд фондз мӕйы дӕргъы, кӕнӕ «сӕдӕ фӕндзай боны» дӕргъы. Дыууадӕс мӕй ӕмӕ дӕс боны фӕстӕ зӕхх басур ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон сси ковчегӕй ӕддӕмӕ рацӕуын. Уӕдӕ уыцы ахсджиаг цаутӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цыдысты, уый тыххӕй нӕм ис раст бӕрӕггӕнӕнтӕ (Уӕв. 7:11, 24; 8:3, 4, 14—19).
14 Афӕдзы афонтӕ. Зӕхх адӕмӕн цӕттӕгӕнгӕйӕ, Иегъовӕ афӕдзы афонтӕ кӕй ахицӕн кодта, уый дзурӕг уыд йӕ уарзондзинад ӕмӕ йе стыр зондыл (Уӕв. 1:14). Афӕдзы афонтӕ кӕрӕдзи ивынц, Хуры алыварс зилгӕйӕ, Зӕххы сӕмӕн арвы тыгъдады ӕдзухдӕр 23, 5 градусы къул кӕй у, уый фӕрцы. Уый фӕстиуӕгӕн хурырдӕм ӕхсӕз мӕйы дӕргъы нырма здӕхт вӕййы хуссар ӕрдӕгтымбылӕг, уый фӕстӕ та — цӕгат ӕрдӕгтымбылӕг. Уымӕ гӕсгӕ афӕдзы афонтӕ кӕрӕдзи ивгӕ цӕуынц. Афӕдзы афонтӕ кӕй ивынц, уымӕй нӕ цард кӕны цымыдисагдӕр, афтӕ ма ӕндавынц тауыны ӕмӕ хуымгӕрдӕны куыстытӕ кӕныны рӕстӕгыл дӕр. Хуыцауы Ныхас нын ныфс ӕвӕры, афӕдзы афонтӕ кӕй ивынц, уый ӕнусмӕ кӕй уыдзӕн. «Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ уыдзӕн тауын ӕмӕ хуымгӕрдӕн, уазал ӕмӕ тӕвд, сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ӕхсӕв» (Уӕв. 8:22).
15 Зӕрдӕвӕрд зӕххы афӕдз адихгӕнӕн ис къӕвдаты афон ӕмӕ хус афоныл. Апрелы ӕмбисӕй октябры ӕмбисы онг къӕвда стӕм хатт ӕруары. Къӕвдаты афон адихгӕнӕн ис ӕртӕ хайыл: фыццаг, кӕнӕ «фӕззыгон», къӕвдатӕ (октябрь—ноябрь), тыхджын зымӕгон къӕвдатӕ ӕмӕ уазал бонтӕ (декабрь—февраль) ӕмӕ фӕстаг, кӕнӕ «уалдзыгон», къӕвдатӕ (мартъи—апрель) (Дык. з. 11:14; Иоил 2:23). Къӕвдаты афон афтӕ дих кӕй ӕрцыд, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алы ран дӕр афтӕ у, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы климӕт алы ран иухуызон нӕу. Ӕмӕ афонтӕ кӕрӕдзи растдӕр афтӕ баивынц ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Фыццаг къӕвдатӕ хус зӕхх сфӕлмӕн кӕнынц ӕмӕ октябрь—ноябры райдайынц «хуым кӕнын» ӕмӕ «хор тауын» (Рац. 34:21; Лев. 26:5). Декабрӕй февралмӕ тыхджын зымӕгон къӕвдаты рӕстӕджы арӕх мит дӕр фӕуары, январь ӕмӕ февралы та хӕхбӕсты температурӕ нулӕй дӕлдӕр ӕрхауы. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Давиды хъӕбатыр ӕфсӕддонтӕй иу, Ванейӕ, амардта домбайы, «мит куы уарыд, уыцы бон» (2 Пад. 23:20).
16 Мартъи ӕмӕ апрель (зӕгъӕн ис, ӕмӕ хауынц дзуттаг мӕйтӕ нисан ӕмӕ иярмӕ) сты «уалдзыгон къӕвдаты» мӕйтӕ (Зах. 10:1). Уыдон сты фӕстаг къӕвдатӕ, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй фӕззӕджы тыд хортӕ хорз сырӕзой ӕмӕ хъӕздыг тыллӕг радтой (Ос. 6:3; Иак. 5:7). Уыцы афон ма у фыццаг хуымгӕрдӕн афон дӕр. Хуыцау израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын 16 нисаны лӕварӕн ӕрхастаиккой сӕ тыллӕгӕй фыццаг куырис (Лев. 23:10; Руф 1:22). Уыцы афон Палестинӕйы ӕрдз йӕхи сфӕлынды. «Зӕххыл дидинджытӕ фӕзындысты, сӕнӕфсир ӕхсӕдыны рӕстӕг ӕрцыд ӕмӕ хъуысы нӕ зӕххыл ӕхсинӕджы хъуыр-хъуыр. Легъуи бӕлас та донӕй байдзаг, цӕмӕй фыццаг дыргътӕ радта, афтӕ ма сӕнӕфсиры талатӕ дидинӕг ӕфтауынц, сӕ хӕрздӕф цӕуы» (Сол. з. 2:12, 13).
17 Кӕмдӕр апрелы ӕмбисӕй райдайы хус афон, фӕлӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы ӕртӕх афтӕ бирӕ вӕййы — уӕлдайдӕр та донбыл фӕзтӕ ӕмӕ хӕхты ныгуылӕн фӕхстыл — ӕмӕ хортӕ донӕй бафсӕдынц (Дык. з. 33:28). Май у хортӕ ӕфснайыны афон, ӕмӕ-иу уыцы мӕйы кӕрон израилӕгтӕ кодтой Къуыриты бӕрӕгбон (Фӕндзайӕм бон) (Лев. 23:15—21). Уый фӕстӕ, хур тынгдӕр тавын куы райдайы ӕмӕ зӕхх куы басур вӕййы, уӕд сӕнӕфсир дӕр срӕгъӕд вӕййы ӕмӕ йӕ ӕртонынц. Стӕй та ӕртонынц ӕндӕр сӕрдыгон дыргътӕ, зӕгъӕм оливӕтӕ, финиктӕ ӕмӕ легъуитӕ (2 Пад. 16:1). Хус афон куы аивгъуыйы ӕмӕ фыццаг къӕвдатӕ куы райдайынц, уӕд ӕрӕмбырд кӕнынц зӕххы лӕвӕрттӕ. Уыцы афон-иу израилӕгтӕ кодтой Цатырты кӕнӕ Халагъудты бӕрӕгбон (кӕмдӕр октябры райдианы) (Рац. 23:16; Лев. 23:39—43).
18 Афӕдз (аз). Библи рӕстӕджы тыххӕй цы дзуры, уый иртасгӕйӕ, равзарӕм, дзырд «афӕдз» цы нысан кӕны, уый дӕр. Ацы дзырд ма ӕмбӕлы, адӕмы сфӕлдисыны тыххӕй кӕм дзырдӕуы, суанг уым дӕр (Уӕв. 1:14). Дзуттаг ӕвзаджы дзырд «афӕдз», шана́, равзӕрд дзырд «фӕлхат кӕнын; ногӕй аразын»-ӕй ӕмӕ амоны рӕстӕджы зилдухмӕ. Уый раст у, уымӕн ӕмӕ алы аз дӕр афӕдзы афонтӕ фӕлхат кӕнынц. Зӕххыл иу афӕдз рацӕуы, Зӕхх Хуры алыварс иу хатт куы ӕрзилы, уӕд. Уый тыххӕй бахъӕуы 365 боны, 5 сахаты, 48 минуты ӕмӕ 46 секунды, кӕнӕ та 365 ӕмӕ 1/4 суткӕйы бӕрц. Уыцы ӕмгъуыд хуыйны хурон аз.
19 Библион афӕдз (аз). Рагон библион азнымадмӕ гӕсгӕ-иу афӕдз нымадтой иу фӕззӕгӕй иннӕ фӕззӕгмӕ. Уый сӕйраджыдӕр баст уыд зӕххы куыстытимӕ: афӕдз-иу райдыдта хуым кӕнынӕй ӕмӕ тауынӕй октябры фыццаг ӕмбисы (нӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ), ӕмӕ-иу фӕци тыллӕг ӕмбырд кӕнынӕй. Ной дӕр афӕдзы райдиан нымадта фӕззӕгӕй. Уый ныффыста, зӕгъгӕ, Доны хъаймӕт райдыдта «дыккаг мӕйы», ома октябры дыккаг ӕмбисы ӕмӕ ноябры фыццаг ӕмбисы (Уӕв. 7:11). Бирӕ адӕмтӕм ма ныр дӕр ног аз райдайы фӕззӕджы. Н. э. агъоммӕ 1513 азы дзуттӕгтӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд сын Иегъовӕ загъта, цӕмӕй авивы (нисаны) мӕй нымад цӕуа «мӕйты райдианыл», афтӕмӕй бындур ӕвӕрд ӕрцыд сыгъдӕг азӕн, нымадтой йӕ иу уалдзӕгӕй иннӕ уалдзӕгмӕ (Рац. 12:2). Фӕлӕ абон дзуттӕгтӕ пайда кӕнынц, ӕхсӕнады цы къӕлиндарӕй пайда кӕнынц, уымӕй, ӕмӕ сӕм афӕдз райдайы фӕззӕджы, тишрийы мӕйы.
20 Мӕйон-хурон афӕдз (аз). Чырыстийы бонты онг дӕр ма адӕмӕн сӕ фылдӕр рӕстӕг хынцыдтой Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ алыхуызӕтты архайдтой, цӕмӕй афӕдзы дӕргъ Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ дӕр ӕмӕ Хуры зылдмӕ гӕсгӕ дӕр ӕмхуызон уыдаид. Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ афӕдзы ис 12 мӕйы, ӕдӕппӕтӕй — 354 боны. Иу мӕйы вӕййы 29 кӕнӕ 30 боны, уый баст у ног Мӕйы фӕзындыл. Афӕдз Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ куы фӕнымайынц, уӕд вӕййы 11 ӕмӕ 1/4 боны къаддӕр хурон азӕй, уым та ис 365 ӕмӕ 1/4 боны. Дзуттӕгтӕ афӕдз нымадтой Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ. Библи не ’мбарын кӕны, афтӕ-иу куыд сарӕзтой, цӕмӕй-иу Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ нымад афӕдз Хуры зылдмӕ гӕсгӕ нымад афӕдзӕй (хурон азӕй), стӕй ма афӕдзы афонтӕй ма хицӕн кодтаид, фӕлӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, куы хъуыди, уӕд-иу уӕлӕмхасӕн мӕйтӕ бафтыдтой. Уӕлӕмхасӕн мӕйтӕ ӕфтауынӕн фӕстӕдӕр, н. э. агъоммӕ V ӕнусы, скодтой фӕтк, схуыдтой йӕ Метоны цикл. Уыцы фӕткмӕ гӕсгӕ алы 19 азы дӕр авд хатты ӕфтыдтой иу уӕлӕмхасӕн мӕй. Дзуттаг къӕлиндары уӕлӕмхасӕн мӕй ӕфтыд цыди 12-ӕм мӕй адары фӕстӕ ӕмӕ хуынди веадар, ома «дыккаг адар». Афтӕмӕй Мӕйы къӕлиндар бараст кодтой Хуры зылдмӕ гӕсгӕ; 12 кӕнӕ 13 мӕйы цы азты ис, уыдон хуыйнынц мӕйон-хурон азтӕ.
21 Юлийы ӕмӕ Григорийы къӕлиндартӕ. Къӕлиндар у даргъ рӕстӕджы скъуыддзӕгтӕ хынцыны фӕтк, йӕ бындуры ис, ӕрдзон фӕзындтӕ фӕлхат кӕй цӕуынц, уый. Юлийы къӕлиндар сарӕзта Юлий Цезарь н. э. агъоммӕ 46 азы, цӕмӕй ромӕгтӕ рӕстӕг Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ мауал нымадтаиккой, фӕлӕ Хуры зылдмӕ гӕсгӕ. Юлийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ афӕдзы ис 365 боны ӕмӕ йӕм алы цыппӕрӕм аз дӕр (хуыйны даргъ аз) ӕфтыд цӕуы иу бон, афтӕмӕй даргъ азы вӕййы 366 боны. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ рабӕрӕг, афӕдз Юлийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ хуры азӕй 11 минуты даргъдӕр кӕй у. Н. э. XVI ӕнусмӕ ӕрӕмбырд ӕнӕхъӕн дӕс боны уӕлдай. 1582 азы ромаг папӕ Григорий XIII къӕлиндармӕ бахаста гыццыл ивындзинӕдтӕ ӕмӕ ног къӕлиндар схуыдтой Григорийы къӕлиндар. Папӕйы бардзырдмӕ гӕсгӕ 1582 азы бонты нымад дӕс боны фӕраздӕр кодтой ӕмӕ 4 октябры фӕстӕ ӕвиппайды ахызтысты 15 октябрмӕ. Аскъуыддзаг кодтой, зӕгъгӕ, йӕ сӕдӕты нымӕц цыппарыл кӕмӕн нӕ дих кӕны, уыцы сӕдӕйӕм азтӕ даргъ азтыл нымад нӕ цӕудзысты. Зӕгъӕм, 1900 аз даргъ аз нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ 19 нӕ дих кӕны цыппарыл; уыйхыгъд 2000 аз та уыди даргъ аз, уымӕн ӕмӕ 20 дих кӕны цыппарыл. Григорийы къӕлиндарӕй абон пайда кӕнынц дунейы бӕстӕтӕй сӕ фылдӕры.
22 Пехуымпарадон «афӕдз». Библийы пехуымпарӕдты дзырд «афӕдз» арӕх фӕнысан кӕны ахӕм рӕстӕджы ӕмгъуыд, цыран ис 12 мӕйы, алы мӕйы дӕр 30 боны, ӕдӕппӕтӕй та — 360 боны. Дӕ хъус ма ӕрдар, Иезекилы 4:5, 6-ӕм стихтӕ иу зындгонд куысты куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ: «Ӕвӕццӕгӕн, Иезекил рӕстӕг хынцыдта, 360 боны кӕм уыд, ахӕм азтӕй. Уый нӕдӕр хуры аз у ӕмӕ нӕдӕр, Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ цы афӕдз нымайынц, уый. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый у „рӕстӕмбис“ афӕдз, алы мӕйы дӕр 30 боны кӕм ис, ахӕм аз»c.
23 Хаттӕй-хатт ма пехуымпарадон аз фӕхонынц «рӕстӕг» дӕр. Раргомады 11:2, 3 ӕмӕ 12:6, 14 куы раиртасӕм, уӕд базондзыстӕм, иу «рӕстӕг» 360 боны бӕрц кӕй у, уый. Иуӕй-иу пехуымпарӕдты аз фӕсномыгӕй хонынц «бон» (Иез. 4:5, 6).
24 Нӕй нулон аз. Рагон адӕмтӕм, уыимӕ грекъаг ахуыргӕндтӕм, ромӕгтӕм ӕмӕ дзуттӕгтӕм, сӕ нымады нӕ уыд нуль. Цыфӕнды нымад дӕр-иу райдыдтой иуӕй. Ӕрхъуыды ма кӕн, скъолайы ромаг цифрӕтӕ (I, II, III, IV, V, X ӕмӕ афтӕ дарддӕр) куы ахуыр кодтат, уӕд уын нуль фыссын бацамыдтой? Нӕ, уымӕн ӕмӕ ромӕгтӕм ахӕм цифрӕ нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ эрӕйы азтӕ нулон азӕй нӕ нымайынц, фӕлӕ фыццаг азӕй. Ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ равзӕрдысты рӕнхъон нымӕцонтӕ дӕр, зӕгъӕм, фыццаг (1-аг), дыккаг (2-аг), ӕртыккаг (3-аг), дӕсӕм (10-ӕм), сӕдӕйӕм (100-ӕм), ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нӕ рӕстӕджы математикӕйы нымад алкӕддӕр райдайы нулӕй. Нуль, ӕвӕццӕгӕн, ӕрымысыдысты индустӕ.
25 Уымӕ гӕсгӕ рӕнхъон нымӕцонтӕ кӕм вӕййы, уым алы хатт дӕр ӕнӕхъӕн нымӕц райсынӕн фӕхъӕуы аппарын иу. Зӕгъӕм, XX-ӕм ӕнусы цавӕрдӕр боныл куы дзурӕм, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы боны размӕ ӕнӕхъӕн 20 ӕнусы рацыд? Нӕ, рацыд 19 ӕнӕхъӕн ӕнусы ӕмӕ цалдӕр азы. Куыд нырыккон математикӕйы, афтӕ Библийы дӕр ӕнӕхъӕн нымӕцтӕ радӕттынӕн пайда кӕнынц бӕрцон нымӕцонтӕй, зӕгъӕм, иу, дыууӕ, ӕртӕ, дӕс, сӕдӕ. Уыдон ма хуыйнынц ӕххӕст нымӕцтӕ дӕр.
26 Уӕдӕ нӕ эрӕ нулон азӕй нӕ, фӕлӕ фыццӕгӕм азӕй кӕй райдыдта (н. э. 1 аз), ӕмӕ нӕ эрӕйы агъоммӕ дӕр азтӕ нулон азӕй кӕй нӕ цӕуынц нымад, фӕлӕ фыццӕгӕм азӕй (н. э. агъоммӕ 1 аз), уымӕ гӕсгӕ азмӕ амонӕг нымӕц алкӕддӕр уыдзӕн рӕнхъон. Цӕвиттонӕн райсӕм нӕ эрӕйы 1990 аз. Ацы нымӕц нысан кӕны, нӕ эрӕйы райдианӕй кӕй рацыд ӕнӕхъӕн 1 989 азы. 1990 азы 1 июль куы райсӕм, уӕд уый та нысан кӕндзӕн, нӕ эрӕйы райдианӕй кӕй рацыд 1 989 азы ӕмӕ ӕрдӕг. Афтӕ нымайын хъӕуы нӕ эрӕйы агъоммӕйы бонтӕ дӕр. Кӕд нӕ фӕнды базонын, н. э. агъоммӕ 607 азы 1 октябрӕй н. э. 1914 азы 1 октябрмӕ цал азы рацыд, уӕд 1913 азмӕ (ӕмӕ иннӕ азы фыццаг фараст мӕймӕ) хъуамӕ бафтауӕм 606 азы (ӕмӕ йӕ размӕ азы ӕртӕ фӕстаг мӕйы). Уыдзысты 2 519 азы (ӕмӕ 12 мӕйы), ома 2 520 азы. Кӕнӕ дӕ, зӕгъӕм, фӕнды базонын, н. э. агъоммӕ 607 азы 1 октябрӕй 2 520 азы куы рацӕуа, уӕд цы бон уыдзӕн. Рох дӕ ма уӕд, 607 аз рӕнхъон нымӕцон кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 606 ӕнӕхъӕн азмӕ кӕй амоны. Банысан кӕнинаг ма у, мах н. э. агъоммӕ 607 азы 31 декабрӕй кӕй нӕ нымайӕм, фӕлӕ н. э. агъоммӕ 607 азы 1 октябрӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 606-мӕ хъӕуы бафтауын н. э. агъоммӕ 607 азы фӕстаг ӕртӕ мӕйы. Ныр та 2 520 азӕй аппарӕм 606 ӕмӕ 1/4. Рауайдзӕн 1913 ӕмӕ 3/4. Уӕдӕ н. э. агъоммӕ 607 азы 1 октябрӕй 2 520 азы куы анымайӕм, уӕд рауайдзӕн 1913 ӕмӕ 3/4 азы (нӕ эрӕйы). 1913 ӕнӕхъӕн азы куы рацӕуа, уӕд райдайдзӕн н. э. 1914 аз, уымӕ ма афӕдзы ӕртӕ цыппӕрӕм хайы куы бафтауӕм, уӕд рауайдзӕн н. э. 1914 азы 1 октябрьd.
27 Бындурӕн ист бонтӕ библион азнымады. Ӕууӕнчы аккаг библион азнымад арӕзт цӕуы бындурӕн ист бӕлвырд бонтыл. Бындурӕн ист бон у, историйы фӕд чи ныууагъта, ахӕм къӕлиндарон бон,— йӕ растдзинад дызӕрдыггаг кӕмӕн нӕу ӕмӕ Библийы фыст бӕлвырд цаумӕ чи хауы, ахӕм бон. Ахӕм бындур нын куы уа, уӕд нӕ бон суыдзӕн базонын, библион цаутӕй бирӕтӕ кӕд ӕрцыдысты, уый. Иугӕр ахӕм бон ссардтам, уӕд уыцы бонӕй нымайӕн уыдзӕн, Библийӕн йӕхимидӕг цы раст хабӕрттӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ, зӕгъӕм, иуӕй-иу адӕймӕгтӕ цас фӕцардысты кӕнӕ та паддзӕхтӕ цас хицауиуӕг кодтой. Уӕдӕ, ахӕм бӕлвырд бонӕй куы райдайӕм нымайын ӕмӕ Библийӕн йӕхимидӕг цы ӕууӕнчы аккаг азнымадтӕ ис, уыдонӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ бон суыдзӕн базонын, Библийы фыст цаутӕй бирӕтӕ кӕд ӕрцыдысты, уый.
28 Бындурӕн ист бон Дзуттаг Фыстытӕн. Библийы дӕр ӕмӕ историйы дӕр стыр фӕд чи ныууагъта, ахӕм цау у, Киры сӕргълӕудӕй мидиаг ӕмӕ персайнаг ӕфсӕдтӕ Вавилон куы басастой, уый. Библийы уый фӕдыл дзырдӕуы Данелы 5:30. Бирӕ историон куыстытӕм гӕсгӕ (зӕгъӕм Диодоры, Африканы, Евсевийы, Птолемей ӕмӕ вавилойнаг табличкӕты фыстытӕм гӕсгӕ) Кир Вавилон басаста н. э. агъоммӕ 539 азы. Уыцы цау цы бон ӕмӕ цы мӕй ӕрцыд (ӕрмӕст дзы аз нӕй фыст), уый ис Набониды азгайфысты. Афтӕмӕй историктӕ сбӕрӕг кодтой Вавилоны ныппырхы рӕстӕг — н. э. агъоммӕ 539 азы 11 октябрь, Юлийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ, кӕнӕ 5 октябрь, Григорийы къӕлиндармӕ гӕсгӕe.
29 Кир Вавилон куы басаста ӕмӕ дзы фыццаг аз куы хицауиуӕг кодта, уӕд радта йӕ зындгонд бардзырд, цӕмӕй иудейтӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаиккой. Библи куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы бардзырд рацыд н. э. агъоммӕ 538 азы кӕрон кӕнӕ та н. э. агъоммӕ 537 азы уалдзӕгмӕ ’ввахс. Уый фӕрцы иудейтӕн уыд хорз фадат, цӕмӕй сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрцыдаиккой ӕмӕ «ӕвдӕм мӕйы», тишрийы, кӕнӕ н. э. агъоммӕ 537 азы 1 октябрмӕ ’ввахс Иерусалимы ӕрӕмбырд уыдаиккой Иегъовӕйӕн раст кувынад йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн (Ездрӕ 1:1—4; 3:1—6)f.
30 Бындурӕн ист бон Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн бындурӕн ист бон у, император Августы фӕстӕ кесӕр Тивери (Тиберий) кесӕры бартӕ цы бон райста, уый. Император Август амард н. э. 14 азы 17 августы (Григорийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ) ӕмӕ н. э. 14 азы 15 сентябры ромаг сенат фехъусын кодта, императорӕй Тивери кӕй сси, уый. Лукайы 3:1, 3 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Аргъауӕг Иоанн лӕггад кӕнын райдыдта Тиверийы хицаудзинады 15-ӕм азы. Азтӕ Августы мӕлӕтӕй куы нымайӕм, уӕд Тиверийы хицаудзинады 15-ӕм аз райдыдта н. э. 28 азы августы ӕмӕ фӕци н. э. 29 азы августы. Фӕлӕ сенат Тиверийы император куы схуыдта, уымӕй куы нымайӕм, уӕд та 15-ӕм аз райдыдта н. э. 28 азы сентябры ӕмӕ фӕци н. э. 29 азы сентябры. Уый фӕстӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо (Аргъауӕг Иоаннӕй уыд иу-ӕхсӕз мӕйы кӕстӕр) ӕрбацыд донаргъуыд исынмӕ. Уӕд уыд «ӕртын аздзыд» (Лукайы 3:2, 21—23; 1:34—38). Ацы хабӕрттӕ разы сты Данелы 9:25 фыст пехуымпарадимӕ, зӕгъгӕ, Иерусалим ӕмӕ йӕ систӕ «ногӕй та саразыны дзырд цы заманы рацӕуа», уӕдӕй Мессиайы фӕзындмӕ хъуамӕ рацӕуа 69 «авдазы» (кӕнӕ 69 пехуымпарадон къуырийы, алкӕцыйы дӕр ис 7 азы, ӕдӕппӕтӕй 483 азы). Ацы «дзырд» загъта н. э. агъоммӕ 455 азы паддзах Артаксеркс (Даргъцонг) ӕмӕ йӕ уыцы азы дыккаг ӕмбисы Нееми сӕххӕст кодта, Иерусалиммӕ куы ацыд, уӕд. 483 азы фӕстӕ н. э. 29 азы дыккаг ӕмбисы Йесо Иоаннӕй донаргъуыд куы райста, уӕд ма Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст дӕр ӕрцыд ӕмӕ сси Мессиа, кӕнӕ Сӕрст. Йесо донаргъуыд н. э. 29 азы дыккаг ӕмбисы кӕй райста ӕмӕ лӕггад кӕнын дӕр уӕд кӕй райдыдта, уый ма разы у ӕндӕр пехуымпарадимӕ дӕр, зӕгъгӕ, мард ӕрцӕудзӕн «авдазы астӕу», (ома ӕртӕ аз ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ) (Дан. 9:27). Йесо уалдзӕджы кӕй амард, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ лӕггад кӕнын (лӕггад та кодта ӕртӕ аз ӕмӕ ’рдӕг) райдыдта н. э. 29 азы фӕззӕгмӕ ӕввахсg. Уымӕ гӕсгӕ ам цы дыууӕ хуызы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастам, уыдон дӕр ӕвдисынц, Йесо н. э. 2 азы фӕззӕджы кӕй райгуырд, уымӕн ӕмӕ Лукайы 3:23 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Йесо йӕ куыст куы райдыдта, уӕд ыл цыд 30 азы бӕрцh.
31 Рӕстӕг тагъдӕй-тагъддӕр куыд цӕуы. Ис ахӕм рагон ӕмбисонд: «Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ сурынӕй зындӕр царды ницы ис». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, рӕстӕгмӕ нӕ хъус куы фӕдарӕм, ӕппынӕдзух сахатмӕ куы фӕкӕс-фӕкӕс кӕнӕм ӕмӕ истӕмӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд ныл рӕстӕг ныддаргъ вӕййы. Фӕлӕ ӕнӕвдӕлон куы вӕййӕм, куысты сӕрӕй куы аныгъуылӕм, уӕд рӕстӕг кӕуылты атӕхы, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнӕм. Фӕлӕ сывӕллӕттӕй хъауджыдӕр хистӕртыл рӕстӕг тагъддӕр цӕуы. Цӕмӕн у афтӕ? Афӕдздзыд сывӕллон ма ноджыдӕр иу аз куы рацӕра, уӕд йӕ фӕлтӕрддзинад 100 проценты фӕфылдӕр уыдзӕн. 50-аздзыд адӕймагӕн та иу азы цард у, цы фӕцард, уымӕн ӕрмӕст йӕ 2 проценты. Сывӕллонмӕ афӕдз тынг даргъ фӕкӕсы. Ацӕргӕ адӕймагмӕ та, кусынхъом куы уа ӕмӕ йӕ йе ’нӕниздзинад куы нӕ хъыгдара, уӕд афтӕ фӕкӕсы, цыма азтӕ ноджы тагъддӕр райдыдтой тӕхын. Уый хуыздӕр райдайы ӕмбарын Соломоны ныхӕстӕ: «Хуры бын ногӕй ницы ис». Уӕдӕ рӕзгӕ фӕсивӕдыл та азтӕ афтӕ тагъд нӕ цӕуынц, уымӕн ӕмӕ уыцы азты бамбарынц царды хъӕр, сахуыр вӕййынц бирӕ цӕуылдӕртыл. Ацы мулкуарзӕг дунеимӕ «дымгӕ сурыны» бӕсты фӕсивӕдӕн сӕ бон у уыцы азтӕй зондджынӕй спайда кӕнын ӕмӕ стыр монон «исбон» ӕрӕмбырд кӕнын. Растдӕр уыдонмӕ хауынц Соломоны иннӕ ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдыл дар дӕ Цытджын Сфӕлдисӕджы де ’рыгон бонты, цалынмӕ дыл уынгӕджы бонтӕ не скодта ӕмӕ дыл уыцы азтӕ не ’рцыдысты, афтӕ кӕмӕй дзурай: „Ад мын нал кӕнынц“» (Еккл. 1:9, 14; 12:1).
32 Рӕстӕг ӕмӕ ӕнусон цард. Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы амондджын рӕстӕг, нӕ уӕззау цард та нӕ рох дӕр фӕуыдзӕн. Рӕстдзинад чи уарзы ӕмӕ «йӕ бонтӕ [Иегъовӕйы] къухы» кӕмӕн сты, уыдонӕн сӕ бон у ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Хуыцауы Паддзахад куы хицауиуӕг кӕна, уӕд цы ӕнусон цард уыдзӕн, уымӕ (Пс. 30:15—17; Матф. 25:34, 46). Уыцы рӕстӕджы мӕлӕт нал уыдзӕн (Рарг. 21:4). Адӕм ӕгуыст нал уыдзысты, нал рынчын кӕндзысты, ӕрхӕндӕг нал уыдзысты ӕмӕ сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нал цӕудзӕн. Алкӕмӕндӕр уыдзӕн цымыдисаг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст,— адӕймагӕн йӕ уӕнджы цы ӕххӕст курдиӕттӕ уа, уыдон кӕм ӕвзара ӕмӕ йын ӕгӕрон ӕхцондзинад чи хӕсса, ахӕм куыст. Афтӕ зындзӕн, цыма азтӕ тагъдӕй-тагъддӕр тӕхынц, ӕмӕ хорздзинадӕн чи аргъ кӕндзӕн ӕмӕ ӕххӕст зонд кӕмӕн уыдзӕн, уыцы адӕмы хъуыдыйы фылдӕр кӕндзысты хорз мысинӕгтӕ. Миназтӕ кӕрӕдзи куыд ивой, афтӕ адӕм, ӕнӕмӕнгдӕр, бирӕ хуыздӕр ӕмбардзысты, Иегъовӕ рӕстӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый: «[Иегъовӕйы] цӕстыты раз мин азы куыд зноны бон, уый куы аивгъуыдта» (Пс. 89:5).
33 Рӕстӕджы цыдмӕ абоны адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног, раст дунейыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, мах ӕмбарӕм, уыцы бон адӕм ӕцӕгдӕр диссаджы арфӕдзинӕдтӕ кӕй банкъардзысты: «Уымӕн ӕмӕ уым бафӕдзӕхста Хицау [«Иегъовӕ», НД] арфӕдзинад ӕмӕ цард ӕнустӕм» (Пс. 132:3).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дзырд «сахат», Дзуттаг Фыстытӕй ирон ӕвзагыл цы тӕлмацтӕ ис, уыдонӕй ӕмбӕлы Байаты Гаппойы тӕлмацы Данелы 4:16. Фӕлӕ Стронгы симфонийы, дзуттаг ӕмӕ халдейаг дзырдуаты, уыцы арамейаг дзырд амындӕуы, куыд «иу фӕкастмӕ кӕнӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ» («Exhaustive Concordance of the Bible»). Ахӕм нысаниуӕгимӕ ӕндӕр дзырд — «уадидӕгӕн»— ӕмбӕлы Данелы 3:6, 15; 4:30; 5:5.
b Кӕс ацы стихтӕм фиппаинӕгтӕ «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы, англ.
c Дж. ван Годувер, «Biblical Calendars», 1961 аз, 75 фарс.
[Таблицӕ 4 фарсыл]
ИЗРАИЛӔГТЫ АФӔДЗ
Мӕйы ном Нисан (авив)
Кӕцы мӕймӕ хауы Мартъи—апрель
Сыгъдӕг аз 1-аг мӕй
Ӕнӕуи аз 7-ӕм мӕй
Бӕрӕгбӕттӕ 14 нисан Куадзӕн
15—21 нисан Донгонд дзулты бӕрӕгбон
16 нисан Фыццаг дыргътӕ хӕссын
Мӕйы ном Ияр (зиф)
Кӕцы мӕймӕ хауы Апрель—май
Сыгъдӕг аз 2-аг мӕй
Ӕнӕуи аз 8-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы 3 Пад. 6:1
уый тыххӕй
Мӕйы ном Сиван
Кӕцы мӕймӕ хауы Май—июнь
Сыгъдӕг аз 3-аг мӕй
Ӕнӕуи аз 9-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Есф. 8:9
уый тыххӕй
Бӕрӕгбӕттӕ 6 сиван Къуыриты бӕрӕгбон
(Фӕндзайӕм бон)
Мӕйы ном Фаммуз
Кӕцы мӕймӕ хауы Июнь—июль
Сыгъдӕг аз 4-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 10-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Иер. 52:6
уый тыххӕй
Мӕйы ном Ав
Кӕцы мӕймӕ хауы Июль—август
Сыгъдӕг аз 5-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 11-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Езд. 7:8
уый тыххӕй
Мӕйы ном Елул
Кӕцы мӕймӕ хауы Август—сентябрь
Сыгъдӕг аз 6-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 12-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Неем. 6:15
уый тыххӕй
Мӕйы ном Тишри (афаним)
Кӕцы мӕймӕ хауы Сентябрь—октябрь
Сыгъдӕг аз 7-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 1-аг мӕй
Кӕм дзырдӕуы 3 Пад. 8:2
уый тыххӕй
Бӕрӕгбӕттӕ 1 тишри Хӕтӕлты бӕрӕгбон
10 тишри Балхӕды бон
15—21 тишри Халагъудты бӕрӕгбон
22 тишри Сыгъдӕг ӕмбырд
Мӕйы ном Мархешван (бул)
Кӕцы мӕймӕ хауы Октябрь—ноябрь
Сыгъдӕг аз 8-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 2-аг мӕй
Кӕм дзырдӕуы 3 Пад. 6:38
уый тыххӕй
Мӕйы ном Кислев
Кӕцы мӕймӕ хауы Ноябрь—декабрь
Сыгъдӕг аз 9-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 3-аг мӕй
Кӕм дзырдӕуы Неем. 1:1
уый тыххӕй
Мӕйы ном Тебеф
Кӕцы мӕймӕ хауы Декабрь—январь
Сыгъдӕг аз 10-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 4-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Есф. 2:16
уый тыххӕй
Мӕйы ном Шеват
Кӕцы мӕймӕ хауы Январь—февраль
Сыгъдӕг аз 11-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 5-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Зах. 1:7
уый тыххӕй
Мӕйы ном Адар
Кӕцы мӕймӕ хауы Февраль—мартъи
Сыгъдӕг аз 12-ӕм мӕй
Ӕнӕуи аз 6-ӕм мӕй
Кӕм дзырдӕуы Есф. 3:7
уый тыххӕй
Мӕйы ном Веадар
Кӕцы мӕймӕ хауы (Уӕлӕмхасӕн мӕй)
Сыгъдӕг аз 13-ӕм мӕй