Иегъовӕйӕн дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый
1 Иегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым бӕлвырдӕй уыд загъд, нывондӕн «ӕнаипп» фос кӕй хъуамӕ хастаиккой. Сахъат фос хӕссыны бар нӕ уыд (Лев. 22:18—20; Мал. 1:6—9). Уымӕй уӕлдай ма-иу нывонд куы ӕрхастой, уӕд-иу йӕ фиу иууылдӕр — йӕ хуыздӕр хай — ӕмбӕлди Иегъовӕмӕ (Лев. 3:14—16). Иегъовӕ Израилы Фыд ӕмӕ Кадджын Хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕмбӕлд, иууыл хуыздӕр цы у, уый.
2 Рагзаманты куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцауӕн уӕлдай нӕу, цавӕр нывӕндтӕ йын хӕссӕм, уый. Нӕ лӕггадӕй хъуамӕ зына, Иегъовӕйӕ кӕй аргъуыц кӕнӕм. Дзырд дӕр ыл нӕй, алы адӕймагӕн дӕр йӕ уавӕртӕ иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы нӕ зӕрдӕтӕм лӕмбынӕг ныккӕсын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын дӕттӕм ӕви нӕ (Еф. 5:10).
3 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Цӕмӕй нӕ лӕггадӕй Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ӕнӕбары ма кӕнӕм. Нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ диссаджы фӕндты тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд уый хъуамӕ цӕуа нӕ бузныг зӕрдӕйы арфӕй (Пс. 144:7). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймагӕн хъуамӕ уа хорз фӕтк Библи кӕсынӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынӕн (Ӕмб. 15:28).
4 Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый ма Иегъовӕйӕн дӕтдзыстӕм, уый адӕмы куыд уарзы, афтӕ сӕ куы уарзӕм, уӕд (Еф. 5:1, 2). Ахӕм уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕндзӕн цардирвӕзынгӕнӕн хабар хъусын кӕнын фылдӕр адӕмӕн (Маркы 6:34). Кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдоныл сыгъдӕг зӕрдӕйӕ тыхсдзыстӕм. Нӕ фыццаг фембӕлды фӕстӕ дӕр сыл хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ та сӕм ноджыдӕр бацӕудзыстӕм. Кӕй сӕ уарзӕм, уый тыххӕй сын нӕ бон цы у, уымӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕндзыстӕм (Ап. к. 20:24; 26:28, 29).
5 «Ӕппӕлды нывонд». Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый ма нӕ бон у Иегъовӕйӕн дӕттын ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнгӕйӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ хорз куы пълан кӕнӕм ӕмӕ нӕ царды фыццаг бынаты уацамынд куы уа, уӕд нӕ рӕстӕгӕй иууыл хуыздӕр пайда кӕндзыстӕм (1 Тим. 4:10). Хорз цӕттӕгӕнгӕйӕ нӕ ныхас уыдзӕн бӕлвырд, ӕнцонӕмбарӕн, дзурдзыстӕм фидарӕй, ӕмӕ нӕм афтӕмӕй та, гӕнӕн ис, фылдӕр адӕм байхъуса (Ӕмб. 16:21). Хорз хабар адӕмӕн куы фӕдзурӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕйы арфӕй цӕуӕг ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр схонӕн ис «ӕппӕлды нывонд» (Дзут. 13:15).