Фӕсивӕд, кӕсут Хуыцауы Ныхас!
1 Ӕвзонджы бонтӕ сты лӕгӕвзарӕн ӕмӕ цардаразӕн дуг. Ӕрыгон чырыстӕттӕ, бирӕты уӕ алы бон дӕр амидин кӕнынц, Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдоны сӕрты ахизынмӕ. Ахуыр, куыст, ус курын кӕнӕ чындзы цӕуыны разӕй уал хъуамӕ уӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрат, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕндзыстут. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн уӕ бон хӕссын ахӕм уынаффӕтӕ, уӕ дарддӕры цардыл уын хорзырдӕм чи фӕзына. Бӕрӕг монон нысӕнттӕ уын баххуыс кӕндзысты зондджынӕй архайынӕн ӕмӕ уӕ цардвӕндагыл ӕнтыстджынӕй цӕуынӕн. Хуыцауы Ныхас иудадзыг куы кӕсат, куы йыл хъуыды кӕнат, уӕд уӕ фӕнддзӕн уӕ цард Хуыцауы зондамындмӕ гӕсгӕ аразын ӕмӕ уӕ рӕсугъд фӕндтӕ уӕ къухы бафтдзысты (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:2, 3).
2 Уый уын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Сайтаны дуне дзаг у сайӕнтӕй (1 Иоан. 2:15, 16). Ӕвӕццӕгӕн, уе ’мкъласонтӕй кӕнӕ уе ’мгӕрттӕй зонут ахӕмты, иннӕты зондыл чи ацыд ӕмӕ фыдбылызы чи бахауд. Библийы уынаффӕмӕ куы хъусат, уӕд уын уӕ удыхъӕд ӕмӕ уӕ уырнындзинад афтӕ сфидар кӕндзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды фӕндагыл не слӕудзыстут. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы Ныхасы уынаффӕйы ӕххуысӕй уӕхи хиздзыстут Сайтаны хинбыд къӕппӕджытӕй (2 Кор. 2:11; Дзут. 5:14). Хуыцауы фӕндагыл цӕугӕйӕ уыдзыстут ӕцӕг амондджын — уӕ цардӕй уӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн (Пс. 118:1, 9, 11).
3 Хуыцауы Ныхасы ӕнӕивгӕ уагӕвӕрдтӕ адӕймаджы зондӕй бӕрзонддӕр сты (Пс. 118:98—100). Библийы уагӕвӕрдтӕ куы иртасат, Иегъовӕйы фӕндтыл куы хъуыды кӕнат, зӕрдӕбынӕй куы куват, уӕд Библийы хӕдзонд Автор Иегъовӕ Хуыцаумӕ баввахс уыдзыстут. Уый зӕрдӕ ӕвӕры: «Бамбарын кӕндзынӕн дӕуӕн, сӕвӕрдзынӕн дӕ фӕндагыл, кӕцыйыл дӕу цӕуын хъӕуы; разамынд дын дӕтдзынӕн, Мӕ цӕстӕнгас дӕ сӕрмӕ» (Пс. 31:8).
4 Ар рӕстӕг Библи кӕсынӕн. Иу ӕрыгон чырыстон хо йӕ разы нысан сӕвӕрдта — Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын,— ӕмӕ йӕ иу афӕдзмӕ бакасти. Уый йын цы пайда ӕрхаста? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Ӕз Иегъовӕйы тыххӕй тынг бирӕ цыдӕртӕ базыдтон. Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕ уымӕ баввахсдӕр кодтой ӕмӕ мӕ бафӕндыд цард-цӕрӕнбонты Хуыцауӕй аргъуыц кӕнын» (Иак. 4:8). Библи ӕнӕхъӕнӕй бакастӕ? Кӕд нӕ, уӕд цӕуылнӕ ис ахӕм нысан сӕвӕрӕн? Иегъовӕ дын ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ стыр хорзӕхтӕй хайджын уыдзынӕ.