Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цард ӕнӕ хъизӕмӕрттӕй
    Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
    • ӕххӕст ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты. Суанг мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ сын фадат уыдзӕн ӕнустӕм цӕрынӕн!

      3, 4. Уыцы адӕм афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц?

      3 Афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый цымӕ ӕрмӕст бӕллиц у? Цымӕ митӕй мӕсгуытӕ нӕ амайынц? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уыдоны фидарӕй уырны, зӕххыл Дзӕнӕт ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:1). Цӕмӕ гӕсгӕ сӕ уырны? Уымӕн ӕмӕ уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта, Дун-дуне чи сфӕлдыста, уыцы ӕппӕтхъомысджын Хуыцау.

      4 Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй Библи дзуры: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг». «Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа... Уый зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? Йӕ дзыхӕй ныхас рацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кӕндзӕн?» «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ расомы кодта: „Куыддӕриддӕр сфӕнд кодтон, афтӕ уыдзӕн. Куыддӕриддӕр аскъуыддзаг кодтон, афтӕ рауайдзӕн“» (Йесо Навин 23:14; Нымӕцтӕ 23:19; Исай 14:24).

      5. Цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп ссарын?

      5 Фӕлӕ кӕд Хуыцауы зӕххыл Дзӕнӕт скӕнын фӕндыд, уӕд цымӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуа? Кӕд ныр ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон скӕнынмӕ хъавы, уӕд ӕхсӕз мин азы цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Адӕм ӕнусты дӕргъы хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Хуыцау ӕцӕг нӕ тыхсы кӕнӕ Хуыцау нӕй?

  • Куыд ис базонӕн, Хуыцау ис ӕви нӕ?
    Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
    • 3 хай

      Куыд ис базонӕн, Хуыцау ис ӕви нӕ?

      1, 2. Цавӕр хъуыддаг нын ӕххуыс кӕны, Хуыцау ис ӕви нӕ, уый базонынӕн?

      ХУЫЦАУ ис ӕви нӕ, уый базонынӕн нын баххуыс кӕндзӕн иу хъуыддаг: арӕзт цыдӕриддӕр у, уымӕн хъуамӕ уа аразӕг. Дзаума цас вазыгджындӕр у, уыйас дӕсныдӕр хъуамӕ уа йӕ аразӕг.

      2 Дӕ цӕст-ма дӕ хӕдзарыл ахӕсс. Стъӕлттӕ, бандӕттӕ, сынтӕджытӕ, ӕгтӕ, тебӕтӕ, тӕбӕгътӕ ӕмӕ ӕндӕр мигӕнӕнтӕ – се ’ппӕт дӕр чидӕр сарӕзта, къултӕ, пъолтӕ ӕмӕ цар чидӕр куыд сарӕзта, афтӕ. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ зын саразӕн не сты. Ӕмӕ кӕд хуымӕтӕг дзауматӕн аразӕг хъӕуы, уӕд цымӕ вазыгджындӕр дзауматӕн зондджындӕр аразӕг нӕ хъӕуы?

      Нӕ диссаджы Дун-дуне

      3, 4. Дун-дунемӕ кӕсгӕйӕ куыд ис бамбарӕн, Хуыцау кӕй ис, уый?

      3 Сахат саразынӕн хъӕуы сахатаразӕг. Цы зӕгъӕн ис нӕ хуры системӕйӕ та? Уый бынтон диссаг куы у! Хуры системӕйы планетӕтӕ хуры алыварс ӕнусты дӕргъы афтӕ раст зилынц, ӕмӕ сӕ цыд секунды дӕсӕм хай дӕр нӕдӕр тагъддӕр фӕвӕййы, нӕдӕр сындӕгдӕр. Цы зӕгъӕн ис нӕ диссаджы галактикӕ Ӕрфӕныфӕды тыххӕй та? Ис дзы 100 миллиард стъалыйӕ фылдӕр. Ӕхсӕвыгон Ӕрфӕныфӕдмӕ никуы скастӕ? Дисы дӕ нӕ бафтыдта? Ныр та-ма ахъуыды кӕн, зонд дӕр кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы стыр Дун-дунейыл. Ӕрфӕныфӕды хуызӕн галактикӕтӕ дзы ис миллиардгӕйттӕ! Уымӕй уӕлдай ма, планетӕтӕ ӕнусты дӕргъы сӕ орбитӕтыл афтӕ раст цӕуынц, ӕмӕ сӕ абарстой, раст чи цӕуы, ахӕм сахатимӕ.

      4 Ӕмӕ кӕд хуымӕтӕг сахатӕн аразӕг хъуыди, уӕд нӕ диссаджы ӕмӕ бирӕ стырдӕр Дун-дунейӕн аразӕг куыннӕ хъуамӕ уыдаид! Библи дӕр нын уымӕн дзуры, цӕмӕй нӕ цӕстытыл хӕрдмӕ схӕцӕм ӕмӕ акӕсӕм. «Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста?» – фӕрсы нӕ Библи. Ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дзуапп дӕтты: «[Хуыцау] стъалыты ӕфсад... ракӕны... – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй. Йе стыр хъаруйы ӕмӕ йе стыр тыхы фӕрцы иууылдӕр лӕууынц сӕ бынӕтты» (Исай 40:26). Уӕдӕ Дун-дуне чи сфӕлдыста, уый у ӕнӕуынгӕ, зондджын ӕмӕ тыхджын. Уый у Хуыцау.

      Нӕ диссаджы Зӕхх

      5–7. Зӕххӕн Аразӕг кӕй ис, уый цавӕр хабӕрттӕй зыны?

      5 Зӕхх куыд арӕзт у, уый ахуыргӕндтӕ цас фылдӕр иртасынц, уыйас хуыздӕр ӕмбарынц, алцыдӕр дзы афтӕ арӕзт кӕй у, цӕмӕй йыл адӕм цӕрой. Зӕхх Хурӕй ӕгӕр дард дӕр нӕу ӕмӕ йӕм ӕгӕр ӕввахс дӕр нӕу, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы хӕццӕ кӕны фаг хъарм ӕмӕ фаг рухс. Зӕхх Хуры алыварс ӕрзилы иу афӕдзмӕ, ӕмӕ афтӕ къул у, цӕмӕй йӕ бирӕ хӕйтты афӕдзы афонтӕ уа. Зӕхх ма алы 24 сахаты дӕр йӕ сӕмӕны алыварс иу зылд ӕркӕны, ӕмӕ уый фӕрцы рухс ӕмӕ талынг кӕрӕдзи ивынц. Йӕ атмосферӕ ахӕм газтӕй конд у, ӕмӕ нӕ бон у улӕфын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ атмосферӕ хъахъхъӕны, космосӕй чи цӕуы, уыцы радиацийӕ. Зӕххыл ма ис дон ӕмӕ мӕр, ӕмӕ йыл уый фӕрцы зайы, хӕргӕ цы кӕнӕм, уыдӕттӕ.

      6 Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ кӕрӕдзийыл баст кӕй сты, зӕххыл цард уый фӕрцы ис. Цымӕ уыдӕттӕ иууылдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындысты? Иу журналы фыст ис: «Ахӕм диссаджы уавӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы зынтӕй фӕзындаиккой» (Science News). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, уымӕн гӕнӕн нӕй! Уыдон хъуамӕ сарӕзтаид, алцыдӕр рагацау чи спълан кодта ӕмӕ алцӕуылдӕр бӕстон чи ахъуыды кодта, ахӕм зондджын Аразӕг.

      7 Рӕсугъд хӕдзармӕ куы бацӕуис ӕмӕ дзы куы фенис бирӕ хӕринӕгтӕ, хорз хъармгӕнӕн ӕмӕ донуадзӕн системӕтӕ ӕмӕ кондиционер, уӕд куыд ахъуыды кӕнис? Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕхигъӕдӕй фӕзындысты? Нӕ, уыдӕттӕ бацӕттӕ кодтаид ӕмӕ сарӕзтаид зондджын адӕймаг. Стӕй бӕрӕг у, чи дзы цӕрдзӕн, уыдоныл кӕй хъуыды кодта. Уӕдӕ зӕхх чи бацӕттӕ кодта ӕмӕ йӕ чи сарӕзта, уый хъуыды кодта ууыл, цӕмӕй йӕ цӕрджытӕ мацы цух уыдаиккой. Стӕй зӕхх цыфӕнды хӕдзарӕй дӕр бирӕ вазыгджындӕр, бирӕ хуыздӕр ӕмӕ бирӕ хъӕздыгдӕр у.

      8. Цавӕр хъуыддӕгтӕй ма зыны, Хуыцау нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы?

      8 Ахъуыды-ма кӕн, нӕ цард нын цы рӕсугъддӕр кӕны, уыдӕттыл. Акӕс-ма, цас рӕсугъд дидинджытӕ зайы зӕххыл ӕмӕ сӕ тӕф адӕймагӕн куыд ӕхсызгон у. Кӕнӕ цас хӕрзад ӕмӕ адджын хӕринӕгтӕ ис. Цас рӕсугъд бынӕттӕ ис фенӕн: хъӕдтӕ, хӕхтӕ, цадтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Цы зӕгъдзынӕ, зӕрдӕйӕн циндзинад чи хӕссы, уыцы диссаджы хурныгуылды тыххӕй та? Цӕрӕгойты дунемӕ куы акӕсӕм, уӕд та? Ӕхсызгон дын нӕ вӕййы, къӕбылатӕ, гӕдыйы лӕппынтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты лӕппынтӕ куы фӕхъазынц ӕмӕ кӕрӕдзи фӕстӕ куы фӕралидз-балидз кӕнынц? Уӕдӕ ӕрдзы ис, царды нӕ ӕнӕмӕнг чи нӕ хъӕуы, фӕлӕ нын нӕ цард рӕсугъддӕр чи кӕны, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ацы цӕвиттонтӕй зыны, зӕхх чи сфӕлдыста, уый адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы, стӕй йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ цард уыцы иухуызонӕй ма цӕуа, фӕлӕ сын алы бон дӕр циндзинад хӕсса.

      9. Чи сфӕлдыста зӕхх ӕмӕ цӕмӕн?

      9 Уӕдӕ уӕд куыннӕ хъуамӕ сразы уӕм, кӕй ис, ӕппӕт уыдӕттӕ адӕмӕн чи радта, Уый ӕмӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ зӕгъӕм, Библийы фысджытӕй иу Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй куыд загъта, афтӕ: «Ды скодтай арв ӕмӕ зӕхх». Цӕмӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, дарддӕр ма Хуыцауы тыххӕй цы загъта, уымӕй: «Уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ ӕмӕ йӕ фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 37:16; 45:18).

      Диссаджы удӕгас кълеткӕ

      10, 11. Удӕгас кълеткӕ диссаг цӕмӕн у?

      10 Цы зӕгъӕн ис удӕгас организмты тыххӕй та? Уыдоны аразӕг нӕ хъуыди? Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм удӕгас кълеткӕмӕ. Молекулярон биологийы ахуыргонд Майкл Дентон иу чиныджы ныффыста: «Абон зӕххыл цы удӕгас системӕтӕ ис, уыдонӕй ӕппӕты хуымӕтӕгдӕртӕ дӕр – бактериты кълеткӕтӕ – сты тынг вазыгджын. Кӕд бактериты гыццыл кълеткӕтӕ ӕнахуыр гыццылмур организмтӕ сты, уӕддӕр сӕ алкӕцы дӕр у ӕцӕг гыццылмур фабрикӕ – вазыгджын молекулярон механизм мингай тынг хорз арӕзт

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын