Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уӕхи хизут «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй»
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2002 | сентябрь
    • 1 Бастдзинады фӕрӕзтӕй абон арӕхдӕр кӕмӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй иу у электрон пост. Ӕвзӕр нӕу, адӕймаг электрон постӕй йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм куы фысса йӕ хъуыдытӕ кӕнӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ. Фӕлӕ йӕ хъус куы нӕ дара, куыд дзы пайда кӕны, уымӕ, уӕд йӕ рӕстӕг «ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл» нӕ хардз кӕндзӕн? (Ӕмб. 12:11).

      2 Фӕдзӕхстытӕ электрон посты тыххӕй. Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы организацимӕ нӕхи ӕввахсдӕр фӕхатӕм, электрон постӕй ног хабӕрттӕ куы райсӕм, уӕд. Уыдон, гӕнӕн ис, уой алыхуызон цаутӕ, Вефилы хабӕрттӕ, ӕрдзы бӕллӕхтӕ кӕнӕ фӕдылзылды тыххӕй хъусинӕгтӕ, кӕнӕ та алкӕмӕн зонын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм хабӕрттӕ «Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъолайӕ». Иннӕтӕ та, куыд зыны, афтӕмӕй уыцы хъуыддагыл ӕгӕр фӕцайдагъ сты ӕмӕ архайынц, цӕмӕй сӕ хӕлӕрттӕн хабӕрттӕ фыццаг уыдон фехъусын кӕной.

      3 Афтӕ дӕр-иу рауад, ӕмӕ-иу хабӕрттӕ кӕнӕ цаутӕ раст нӕ уыдысты, кӕнӕ та-иу сӕм сӕхицӕй цыдӕртӕ дӕр бафтыдтой. Кӕнӕ та-иу иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй цаутӕ афтӕ ныффыстой, ӕмӕ-иу сын сӕ ныхӕстӕ раст нӕ бамбӕрстой. Ахӕм хабӕрттӕ рӕузондӕй чи хъусын кӕны, уыдон арӕх алцы бӕлвырд нӕ фӕзонынц (Ӕмб. 29:20). Хатт та зынтӕй баууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм цау тынг цымыдисӕй радзурынц. Ахӕм мӕнг хъусинӕгтӕ сты «аргъӕутты» хуызӕн, ӕмӕ ницы ахъаз сты, цӕмӕй адӕймагмӕ Хуыцауы ӕфсарм уа (1 Тим. 4:6, 7, НФ).

      4 Искӕмӕ ӕбӕлвырд хабары тыххӕй куы ныффыссай ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна кӕнӕ та цыдӕр раст куы нӕ бамбара, уӕд ды уыдзынӕ аххосджын. Давидмӕ куы фӕхабар кодтой (бафтыдтой йӕм, афтӕмӕй), зӕгъгӕ дын дӕ фыртты иууылдӕр амардтой, уӕд фырадӕргӕй «йӕ дзаумӕттӕ йӕхиуыл ныскъуыдтӕ кодта». Ӕцӕгӕй та йын йӕ фырттӕй амардтой ӕрмӕстдӕр иуы. Айдагъ уыцы хабар дӕр зын сфӕразӕн уыд, фӕлӕ ма йӕм гӕдыныхӕстӕ кӕй бафтыдтой, уымӕй Давиды зӕрдӕйы тугтӕ ныттагъд (2 Пад. 13:30—33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй мах аххосӕй не ’фсымӕртӕй исчи фӕсайды уа кӕнӕ йӕ ныфс асӕтта.

      5 Хуыцауы нысангонд «цагъар». Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, нӕ уӕларвон Фыд немӕ ныхас кӕнынӕн кӕй пайда кӕны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй». Уыцы «цагъар» скъуыддзаг кӕны, ӕппӕт ӕфсымӕрадӕн цавӕр ӕрмӕг хъӕуы дӕттын ӕмӕ йӕ кӕд хъӕуы дӕттын. Уыцы монон хӕринаг лӕвӕрд цӕуы ӕрмӕстдӕр Хуыцауы организацийы уылты. Раст ӕрмӕг мах хъуамӕ агурӕм, Интернетӕй чи пайда кӕны, уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы нысангонд «цагъармӕ» (Матф. 24:45).

      6 Интернеты Веб-сайттӕ. Нӕ организацийы Веб-сайт у www.watchtower.org. Уыцы ран ссарӕн ис, адӕм ӕнӕмӕнг цы хъуамӕ зоной, уый. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй веб-фӕрстӕ хъуамӕ ма аразой мадӕр хицӕн адӕймӕгтӕ, мадӕр комитеттӕ ӕмӕ мадӕр ӕмбырдтӕ. Иуӕй-иутӕ та Интернетмӕ бахастой нӕ литературӕйы тексттӕ ӕнӕхъӕн библион стихтимӕ ӕмӕ фиппаинӕгтимӕ, уымӕй уӕлдай ма барвӕндон мысайнӕгтыл лӕвӕрдтой облӕстон конгрессты ӕрмӕг. Адӕймаг ӕфтиаг райсдзӕн ӕви нӕ, уӕддӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕ электрон хуызы ногӕй куы скӕна ӕмӕ йӕ куы парахат кӕна, уӕд халы рауагъдады барты тыххӕй закъон. Чи зоны, исчи хъуыды кӕна, уымӕй ӕфсымӕртӕн кӕй лӕггад кӕны, фӕлӕ йын уый бар нӕй ӕмӕ афтӕ хъуамӕ мауал кӕна.

      7 Электрон бастдзинады фӕрӕзтӕй пайдагӕнгӕйӕ, раст куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм, «зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд» цы у, уымӕй (Ӕмб. 24:4).

  • 2002 апрелы лӕггаддзинады хыгъд
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2002 | сентябрь
    • 2002 апрелы лӕггаддзинады хыгъд

      Уӕрӕсе Рӕстӕмбис нымӕц

      дык. Би.

      хъус. сах. жур. бац. ах.

      спец. пион. 369 137,4 113,1 74,1 7,4

      пионертӕ 11 630 70,2 60,8 37,3 3,4

      ӕх. пион. 9 812 52,7 46,1 23,8 1,8

      хъус. 97 200 12,3 14,5 6,1 0,5

      ӕдӕппӕтӕй: 119 011 аргъуыд райстой: 751

  • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2002 | сентябрь
    • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 сент. (уыр.)

      «Милуангай адӕм хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, «дзуӕрттӕн» сӕ бар, сӕ хъомыс ӕгӕрон у ӕмӕ уыдоны уылты хъӕуы Хуыцаумӕ кувын. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо Чырысти цы загъта, уымӕ. [Бакӕс Иоанны 14:6.] Ацы ныхӕстӕ нын «дзуӕртты» уылты кувыны тыххӕй ӕргом кӕнынц ног цыдӕр. Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырдӕуы уыцы ахсджиаг фарстайыл».

      «Райхъал ут!», 22 сент. (уыр.)

      «Абон бирӕты мӕты ӕфтауы терроризм, уӕлдай дӕр та биологон хӕцӕнгарзӕй кӕй пайда кӕнынц, уый. Куыд хъуыды кӕныс, хицӕуттӕ дуне терроризмӕй фервӕзын кӕндзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы дзырдӕуы, Хуыцау цы сараздзӕн, уый тыххӕй. [Бакӕс Иезекил 34:28.] Ацы «Райхъал ут!»-ы ӕвзӕрст цӕуы уый фӕдыл цалдӕр фарстайы».

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 окт.

      «Бирӕты фӕнды базонын, кӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон, нӕ алыварс цы уӕззау хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕн: хӕстытӕн, фыдракӕндтӕ ӕмӕ терроризмӕн. Ды та цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы ис ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ. [Бакӕс Псалом 36:10, 11.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, Хуыцау нырмӕ цӕуылнӕ скуынӕг кодта фыддзинад ӕмӕ адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц».

      «Райхъал ут!», 8 окт. (уыр.)

      «Абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарджытӕ. Библийы фыст ис, не Сфӕлдисӕг ахӕм бинонты уавӕр кӕй ӕмбары, уый тыххӕй. [Бакӕс Псалом 145:9.] Ацы «Райхъал ут!»-ы ӕвдыст цӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц иунӕджытӕн сӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнынӕн».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын