Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕм дзурынц, ахӕм территорийы литературӕ парахат кӕнын
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2003 | июль
    • Алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕм дзурынц, ахӕм территорийы литературӕ парахат кӕнын

      1. Цӕмӕн хъӕуы бирӕ ӕмбырдты ӕндӕр ӕвзагыл литературӕ?

      1 Хъусынгӕнгӕйӕ бирӕ рӕтты арӕх фембӕлӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕуӕг адӕмыл. Сӕ фылдӕрӕн Библи ахуыр кӕнын бирӕ ӕнцондӕр у ӕмӕ сӕм тынгдӕр хъары сӕ мадӕлон ӕвзагыл. Цы ис саразӕн, цӕмӕй цымыдисгӕнаг адӕм хуыздӕр цы ӕвзагыл ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл Библийыл бындуриуӕггӕнӕг литературӕ исой?

      2. Цы хъӕуы саразын, дыууӕ кӕнӕ фылдӕр ӕмбырды хицӕн ӕвзӕгтыл куы дзурой ӕмӕ уыцы иу территорийы куы хъусын кӕной, уӕд?

      2 Кӕд ис литературӕ дӕттӕн. Алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг ӕмбырдтӕ, (дыууӕ кӕнӕ фылдӕр) уыцы иу территорийы куы хъусын кӕной, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты советты цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарджытимӕ ӕмгуыст кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырдтӕн сӕхицӕн дӕр ӕнцон уа хъусын кӕнын ӕмӕ цы адӕмыхӕттытӕм цӕуой, уыдонӕн дӕр бӕстон ӕвдисӕнад дӕттой. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ, хъусынгӕнджытӕ, иннӕ ӕмбырд(-тӕ) цы ӕвзагыл дзуры(-нц), ууыл литературӕ нӕ фӕпарахат кӕнынц. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ, фадат сын куы фӕзына, кӕнӕ ӕхсӕнадон бынӕтты куы хъусын кӕной, уӕд сӕ бон у парахат кӕнын алыхуызон ӕвзӕгтыл уагъд литературӕ. (Кӕс 1991 азы майы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», «Фарстыты асыкк», уыр.)

      3. Кӕд хъуамӕ уа ӕмбырды ӕндӕр ӕвзагыл литературӕ?

      3 Ӕмбырды кӕд хъуамӕ уа ӕндӕр ӕвзагыл литературӕ. Ӕмбырды территорийы ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕм бирӕ куы цӕра, фӕлӕ уыцы ӕвзагыл ӕмбырд куы нӕ уа, уӕд цы кӕнгӕ у? Ахӕм уавӕрты ӕмбырды хъуамӕ уа, уыцы ӕвзагыл сӕйраг литературӕйӕ цы рацыд, уымӕй иу цасдӕр, зӕгъӕм: трактаттӕ, брошюрӕтӕ «Цы домы» ӕмӕ «Хуыцауы хӕлар», афтӕ ма чиныг «Базонынад» дӕр. Хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у ацы литературӕ парахат кӕнын, уыцы ӕвзагыл кӕсын чи зоны, ахӕм адӕмыл кӕмфӕндыдӕр куы сӕмбӕлой, уӕд.

      4. Ӕмбырды цавӕрдӕр ӕвзагыл литературӕ куы нӕ уа, уӕд ӕй куыд ис самал кӕнӕн?

      4 Куыд ис литературӕ заказ кӕнӕн. Цымыдисгӕнаг адӕймаг цы ӕвзаг ӕмбары, уыцы ӕвзагыл ӕмбырды литературӕ куы нӕ уа, уӕд ӕй куыд ис самал кӕнӕн? Хъусынгӕнӕг хъуамӕ литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрӕй базона, уыцы ӕвзагыл цы рацыд, ӕмӕ йӕ цы хъӕуа, уый йӕ бон уыдзӕн ныззаказ кӕнын, ӕмбырд иннӕ хатт литературӕ куы заказ кӕна, уӕд.

      5. Литературӕ парахат кӕнгӕйӕ нӕ нысан цы у?

      5 Уӕдӕ нӕ литературӕйӕ хорз пайда кӕнӕм, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр, кӕд алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр, ӕххуыс кӕнӕм ӕцӕгад базонынӕн ӕмӕ фервӕзынӕн (1 Тим. 2:3, 4).

  • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2003 | июль
    • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 авг.

      «Бирӕтӕ бафиппайдтой, кӕй фылдӕр кӕнынц, адӕмӕй йӕхи чи хибар кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ. Куыд хъуыды кӕныс, раст кӕнынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар, ацы зондджын ӕмбисонды цы дзырдӕуы, адӕймаг иннӕтыл йӕхи цӕмӕн хъуамӕ бӕтта, уый тыххӕй. [Бакӕс Екклесиаст 4:9, 10.] Ацы журналы дзырд цӕуы, адӕмӕн ӕнӕ кӕрӕдзийӕ цӕуылнӕ у сӕ бон цӕрын ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕймаг йӕхи иннӕтӕй ма хибар кӕна, уый тыххӕй».

      «Райхъал ут!», 2 июнь (уыр.)

      «Бирӕты мӕты ӕфтауы, хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕ афтӕ арӕх кӕй ӕмбӕлынц, уый. Куыд хъуыды кӕныс, ууыл тыхсын хъӕуы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы ахадгӕ уынаффӕтӕ нӕ бахъахъхъӕндзысты [Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:3, 4.] Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы, нӕ бон куыд у нӕхи бахизын уыцы фыдбылызӕй».

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 авг. (уыр.)

      «Зоныс, бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕгас дунейы адӕмӕн се ’рдӕгӕй фылдӕр бон дыууӕ доллӕрӕй къаддӕрыл кӕй цӕрынц? Куыд хъуыды кӕныс, уыцы уавӕр куыд ис фӕхуыздӕргӕнӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ӕвзӕрст цӕуы, Библимӕ гӕсгӕ мӕгуырдзинад цӕй фӕрцы нал уыдзӕн [Бакӕс Псалом 71:12, 13, 16.]».

      «Райхъал ут!», 8 авг. (уыр.)

      «Фӕстаг азты ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕгас дунейы дӕр зиан хӕссынц. Куыд хъуыды кӕныс, цы ис саразӕн, адӕмы хъизӕмӕрттӕ фӕрогдӕр кӕнынӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырдӕуы, боныхъӕд афтӕ цӕмӕн ивы ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ уый куыд ӕрнывыл уыдзӕн, уый тыххӕй [Бакӕс Исай 35:1.]».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын