Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Куыд хъуамӕ аудой чиныгахуыркӕнынады цӕстдарджытӕ иннӕтыл
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2002 | октябрь
    • 6 Ӕнувыд фыййауау. Чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕг ауды, йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ гыццыл рӕстӕг чи хъусын кӕны, уыдоныл. Иу мӕйы мидӕг сӕ бон иу сахат хъусын кӕнын кӕмӕн нӕу, ахӕм ӕдых адӕмӕй (ацӕргӕ кӕнӕ уатон), кӕнӕ та рӕстӕгмӕ ӕнӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕй (уӕззау рынчын, цӕф) алкӕмӕндӕр уый хъуамӕ зӕгъа, сӕ бон кӕй у уацамынды хыгъд раттын, 15 минуты куы уа, уӕддӕр. (Ӕмбырды комитет скъуыддзаг кӕны, ахӕмтӕм кӕй ис ахӕссӕн.) Уый ма ӕххуыс кӕны, йӕ къордӕй рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕн, цӕмӕй та ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдайой (Лук. 15:4—7).

  • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2002 | октябрь
    • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 окт. (уыр.)

      «Куыд бамбарын кӕндзынӕ сывӕллонӕн кӕнӕ та ӕндӕр искӕмӕн, абон уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис, уый? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы ис дзуапп, фыддзинады аххосджын чи у, уыцы фарстӕн. [Бакӕс 1 Иоанны 5:19.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй базондзынӕ, уыцы фыдгӕнӕг чи у ӕмӕ нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын».

      «Райхъал ут!», 22 окт. (уыр.)

      «Куыд хъуыды кӕныс, дины разамонджыты кӕнӕ ӕндӕр искӕй куывтытӕ дунемӕ сабырдзинад ӕрхӕсдзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕппӕт дунейыл дӕр сабыр рӕстӕг кӕй уыдзӕн, уымӕй. [Бакӕс Исай 9:6, 7.] Бафиппайдтай, иннӕ хицӕутты хуызӕн чи нӕу, ахӕм хицау дунейыл сабырдзинад кӕй ӕрӕвӕрдзӕн? Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырдӕуы уыцы хицауы ӕмӕ ӕцӕг сабырдзинад куыд ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй».

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 нояб.

      «Махӕй бирӕты фӕнды адӕмимӕ хорз цӕрын. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, йӕ зӕгъын куыд ӕнцон у, йӕ саразын афтӕ ӕнцон кӕй нӕу. [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи ӕмбарын кӕны, уый афтӕ цӕмӕн у. [Бакӕс Иаковы 3:2.] Ацы статья ӕвдисы, хатыр курын куыд ӕххуыс кӕны бафидауынӕн ӕмӕ фарн бахъахъхъӕнынӕн».

      «Райхъал ут!, 8 нояб. (уыр.)

      «Библийы пехуымпарады дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн, ӕз рынчын дӕн. [Бакӕс Исай 33:24.] Уымӕй хуыздӕр ма исты ис? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Хъыгагӕн, абон адӕмы бирӕ низтӕ удхарӕй марынц, уыимӕ СПИД дӕр. Ацы „Райхъал ут!“ дзуапп дӕтты фарстӕн „Искуы СПИД нал уыдзӕн?“».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын