-
Хъусын кӕнӕм ӕмӕ фидар уӕмХъусын кӕныны хъуыддаг 2005 | июнь
-
-
Хъусын кӕнӕм ӕмӕ фидар уӕм
1 «Нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй»,– фӕдзӕхсы нын Хуыцауы Ныхас (Дзут. 12:1, НТ). Згъорӕг фӕразон, фидар куы нӕ уа, уӕд нӕ рамбулдзӕн. Афтӕ мах дӕр хъӕуы фидар лӕууын, цӕмӕй ӕнусон царды хорзӕх райсӕм (Дзут. 10:36). Хъусын кӕныны хъуыддаг нын куыд ӕххуыс кӕны кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн? (Матф. 24:13).
2 Фидар кӕны нӕ уырнындзинад. Зӕрдӕвӕрд рӕстаг ног дунейы тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ ныфс у фидар (1 Фес. 5:8). Уацамынды ӕдзухдӕр куы фӕцӕуӕм, уӕд нын вӕййы, Библийӕ цы базыдтам, ууыл иннӕтимӕ ныхас кӕныны фадат. Мах ӕргом фӕдзурӕм нӕ уырнындзинадыл ӕмӕ афтӕмӕй нӕхӕдӕг фидар кӕнӕм.
3 Библийы цы фыст ис, уый цӕмӕй иннӕтӕн амонынмӕ арӕхсӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг хорз ӕмбарӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕхъӕуы ӕрмӕг агурын ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Библи цас зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕнӕм, уыйас ӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, нӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр, нӕ хъаруйыл та хъару ӕфтдзӕн (Ӕмб. 2:3–5). Уӕдӕ иннӕтӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ мах фидар кӕнӕм нӕхи (1 Тим. 4:15, 16).
4 Цӕмӕй Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ифтонг уӕм «Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕй». Ӕмӕ уыцы хӕцӕнгӕрзтӕй иу уый у, уацамынды нӕ удӕй арт кӕй цӕгъдӕм (Еф. 6:10–13, 15). Хъусын кӕныны хъуыддаджы лӕуд куы уӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдзысты, хорз цы у, ууыл, ӕмӕ Сайтаны дунейы сӕфт зондыл нӕ ацӕудзыстӕм (Кол. 3:2). Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕ иннӕтӕн кӕй амонӕм, уый фӕрцы нӕ рох кӕнӕм, нӕхицӕн дӕр не ’гъдау, нӕ цард алкӕддӕр фӕзминаг кӕй хъуамӕ уой (1 Пет. 2:12).
5 Хуыцау нын ӕххуыс кӕны. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ахуыр кӕны нӕ ныфс Иегъовӕйыл дарын (2 Кор. 4:1, 7). Уый стыр хорзӕх куыннӕ у! Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дарӕм, уый нын канд уацамынды не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма царды цыфӕнды зын уавӕрты дӕр (Фил. 4:11–13). О, фидар уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйыл куы дарӕм (Пс. 54:23). Куыд уынӕм, афтӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг бирӕ цӕмӕйдӕрты у ахъаз, цӕмӕй фӕразон ӕмӕ фидар уӕм.
-
-
10 хай. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕнХъусын кӕныны хъуыддаг 2005 | июнь
-
-
10 хай. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕн
Ахуыр сӕ кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын
1 Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы зӕгъой, ӕмӕ цӕттӕ у, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынӕнӕг суа, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ уый дӕр ӕмбырдимӕ райдайа хъусын кӕнын. (Кӕс чиныг «Цӕттӕ стӕм Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ», 79–81 фф., уыр.) Куыд ын баххуыс кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн?
2 Иумӕ цӕттӕ кӕнут. Фыццаджыдӕр хъӕуы хорз бацӕттӕ кӕнын. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн равдис, ныхас райдайынӕн «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» цӕвиттонтӕ куыд ис ссарӕн. Стӕй йӕм фӕкӕс, хуымӕтӕгдӕр ӕмӕ дзы уӕ уавӕрты хуыздӕр кӕцы у, уый равзарынмӕ. Фыццаг бонӕй йын амон, цӕмӕй уацамынды ӕдзухдӕр пайда кӕна Библийӕ (2 Тим. 4:2).
3 Ног хъусынгӕнӕгӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн, адӕймагимӕ куыд ныхас кӕндзӕн, уый уал раздӕр иумӕ куы афӕлвариккат. Равдис ын, адӕм арӕхдӕр цы фӕзӕгъынц, уымӕн дзуапп куыд ис раттӕн (Кол. 4:6). Бамбарын ын кӕн, адӕймаджы алы фарстӕн дзуапп куы нӕ зона, уымӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы. Арӕх ӕппӕты хуыздӕр вӕййы зӕгъын, ацы фарсты фӕдыл ӕрмӕг бацагурдзынӕн ӕмӕ йыл иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ (Ӕмб. 15:28).
4 Иумӕ хъусын кӕнут. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ уацамынды фыццаг хатт куы ацӕуа, уӕд уал-иу, цы бацӕттӕ кодтат, уымӕй ныхас дӕхӕдӕг райдай. Уый фӕстӕ бар ратт уымӕн. Хатт ног хъусынгӕнӕгӕн ӕнцондӕр вӕййы, алцыдӕр йӕхи дзурын куы нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Библийӕ стих куы бакӕсы ӕмӕ йӕ куы бамбарын кӕны. Ам зӕрдыл дарын хъӕуы, цавӕр адӕймаг у ӕмӕ йӕ бон цас у, уый (Фил. 4:5). Хъусын кӕнын ӕй куыд ахуыр кӕнай, афтӕ дзы ӕппӕлгӕ дӕр кӕн, дӕ хорз ныхас ын ма ӕвгъау кӕн.
5 Ног хъусынгӕнӕгӕн баххуыс кӕнын хъӕуы, цӕмӕй уацамындӕн фӕтк скӕна, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕрвылкъуыри дӕр куыд цӕуа (Фил. 3:16). Бӕлвырдӕй-иу баныхас кӕн йемӕ, кӕд ацӕудзыстут уацамынды ӕмӕ йын дзур, цӕмӕй-иу иннӕ хъусынгӕнджытимӕ дӕр баныхас кӕна. Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕм кӕсгӕйӕ уый дӕр ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ хъусын кӕндзӕн хӕдзарӕй-хӕдзармӕ.
-