-
ХъусинӕгтӕХъусын кӕныны хъуыддаг 2005 | ноябрь
-
-
Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Ноябры: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын ратт чиныг «Базонынад» кӕнӕ та трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?». Декабры: ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Адӕймаг чиныг куы нӕ айса, уӕд ын раттӕн ис брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!». Январы: «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Дӕттӕн ма ис «Мӕ библион радзырдты чиныг» кӕнӕ «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын», кӕд ӕмбырды ис, уӕд. Февралы: «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Кӕд ацы чиныг ӕмбырды нӕй, уӕд та дӕттӕн ис чиныг «Цард – куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?» (уыр.) кӕнӕ та ӕмбырды цы 192-фарсон чингуытӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдтӕм 1 декабры кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Кӕд ма ӕмбырдӕн банчы дӕр ӕхца ӕвӕрд ис, зӕгъӕм, Залмӕ зилынӕн кӕнӕ йӕ цалцӕг кӕнынӕн, йе та арӕзтадӕн, уӕд уый хыгъдмӕ дӕр ӕркӕсын хъӕуы. Куы сӕм ӕркӕсат, уӕд уый тыххӕй фехъусын кӕнут, ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы бакӕсат, уый фӕстӕ.
◼ Паддзахады зал цы уавӕры ис, уымӕ алы аз дӕр фӕхъӕуы ӕркӕсын. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд дзы исты цалцӕггӕнинаг ис, уӕд ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ батыхсой сӕ саразыныл, 2003 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 4, 5 фӕрстыл куыд фыст ис, афтӕ. Стӕй ма хъӕуы ӕркӕсын, Паддзахады залмӕ зилыны тыххӕй филиалӕй ӕрвыст фыстӕджыты цы уынаффӕтӕ лӕвӕрдӕуы, уыдон ӕххӕст цӕуынц ӕви нӕ. Районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд уымӕ йӕ хъус ӕрдардзӕн. Ӕмбырдӕн йӕхи Паддзахады зал куы уа, уӕд залӕн дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретарь ӕркӕсдзӕн, залы юридикон гӕххӕттытӕ цы уавӕры сты, уымӕ. Кӕд ма цавӕрдӕр гӕххӕттытӕ саразын хъӕуа, хъалонтӕ ӕмӕ/кӕнӕ хӕстӕ бафидын, уӕд уый хъӕуы саразын ӕвӕстиатӕй, цӕмӕй уый тыххӕй цы рӕстӕг лӕвӕрд ис, уымӕй ма бафӕстиат уой. Филиал цы гӕххӕттыты къопитӕ кура, уыдон хъӕуы ӕвӕстиатӕй ӕрвитын.
◼ Январы Хъусын кӕныны фембӕлды ӕмбырд ныхас кӕндзӕн кинонывыл «Медицинӕ ӕнӕ тугӕй. Куыд ис рынчынӕн баххуыс кӕнӕн, йӕ бартӕ хынцгӕйӕ». Кӕд ӕмбырды ацы кинонывы кассетӕтӕ фаг нӕй, уӕд сӕ рафыссут, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр.
◼ 2005 азы 9 июлы, 10 июлы ӕмӕ 16 июлы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕртӕ ног Паддзахады залы: станицӕ Новотитаровская (Краснодарский край), станицӕ Елизаветинская (Краснодарский край) ӕмӕ горӕт Адыгейск (Республикӕ Адыгея). Программӕмӕ байхъуыста 318, 150 ӕмӕ 84 адӕймаджы.
-
-
Куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын?Хъусын кӕныны хъуыддаг 2005 | ноябрь
-
-
Куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын?
1 Кӕмдӕр цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцыд, уый Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы фехъусынц, уӕд сӕм арӕх фӕзыны фарст, куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын, зӕгъгӕ. Куыстыты 11:27–30 фыст ис, нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Иудейы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд чырыстӕттӕн се ’фсымӕртӕ кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй.
2 Абон та нӕ организацийӕн закъонмӕ гӕсгӕ ис бар, цӕмӕй ӕхцайӕ ӕмӕ ӕндӕр истӕмӕй ӕххуыс кӕна, ӕрдзон бӕллӕхты кӕнӕ, адӕймаджы аххосӕй цы фыдбылызтӕ ӕрцӕуы, уыдоны чи бахауы, уыцы адӕмӕн.
3 Цӕвиттон, фарон ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ арвыстой ӕхца, Хуссар Азийы цунами зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн. Афтӕ зӕрдиагӕй сын кӕй баххуыс кодтой, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раппӕлинаг у. Фӕлӕ кӕцыдӕр бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ, кӕд ӕхца ӕрвитӕг фӕнысан кодта, цӕй тыххӕй сӕ ӕрвиты, уый, уӕд сӕ спайда кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддагӕн, стӕй бӕлвырд рӕстӕгмӕ, кӕд не ’фсымӕртӕн бынаты баххуыс кодтой, уӕддӕр.
4 Уымӕ гӕсгӕ, хорз уаид, искӕмӕн баххуыс кӕнынӕн ӕхца куы ’рвитӕм, уӕд ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн лӕвӕрд куы уаид. Уырдӕм цы ӕхца ӕрвыстӕуы, уый хардз цӕуы, бӕллӕхты чи бахауд, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн ӕмӕ ӕгас дунейы чырыстон ӕмбырдтӕ фидар кӕнынӕн дӕр. Кӕд адӕймаджы, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ лӕвӕрдӕуы, уыдоны уӕлдай фӕнды раттын мысайнаг, сӕрмагондӕй ӕфсымӕртӕн бахъуаджы сахат ӕххуыс кӕнынӕн, уӕд дӕр дзы спайда кӕндзыстӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуа, уым. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, ахӕм мысайнӕгтӕ ӕрмӕст кӕцыдӕр сӕрмагонд бынат ӕмӕ хъуыддагӕн куы нӕ уаиккой ӕрвыст.
5 Афтӕ кӕй уынаффӕ кӕнӕм, зӕгъгӕ, мысайнӕгтӕ сӕйраджыдӕр ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн дӕттӕм, уый фӕрцы нӕм фылдӕр фӕрӕзтӕ уыдзӕн нӕ чырыстон лӕггады алы хъуыддагӕн дӕр, фидӕны ма, гӕнӕн ис, цы бӕллӕхтӕ ’рцӕуа, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ. Уый раст уыдзӕн, Ефесӕгтӕм 4:16 цы хъуыды ис, уымӕ гӕсгӕ, ома ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уый рӕдауӕй хай кӕнӕм, цӕмӕй «буар ӕгасӕй дӕр рӕза, арӕзт цӕуа уарзондзинады фӕрцы» (НТ).
-