«Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд... зӕрдӕмӕдзӕугӕ»
1. Куыд ӕмбаргӕ у, уӕ дзыхыныхасы цӕхх уӕд, зӕгъгӕ?
1 «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ (цӕхх ыл куыд уа), цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:6, фип.). Нӕ дзыхыныхасы цӕхх уӕд, зӕгъгӕ, нысан кӕны, хъуыды кӕнын нӕ ныхӕстыл ӕмӕ сӕ афтӕ зӕгъын, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕцӕуой. Уацамынды уый тынг ахсджиаг у.
2. Йесойӕн цӕй фӕрцы сси йӕ бон самариаг сылгоймагӕн хъусын кӕнын?
2 Йесо куыд ныхас кодта. Иухатт Йесо цъайы цур куы улӕфыд, уӕд уырдӕм донмӕ ӕрбацыд иу самариаг сылгоймаг. Йесо райдыдта йемӕ ныхас кӕнын. Сылгоймаг цалдӕр хатты ской кодта, дзуттӕгтӕ ӕмӕ самариӕгтӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй цӕмӕн кастысты, уый тыххӕй. Стӕй загъта, самариӕгтӕ Иаковы байзӕддӕгтӕ кӕй сты, фӕлӕ сӕ дзуттӕгтӕ та нымадтой ӕндӕр адӕмыхаттыл. Быцӕу кӕныны бӕсты Йесо ныхас аздӕхта иннӕрдӕм. Уый фӕрцы йӕ бон сси сылгоймагӕн ӕмӕуыцы горӕтӕй иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын (Иоан. 4:7–15, 39).
3. Уацамынды Йесойы фӕзмын нӕ бон куыд у?
3 Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ хъуамӕ нӕ нысан ма рох кӕна – «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар... хъусын кӕнын» (Ром. 10:15). Нӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй йын уайдзӕф кӕнӕм, фӕлӕ йӕ, Библийы цы фыст ис, уымӕй бафидар кӕнӕм. Йӕ хъуыды раст куы нӕ уа, уӕд ын ӕй уайтагъд зӕгъын нӕ фӕхъӕуы. Цымӕ йӕ ныхӕсты, йемӕ цӕуыл сразы уӕм кӕнӕ дзы цӕмӕй раппӕлӕм, ахӕмӕй ницы ис? Зӕгъӕм, ис ын равдисӕн исты стих Библийӕ ӕмӕ бафӕрсӕн: «Куыд дӕм кӕсы, искуы уыдзӕн афтӕ?»
4. Адӕймаг нӕ куы ’фхӕра, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?
4 Зӕгъӕм, адӕймаг нӕ ’фхӕры кӕнӕ бӕрӕг у, ӕрмӕстдӕр ӕй быцӕу кӕнын кӕй фӕнды, уӕд та куыд? Уӕддӕр хъуамӕ уӕм хӕларзӕрдӕ, нӕхиуыл хӕцӕм ӕмӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм (2 Тим. 2:24, 25). Кӕд адӕймаджы нӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ хъусын, уӕд ын, дзӕбӕх у, зӕгъгӕ, зӕгъӕм ӕмӕ дарддӕр нӕ фӕндагыл ацӕуӕм (Матф. 7:6; 10:11–14).
5. Нӕ хо фӕлмӕнӕй кӕй ныхас кодта, уый фӕрцы йын цы бантыст?
5 Бирӕ нын бантысы. Нӕ хотӕй иуы куы бафӕндыд йӕ сыхагӕн хорз хабар радзурын, уӕд ӕй уый хъӕр ӕмӕ ӕлгъыстыты бын фӕкодта. Нӕ хо фӕлмӕнӕй загъта: «Бахатыр кӕн, дзӕбӕх у». Дыууӕ къуырийы фӕстӕ уыцы сылгоймаг нӕ хомӕ ӕрбацыд, хатыр дзы ракуырдта ӕмӕ йын загъта, кӕй йӕ фӕнды байхъусын, цы йын зӕгъинаг уыд, уымӕ. Ӕцӕгдӕр, фӕлмӕн ныхасы фӕрцы нӕ къухы бирӕ бафты! (Ӕмб. 15:1; 25:15).
6. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?
6 Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ архай, цӕмӕй дӕ дзыхыныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа. Кӕд адӕймаджы нӕ фӕнды хъусын, уӕд ӕй, чи зоны, иннӕ хатт бафӕнда байхъусын.